Архайӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл. Хъусын кӕнӕм домофонӕй
Уый ахсджиаг цӕмӕн у. Чи зоны, домофонӕй хъусын кӕнынмӕ нӕ ныфс нӕ хӕссӕм. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нын уый къуылымпыйы хос ма суа ӕмӕ дарддӕр дӕр хорз хъуыддӕгтыл нӕ уд хъарӕм? Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, иуӕй-иутӕм хорз хабар фӕхӕццӕ кӕнӕн ӕрмӕстдӕр домофоны фӕрцы кӕй ис (Ром. 10:14). Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртыл цы хабӕрттӕ ӕрцӕуы, уыдонӕй бӕрӕг у, домофонӕй хъусын кӕнын ӕцӕгдӕр хорз мадзал кӕй у. (Кӕс 2011 азы «Ӕрвылазон чиныг», 65, 66 фф., уырыс., 2000 азы «Ӕрвылазон чиныг», 54 ф., 3 абз., уырыс.) Ӕркӕсӕм, дӕлдӕр цы уынаффӕтӕ ис, уыдонмӕ.
Бафӕлвар мӕйы дӕргъы:
Бинонты ахуыры рӕстӕг-иу афӕлварут, уӕ ныхас куыд райдайдзыстут, уый, кӕрӕдзийы цӕсгӕмттӕм ма кӕсут, афтӕмӕй.