Ӕрымысӕн изӕрмӕ нӕхи зӕрдӕрухсӕй бацӕттӕ кӕнӕм
1. Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг нӕ бон цы уыдзӕн аразын?
1 26 мартъийы, дыццӕджы, Ӕрымысӕн изӕры нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзыстӕм, Хуыцау мах фервӕзын кӕныны тыххӕй цы сарӕзта, уый. Уыцы хъуыддаг нын у стыр цины хос (Ис. 61:10). Фӕлӕ нын уый размӕ дӕр раст зӕрдӕйы уаг куы уа, уӕд нӕ бон уыдзӕн ацы ахсджиаг хабармӕ нӕхи хорз бацӕттӕ кӕнын. Куыд?
2. Цы нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй Ӕрымысӕн изӕрмӕ нӕхи хорз бацӕттӕ кӕнӕм?
2 Ӕрымысӕн изӕрмӕ цӕттӕ кӕнӕм. Хицауы Ӕхсӕвӕр у тынг ахсджиаг хабар, фӕлӕ йын бирӕ цыдӕртӕ нӕ хъӕуы. Кӕд афтӕ у, уӕддӕр алцыдӕр хорз бацӕттӕ кӕнын хъӕуы, цӕмӕй нӕ ахсджиаг хъуыддӕгтӕ ма ферох уой (Ӕмб. 21:5). Зӕгъӕм, сбӕрӕг кӕнын хъӕуы, кӕм ӕмӕ цафон уыдзӕн, уый. Стӕй уыцы бынат бафснайын ӕмӕ Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕ ӕрцӕттӕ кӕнын. Раныхас кӕмӕн уыдзӕн, уыцы ӕфсымӕр ӕй хъуамӕ хорз бацӕттӕ кӕна, стӕй уагдартӕн ӕмӕ, нысӕнттӕ чи хӕсдзӕн, уыдонӕн дӕр алцыдӕр хорз бамбарын кӕнын хъӕудзӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы хъуыддӕгтӕй нын бирӕтӕ цӕттӕ сты. Фӕлӕ Чырыстийы нывондӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй уыцы ахсджиаг хабармӕ алцыдӕр бӕстон бацӕттӕ кӕнӕм (1 Пет. 1:8, 9).
3. Цы бакӕнын хъӕудзӕн, ӕмбырдӕн йӕ бон куы нӕ уа Ӕрымысӕн изӕр иумӕ сбӕрӕг кӕнын, уӕд?
3 Фӕлӕ цы бакӕнын хъӕудзӕн, ӕрдзон бӕллӕх кӕнӕ ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй ӕмбырдӕн йӕ бон куы нӕ уа Ӕрымысӕн изӕр иумӕ сбӕрӕг кӕнын? Ахӕм уавӕрты хорз уаид, ӕввахс нӕм чи цӕры, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ куы ӕрӕмбырд уаиккам; уый гӕнӕн куы нӕ уа, уӕд та ӕрмӕст нӕхи бинонтимӕ. Аныхас кӕнӕн уыдзӕн Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕ – донгонд дзул ӕмӕ сӕн – цы нысан кӕнынц, ууыл. Донаргъуыд ӕфсымӕрӕн (ӕфсымӕр куы нӕ уа, уӕд хойӕн) йӕ бон уыдзӕн цыбыртӕй аныхас кӕнын Матфейы 26:17–30, Лукайы 22:7–23, 28–30, ӕмӕ 1 Коринфӕгтӕм 11:20–31. Ӕрымысӕн изӕр гыццыл къордтӕй куы бӕрӕг кӕнат, уӕд ӕмбырды хыгъды ныффыссын хъӕудзӕн, чи ӕрбацыд, уыдоны иумӕйаг нымӕц. Ахӕм уавӕрты бацархайын хъӕудзӕн, цӕмӕй сӕрст чырыстӕттӕн сӕ бон уа дзул ӕмӕ сӕнӕй саходын. (Кӕс «Сторожевая башня» 1976 азы 1 февралы 20 фарс ӕмӕ 1993 азы 1 февралы 31 фарс.)
4. Нӕ бон куыд у нӕ зӕрдӕ Хицауы Ӕхсӕвӕрмӕ бацӕттӕ кӕнын?
4 Нӕ зӕрдӕ бацӕттӕ кӕнӕм. Цӕмӕй нӕ зӕрдӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ бацӕттӕ кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ хорз ӕмбарӕм, ацы хабар куыд ахсджиаг у, уый (Езд. 7:10). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ алы бон дӕр кӕсӕм, Ӕрымысӕн изӕры размӕ Библийӕ цы скъуыддзӕгтӕ фӕхъӕуы кӕсын, уыдон ӕмӕ арф хъуыды кӕнӕм Йесойы зӕххон царды фӕстаг бонтыл. Уый нӕ разӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй мах дӕр Йесойау удуӕлдайӕ лӕггад кӕнӕм (Гал. 2:20).
5. Йесойы нывонд нын зӕрдӕрухсы хос цӕмӕн у?
5 Чырысти йӕ цард кӕй радта, уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйӕн кӕй ис уый бар, цӕмӕй нӕ Хуыцау уа. Уый фӕрцы ссӕрибар стӕм тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй (1 Иоан. 2:2). Стӕй ма нӕ бон у Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнын ӕмӕ ӕнустӕм цӕрын (Кол. 1:21, 22). Уымӕй уӕлдай ма нӕ бон у, кӕддӕр Йегъовӕйӕн цы ныхас радтам, ома йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрдзыстӕм, уый сӕххӕст кӕнын ӕмӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ архайын (Матф. 16:24). Дӕхи куы цӕттӕ кӕнай ӕмӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ куы ’рбацӕуай, уӕд зӕрдӕрухс уыдзынӕ!