Уацамынды нӕ ныхас куыд райдайӕм
Брошюрӕ «Дӕ куыстӕй райгонд цӕй фӕрцы уыдзынӕ?»
«Абон ацы буклет алкӕмӕн дӕр дӕттӕм. Дзырд дзы цӕуы, Библийы уынаффӕтӕ цы пайда сты, ууыл. Ацы буклет дӕуӕн. [Ратт ын буклет «Библи цавӕр чиныгыл нымайыс?».] Иуӕй-иутӕ фӕхъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, цымӕ Библийы уынаффӕтӕй искӕцы адӕймагӕн баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ куыстӕй йӕ зӕрдӕ райа. Дӕ хъус-ма ӕрдар Библийӕ иу стихмӕ. [Бакӕс Екклесиаст 3:13.] Библийы ис хорз уынаффӕтӕ, ӕмӕ дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй дӕ куыстӕй дӕ зӕрдӕ райа. Уый тыххӕй фылдӕр базондзынӕ ацы брошюрӕйӕ».