Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • wp21 № 3 12–14 фф.
  • Амондджын фидӕнмӕ фӕндаг цӕй фӕрцы ссардзынӕ?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Амондджын фидӕнмӕ фӕндаг цӕй фӕрцы ссардзынӕ?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2021
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • РУХС ФИДӔНМӔ НӔ ЧИ КӔНЫ, УЫЦЫ ФӔНДАГАМОНӔГ
  • Хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у? Библи – ӕууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕм разамынд
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2024
  • Библи цавӕр чиныгыл нымайыс?
    Библи цавӕр чиныгыл нымайыс?
  • Сабыр адӕм зӕхх бынӕн райсдзысты
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2018
  • Ӕппӕт адӕттӕ цӕуыл дзурӕг сты?
    Ма бафынӕй ут!
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2021
wp21 № 3 12–14 фф.
Нӕлгоймаг Библи кӕсы

Амондджын фидӕнмӕ фӕндаг цӕй фӕрцы ссардзынӕ?

Айразмӕйы статьятӕй базыдтам, бирӕтӕ афтӕ кӕй фенхъӕлынц, ӕмӕ рухс фидӕн кӕнгӕ у амондӕй, уӕлдӕр ахуырадӕй, хъӕздыгдзинадӕй ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕй. Уый абарӕн ис, адӕймаг ӕнӕзонгӕ ранмӕ цӕугӕйӕ, раст фӕндаг чи нӕ амоны, ахӕм картӕйӕ куы пайда кӕнид, уыимӕ. Фӕлӕ цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ бон нӕу амондджын фидӕнмӕ фӕндаг ссарын? Нӕ, уый афтӕ нӕу.

РУХС ФИДӔНМӔ НӔ ЧИ КӔНЫ, УЫЦЫ ФӔНДАГАМОНӔГ

Уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ арӕх ӕххуыс ракурӕм, нӕхицӕй хистӕр ӕмӕ зондджындӕр чи у, уыдонӕй. Ӕмӕ нын рухс фидӕнмӕ дӕр фӕндаг амоны, махӕй бирӕ фылдӕр чи цӕры ӕмӕ бирӕ зондджындӕр чи у, уый. Йӕ уынаффӕтӕ йын бакӕсӕн ис, иу-3 500 азы размӕ фыст чи ’рцыд, уыцы чиныджы. Уый у Библи.

Нӕ бон цӕмӕн у Библийыл ӕууӕндын? Уымӕн ӕмӕ йӕ Авторӕй зондджындӕр Дун-дунейы нӕй, ӕмӕ уымӕй фылдӕр никуы ничи цард. Библи йӕ хоны, «раджы замантӕй фӕстӕмӕ Чи ис, уый». Фыст ма дзы ис, «ӕнусӕй-ӕнусмӕ дӕр ды дӕ Хуыцау», зӕгъгӕ (Данел 7:9; Псалом 90:2). Уый у, «арв чи сфӕлдыста, уыцы Хуыцау,– уый у ӕцӕг Хуыцау, уый скодта зӕхх, сфӕлдыста йӕ» (Исай 45:18). Ӕмӕ нын раргом кодта, йӕ ном кӕй у Йегъовӕ (Псалом 83:18).

Библи у, ӕппӕт адӕмы чи сфӕлдыста уыцы Хуыцауӕй. Ӕмӕ дзы уымӕ гӕсгӕ афтӕ никуы бакӕсдзынӕ, ӕмӕ иу адӕмыхатт иннӕмӕй хуыздӕр у. Йӕ уынаффӕтыл рӕстӕджы бар нӕ цӕуы ӕмӕ пайда сты зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр. Библи цал ӕвзагыл ис, уал ӕвзагыл иу чиныг дӕр нӕй, стӕй уымӕй парахатдӕр чиныг нӕйa. Уӕдӕ адӕймаг кӕмфӕнды ма цӕра, уӕддӕр йӕ бон у Библи йӕ мадӕлон ӕвзагыл кӕсын ӕмӕ дзы цы зондджын уынаффӕтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ архайын. Уый бӕрӕг у, Библийы цы фыст ис, уымӕй дӕр:

«Хуыцау... никӕй хъулон кӕны, фӕлӕ алы адӕмӕй йӕ зӕрдӕйӕн адджын у, чи дзы тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, ахӕм адӕймаг» (ХЪУЫДДӔГТӔ 10:34, 35).

Уарзӕгой ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн куыд фӕамонынц зонд, афтӕ нын нӕ уарзӕгой Фыд, Йегъовӕ Хуыцау дӕр йӕ Ныхас Библийы фӕрцы амоны раст фӕндаг (2 Тимофеймӕ 3:16). Дӕ бон у Хуыцауы Ныхасыл ӕууӕндын, уымӕн ӕмӕ нӕ уый сфӕлдыста, ӕмӕ йӕ зоны, амондджын цардмӕ цавӕр фӕндаг кӕны, уый.

НӔ БОН У БИБЛИЙЫЛ ӔУУӔНДЫН

Нывтӕ: 1. Нӕлгоймаг метройы йӕ телефоны цыдӕртӕ кӕсы. 2. Телефоны экраныл Библийӕ текст

Библийы иу-2 000 азы размӕ фыст ӕрцыд, дунейы цы хабӕрттӕ цӕудзӕн ӕмӕ адӕм цыхуызӕн уыдзысты, уый. Ӕмӕ абон нӕхи цӕстӕй уынӕм, уыдӕттӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц. Уӕдӕ дзы фидӕны тыххӕй цы фыст ис, ууыл дӕр нӕ бон у ӕууӕндын.

НӔ РӔСТӔДЖЫ ЦЫ ХАБӔРТТӔ ЦӔУДЗӔН, УЫЙ ТЫХХӔЙ БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС:

«Иу адӕм сыстдзӕн иннӕ адӕмы ныхмӕ, ӕмӕ иу паддзахад иннӕ паддзахады ныхмӕ. Уыдзӕн стыр зӕххӕнкъуыстытӕ, ӕмӕ-иу куы иу ран, куы иннӕ ран сыстдзӕн фыднизтӕ» (ЛУКАЙЫ 21:10, 11).

НӔ РӔСТӔДЖЫ АДӔМ ЦЫХУЫЗӔН УЫДЗЫСТЫ, УЫЙ ТЫХХӔЙ БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС:

«Фӕстаг бонты скӕндзӕн тынг уӕззау рӕстӕг. Уымӕн ӕмӕ адӕм уыдзысты хиуарзон, ӕхцауарзаг, хиппӕлой, сӕрбӕрзонд, Хуыцауы фаудзысты, сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты коммӕ нӕ кӕсдзысты, хорздзинадӕн аргъ кӕнын нӕ зондзысты, уыдзысты мӕнгард, бинонты ’хсӕн уарзондзинад нал уыдзӕн, уыдзысты зындзырд, иннӕты фыдкой кӕндзысты, хиуыл хӕцын нӕ зондзысты, уыдзысты ӕгъатыр, хорздзинад нӕ уарздзысты, кӕрӕдзийыл гадзрахатӕй цӕудзысты, уыдзысты хивӕнд, сӕ сӕр бӕрзӕндты хӕсдзысты, Хуыцауы нӕ уарздзысты, фӕлӕ уарздзысты ирхӕфсӕнтӕ» (2 ТИМОФЕЙМӔ 3:1–4).

Фӕлӕ цымӕ уымӕн гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ, Библийы бирӕ ӕнусты размӕ цы фыст ӕрцыд, уый абон ӕххӕст кӕна? Ӕвӕццӕгӕн, сразы уыдзынӕ Гонконгӕй иу нӕлгоймаджы, Леуны, ныхӕстимӕ: «Библийы пехуымпарӕдтӕ фыст ӕрцыдысты раджы кӕддӕр. Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу бӕлвырдӕй зӕгъын, фидӕны цы уыдзӕн, уый. Уӕдӕ Библи ныффыссын кодта, махӕй бирӕ зондджындӕр чи у, ахӕм чидӕр».

Библийы фыст ис бирӕ пехуымпарӕдтӕ, ӕмӕ дзы сӕдӕгӕйттӕ абоны онг дӕр сӕххӕст стыb. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Библи ӕцӕгдӕр у Хуыцауы Ныхас. Йегъовӕ загъта, зӕгъгӕ, ӕз дӕн Хуыцау ӕмӕ мӕн хуызӕн ничи у. Стӕй ма загъта: «Ӕз райдианӕй дзурын, фӕстагмӕ цы уыдзӕн, уый» (Исай 46:9, 10). Уымӕ гӕсгӕ дӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Библийы фидӕны тыххӕй цы фыст ис, ууыл.

БИБЛИ ДЫН ПАЙДА ХӔСДЗӔН АБОН ДӔР ӔМӔ ӔНУСТӔМ ДӔР

Ныййарджытӕ сӕ дыууӕ сывӕллоны къухтыл хӕцынц ӕмӕ быдыры хъӕлдзӕгӕй фӕцӕуынц

Библийы цы уынаффӕтӕ фыст ис, уыдонмӕ гӕсгӕ куы архайай, уӕд дын уый стыр пайда ӕрхӕсдзӕн. Ӕркӕсӕм дзы цалдӕрмӕ.

КУЫСТ ӔМӔ ӔХЦА

«Дӕхи фыдӕбонӕй марыны бӕсты ӕмӕ дымгӕ сурыны бӕсты фӕлтау иу гыццыл баулӕф» (ЕККЛЕСИАСТ 4:6).

БИНОНТЫ ЦАРД

«Сымахӕй алчи, йӕхи куыд уарзы, афтӕ уарзӕд йӕ усы дӕр. Ус та хъуамӕ йӕ лӕджы нымайа» (ЕФЕСӔГТӔМ 5:33).

ИННӔТӔН КУЫД ХЪУАМӔ УӔМ

«Ныууадз маст ӕмӕ фыдӕх. Ма мӕсты кӕн – уый дӕ фыдбылыз йеддӕмӕ ницӕмӕ ӕркӕндзӕн!» (ПСАЛОМ 37:8).

Библийы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ куы архайай, уӕд дӕ цардӕй абон дӕр уыдзынӕ райгонд ӕмӕ фидӕны дӕр уыдзынӕ амондджын. Хуыцау нын Библийы зӕрдӕ ӕвӕры диссаджы фидӕнӕй.

АДӔМ ФӔРНӔЙ ЦӔРДЗЫСТЫ ӔМӔ УЫДЗЫСТЫ ӔДАС

«Сабыр адӕм... фарнӕй бафсӕддзысты» (ПСАЛОМ 37:11).

АЛКӔМӔН ДӔР УЫДЗӔН ЙӔХИ ХӔДЗАР ӔМӔ ХӔРИНАГ ПАРАХАТӔЙ

«Адӕм хӕдзӕрттӕ араздзысты ӕмӕ дзы цӕрдзысты, садздзысты сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ сын сӕ дыргъ хӕрдзысты» (ИСАЙ 65:21).

НАЛ УЫДЗӔН НИЗТӔ ӔМӔ МӔЛӔТ

«Нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст» (РАРГОМАД 21:4).

Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ахӕм диссаджы фидӕн дӕхи цӕстӕй фенай? Ууыл дзырд цӕуы иннӕ статьяйы.

a Библи куыд тӕлмац кӕнынц ӕмӕ йӕ куыд парахат кӕнынц, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис сайты www.jw.org (БИБЛИЙЫ АХУЫРӔДТӔ > НАУКӔ ӔМӔ БИБЛИ).

b Уый тыххӕй дӕ бон у фылдӕр базонын чиныгӕй «Библия: слово Бога или человека?», 9 сӕрӕй. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Ссарӕн ма йӕ ис сайты www.jw.org (кӕс БИБЛИОТЕКА > КНИГИ И БРОШЮРЫ).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын