ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЙДИАН 44, 45
Иосиф йе ’фсымӕртӕн ныххатыр кодта
Хатт нын иннӕтӕн ныххатыр кӕнын зын вӕййы, уӕлдайдӕр та нӕ зонгӕ-зонын куы бафхӕрынц, уӕд. Иосифы йе ’фсымӕртӕ тынг куы бафхӕрдтой, уӕд ын цы баххуыс кодта, цӕмӕй сын ныххатыр кодтаид?
Иосиф сӕ йӕ маст райсыныл нӕ архайдта. Фӕлӕ йӕ фӕндыд базонын, ныххатыр кӕнӕн сын цӕй тыххӕй ис, уый (Пс 86:5; Лк 17:3, 4).
Иосиф йӕ масты фӕдыл нӕ ацыд, фӕлӕ бафӕзмыдта Йегъовӕйы, адӕмӕн зӕрдӕйӕ чи ныххатыр кӕны, уыцы Хуыцауы (Мх 7:18, 19).
Мӕ бон куыд у Йегъовӕйау иннӕтӕн хатыр кӕнын?