Уацамынды нӕ ныхас куыд райдайӕм
Апрелы фыццаг сабаты куыд ис искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайӕн.
«Мах адӕмы разӕнгард кӕнӕм Библи кӕсынмӕ. Фӕлӕ бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ Библи ӕмбарын зын у. Дӕумӕ та куыд кӕсы? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ӕркӕс-ма, ам цы фыст ис, уымӕ». Равдис ын, брошюрӕйӕ «Дӕ цардӕй райгонд уай, уымӕн ис гӕнӕн» фӕстаг фарсыл цы статья ис, уый, ӕмӕ аныхас кӕнут фыццаг фарстайыл ӕмӕ йын, ӕппынкъаддӕр, иу стих бакӕс. Брошюрӕ йын ныууадз ӕмӕ йын зӕгъ, ӕндӕр хатт ӕм кӕй бацӕудзынӕ, цӕмӕй иннӕ фарстайыл аныхас кӕнат.
Брошюрӕ «Дӕ цардӕй райгонд уай, уымӕн ис гӕнӕн».
«Кӕимӕ фӕныхас кӕнӕм, уыдонӕй алкӕмӕндӕр ис цавӕрдӕр зындзинӕдтӕ. Уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иутӕ сӕ цардӕй райгонд не сты. Дӕумӕ гӕсгӕ абон адӕмы ӕппӕты тынгдӕр цы хъыгдары, цӕмӕй амондджын уой? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Библи нын зӕрдӕ ӕвӕры, тагъд Хуыцау нӕ зындзинӕдтӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн. [Бакӕс Раргомад 21:4.] Ацы брошюрӕйӕ базондзынӕ, цы диссаджы фидӕн нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕмӕ нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй абон дӕр нӕ цардӕй райгонд уӕм».