НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Ӕцӕг чырыстӕтты ’хсӕн ис уарзондзинад. Нӕ иудзинад хъахъхъӕнӕм
АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У. Чырысти йӕ мӕлӕты размӕ ’хсӕв йӕ ахуыргӕнинӕгты тыххӕй куывта, цӕмӕй «иудзинады уыдаиккой» (Ин 17:23). Цӕмӕй не ’хсӕн иудзинад уа, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ кӕрӕдзи уарзӕм, уымӕн ӕмӕ уарзондзинад, «ӕвзӕрӕй йын чи цы ракодта, уыдон нӕ нымайы» (1Кр 13:5).
УЫЙ КУЫД ИС АРАЗӔН
Йегъовӕйы фӕзм – иннӕты хорз миниуджытӕ феныныл архай
Зӕрдиагӕй-иу ныххатыр кӕн
Хъуыддаг куы равзарат, уӕд та-иу ыл ногӕй дзурын ма райдай (Ӕм 17:9)
БАКӔСУТ ВИДЕОРОЛИКМӔ «„УӔ КӔРӔДЗИЙЫ... УАРЗУТ“. ӔВЗӔРӔЙ УЫН ЧИ ЦЫ РАКОДТА, УЫДОН МА НЫМАЙУТ» ӔМӔ АНЫХАС КӔНУТ АЦЫ ФАРСТАТЫЛ:
Видеороликы фыццаг хайӕ куыд зыны, Хелен, ӕвзӕрӕй йын чи цы ракодта, уый кӕй нымадта?
Видеороликы дыккаг хайӕ куыд зыны, Хелен йӕ зондахаст кӕй аивта?
Хелен ӕмбырды иудзинад куыд бахъахъхъӕдта?
Ӕвзӕрӕй нын чи цы ракодта, уый куы нымайӕм, уӕд уый ӕвзӕрырдӕм кӕуыл фӕзындзӕн?