Дӕ хъарутӕ сараз ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынмӕ
1. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй адӕм фервӕзой?
1 2014 азы ӕрвылазон хыгъдӕй бӕрӕг у, Хуыцауы адӕм йӕ Паддзахады тыххӕй хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ ӕмӕ фидарӕй кӕй хъусын кӕнынц (Матф. 24:14). Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ кӕй фӕхъусын кӕнӕм, зиуты рӕстӕг буклеттӕ ӕмӕ хуынды гӕххӕттытӕ кӕй фӕпарахат кӕнӕм ӕмӕ, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты кӕй фӕхъусын кӕнӕм, уый фӕрцы абон хорз хабар цас адӕм фехъуыста, уыйбӕрц никуыма. Фӕлӕ цӕмӕй адӕм фервӕзой, уый тыххӕй хъуамӕ семӕ Библи ахуыр кӕнӕм ӕмӕ сын афтӕмӕй баххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ суой (1 Тим. 2:4).
2. Цавӕр фарстатӕ нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй-иу алы фадатӕй дӕр пайда кӕнӕм ӕмӕ-иу адӕймагӕн Библийы ахуыры тыххӕй зӕгъӕм?
2 Алы фадатӕй дӕр пайда кӕн. Адӕймаджы фылдӕр базонын куы фӕфӕнды, уӕд бацархайыс, цӕмӕй йын йӕ адрис кӕнӕ йӕ телефоны номыр базонай, ӕмӕ йӕ стӕй ӕвӕстиатӕй абӕрӕг кӕныс, цӕмӕй йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдайай? Фӕстаг хатт кӕд бацархайдтай, цӕмӕй адӕймагӕн фыццаг бацыдӕй равдыстаис, адӕмимӕ Библи куыд фӕахуыр кӕнӕм, уый? Алы мӕй дӕр брошюрӕтӕ кӕмӕн фӕхӕссыс, уымӕн фӕстаг хатт кӕд загътай Библи ахуыр кӕныны тыххӕй? Видеороликтӕ «Библи ахуыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы?» ӕмӕ «Библи адӕмимӕ куыд фӕахуыр кӕнӕм?» дӕ хӕстӕджытӕн, дӕ сыхӕгтӕн, де ’мкусджытӕн, стӕй, кӕимӕ ахуыр кӕныс, уыдонӕн ӕмӕ дӕ зонгӕтӕн равдыстай? Стендимӕ куы фӕхъусын кӕныс, уӕд, Библи ахуыргӕнӕн публикаци чи райсы, уыдонӕн бамбарын кӕныс, уыцы публикацийы фӕрцы адӕмимӕ Библи лӕвар кӕй фӕахуыр кӕнӕм?
3. Цӕмӕй адӕмӕн рӕстдзинад арӕхстджынӕй амонӕм, уый тыххӕй цы хъӕуы?
3 Йегъовӕ ӕмӕ нын Чырысти ӕххуыс кӕнынц. Чырысти ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын куы бафӕдзӕхста, уӕд фыццаг загъта, «ацӕут», зӕгъгӕ, ӕмӕ уымӕй бамбарын кодта, ӕппӕт хъарутӕй кӕй хъуамӕ архайӕм ӕмӕ-иу алы фадатӕй дӕр кӕй хъуамӕ пайда кӕнӕм. Фӕлӕ нӕ нӕхи бар нӕ ныууагъта – зӕрдӕ нын бавӕрдта, немӕ кӕй уыдзӕн (Матф. 28:19, 20). Уымӕй уӕлдай ма нӕ Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй хайджын кӕны ӕмӕ нӕ ахуыр кӕны, адӕмӕн рӕстдзинад амонын куыд хъӕуы, ууыл. Стӕй ма нын ис, уыцы хъуыддаджы нын стыр ӕххуыс чи у, ахӕм мадзӕлттӕ (Зах. 4:6; 2 Кор. 4:7). Нӕ бон ма у Хуыцаумӕ кувын, цӕмӕй нӕ Чырыстийы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнын «фӕндгӕ дӕр кӕна ӕмӕ архайгӕ дӕр кӕнӕм» (Фил. 2:13).
4. Нӕ хъарутӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынмӕ цӕмӕн хъуамӕ саразӕм?
4 Хъусын кӕныны хъуыддаг нын хӕссы стыр циндзинад. Фӕлӕ ноджы тынгдӕр та фӕцин кӕнӕм, адӕймагӕн рӕстдзинад куы фӕамонӕм ӕмӕ йын, «цардмӕ цы фӕндаг кӕны», ууыл цӕуынӕн куы баххуыс кӕнӕм, уӕд (Матф. 7:14; 1 Фес. 2:19, 20). Ноджы ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ нӕ хъарутӕ иууылдӕр ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынмӕ кӕй саразӕм, уымӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кӕнӕм. Хуыцауы «нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй се ’ппӕтӕн дӕр уа ӕрфӕсмон кӕныны фадат» (2 Пет. 3:9).