Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w24 май 20–25 фф.
  • Дӕ бон куыд у цардӕмбал ссарын?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Дӕ бон куыд у цардӕмбал ссарын?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ЦЫ ДЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН ХОРЗ ЦАРДӔМБАЛ ССАРЫНӔН?
  • ТАГЪД МА КӔН – АДӔЙМАГМӔ ФӔРСЫРДЫГӔЙ БАКӔС
  • КУЫ ДӔ ФӔНДА КӔИМӔДӔР ӔМБӔЛЫН РАЙДАЙЫН
  • НӔ БОН КУЫД У, БИНОНТӔ КӔМӔН НӔЙ, УЫЦЫ ЧЫРЫСТӔТТӔН ӔХХУЫС КӔНЫН?
  • Ӕмбӕлгӕ чи кӕны, уыдонӕн сӕ бон куыд у раст уынаффӕ рахӕссын?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Бинонты цардмӕ хъӕуы цӕттӕ кӕнын
    Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у
  • Кӕрӕдзийыл иузӕрдион ут
    Уӕ бинонтӕ амондджын уӕнт!
  • Бинонты цард – уарзӕгой Хуыцауы лӕвар
    Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
w24 май 20–25 фф.

21 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

107 ЗАРӔГ Хуыцауы уарзт – махӕн фӕзминаг

Дӕ бон куыд у цардӕмбал ссарын?

«Чи ссардзӕн хорз ус? Уый у зынаргъ дуртӕй дӕр зынаргъдӕр» (ӔМБ. 31:10).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Чырыстонӕн Библийӕ цавӕр уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй хорз цардӕмбал ссара ӕмӕ нӕ бон куыд у, бинонтӕ скӕнын кӕй фӕнды, уыцы чырыстӕттӕн ӕххуыс кӕнын.

1, 2. а) Чырыстон цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕна, цалынмӕ искӕимӕ ӕмбӕлын райдайа, уӕдмӕ? б) Дзырдбаст «искӕимӕ ӕмбӕлын» цӕмӕ амоны? (Кӕс «Ацы ныхӕстӕн сӕ хъуыды цы у».)

ФӔНДЫ дӕ дӕ цард искӕимӕ баиу кӕнын? Адӕймагӕн цардӕмбал уа, уый ӕнӕмӕнг нӕу, цӕмӕй амондджын уа. Фӕлӕ уӕддӕр бирӕ чырыстӕттӕ – ӕрыгӕттӕ дӕр ӕмӕ хистӕртӕ дӕр – сӕхицӕн цардӕмбал фӕагурынц. Фӕлӕ, цалынмӕ искӕимӕ ӕмбӕлын райдайай, уӕдмӕ хъуамӕ дӕ уырнындзинад уа фидар, дӕхи хорз зонай ӕмӕ дӕхи фӕдарынхъом уай (1 Кор. 7:36)a. Ӕмӕ уӕд дӕ цардӕмбалимӕ уӕ бинонты цардӕй уыдзыстут райгонд.

2 Фӕлӕ хорз цардӕмбал ссарын афтӕ ӕнцон нӕу (Ӕмб. 31:10). Ӕмӕ, кӕд дӕ зӕрдӕмӕ исчи фӕцӕуа, уӕддӕр дын, гӕнӕн ис, ӕнцон ма уа уыцы адӕймагӕн уый тыххӕй зӕгъын ӕмӕ йемӕ ӕмбӕлын райдайынb. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, чырыстонӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын цардӕмбалӕн чи сбӕздзӕн, ахӕм адӕймаджы ссара ӕмӕ йемӕ ӕмбӕлын райдайа. Стӕй ма базондзыстӕм, нӕ бон куыд у, бинонтӕ скӕнын кӕй фӕнды, уыцы чырыстӕттӕн ӕххуыс кӕнын.

ЦЫ ДЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН ХОРЗ ЦАРДӔМБАЛ ССАРЫНӔН?

3. Цардӕмбал агургӕйӕ чырыстон цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕна?

3 Цалынмӕ искӕимӕ ӕмбӕлын нӕ райдыдтай, уӕдмӕ хорз уаид, куы ахъуыды кӕнис, дӕ цардӕмбалмӕ цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ уа, ууыл. Кӕннод афтӕ рауайдзӕн, ӕмӕ дын цардӕмбалӕн чи сбӕздзӕн, уыцы адӕймагмӕ дӕ хъус не ’рдардзынӕ, хорз цардӕмбал дын чи нӕ уыдзӕн, уыимӕ та ӕмбӕлын райдайдзынӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цардӕмбал хъуамӕ ӕвзарай донаргъуыд чырыстӕтты ’хсӕн (1 Кор. 7:39). Фӕлӕ дын алы донаргъуыд чырыстон хорз цардӕмбал нӕ уыдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ дӕ бон у ахъуыды кӕнын ахӕм фарстатыл: «Цавӕр нысӕнттӕ мын ис? Мӕ цардӕмбалмӕ ӕнӕмӕнг цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ уа? Ӕгӕр бирӕ домӕнтӕ мӕм нӕй?»

4. Цардӕмбал чи агуры, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй иуӕй-иутӕ цӕй тыххӕй фӕкувынц?

4 Кӕд дӕ фӕнды цардӕмбал ссарын, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй Йегъовӕмӕ фӕкувыс (Фил. 4:6). Йегъовӕ зӕрдӕ никӕмӕн ӕвӕры, цардӕмбал ӕнӕмӕнг кӕй ссардзӕн. Фӕлӕ дын де ’нкъарӕнтӕ ӕмбары, ӕмӕ, цардӕмбал куы агурай, уӕд дын йӕ бон уыдзӕн ӕххуыс кӕнын. Уӕдӕ йын дарддӕр дзур, дӕ зӕрдӕйы цы ис ӕмӕ дӕ цы тыхсын кӕны, уыдӕттӕ (Пс. 62:8). Кув ӕм, цӕмӕй фӕразон уай ӕмӕ зондӕй архайай (Иак. 1:5). Иугонд Штаттӕй иу ӕнӕус ӕфсымӕр, Джонc, радзырдта, цӕй тыххӕй фӕкувы, уый: «Йегъовӕйӕн фӕзӕгъын, зӕгъгӕ, фӕнды мӕ, цӕмӕй мӕ цардӕмбалмӕ уа, ахӕм ӕмӕ ахӕм миниуджытӕ. Стӕй йӕм фӕкувын, цӕмӕй мын ахӕм фадат фӕзына, ӕмӕ искӕимӕ базонгӕ уон. Фӕкурын ма дзы, цӕмӕй мӕ удыхъӕды сфидар кӕнон, хорз сӕрыхицау кӕй фӕрцы уыдзынӕн, ахӕм миниуджытӕ». Хо Таня цӕры Шри-Ланка́йы. Уый загъта: «Цардӕмбал нӕма ссардтон. Фӕлӕ уый тыххӕй не ’нкъард кӕнын. Йегъовӕйӕ курын, цӕмӕй йыл дарддӕр дӕр иузӕрдион уон ӕмӕ йын цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнон». Кӕд, цас ӕнхъӕл дӕ, уымӕй фылдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсын дӕ бахъӕуа, уӕддӕр Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры, ӕнӕмӕнг цы у, уый дын кӕй дӕтдзӕн, рӕвдыдцух кӕй нӕ уыдзынӕ ӕмӕ дӕ йӕ уарзтӕй кӕй тавдзӕн (Пс. 55:22).

5. Бинонтӕ кӕмӕн нӕй, ахӕм чырыстӕттӕн цавӕр фадӕттӕ ис, цӕмӕй базонгӕ уой? (1 Коринфӕгтӕм 15:58). (Кӕс нывмӕ дӕр.)

5 Библийы фыст ис: «Бирӕ фыдӕбон кӕнут Хицауы хъуыддаджы». (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 15:58.) Йегъовӕйы хъуыддӕгты ӕдзух куы архайай ӕмӕ алыхуызон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ дӕ рӕстӕг куы ’рвитай, уӕд дын фӕзындзӕн хорз ӕмбӕлттӕ. Стӕй ма уый фӕрцы базонгӕ уыдзынӕ, дӕуау Йегъовӕйы бирӕ чи уарзы ӕмӕ бинонтӕ скӕнын кӕй фӕнды, ахӕм чырыстӕттимӕ. Ӕппӕт тыхтӕй куы архайай, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнай, уӕд уыдзынӕ ӕцӕг амондджын.

Цалдӕр нывы: 1. Ӕнӕцыд хо ис уацамынды хистӕр кары хоимӕ; хъӕлдзӕгӕй ныхӕстӕ кӕнынц. 2. Уыцы ӕнӕцыд хо, нӕ организацийы агъуыстытӕ аразынӕн, чи ӕххуыс кӕны, уыдонӕн хӕринаг ӕвӕры. 3. Ӕнӕус ӕфсымӕр хистӕр нӕлгоймагимӕ лӕг ӕмӕ усы хӕдзары бӕрӕг кӕнынц. 4. Ӕнӕус ӕфсымӕр нӕ организацийы агъуыстытӕ аразынӕн ӕххуыс кӕны, труба лыг кӕны; хӕринаг чи ӕвӕры, уыцы ӕнӕцыд хоимӕ иу ран лӕггад кӕнынц.

Ӕдзух Хуыцауы хъуыддӕгты куы архайай ӕмӕ дӕ рӕстӕг алыхуызон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ куы ӕрвитай, уӕд, гӕнӕн ис, базонгӕ уай, дӕуау цардӕмбал чи агуры, ахӕм чырыстӕттимӕ (кӕс 5 абзац)


6. Цардӕмбал агургӕйӕ чырыстон йӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дара?

6 Фӕлӕ дӕ иу цыдӕр рох ма уӕд: цардӕмбал ссарын дын царды ӕппӕты сӕйраг хъуамӕ ма суа (Фил. 1:10). Ӕцӕг амонд, цардӕмбал дын ис ӕви нӕ, уымӕй кӕнгӕ нӕу, фӕлӕ, Йегъовӕ де ’ввахс Хӕлар кӕй у, уымӕй (Матф. 5:3). Цалынмӕ иунӕг дӕ, уӕдмӕ дын ис фылдӕр сӕрибардзинад ӕмӕ дӕ бон у Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын (1 Кор. 7:32, 33). Уӕдӕ уыцы рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕн. Дже́ссикӕ цӕры Иугонд Штатты. Уый смой кодта, 40 азы бӕрц ыл куы цыд, уӕд. Афтӕ зӕгъы: «Ӕдзух Хуыцауы хъуыддӕгты архайдтон, ӕмӕ уый фӕрцы мӕ цардӕй райгонд уыдтӕн, кӕд мӕ смой кӕнын фӕндыд, уӕддӕр».

ТАГЪД МА КӔН – АДӔЙМАГМӔ ФӔРСЫРДЫГӔЙ БАКӔС

7. Зондыл дзурӕг цӕмӕн уыдзӕн, адӕймагмӕ фӕрсырдыгӕй бакӕсын, цалынмӕ йын нӕ зӕгъай, дӕ зӕрдӕмӕ кӕй цӕуы, уый? (Ӕмбисӕндтӕ 13:16).

7 Зӕгъӕм, дӕ зӕрдӕмӕ чидӕр фӕцыд. Уый тыххӕй йын хъуамӕ уайтагъд зӕгъай? Библийы фыст ис, ӕмбаргӕ адӕймаг зондӕй кӕй архайы. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 13:16.) Уӕдӕ зондыл дзурӕг уыдзӕн адӕймагмӕ фӕрсырдыгӕй бакӕсын, цалынмӕ йын де ’нкъарӕнты тыххӕй нӕ зӕгъай, уӕдмӕ. Нидерландтӕй иу ӕфсымӕр, А́свин, зӕгъы: «Ӕнкъарӕнтӕ адӕймаджы зӕрдӕйы, гӕнӕн ис, уайтагъд фӕзыной ӕмӕ уайтагъд фӕцыдӕр уой. Фӕлӕ адӕймагмӕ иуцасдӕр фӕрсырдыгӕй куы бакӕсай, уӕд дыл де ’нкъарӕнтӕ нӕ фӕтых уыдзысты ӕмӕ уынаффӕ сонтӕй нӕ рахӕсдзынӕ». Тагъд куы нӕ кӕнай, уӕд, гӕнӕн ис, бамбарай, уыцы адӕймаг дын цардӕмбалӕн кӕй не сбӕздзӕн.

8. Дӕ бон куыд у адӕймаджы тыххӕй фылдӕр базонын? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

8 Цӕмӕй адӕймаджы тыххӕй фылдӕр базонай, уый тыххӕй бакӕс, зӕгъӕм, ӕмбырдты ӕмӕ искуы бадты йӕхи куыд фӕдары, уымӕ. Афтӕмӕй базондзынӕ, цавӕр адӕймаг у ӕмӕ йӕ уырнындзинад фидар у ӕви нӕ. Ахъуыды-иу кӕн: «Чи сты йе ’мбӕлттӕ? Цӕуыл фӕныхас кӕны? (Лук. 6:45). Иухуызон нысӕнттӕ нын ис?» Дӕ бон у йе ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ кӕнӕ йӕ хорз чи зоны, ахӕм фӕлтӕрд чырыстӕттимӕ аныхас кӕнын (Ӕмб. 20:18). Бафӕрс сӕ, цавӕр миниуджытӕ йӕм ис ӕмӕ йын иннӕты ’хсӕн цавӕр ном ис (Руф 2:11). Фӕлӕ-иу ма архай, цӕмӕй ӕдзух йӕ разы уай ӕмӕ зонай, кӕм ис, кӕимӕ ис, цы кусы, кӕдӕм цӕуы. Йе ’нкъарӕнтыл ын хъуыды кӕн, дӕхи афтӕ ма дар, цӕмӕй фефсӕрмы уа кӕнӕ дӕ стыхса.

Цалдӕр нывы: айразмӕйы нывты чи уыд, уыцы ӕнӕцыд хо ӕмӕ ӕнӕус ӕфсымӕр ӕмбырды кӕрӕдзимӕ фӕрсырдыгӕй кӕсынц. 1. Хо кӕсы, ӕфсымӕр ацӕргӕ къаимӕ куыд ныхӕстӕ кӕны, уымӕ. 2. Ӕфсымӕр кӕсы, хо сценӕйыл йӕ хӕслӕвӕрд куыд дзуры, уымӕ.

Зондыл дзурӕг уыдзӕн адӕймагмӕ фӕрсырдыгӕй бакӕсын, цалынмӕ йын де ’нкъарӕнты тыххӕй зӕгъай, уӕдмӕ (кӕс 7, 8 абзацтӕ)


9. Цалынмӕ адӕймагӕн де ’нкъарӕнты тыххӕй зӕгъай, уӕдмӕ уыцы адӕймаджы тыххӕй цы хъуамӕ базонай?

9 Цалынмӕ адӕймагӕн нӕ зӕгъай, дӕ зӕрдӕмӕ кӕй цӕуы, уый, уӕдмӕ цас хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсай? Де ’нкъарӕнты тыххӕй ӕгӕр тагъд куы зӕгъай, уӕд ӕм, чи зоны, афтӕ фӕкӕса, ӕмӕ хорз нӕ ахъуыды кодтай ӕмӕ уынаффӕ сонтӕй рахастай (Ӕмб. 29:20). Ӕгӕр бирӕ куы ӕнхъӕлмӕ кӕсай, уӕд та, чи зоны, ахъуыды кӕна, ӕмӕ ӕнӕныфсхаст дӕ, уӕлдайдӕр ӕй кӕд базыдта, дӕ зӕрдӕмӕ кӕй цӕуы (Еккл. 11:4). Цалынмӕ адӕймагӕн зӕгъай, дӕ зӕрдӕмӕ кӕй цӕуы, уый, уӕдмӕ цы хъуамӕ ӕмбарай? Ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ гъеуӕд аскъуыддзаг кӕнай, йемӕ дӕ цард кӕй баиу кӕндзынӕ. Фӕлӕ хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнай, бинонты цардмӕ цӕттӕ кӕй дӕ ӕмӕ дын уыцы адӕймаг хорз цардӕмбал кӕй уыдзӕн, ууыл.

10. Кӕйдӕр зӕрдӕмӕ куы цӕуай, фӕлӕ уыцы адӕймаг дӕ зӕрдӕмӕ куы нӕ цӕуа, уӕд куыд хъуамӕ бакӕнай?

10 Фӕлӕ, зӕгъӕм, бамбӕрстай, кӕйдӕр зӕрдӕмӕ кӕй цӕуыс, дӕуӕн та уыцы адӕймаг дӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы. Уӕд куыд хъуамӕ бакӕнай? Дӕхи йемӕ афтӕ ма дар, цӕмӕй афтӕ ахъуыды кӕна, ӕмӕ дӕ зӕрдӕмӕ цӕуы. Дӕхи афтӕ куы дарай, цыма дӕ йемӕ ӕмбӕлын фӕнды, ӕцӕгӕй та афтӕ куы нӕ уа, уӕд ын йӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕндзынӕ (1 Кор. 10:24; Еф. 4:25).

11. Искӕмӕн цардӕмбал агургӕйӕ дӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарай?

11 Иуӕй-иу бӕстӕты адӕймагӕн цардӕмбал равзарынц йӕ ныййарджытӕ кӕнӕ хистӕртӕй исчи. Кӕцыдӕр бӕстӕты та бинонтӕ кӕнӕ ӕмбӕлттӕ адӕймаджы искӕимӕ базонгӕ кӕнынц. Ӕмӕ стӕй чызг ӕмӕ лӕппуйӕн сӕхи бон вӕййы аскъуыддзаг кӕнын, ӕмбӕлын райдайдзысты ӕви нӕ. Кӕд дӕуӕн дӕр загътой, цӕмӕй искӕмӕн цардӕмбал ссарай, уӕд ахъуыды кӕн: «Кӕй йын равзарон, уыцы адӕймагимӕ кӕрӕдзийӕн цардӕмбӕлттӕн сбӕздзысты?» Цӕмӕй уый бамбарай, уый тыххӕй уал дӕ хъӕудзӕн уыцы адӕймаджы хуыздӕр базонын. Базон-иу, цавӕр миниуджытӕ йӕм ис ӕмӕ йӕ уырнындзинад фидар у ӕви нӕ. Адӕймаг Йегъовӕимӕ ӕнгом уа, уый бирӕ ахсджиагдӕр у, хъӕздыг у ӕви нӕ, уӕлдӕр ахуырад ӕм ис ӕви нӕ кӕнӕ, кадджын бынат ахсы ӕви нӕ, уымӕй. Фӕлӕ дӕ зӕрдыл дар: хъуамӕ сӕхӕдӕг аскъуыддзаг кӕной, сӕ цард баиу кӕндзысты ӕви нӕ, уый (Гал. 6:5).

КУЫ ДӔ ФӔНДА КӔИМӔДӔР ӔМБӔЛЫН РАЙДАЙЫН

12. Кӕд дӕ фӕнды кӕимӕдӕр ӕмбӕлын райдайын, уӕд ын дӕ бон куыд у уый тыххӕй зӕгъын?

12 Чи зоны, дӕ зӕрдӕмӕ чидӕр фӕцыд ӕмӕ дӕ фӕнды йемӕ ӕмбӕлын райдайын. Дӕ бон ын куыд уаид уый тыххӕй зӕгъын?d Дӕ бон у йемӕ фембӕлын, ӕцӕг, цӕмӕй иунӕгӕй ма уат, кӕнӕ йӕм телефонӕй бадзурын. Дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый йын ӕргом зӕгъ (1 Кор. 14:9). Куы хъӕуа, уӕд ын рӕстӕг ратт, цӕмӕй ахъуыды кӕна, цавӕр дзуапп дын ратта, ууыл (Ӕмб. 15:28). Кӕд дын зӕгъа, демӕ ӕмбӕлын ӕй кӕй нӕ фӕнды, уӕд ын йӕ хъуыдыйӕн аргъ кӕн.

13. Исчи дын куы зӕгъа йӕ зӕрдӕмӕ кӕй цӕуыс, уӕд дӕ бон куыд у бакӕнын? (Колоссӕгтӕм 4:6).

13 Исчи дын куы зӕгъа, йӕ зӕрдӕмӕ кӕй цӕуыс, уӕд дӕ бон куыд у бакӕнын? Цӕмӕй дын йе ’нкъарӕнты тыххӕй загътаид, уый тыххӕй йӕ, ӕвӕццӕгӕн, хъӕбатырдзинад хъуыди. Уымӕ гӕсгӕ, йемӕ дзур фӕлмӕнӕй ӕмӕ бӕрӕг уӕд, кӕй йын аргъ кӕныс. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 4:6.) Кӕд ын дӕ бон дзуапп уайтагъд раттын нӕу, уӕд ын зӕгъ, кӕй уал ахъуыды кӕндзынӕ. Фӕлӕ уый, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, тагъддӕр сараз (Ӕмб. 13:12). Кӕд дӕ нӕ фӕнды йемӕ ӕмбӕлын, уӕд ын ӕй фӕлмӕнӕй ӕмӕ комкоммӕ зӕгъ. Ӕркӕсӕм Австрийӕ иу ӕфсымӕры, Хансы, хабармӕ. Иу хо йын загъта, йемӕ ӕмбӕлын ӕй кӕй фӕнды. Ханс загъта: «Фӕлмӕнӕй ӕмӕ йын комкоммӕ загътон, йемӕ ӕмбӕлын мӕ кӕй нӕ фӕнды. Ӕмӕ йын уый уайтагъд загътон, уымӕн ӕмӕ мӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй афтӕ хъуыды кӕнын райдыдтаид, ӕмӕ мӕ зӕрдӕмӕ цӕуы. Ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр мӕхи йемӕ афтӕ дардтон, цӕмӕй афтӕ ма ахъуыды кодтаид, ӕмӕ мӕ хъуыды фӕивтон». Фӕлӕ, кӕд разы дӕ, цӕмӕй уыцы адӕймагимӕ ӕмбӕлай, уӕд-иу аныхас кӕнут, уӕ иу дӕр ӕмӕ иннӕ дӕр цы хъуыды кӕны, уыцы рӕстӕг уӕхи куыд хъуамӕ дарат, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, аныхас кӕнут, иумӕ цас рӕстӕг хъуамӕ ӕрвитат, кӕй ӕмбӕлут, уый цал адӕймагӕн ис зӕгъӕн ӕмӕ ӕндӕр ахӕм фарстатыл. Уыцы хъуыддӕгты фӕдыл, чи зоны, иу хъуыдыйыл хӕст ма уат, алыхуызон бинонтӕй, алыхуызон адӕмыхӕттытӕй кӕй стут, уый тыххӕй кӕнӕ ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй.

НӔ БОН КУЫД У, БИНОНТӔ КӔМӔН НӔЙ, УЫЦЫ ЧЫРЫСТӔТТӔН ӔХХУЫС КӔНЫН?

14. Бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыцы чырыстӕттӕн цы дзурӕм, уымӕ лӕмбынӕг цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

14 Не ’ппӕтӕн дӕр нӕ бон куыд у, бинонтӕ скӕнын кӕй фӕнды, уыцы чырыстӕтты нӕ ныхӕстӕй фидар кӕнын? Зӕгъӕм, хъуамӕ лӕмбынӕг уӕм, цы дзурӕм, уымӕ (Еф. 4:29). Нӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Бинонтӕ скӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕй фӕхынджылӕг кӕнын? Ӕнӕус ӕфсымӕры ӕмӕ ӕнӕцыд хойы иумӕ ныхас кӕнгӕ куы фенын, уӕд афтӕ ахъуыды кӕнын, ӕмӕ кӕрӕдзийы зӕрдӕмӕ цӕуынц?» (1 Тим. 5:13). Уымӕй уӕлдай ма, бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыцы чырыстӕттӕм нӕ ныхӕсты ӕмӕ нӕ хъуыддӕгты тыххӕй хъуамӕ афтӕ кӕсын ма райдайа, ӕмӕ цыдӕр цух сты. Гыццыл раздӕр кӕй кой уыд, уыцы ӕфсымӕр, Ханс, загъта: «Иуӕй-иу ӕфсымӕртӕ мын фӕзӕгъынц: „Ус цӕуылнӕ ракурыс? Гыццыл лӕппу нал дӕ“. Ахӕм ныхӕсты тыххӕй, бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыдон сӕхимӕ ӕгуыдзӕг ӕркӕсынц ӕмӕ сӕм афтӕ кӕсын райдайы, ӕмӕ бинонтӕ скӕнын ӕнӕмӕнг хъуыддаг у». Хуыздӕр уаид, фадӕттӕ-иу куы агуриккам, цӕмӕй-иу сӕ раппӕлӕм (1 Фес. 5:11).

15. а) Ромӕгтӕм 15:2 стихы цы уагӕвӕрд ис, уымӕ гӕсгӕ цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, искӕмӕн цардӕмбал агурыны размӕ? (Кӕс нывмӕ дӕр.) б) Ацы видеороликӕй зондӕн райсӕн цы ис? (Кӕс фиппаинаг.)

15 Фӕлӕ нӕм, зӕгъӕм, афтӕ кӕсы, ӕмӕ кӕцыдӕр хо ӕмӕ кӕцыдӕр ӕфсымӕр хорз сфидауиккой. Уӕд цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм? Библи зӕгъы, иннӕты ӕнкъарӕнтыл кӕй хъуамӕ хъуыды кӕнӕм. (Бакӕс Ромӕгтӕм 15:2.) Бирӕты нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй сӕ искӕимӕ зонгӕ кӕной, ӕмӕ сын хъуамӕ сӕ хъуыдыйӕн аргъ кӕнӕм (2 Фес. 3:11). Кӕйдӕрты та фӕфӕнды, цӕмӕй сын искӕй бацамоной (Ӕмб. 3:27). Фӕлӕ дын адӕймаг йӕхӕдӕг куы ницы зӕгъа, уӕд-иу йӕ хъуыддӕгты дӕхи ма тъыссe. Иуӕй-иуты та фӕфӕнды, цӕмӕй сӕхӕдӕг базонгӕ уой искӕимӕ. Германийӕ иу ӕнӕцыд хо, Лидийӕ, зӕгъы: «Ис кӕйдӕрты фӕхонӕн, уыимӕ, базонгӕ кӕнын дӕ кӕй фӕнды, уыцы хо ӕмӕ ’фсымӕры дӕр. Афтӕмӕй сын фӕзындзӕн фадат, цӕмӕй базонгӕ уой. Дарддӕр сӕ хабар куыд уыдзӕн, уый та сӕхицӕй кӕнгӕ у».

Айразмӕйы нывты чи уыд, уыцы ӕнӕцыд хо ӕмӕ ӕнӕус ӕфсымӕр сты бадты ӕмӕ ныхӕстӕ кӕнынц.

Бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыцы чырыстӕттӕ искуы бадты куы вӕййынц, уӕд сын вӕййы фадат, цӕмӕй базонгӕ уой (кӕс 15 абзац)


16. Бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыцы чырыстӕттӕ сӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарой?

16 Бинонтӕ нын ис ӕви нӕ, уӕддӕр нӕ бон у, ӕмӕ уӕм амондджын ӕмӕ нӕ цардӕй райгонд! (Пс. 128:1). Уӕдӕ дӕ кӕд фӕнды дӕ цард искӕимӕ баиу кӕнын, фӕлӕ нырма никӕй ссардтай, уӕд дӕ хъарутӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ сараз. Мака́ойӕ иу хо, Синь И, загъта: «Дзӕнӕты дӕ цардӕмбалимӕ цас рӕстӕг арвитдзынӕ, уыимӕ абаргӕйӕ, иунӕг цас рӕстӕг дӕ, уый тынг цыбыр у. Уӕдӕ уыцы рӕстӕгӕн аргъ кӕн ӕмӕ дзы, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕн». Фӕлӕ, зӕгъӕм, кӕимӕдӕр ӕмбӕлын райдыдтай. Дӕ бон куыд у бамбарын, уыцы адӕймаг дын хорз цардӕмбал уыдзӕн ӕви нӕ? Ууыл аныхас кӕндзыстӕм иннӕ статьяйы.

ЦАВӔР ДЗУАПП РАТДЗЫНӔ?

  • Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хорз цардӕмбал ссарай?

  • Зондыл дзурӕг цӕмӕн уыдзӕн, адӕймагмӕ фӕрсырдыгӕй бакӕсын, цалынмӕ йын нӕ зӕгъай, дӕ зӕрдӕмӕ кӕй цӕуы, уый?

  • Нӕ бон куыд у, бинонтӕ скӕнын кӕй фӕнды, уыцы чырыстӕттӕн ӕххуыс кӕнын?

137 ЗАРӔГ Иузӕрдион сылгоймӕгтӕ, нӕ чырыстон хотӕ

a Бинонты цардмӕ цӕттӕ дӕ ӕви нӕ, уый бамбарынӕн дын баххуыс кӕндзӕн статья «Искӕимӕ ӕмбӕлын. 1 хай. Искӕимӕ ӕмбӕлынмӕ цӕттӕ дӕн?» сайты jw.org.

b АЦЫ НЫХӔСТӔН СӔ ХЪУЫДЫ ЦЫ У. Ацы ӕмӕ иннӕ статьяйы дзырдбаст «искӕимӕ ӕмбӕлын» амоны, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг иумӕ рӕстӕг кӕй фервитынц, цӕмӕй бамбарой, кӕрӕдзийӕн цардӕмбӕлттӕн сбӕздзысты ӕви нӕ. Ӕмбӕлын райдайынц, кӕрӕдзийӕн се ’нкъарӕнты тыххӕй куы фӕзӕгъынц, уӕд. Ӕмӕ уыцы рӕстӕг ахӕссы, цалынмӕ уынаффӕ нӕ рахӕссынц, сӕ цард кӕй баиу кӕндзысты йе та кӕй нал ӕмбӕлдзысты.

c Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

d Иуӕй-иу адӕмтӕм арӕхдӕр нӕлгоймаг фӕзӕгъы сылгоймагӕн, цӕмӕй ӕмбӕлын райдайой. Фӕлӕ уый тыххӕй сылгоймаг куы зӕгъа нӕлгоймагӕн, уӕд уым дӕр ӕвзӕрӕй ницы ис (Руф 3:1–13). Ацы фарстайы тыххӕй фылдӕр базонӕн ис статьяйӕ «Вопросы молодёжи: Как мне рассказать ему о своих чувствах?», 2004 азы 22 октябры «Пробудитесь!».

e Сайты jw.org бакӕс видеороликмӕ «Сӕ уырнындзинады сӕрыл ӕнтыстджынӕй тох кӕнынц. Бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыдон».

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын