Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 11/11 2 ф.
  • Фарстаты асыкк

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фарстаты асыкк
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2011
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Ӕвӕстиатӕй архай
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2014
  • Ӕвӕстиатӕй сӕм бацу
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
  • Фарстаты асыкк
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2015
  • Филиалы цавӕр куыст кӕнынц?
    Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2011
km 11/11 2 ф.

Фарстаты асыкк

◼ Нӕ публикациты цы купонтӕ вӕййы ӕмӕ Интернеты нӕ сайты цы рамкӕ вӕййы, «Хонӕм дӕ», зӕгъгӕ, уый чи хъуамӕ дзаг кӕна?

Адӕймаджы литературӕ куы хъӕуа кӕнӕ йӕ куы фӕнда, цӕмӕй йӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ бацӕуой, уӕд йӕ бон у купон байдзаг кӕнын ӕмӕ йӕ филиалмӕ арвитын. Интернеты та нӕ веб-сайты www.watchtower.org ныффыссӕн ис Библийы ахуыры тыххӕй. Афтӕмӕй бирӕтӕ базонынц рӕстдзинад. Фӕлӕ хъусынгӕнджытӕ уыцы купонтӕ куы байдзаг кӕнынц, цӕмӕй сын сӕ хиуӕттӕм кӕнӕ ӕндӕр искӕмӕ Ӕвдисӕнтӕ литературӕ бахӕссой йе та сӕ бабӕрӕг кӕной, уӕд бирӕтӕ смӕсты вӕййынц.

Купон йӕхӕдӕг чи нӕ арвыста, уыдон филиалӕй нӕ литературӕ куы райсынц, уӕд фӕхъаст кӕнынц, зӕгъгӕ сӕ нӕ организаци ӕнцад нӕ уадзы. Хъусынгӕнджытӕй кӕмӕн фӕзӕгъынц, цӕмӕй адӕймаджы бабӕрӕг кӕна (адӕймаг та йӕхӕдӕг уый тыххӕй куы ницы ныффысса), уӕд стыхсы, кӕмӕ бацыд, уый куы фӕхъуыр-хъуыр кӕны, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ адӕймаг йӕхӕдӕг хъуамӕ ныффысса йӕ фӕндоны тыххӕй Интернеты сайты кӕнӕ купоны. Хъусынгӕнджытӕ хъуамӕ сӕ хиуӕтты кӕнӕ сӕ зонгӕты бӕсты ма фыссой. Филиалы куы бамбарынц, купон хъусынгӕнджытӕй чидӕр кӕйдӕр бӕсты кӕй арвыста, уӕд уыцы курдиат нӕ сӕххӕст кӕнынц.

Нӕ бон куыд у нӕ хиуӕттӕн ӕмӕ нӕ зонгӕтӕн рӕстдзинад базонынӕн баххуыс кӕнын? Кӕд дӕ фӕнды, цӕмӕй адӕймаг нӕ литературӕ кӕса, уӕд ӕм ӕй дӕхӕдӕг арвит. Кӕд ӕй фӕнды, цӕмӕй йӕм Ӕвдисӕнтӕ бацӕуой, фӕлӕ нӕ зоны, ӕввахсдӕр ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕм куыд фӕдзура, уый, уӕд байдзаг кӕн бланк «Пожалуйста, посети этого человека» (S-43) ӕмӕ йӕ де ’мбырды секретармӕ ратт. Уый йӕм ӕркӕсдзӕн, ӕмӕ йӕ филиалмӕ арвитдзӕн. Фӕлӕ адӕймаг ахӕстоны куы бада, наркологон диспансеры куы уа кӕнӕ рынчындоны куы хуысса, уӕд йӕ бӕсты нӕ хъӕуы филиалмӕ фыссын. Хуыздӕр уыдзӕн, цӕмӕй филиалмӕ йӕхӕдӕг ныффысса.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын