НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Сӕрныллӕг у. Дӕхицӕй ма ӕппӕл
Адӕймаг йӕхицӕй куы феппӕлы, уӕд уый дзурӕг вӕййы сӕрбӕрзонддзинадыл. Нӕхицӕй куы ’ппӕлӕм, уӕд нӕ ныхӕстӕ ныфсы хос никӕмӕн уыдзысты. Библи дӕр уымӕн зӕгъы афтӕ: «Дӕхӕдӕг дӕхицӕй ма ’ппӕл, фӕлӕ дӕ ӕндӕр исчи раппӕлӕд» (Ӕм 27:2).
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔМБАЛ СУ. СӔРНЫЛЛӔГ У» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
Адӕм арӕхдӕр цӕмӕйты феппӕлынц?
Алан йе ’мбалӕн цӕмӕй ӕппӕлыд?
Аланӕн йӕ фыд куыд баххуыс кодта, сӕрныллӕг кӕй хъуамӕ уа, уый бамбарынӕн?
1 Петры 5:5 стих нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сӕрныллӕг уӕм?