НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Ӕрымысӕн изӕрмӕ уӕ территорийы алкӕй дӕр фӕхонут!
Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ адӕмы хонын райдайдзыстӕм 27 февралӕй ӕмӕ архайдзыстӕм, цӕмӕй нӕ территорийы, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕмы фӕхонӕм. Хъуамӕ-иу бацархайӕм, иу гыццыл дӕр нӕм чи байхъуса, уыдоны абӕрӕг кӕныныл.
ЦЫ ИС САРАЗӔН
АДӔЙМАГӔН ЗӔГЪ
«Адӕмы иу ахсджиаг хабармӕ хонӕм. Ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр 23 мартъийы милуангай адӕм ӕрӕмбырд уыдзысты, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной Йесо Чырыстийы мӕлӕт. Байхъусдзысты Библийыл арӕзт раныхасмӕ, йӕ мӕлӕт нын цы пайда хӕссы, уый фӕдыл. Ацы хуынды гӕххӕтты фыст ис, кӕм ӕмӕ цафон уыдзӕн, уый. Ӕхца фидын дзы нӕ хъӕуы. Кӕд дӕ бон суа, уӕд-иу ды дӕр ӕрбацу».
Кӕд адӕймаджы фылдӕр базонын бафӕнда, уӕд-иу ын...
РАТТ БРОШЮРӔ «ЧЫРЫСТИ ЦӔМӔН ФӔХЪИЗӔМАР КОДТА ӔМӔ ЦӔМӔН АМАРД?»
Зӕгъ, иннӕ хатт цӕуыл аныхас кӕндзыстут, уый.
ӔРЫМЫСӔН ИЗӔРЫ ТЫХХӔЙ ВИДЕОРОЛИК РАВДИС
Зӕгъ, иннӕ хатт цӕуыл аныхас кӕндзыстут, уый.
Дыккаг хатт ӕм куы бацӕуай, уӕд-иу...
РАВДИС ВИДЕОРОЛИК «БИБЛИ АХУЫР КӔНЫН ЦӔМӔН ХЪӔУЫ?»
Уый фӕстӕ йын Библи ахуыр кӕнынӕн пълӕнттӕй иу равдис.
АНЫХАС КӔН СТАТЬЯЙЫЛ «ЧЫРЫСТИЙЫ МӔЛӔТ НӔ ЗӔРДЫЛ ЦӔМӔН ХЪУАМӔ ЛӔУУЫН КӔНӔМ?»
Спайда кӕн статьяйӕ «Чырыстийы мӕлӕт нӕ зӕрдыл цӕмӕн хъуамӕ лӕууын кӕнӕм?» ӕмӕ йын Ӕрымысӕн изӕры тыххӕй фылдӕр радзур.
РАТТ БРОШЮРӔ «ХУЫЦАУМӔ ХЪУС»
Спайда кӕн, брошюрӕйы 18 ӕмӕ 19 фӕрстыл цы хъуыдытӕ ис, уыдонӕй ӕмӕ йын бамбарын кӕн, Чырыстийы йӕ цард раттын цӕмӕн бахъуыд, уый. Уый фӕстӕ йын брошюрӕ ратт.