НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Йегъовӕ йӕ адӕмы хъахъхъӕны
Фыццаг Куадзӕн тынг ахсджиаг хабар уыд. Уыцы ’хсӕв фараонӕн йӕ фыццаггуырд фырт амард, ӕмӕ фараон уый куы базыдта, уӕд Моисейӕн загъта: «Сыстут мӕ адӕмы ’хсӕнӕй ӕмӕ ацӕут – уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ Израилы фырттӕ иууылдӕр. Ацӕут ӕмӕ лӕггад кӕнут Йегъовӕйӕн, куыд дзырдтат, афтӕ» (Рц 12:31). Йегъовӕ равдыста, йӕ адӕмы кӕй хъахъхъӕны.
Йегъовӕйы адӕмы нырыккон историмӕ куы ’ркӕсӕм, уӕд ирдӕй зыны, Йегъовӕ сын абоны онг дӕр разамынд кӕй дӕтты ӕмӕ сӕ кӕй хъахъхъӕны. Уый кой цӕуы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайады цы музейтӕ ис, уыдонӕй иуы, «Йегъовӕйы ном чи хӕссы, уыцы адӕм», зӕгъгӕ.
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ЭКСКУРСИТӔ УОРВИЧЫ МУЗЕЙТЫ. „ЙЕГЪОВӔЙЫ НОМ ЧИ ХӔССЫ, УЫЦЫ АДӔМ“» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
1914 азӕй фӕстӕмӕ Библииртасджытӕ цавӕр ног кусӕнгарзӕй райдыдтой пайда кӕнын, цӕмӕй адӕм баууӕндыдаиккой, Библи Хуыцауы Ныхас кӕй у, ууыл ӕмӕ сын уый фӕрцы цы бантыст?
1916 азы ӕмӕ 1918 азы Хуыцауы адӕмӕн сӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куыд ӕрцыд ӕмӕ цӕмӕй уыд бӕрӕг, Йегъовӕ йӕ организацийӕн разамынд кӕй лӕвӕрдта?
Йегъовӕйы адӕм фидар куыд фӕлӕууыдысты, сӕ ныхмӕ куы цыдысты, уӕд?
1935 азы Йегъовӕйы адӕм цы бамбӕрстой ӕмӕ уый фӕрцы хъусын кӕныны хъуыддаджы куыд райдыдтой архайын?
Кӕд ацы музейы кӕнӕ уӕ бӕстӕйы филиалы выставкӕтӕй искӕцыйы уыдтӕ, уӕд дӕ ноджы тынгдӕр цӕй фӕрцы бауырныдта, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн разамынд кӕй дӕтты ӕмӕ сӕ кӕй хъахъхъӕны?