НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Йегъовӕ уаг ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй цы уагӕвӕрдтӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ цӕр
Йегъовӕ Хуыцау уаг ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй радта уагӕвӕрдтӕ. Зӕгъӕм, бинонтӕн цы закъон радта, уымӕ гӕсгӕ лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ цӕрӕнбонтӕм иумӕ цӕрой (Мф 19:4–6, 9). Цыдӕриддӕр ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ ис, уыдон Хуыцауӕн ӕнӕуынон сты (1Кр 6:9, 10). Цӕмӕй йӕ адӕм иннӕтӕй хицӕн кӕной, уый тыххӕй ма сын радта уагӕвӕрдтӕ суанг уӕлӕдарӕс ӕмӕ ӕддаг бакасты тыххӕй дӕр (Д.з 22:5; 1Тм 2:9, 10).
Абон бирӕтӕ Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ ницӕмӕ дарынц (Ро 1:18–32). Уыдон хъусынц, адӕмӕн сӕ фылдӕр уӕлӕдарӕсы, ӕддаг бакасты ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй цы дзурынц, уымӕ. Бирӕтӕ се ’нӕгъдау хъуыддӕгтӕ нӕ сусӕг кӕнынц, ӕмӕ сӕхи хуызӕн чи нӕу, уыдоны ныхмӕ дзурынц (1Пт 4:3, 4).
Мах стӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ хъуамӕ фидар хӕцӕм, Хуыцау уаг ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй цы уагӕвӕрдтӕ радта, уыдоныл (Ро 12:9). Куыд? Хъуамӕ уӕзданӕй ӕмбарын кӕнӕм, йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый. Стӕй нӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ уыцы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрӕм. Зӕгъӕм, цавӕр уӕлӕдарӕс дардзыстӕм ӕмӕ не ’ддаг бакаст цыхуызӕн уыдзӕн, уый куы скъуыддзаг кӕнӕм, уӕд-иу ахъуыды кӕнӕм: «Цымӕ мӕ кондӕй цы зӕгъӕн уыдзӕн – Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын ӕви ацы дунейы? Мӕ уӕлӕдарӕс ӕмӕ ме ’ддаг бакастӕй бӕрӕг у, Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын мӕ кӕй фӕнды?» Кинотӕ кӕнӕ передачӕтӕ ӕвзаргӕйӕ дӕр-иу ахъуыды кӕнӕм: «Цымӕ ацы передачӕ Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ фӕцӕудзӕн? Цы уаг ӕмӕ ӕгъдауы кой дзы ис кӕнӕ дзы цы ’вдисынц, уый кӕмӕй цӕуы? Цы ирхӕфсӕн равзӕрстон, уый ме ’гъдауыл ӕвзӕрырдӕм нӕ фӕзындзӕн? (Пс 101:3). Уый мӕ бинонтӕй искӕмӕн кӕнӕ иннӕтӕн цӕлхдур нӕ уыдзӕн?» (1Кр 10:31–33).
Йегъовӕ уаг ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй цы уагӕвӕрдтӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрын ахсджиаг цӕмӕн у? Тагъд Йесо Чырысти фыдгӕнджыты фесафдзӕн ӕмӕ фыддзинадӕн кӕрон скӕндзӕн (Йез 9:4–7). Зӕххыл ма баззайдзысты, Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, ӕрмӕст уыдон (1Ин 2:15–17). Уӕдӕ Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрӕм, цӕмӕй нын нӕ хорз ӕгъдау чи уыны, уыдон Хуыцауы скадджын кӕной (1Пт 2:11, 12).
Мӕ дарӕс ӕмӕ ме ’ддаг бакастӕй бӕрӕг у, цавӕр уагӕвӕрдтыл хӕст дӕн, уый?
БАКӔСУТ МУЛЬТФИЛЬММӔ «ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔМБАЛ СУ. ИУ НӔЛГОЙМАГ, ИУ СЫЛГОЙМАГ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТУТ АХӔМ ФАРСТАТӔН:
Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын зондыл дзурӕг цӕмӕн у?
Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн хӕрзгыццылӕй фӕстӕмӕ цӕмӕн хъуамӕ амоной, Йегъовӕ уаг ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй цы уагӕвӕрдтӕ радта, уыдон?
Сывӕллӕттӕн дӕр ӕмӕ хистӕртӕн дӕр сӕ бон куыд у адӕмӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй фидӕны Хуыцауы хорзӕхӕй хайджын уой?