Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb22 январь 13 ф.
  • Самуилы цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Самуилы цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2022
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «Стыр кодта Йегъовӕйы раз»
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
  • Йегъовӕ ныхас кодта Самуилимӕ
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Кӕд-иу фӕфыдӕнхъӕл, уӕддӕр уыд иузӕрдион
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
  • Самуил арӕзта, раст цы у, уый
    Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут
Фылдӕр фенын
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2022
mwb22 январь 13 ф.
Къамтӕй арӕзт нывтӕ. Ист сты видеороликӕй «Сӕ хабӕрттӕй зондӕн цы ис райсӕн. Самуил». 1. Дэнни. 2. Самуил гыццылӕй

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Самуилы цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Самуил цӕрӕнбонты Йегъовӕйыл уыд иузӕрдион. Гыццыл лӕппу куы уыд, уӕд Илийы фыртты, Офни ӕмӕ Финеесы, ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ нӕ фӕзмыдта (1См 2:22–26). Самуил рӕзыд, ӕмӕ Йегъовӕ уыди йемӕ (1См 3:19). Ӕмӕ куы базӕронд, уӕддӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта, кӕд йӕ фырттӕ Йегъовӕмӕ нӕ хъуыстой, уӕддӕр (1См 8:1–5).

Самуилы цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Ӕрыгӕттӕ, ма дызӕрдыг кӕнут: Йегъовӕ зоны, цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлут ӕмӕ уӕ хорз ӕмбары. Йегъовӕ уын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хъӕбатыр уат (Ис 41:10, 13). Ныййарджытӕ, кӕд уӕ сывӕллон Йегъовӕйӕ адард, уӕд уын Самуилы цӕвиттон удӕнцойы хос уыдзӕн. Уый ӕмбӕрста, йӕ бон кӕй нӕу йӕ фыртты Йегъовӕйӕн тыххӕй лӕггад кӕнын кӕнын. Хъуыддаг Йегъовӕйы бар бакодта ӕмӕ архайдта, цӕмӕй йӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйыл иузӕрдион уыдаид ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ рухс кодтаид. Уӕ сывӕллонӕн фӕзминаг куы уат, уӕд ӕй, чи зоны, бафӕнда Йегъовӕмӕ раздӕхын.

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «СӔ ХАБӔРТТӔЙ ЗОНДӔН ЦЫ ИС РАЙСӔН. САМУИЛ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Къам видеороликӕй «Сӕ хабӕрттӕй зондӕн цы ис райсӕн. Самуил». Гыццыл Самуил, цатыры алыварс чи ис, уыцы кӕрты сугтӕ фӕхӕссы

    Самуил гыццылӕй хъӕбатырдзинад куыд равдыста?

  • Къам видеороликӕй «Сӕ хабӕрттӕй зондӕн цы ис райсӕн. Самуил». Дэнни йе ’фсымӕрмӕ бацыд ӕмӕ йын загъта, сусӕгӕй ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кӕй кӕны, уый кӕй зоны

    Дэнни хъӕбатырдзинад куыд равдыста?

  • Къам видеороликӕй «Сӕ хабӕрттӕй зондӕн цы ис райсӕн. Самуил». Ацӕргӕ Самуил

    Ацӕргӕ Самуил фӕзминаг цӕмӕй у?

  • Къам видеороликӕй «Сӕ хабӕрттӕй зондӕн цы ис райсӕн. Самуил». Дэнни ӕмӕ йӕ ныййарджытӕ стендимӕ хъусын кодтой ӕмӕ ныр хӕдзармӕ фӕцӕуынц

    Йегъовӕ феххуыс кӕны, алкӕддӕр рӕстӕй чи фӕархайы, уыдонӕн

    Дэннийы ныййарджытӕ фӕзминаг цӕмӕй сты?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын