Хъусын кӕнӕм «алыхуызон адӕмӕн»
1. Ӕнтыстджын хъусынгӕнӕг дӕсны ӕрмгуыстгӕнӕджы хуызӕн цӕмӕй у?
1 Дӕсны ӕрмгуыстгӕнӕгмӕ вӕййы бирӕ кусӕнгӕрзтӕ, ӕмӕ дзы кӕд ӕмӕ куыд пайда кӕнын хъӕуы, уый хорз фӕзоны. Махмӕ дӕр ис алыхуызон кусӕнгӕрзтӕ, ӕмӕ нын уыдоны фӕрцы уацамынды бирӕ ӕнтысы. Зӕгъӕм, тынг бирӕ брошюрӕтӕ рацыд, цӕмӕй «алыхуызон адӕмӕн» ӕххуыс кӕнӕм рӕстдзинад базонынӕн (1 Кор. 9:22). Уӕлӕмхасӕн сыфы дзы ис дыууӕйы кой, фыст ма дзы ис, уагъд цавӕр адӕймӕгтӕн ӕрцыдысты ӕмӕ сӕ уацамынды дӕттӕн куыд ис, уымӕн цӕвиттонтӕ.
2. Брошюрӕтӕй уацамынды кӕд фӕпайда кӕнӕм?
2 Кӕд ис брошюрӕтӕ дӕттӕн. Ӕрмгуыстгӕнӕг кусӕнгарзӕй фӕархайы, куы йӕ бахъӕуы, уӕд. Афтӕ мах дӕр адӕймагӕн цавӕрдӕр брошюрӕ раттӕм, куы фӕуынӕм, кӕй йын баххуыс кӕндзӕн, уӕд ӕмӕ уый тыххӕй нӕ фенхъӕлмӕ кӕсӕм, брошюрӕтӕ цы мӕй парахат кӕндзыстӕм, уымӕ. Зӕгъӕм, фыццаг бацыды рӕстӕг нӕ нысан Библи ахуыр кӕнын райдайын куы уа ӕмӕ нӕ территорийы адӕм чырыстон диныл хӕст куы нӕ уой ӕмӕ Библийыл куы не ’ууӕндой, уӕд сын нӕ бон у дӕттын брошюрӕтӕ. Ӕмӕ искӕй фылдӕр базонын куы фӕнда, уӕд та сын раттӕн ис, Библи цӕй фӕрцы фӕахуыр кӕнӕм, уыцы публикаци.
3. Алы уавӕры дӕр нӕ кусӕнгӕрзтӕй арӕхстджынӕй цӕмӕн хъуамӕ пайда кӕнӕм?
3 Библи ӕппӕлы, йӕ куысты дӕсны чи у, ахӕм адӕмӕй (Ӕмб. 22:29). Ӕмӕ абон зӕххыл «Хуыцауы хорз хабар хъусын кӕнынӕй» ахсджиагдӕр куыст нӕй (Ром. 15:16). Уӕдӕ «йӕ куысты тыххӕй йӕ цӕсгом кӕмӕн нӕ судзы», ахӕм кусджытӕ цӕмӕй уӕм, уый тыххӕй алы уавӕры дӕр нӕ кусӕнгӕрзтӕй арӕхстджынӕй пайда кӕндзыстӕм (2 Тим. 2:15).