Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb19 октябрь 7 ф.
  • Хуыцауы Ныхасӕн тынг аргъ кӕныс?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцауы Ныхасӕн тынг аргъ кӕныс?
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2019
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Уыдон тынг уарзтой Библи. Скъуыддзаг (Уильям Тиндал)
    Ӕндӕр темӕтӕ
  • Уыдон тынг уарзтой Библи
    Ӕндӕр темӕтӕ
  • Нӕ сайт – арӕзт у махӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2012
  • Сайты jw.org ссар, царды чи бахъӕудзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2022
Фылдӕр фенын
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2019
mwb19 октябрь 7 ф.

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Хуыцауы Ныхасӕн тынг аргъ кӕныс?

Библийы фыст сты йӕ Авторы, Йегъовӕ Хуыцауы, хъуыдытӕ ӕмӕ ныхӕстӕ (2Пт 1:20, 21). Библи ӕмбарын кӕны, Хуыцау йӕ Паддзахады фӕрцы кӕй сбӕлвырд кӕндзӕн, Дун-дунейы Хицау кӕй у, уый ӕмӕ адӕмӕн ныфс дӕтты, тагъд хорз цард кӕй ралӕудзӕн, уымӕй. Стӕй нын ӕргом кӕны нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд Йегъовӕйы миниуджытӕ (Пс 86:15).

Алчидӕр нӕ Йегъовӕйы Ныхасӕн цӕйдӕр тыххӕй аргъ кӕны. Фӕлӕ ацы диссаджы лӕварӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый бӕрӕг у? Алы бон дӕр ӕй кӕсӕм ӕмӕ йӕ уынаффӕтӕм гӕсгӕ цӕрӕм? Цӕй ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уӕд, псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстимӕ разы кӕй стӕм: «Куыд тынг дын уарзын дӕ закъон!» (Пс 119:97).

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКЫ СКЪУЫДДЗАГМӔ «УЫДОН ТЫНГ УАРЗТОЙ БИБЛИ (УИЛЬЯМ ТИНДАЛ)» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Уильям Тиндал; Уильям Тиндал йӕ мыхуыргӕнӕн станокы раз; Уильям Тиндалы «Ног фӕдзӕхст»-ы фыццаг къопи

    Уильям Тиндал Библийы кӕцыдӕр чингуытӕ цӕмӕн тӕлмац кодта?

  • Цӕмӕй Библи ратӕлмац кодтаид, уый тыххӕй йӕ ӕппӕт хъарутӕй архайын цӕмӕн хъуыд?

  • Кӕй ратӕлмац кодта, уыцы Библийы къопитӕ Англимӕ куыд бахаудысты?

  • Махӕй алкӕй бон дӕр куыд у равдисын, Хуыцауы Ныхасӕн кӕй аргъ кӕны, уый?

АХЪУЫДЫ КӔН: Хуыцауы Ныхас цӕмӕн ис абарӕн...

  • цырагъ ӕмӕ рухсимӕ? (Пс 119:105).

  • донимӕ? (Еф 5:26).

  • хъамаимӕ? (Еф 6:17).

  • кӕсӕнимӕ? (Иак 1:23–25).

ХУЫЦАУЫ НЫХАС АЛЫ БОН ДӔР КӔС

Библи кӕсынӕн график

Сайты jw.org Библи кӕсынӕн цы график ис, уымӕ гӕсгӕ йӕ искуы кастӕ? Уыцы графикмӕ гӕсгӕ (ис PDF форматы) бакӕнӕн ис кӕцыдӕр сӕр ӕмӕ йӕ сайты кӕсын. Кӕд де ’взагыл Библийы аудиозапись ис, уӕд уымӕ дӕр дӕ бон у хъусын.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын