Фарстаты асыкк
◼ Цӕмӕй сывӕллӕттӕ фӕлтӕрд чырыстӕттӕ суой, уый тыххӕй сын цы хъӕуы амонын?
Ныййарджытӕ бирӕ фыдӕбон кӕнынц, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты «хъомыл кӕной, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ, ӕмӕ сӕ йӕ зондыл аразой» (Еф. 6:4). Зӕгъӕм, ныййарджытӕ зонынц, куыд хорз у алы райсом дӕр сывӕллӕттимӕ ӕрвылбоны стихыл ныхас кӕнын. Бинонты ахуыры рӕстӕг ӕмӕ ӕндӕр рӕстӕг бинонтӕн сӕ бон у иумӕ бакӕсын нӕ кинонывтӕй искӕцымӕ ӕмӕ йыл аныхас кӕнын, йе та аныхас кӕнын рубрикӕ «Вопросы молодежи»-йы статьятӕй искӕцыйыл, Библийы скъуыддзаг кӕнӕ ӕндӕр исты уавӕр рольтӕм гӕсгӕ ахъазын. Фӕлӕ цӕмӕй сывӕллӕттӕ фӕлтӕрд чырыстӕттӕ суой, уый тыххӕй ма сын хъӕуы Библийы арф хъуыдытӕ дӕр амонын (Дзут. 6:1).
Ахъуыды-ма кӕнӕм, уацамынды адӕмы цӕуыл фӕахуыр кӕнӕм, ууыл. Фыццаг кӕнӕ дыккаг бацыды рӕстӕг фӕархайӕм, цӕмӕй адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайӕм, хуыздӕр кӕцы уыдзӕн, уыцы публикацийы фӕрцы. Стӕй рахизӕм чиныгмӕ «Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн». Цӕмӕн? Фыццаг публикацийӕ адӕймаг базоны Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ. Чиныг «Хуыцауы уарзт»-ӕй та базоны, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын куыд хъӕуы, уый. Дыууӕ публикацийы дӕр ногтӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй Чырыстийы мидӕг «уидӕгтӕ ауадзой» ӕмӕ «уырнындзинады ӕрфидар уой» (Кол. 2:6, 7). Уӕдӕ ацы ӕрмӕг нӕ сывӕллӕттӕн дӕр куыннӕ баххуыс кӕндзӕн. Уыдон дӕр хъуамӕ базоной Чырыстийы нывонды тыххӕй, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ, мӕрдтӕ цы уавӕры сты, уый тыххӕй. Сывӕллӕттӕ ма хъуамӕ зоной, Хуыцау фыддзинадӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны ӕмӕ цӕмӕ гӕсгӕ ис базонӕн, фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уый. Хъуамӕ фидарӕй зоной, рӕстдзинад Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм кӕй ис. Сывӕллӕттӕ хъуамӕ ӕмбарой Библийы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ, «раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын» сахуыр уой (Дзут. 5:14). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ныййарджытӕ хъуамӕ ӕмбарой, сӕ сывӕллӕттӕн сӕ кармӕ гӕсгӕ сӕ бон бамбарын цас у, уый. Фӕлӕ сывӕллӕттӕй бирӕтӕн сӕ бон у суанг гыццылӕй дӕр Библийы арф хъуыдытӕ ӕмбарын (Лук. 2:42, 46, 47).
Ӕууӕнкджын цагъар ныййарджытӕн нӕ сайты jw.org сӕвӕры, Библи кӕй фӕрцы фӕахуыр кӕнӕм, уыцы публикацийыл арӕзт ӕрмӕг. Сӕ бон сӕ ссарын у, БИБЛЕЙСКИЕ УЧЕНИЯ > ПОДРОСТКИ фыст кӕм ис, уым. Фидӕны ма дзы фӕзындзӕн чиныг «Хуыцауы уарзт»-ыл арӕзт ахуыргӕнӕн ӕрмӕг дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мыхуыры чи рацыд, уыцы публикацитӕй дӕр пайда кӕнӕн ис. Ныййарджытӕ аскъуыддзаг кӕндзысты, уыцы ӕрмӕгӕй кӕд пайда кӕндзысты. Зӕгъӕм, бинонты ахуыры рӕстӕг, сывӕллӕттӕй алкӕимӕдӕр хицӕнӕй куы ахуыр кӕной, уӕд, ӕви сывӕллонӕн куы амоной, йӕхӕдӕг Библи куыд хъуамӕ ахуыр кӕна, уӕд.