Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb19 июнь 7 ф.
  • Ирхӕфсӕнтӕ ӕвзаргӕйӕ ӕмбаргӕ у

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ирхӕфсӕнтӕ ӕвзаргӕйӕ ӕмбаргӕ у
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2019
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм ирхӕфсӕнтӕ ӕвзар
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • Куыд ис хорз ирхӕфсӕнтӕ ӕвзарӕн?
    Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн
  • Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйыл у иузӕрдион
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
  • Дӕ ирхӕфсӕнтӕ дын пайда хӕссынц?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
Фылдӕр фенын
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2019
mwb19 июнь 7 ф.

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Ирхӕфсӕнтӕ ӕвзаргӕйӕ ӕмбаргӕ у

Ирхӕфсӕнтӕ ӕвзаргӕйӕ ӕмбаргӕ цӕмӕн хъуамӕ уӕм? Уымӕн ӕмӕ, цавӕр киномӕ бакӕсӕм, цавӕр музыкӕмӕ байхъусӕм, цавӕр сайтмӕ бацӕуӕм, цавӕр чиныг бакӕсӕм, цавӕр видеохъазтӕй ахъазӕм, уый куы февзарӕм, уӕд равзарӕм, нӕ зонд цӕмӕй дзаг кӕндзыстӕм, уый. Цы равзарӕм, уый нӕ хъуыддӕгтыл бандавы. Хъыгагӕн, абон цы ирхӕфсӕнтӕ ис, уыдонӕн сӕ фылдӕры вӕййы, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыддӕгтӕ (Пс 11:5; Га 5:19–21). Уымӕ гӕсгӕ нӕ Библи разӕнгард кӕны, цӕмӕй дарддӕр дӕр хъуыды кӕнӕм, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм хъуыддӕгтыл (Фп 4:8).

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ЦАВӔР ИРХӔФСӔНТӔ ХЪУАМӔ ӔВЗАРОН?» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Ромаг гладиаторты хъазт

    Абон иуӕй-иу ирхӕфсӕнтӕ рагон ромаг гладиаторты хъӕзтыты хуызӕн цӕмӕй сты?

  • Пионер ӕрыгондӕр ӕфсымӕримӕ уацамынды

    Ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн сӕ бон куыд у ӕрыгӕттӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй ирхӕфсӕнтӕ ӕвзаргӕйӕ ӕмбаргӕ уой?

  • Ӕфсӕддон

    Ирхӕфсӕнтӕ ’взаргӕйӕ нын Ромӕгтӕм 12:9 стих куыд баххуыс кӕндзӕн?

  • Ӕрыгон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ футболӕй хъазынц

    Кӕм цӕрыс, уым цавӕр хорз ирхӕфсӕнтӕ ис?

ДӔХӔДӔГ РАВЗАРЫС ИРХӔФСӔНТӔ ӔВИ СӔ ДӔ БӔСТЫ РАВЗАРЫНЦ?

Абон цы ирхӕфсӕнтӕ ис, уыдонӕн сӕ фылдӕр адӕймаджы разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй, йӕхи куыд ирхӕфсдзӕн, уый йӕхӕдӕг нӕ, фӕлӕ иннӕтӕ ’взарой йӕ бӕсты. Киноты, чингуыты ӕмӕ телепередачӕты вӕййы кӕйдӕр хъуыдытӕ. Кӕд хи афтӕ ирхӕфсӕн дӕр ис, уӕддӕр бирӕтӕ сӕхицӕй зонынц, сӕхи куыд ирхӕфсдзысты, уый сӕхӕдӕг куы равзарынц, уӕд сын уый фылдӕр пайда кӕй ӕрхӕссы. Зӕгъӕм, чидӕр уарзы цавӕрдӕр музыкалон инструментыл цӕгъдын кӕнӕ ныв кӕнын. Чидӕр та уарзы спорт, кафын кӕнӕ ӕрдзы хъӕбысы улӕфын. Цӕй уӕдӕ, цавӕрфӕнды ирхӕфсӕн ма равзарӕм, «алцыдӕр аразӕм Хуыцауы кадӕн» (1Кр 10:31).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын