Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w23 февраль 14–19 фф.
  • «Къӕрцхъус ут, ма бафынӕй ут»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Къӕрцхъус ут, ма бафынӕй ут»
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2023
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ДУНЕЙЫ ЦЫ ХАБӔРТТӔ ЦӔУЫ, УЫДОНМӔ РАСТ ЦӔСТӔЙ КӔС
  • НӔ БОН КУЫД У НӔХИМӔ КӔСЫН?
  • ДӔ РӔСТӔГӔЙ, ХУЫЗДӔР КУЫДДӔРИДДӔР У, АФТӔ ПАЙДА КӔН
  • «Ма бафынӕй ут»!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
  • Чырыстийау цырддзаст ут
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Ӕнхъӕлмӕ кӕсут!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • «Ма бафынӕй ут» – тӕрхоны сахат ӕрцыд!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2005
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2023
w23 февраль 14–19 фф.

8 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Къӕрцхъус ут, ма бафынӕй ут»

«Къӕрцхъус ут, ма бафынӕй ут» (1 ПЕТ. 5:8).

144 ЗАРӔГ Дӕ цӕстыты раз уӕд лӕвар!

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫa

1. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цы загъта, кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй ӕмӕ сӕ куыд бафӕдзӕхста?

ЙЕСОЙЫ мӕлӕты бонмӕ ма цалдӕр боны куы баззад, уӕд ӕй цыппар ахуыргӕнинаджы бафарстой: «Ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?» (Матф. 24:3). Ӕвӕццӕгӕн сӕ фӕндыд базонын, куыд бамбардзысты, тагъд Иерусалим ӕмӕ кувӕндон пырхгонд кӕй ӕрцӕудзысты, уый. Йесо сын ӕрмӕст уыцы фарстайӕн нӕ радта дзуапп, фӕлӕ ма загъта, нӕ «цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ», уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, уый дӕр. Фӕлӕ кӕрон бӕлвырдӕй кӕд ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй сын афтӕ загъта: «Уыцы бон кӕнӕ уыцы сахат ничи зоны: нӕдӕр уӕларвон зӕдтӕ, нӕдӕр Фырт – уый зоны ӕрмӕстдӕр мӕ Фыд». Стӕй йӕ ахуыргӕнинӕгты се ’ппӕты дӕр бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, «ма бафынӕй ут» (Мар. 13:32–37).

2. 1 ӕнусы Иудейӕйы чи цард, уыцы чырыстӕттӕ къӕрцхъус ӕмӕ цырддзаст цӕмӕн хъуамӕ уыдаиккой?

2 1 ӕнусы Иудейӕйы чи цард, уыцы чырыстӕттӕ хъуамӕ уыдаиккой къӕрцхъус ӕмӕ цырддзаст, цӕмӕй сӕ цард бахъахъхъӕдтаиккой. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта, цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, уыцы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕстӕг, уый. Загъта сын: «Иерусалимыл ӕфсӕдтӕ кӕй ӕртыхстысты, уый куы фенат, уӕд-иу ӕй зонут, йе сӕфт кӕй ӕрхӕстӕг». Уый куыддӕр федтаиккой, афтӕ сӕ хъуыд Йесойы фӕдзӕхстмӕ байхъусын ӕмӕ хӕхтӕм алидзын (Лук. 21:20, 21). Чи йӕм байхъуыста, уыдон удӕгасӕй баззадысты, ромӕгтӕ Иерусалим куы ныппырх кодтой, уӕд.

3. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

3 Ацы фыддунейӕн дӕр йӕ кӕрон тагъд ӕрцӕудзӕн. Ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ къӕрцхъус уӕм ӕмӕ ма бафынӕй уӕм. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, ацы дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдонмӕ раст цӕстӕй кӕсӕм. Базондзыстӕм ма, нӕ бон куыд у нӕхимӕ кӕсын ӕмӕ ма цы рӕстӕг баззад, уымӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕнын.

ДУНЕЙЫ ЦЫ ХАБӔРТТӔ ЦӔУЫ, УЫДОНМӔ РАСТ ЦӔСТӔЙ КӔС

4. Дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдонӕй Библийы пехуымпарӕдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уымӕ нӕ хъус цӕмӕн хъуамӕ дарӕм?

4 Дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдонмӕ нӕ хъус дзӕгъӕлы нӕ фӕдарӕм. Уыдонӕй ӕххӕст кӕнынц Библийы пехуымпарӕдтӕ. Зӕгъӕм, Йесо ранымадта цавӕрдӕр хабӕрттӕ, цӕмӕй нӕ бон базонын уыдаид, Хӕйрӕджы дунейӕн йӕ кӕрон хӕстӕг кӕй у (Матф. 24:3–14). Апостол Петр дӕр дзырдта, цӕмӕй нӕ хъус дарӕм, Библийы пехуымпарӕдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уымӕ. Уый фӕрцы нӕ уырнындзинад уыдзӕн фидар (2 Пет. 1:19–21). Библийы фӕстаг чиныг райдайы ахӕм ныхӕстӕй: «Ам цы хабӕрттӕ ис фыст, уыдон Хуыцау раргом кодта Йесо Чырыстийы уылты, цӕмӕй йӕ цагъартӕн равдиса, тагъд рӕстӕджы цытӕ хъуамӕ ӕрцӕуа, уыдӕттӕ» (Рарг. 1:1). Уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды, дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдонмӕ нӕ хъус дарын ӕмӕ, уыцы хабӕрттӕй Библийы пехуымпарӕдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уый зонын. Стӕй нӕ фӕфӕнды уыдӕттыл хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ дӕр аныхас кӕнын.

Дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдонмӕ дыууӕ къайы кӕсынц алыхуызон цӕстӕй. 1. Иу къай телевизоры ног хабӕртты кӕсы, алы бӕстӕты хицӕуттӕ сабырдзинады бадзырд куыд скодтой, уымӕ. Уый фӕстӕ Паддзахады залы дыууӕ хоимӕ ныхас кӕнгӕйӕ фидарӕй дзурынц сӕхи хъуыды, ног хабӕртты цы федтой, уый фӕдыл. 2. Иннӕ къай кӕсы видеороликмӕ «Ног хабӕрттӕ Разамонӕг советӕй». Уый фӕстӕ стендимӕ хъусын кӕнгӕйӕ ныхас кӕнынц, стендмӕ чи бацыд, уыцы нӕлгоймагимӕ

Библийы пехуымпарӕдтыл ныхас кӕнгӕйӕ нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм ӕмӕ растдӕр цы уаид аразын? (кӕс 5 абзац)b

5. Библийы пехуымпарӕдтыл ныхас кӕнгӕйӕ нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм ӕмӕ растдӕр цы уаид аразын? (Кӕс нывтӕм дӕр.)

5 Библийы пехуымпарӕдтыл куы фӕныхас кӕнӕм, уӕд-иу хъуамӕ афтӕ ма дзурӕм, зӕгъгӕ, хъуамӕ афтӕ ӕмӕ афтӕ сӕххӕст уой. Цӕуылнӕ? Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ ныхӕсты тыххӕй ӕмбырд ныддихтӕ уа. Зӕгъӕм, алы бӕстӕты хицӕуттӕ, гӕнӕн ис, дзурой, кӕмдӕр хӕстӕн кӕрон куыд ис скӕнӕн, цӕмӕй адӕмӕн сабыр цард уа. Ӕмӕ-иу уӕд хъуамӕ афтӕ ма дзурӕм, зӕгъгӕ, 1 Фессалоникӕгтӕм 5:3 стихы цы пехуымпарад ис, уый ӕххӕст кӕны. Фӕлӕ хъуамӕ зонӕм, фӕстагмӕ нӕ публикациты ацы пехуымпарады тыххӕй цы фыст уыд, уый. Пехуымпарӕдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, ууыл ныхас кӕнгӕйӕ, Йегъовӕйы организацийы уагъд публикациты цы фыст ис, уый куы дзурӕм, уӕд хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн баххуыс кӕндзыстӕм, цӕмӕй «ӕмхуызон хъуыды кӕной». Ӕмӕ уӕд ӕмбырды уыдзӕн иудзинад (1 Кор. 1:10; 4:6).

6. 2 Петры 3:11–13 стихтӕм гӕсгӕ, цы хъуамӕ аразӕм?

6 Бакӕс 2 Петры 3:11–13. Апостол Петры ныхӕстӕ нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй раст ӕмбарӕм, пехуымпарӕдтӕ иртасын нӕ цӕмӕн хъуамӕ фӕнда, уый. Петр куыд загъта, афтӕмӕй хъуамӕ «Йегъовӕйы бон» алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм. Нӕ зӕрдыл ӕй уый тыххӕй нӕ дарӕм, цӕмӕй нӕ бон уа базонын, Армагеддон кӕд райдайдзӕн, «уыцы бон ӕмӕ уыцы сахат» (Матф. 24:36; Лук. 12:40). Фӕлӕ нӕ фӕнды, цы рӕстӕг ма нын баззад, уымӕй раст пайда кӕнын, ома хъуамӕ сыгъдӕг цард кӕнӕм ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион уӕм. Ӕндӕр ныхасӕй, мах фӕнды рӕстӕй цӕрын ӕмӕ Йегъовӕйӕн афтӕ лӕггад кӕнын, цӕмӕй бӕрӕг уа, тынг ӕй кӕй уарзӕм. Уый та нӕ къухы бафтдзӕн, нӕхимӕ куы кӕсӕм, уӕд.

НӔ БОН КУЫД У НӔХИМӔ КӔСЫН?

7. Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, нӕхимӕ кӕй кӕсӕм, уый? (Лукайы 21:34).

7 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, цӕмӕй, дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, ӕрмӕст уыдонмӕ сӕ хъус ма дардтаиккой, фӕлӕ ма сӕхимӕ дӕр кастаиккой. Фенӕм, Лукайы 21:34 стихы сӕ куыд бафӕдзӕхста. (Бакӕс ӕй.) Загъта сын: «Сымах та уӕхимӕ кӕсут». Йӕхимӕ чи кӕсы, уыцы адӕймаг вӕййы къӕрцхъус ӕмӕ фӕуыны, Йегъовӕимӕ йын цы хӕлардзинад ис, уымӕн тӕссаг цӕмӕй у, ӕмӕ уыдӕттӕй йӕхи фӕхизы. Уый фӕрцы Хуыцауы уарзтӕй йӕхи ӕнӕхай нӕ фӕкӕны (Ӕмб. 22:3; Иуд. 20, 21).

8. Апостол Павел чырыстӕттӕн цы бафӕдзӕхста?

8 Апостол Павел дӕр чырыстӕттӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй сӕхимӕ кастаиккой. Зӕгъӕм, Ефесы цӕрӕг чырыстӕттӕн загъта: «Куыд цӕрут, уымӕ лӕмбынӕг кӕсут, цӕмӕй ӕнӕзонд ма уат, фӕлӕ зондджынтӕ» (Еф. 5:15, 16). Хӕйрӕг ӕдзух архайы, цӕмӕй нӕ Йегъовӕйӕ адард кӕна. Уымӕ гӕсгӕ нын Библи зӕгъы, зӕгъгӕ-иу бамбарут, «Йегъовӕйы фӕндон цӕй мидӕг ис, уый» (Еф. 5:17). Ӕмӕ уӕд нӕ бон уыдзӕн йӕ къӕппӕджытӕй нӕхи бахизын.

9. Уынаффӕ хӕсгӕйӕ нӕ бон куыд у бамбарын, Йегъовӕйы фӕндон цӕй мидӕг ис, уый?

9 Нӕ уырнындзинадӕн тӕссаг цӕмӕй у, ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй Библийы фыст нӕй. Арӕх нӕ уынаффӕ рахӕссын фӕхъӕуы, Библийы комкоммӕ дзырд кӕуыл нӕ фӕцӕуы, ахӕм фарстаты фӕдыл. Ӕмӕ-иу цӕмӕй зондджын уынаффӕ рахӕссӕм, уый тыххӕй нӕ фӕхъӕуы бамбарын, «Йегъовӕйы фӕндон цӕй мидӕг ис, уый». Куыд ӕй ис бамбарӕн? Уый тыххӕй хъуамӕ ӕдзух Хуыцауы Ныхас иртасӕм ӕмӕ йыл хъуыды кӕнӕм. Йегъовӕйы фӕндон хорз куы ’мбарӕм ӕмӕ, «Чырысти куыд хъуыды кӕны», афтӕ хъуыды кӕнын куы сахуыр уӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн, зондджынтӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ архайын, куыд бакӕнӕм, уый комкоммӕ фыст куы никуы уа, уӕд дӕр (1 Кор. 2:14–16). Нӕ уырнындзинадӕн тӕссаг цӕмӕй у, уый хатт ӕнцон вӕййы фенын, хатт та – нӕ.

10. Нӕхи кӕмӕй хъуамӕ хизӕм, уыцы хъуыддӕгтӕй иуӕй-иутӕ цавӕртӕ сты?

10 Нӕхи кӕмӕй хъуамӕ хизӕм, уыцы хъуыддӕгтӕй иуӕй-иутӕ сты: флирт, фыднозт, фырхӕрд, ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ, тыхми ӕвдыст кӕм цӕуы, ахӕм ирхӕфсӕнтӕ, порнографи ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгтӕ (Пс. 101:3). Не знаг, Хӕйрӕг, ӕдзух цӕлхдуртӕ ӕвӕры, цӕмӕй Йегъовӕйӕ адард уӕм (1 Пет. 5:8). Цырддзаст куы нӕ уӕм, уӕд нын нӕ зонды ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы байтаудзӕн ӕвзӕр миниуджыты мыггӕгтӕ. Уый фӕнды, цӕмӕй уӕм хӕлӕггӕнаг, мӕнгард, сӕрбӕрзонд, зыд ӕмӕ кӕрӕф, иннӕтӕй не сӕфт уынӕм ӕмӕ сӕм нӕ зӕрдӕйы маст хӕссӕм (Гал. 5:19–21). Фыццаг, чи зоны, уыцы миниуджытӕ афтӕ тынг ма зыной. Фӕлӕ сӕ уайтагъд ӕдуидаг куы не стонӕм, уӕд маргджын зайӕгойау сырӕздзысты ӕмӕ нӕ бӕллӕхы баппардзысты (Иак. 1:14, 15).

11. Уайтагъд фенӕн кӕй нӕй, уыцы къӕппӕджытӕй иу цы у ӕмӕ дзы нӕхи цӕмӕн хъуамӕ хизӕм?

11 Уайтагъд фенӕн кӕй нӕй, уыцы къӕппӕджытӕй иу у ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ. Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Де ’мкусӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕн нӕу. Ӕмӕ дӕ фӕнды, цӕмӕй фена, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хорз адӕм кӕй сты, уый. Ды йӕм хӕлар зӕрдӕ дарыс, цӕмӕйдӕрты йын баххуыс кӕныс. Иуӕй-иу хатт йемӕ сихор дӕр бахӕрыс. Фӕлӕ фӕстӕдӕр арӕхдӕр рауайы афтӕ. Вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ ӕнӕгъдау цӕуылдӕрты фӕдзуры. Ӕмӕ фыццаг уый дӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы. Фӕлӕ цасдӕры фӕстӕ йӕ ныхӕстыл сахуыр дӕ, ӕмӕ дӕм нымады дӕр нал сты. Иу бон дын куысты фӕстӕ афтӕ, цом, дам, искуы исты ануазӕм, ӕмӕ ды дӕр сразы дӕ. Ӕппынфӕстаг дыл йӕ зондахаст фӕзынд, ӕмӕ уый хуызӕн хъуыды кӕнын райдыдтай. Куыд дӕм кӕсы, уӕд ма бирӕ хъӕуы, цӕмӕй, уый цы аразы, ды дӕр уыдӕттӕ аразын райдайай? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах алкӕимӕ дӕр стӕм хӕларзӕрдӕ ӕмӕ сын аргъ кӕнӕм. Фӕлӕ нӕ хъуамӕ рох ма уа, нӕ рӕстӕг кӕимӕ ӕрвитӕм, уыдоны хуызӕн кӕй свӕййӕм (1 Кор. 15:33). Йесойы фӕдзӕхстмӕ куы хъусӕм ӕмӕ нӕхимӕ куы кӕсӕм, уӕд, Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ чи нӕ цӕры, уыдонимӕ нӕ лымӕн кӕндзыстӕм (2 Кор. 6:15). Фыдбылыз-иу фендзыстӕм ӕмӕ-иу дзы нӕхи бахиздзыстӕм.

ДӔ РӔСТӔГӔЙ, ХУЫЗДӔР КУЫДДӔРИДДӔР У, АФТӔ ПАЙДА КӔН

12. Йесойы ахуыргӕнинӕгты уыцы цардӕвӕрды кӕронмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ цы хъуыд аразын?

12 Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ уыцы цардӕвӕрды кӕронмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ хъуамӕ ӕнцад ма бадтаиккой. Йесо сын сӕ бар бакодта ахсджиаг хъуыддаг. Загъта сын, цӕмӕй хорз хабар хъусын кодтаиккой «Иерусалимы, стӕй ӕгас Иудейӕйы ӕмӕ Самарийы, ӕмӕ суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыд. 1:6–8). Цас куыст сын уыд! Уыдон хъусын кӕныны хъуыддаджы зӕрдиагӕй архайдтой, ӕмӕ афтӕмӕй сӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр уыд, афтӕ пайда кодтой.

13. Нӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ цӕмӕн хъуамӕ пайда кӕнӕм? (Колоссӕгтӕм 4:5).

13 Бакӕс Колоссӕгтӕм 4:5. Цӕмӕй нӕхимӕ кӕсӕм, уый тыххӕй-иу хъуамӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм, нӕ рӕстӕгӕй куыд пайда кӕнӕм, ууыл. «Кӕд кӕуыл цы ’рцӕудзӕн, уымӕн ничи ницы зоны» (Еккл. 9:11). Гӕнӕн ис, нӕ цард дӕр ӕнӕнхъӕлӕджы аскъуыйа.

Телевизоры ног хабӕрттӕм чи каст, уыцы хо ӕмӕ видеороликмӕ «Ног хабӕрттӕ Разамонӕг советӕй» чи каст, уыцы хо иу сылгоймагимӕ Библи ахуыр кӕнынц. Ӕвдисынц ын видеоролик «Паддзахады залы цы вӕййы?»

Нӕ бон куыд у нӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕнын? (кӕс 14, 15 абзацтӕ)

14, 15. Нӕ бон куыд у нӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕнын? (Дзуттӕгтӕм 6:11, 12). (Кӕс нывмӕ дӕр.)

14 Йегъовӕйы фӕндон куы ӕххӕст кӕнӕм ӕмӕ нын йемӕ цы хӕлардзинад ис, уый куы фидар кӕнӕм, уӕд нӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕндзыстӕм (Иоан. 14:21). Хъуамӕ уӕм «фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ, ӕдзухдӕр бирӕ фыдӕбон кӕнӕм Хицауы хъуыддаджы» (1 Кор. 15:58). Ӕмӕ кӕрон куы ’рхӕццӕ уа,– нӕ царды кӕрон уа ӕви ацы фыддунейы кӕрон,– уӕд нӕ фӕсмон кӕндзыстӕм, зӕгъгӕ, Йегъовӕйы хъуыддаджы фылдӕр цӕуылнӕ арӕзтон (Матф. 24:13; Ром. 14:8).

15 Абон дӕр Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ӕгас зӕххыл дӕр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕной. Уый йӕ ныхасӕн хицау у. Йегъовӕйы организацийы уылты нӕ ахуыр кӕны хъусын кӕнын ӕмӕ нын дӕтты хъӕугӕ кусӕнгӕрзтӕ (Матф. 28:18–20). Ӕмӕ мах дӕр нӕ хӕс ӕххӕст кӕнӕм – ӕнӕрынцойӕ хъусын кӕнӕм ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнӕм, стӕй ацы цардӕвӕрды кӕронмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ фынӕй нӕ кӕнӕм. Дзуттӕгтӕм 6:11, 12 стихты фыст уынаффӕмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд, цы ныфс нын ис, ууыл «кӕронмӕ» фидарӕй ӕууӕнддзыстӕм. (Бакӕс сӕ.)

16. Нӕ фидар фӕнд цы у?

16 Йегъовӕ Хӕйрӕджы дунейӕн кӕрон кӕд скӕндзӕн, уымӕн снысан кодта бӕлвырд бон ӕмӕ сахат. Уый фӕстӕ сӕххӕст кӕндзӕн, йӕ Ныхасы цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдон иууылдӕр. Хатт, чи зоны, фӕхъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, Йегъовӕ фӕстиат кӕны ӕмӕ кӕрон нырма тагъд нӕ уыдзӕн. Фӕлӕ Йегъовӕйы бон «нӕ байрӕджы кӕндзӕн» (Ав. 2:3). Цӕй уӕдӕ нӕ каст уӕд Йегъовӕмӕ ӕмӕ, «цас хъӕуа, уыйбӕрц» ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм нӕ «ирвӕзынгӕнӕг Хуыцаумӕ»! (Мих. 7:7).

ЦАВӔР ДЗУАПП РАТДЗЫНӔ?

  • Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдонмӕ раст цӕстӕй кӕсӕм?

  • Нӕ бон куыд у нӕхимӕ кӕсын?

  • Нӕ бон куыд у нӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕнын?

139 ЗАРӔГ Кӕс-ма, ног дуне!

a Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдонмӕ раст цӕстӕй кӕсӕм ӕмӕ къӕрцхъус уӕм. Аныхас ма кӕндзыстӕм, нӕ бон куыд у нӕхимӕ кӕсын ӕмӕ нӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕнын.

b НЫВ. (Уӕлейӕ) лӕг ӕмӕ ус кӕсынц ног хабӕрттӕм. Стӕй ӕмбырды фӕстӕ иннӕтӕн фидарӕй дзурынц сӕхи хъуыды, ног хабӕртты цы федтой, уый фӕдыл. (Бынӕй) Лӕг ӕмӕ ус кӕсынц видеороликмӕ «Ног хабӕрттӕ Разамонӕг советӕй», цӕмӕй зоной, Библийы пехуымпарӕдтӕй кӕцыдӕр ныр куыд ӕмбарӕм, уый. Стӕй стендимӕ хъусын кӕнгӕйӕ адӕмӕн дӕттынц ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары уагъд публикацитӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын