Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w24 июль 20–25 фф.
  • Израилы паддзӕхтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Израилы паддзӕхтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • СӔ ЗӔРДӔ ӔНӔХЪӔНӔЙ ДӔР УЫД ЙЕГЪОВӔИМӔ
  • СӔ ТӔРИГЪӔДТЫЛ-ИУ ӔРФӔСМОН КОДТОЙ
  • ЙЕГЪОВӔЙӔН, КУЫД ӔМБӔЛЫ, АФТӔ ЛӔГГАД КОДТОЙ
  • Цӕуыл ахуыр кӕнӕм иузӕрдион лӕггадгӕнджыты фӕстаг ныхӕстӕй?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Дӕ уынаффӕтӕй бӕрӕг уӕд, дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дарыс
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
  • Рох дӕ ма уӕд, Йегъовӕ «удӕгас Хуыцау» кӕй у
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Алцы кӕй нӕ зонӕм, уымӕ раст цӕстӕй кӕс
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
w24 июль 20–25 фф.

30 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

36 ЗАРӔГ Нӕ зӕрдӕтӕ хъахъхъӕнӕм

Израилы паддзӕхтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

«Уӕд ногӕй фендзыстут, рӕстгӕнӕг ӕмӕ фыдгӕнӕг, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ йын чи нӕ лӕггад кӕны, уыдон кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый» (МАЛ. 3:18).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Йегъовӕ Израилы паддзӕхтӕм цы цӕстӕй каст, уый нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй бамбарӕм, махмӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый.

1, 2. Библийӕ Израилы паддзӕхтӕй иуӕй-иуты тыххӕй цы ис базонӕн?

БИБЛИЙӔ базонӕн ис, Израилы кӕй уыд 40 паддзахӕй фылдӕрa. Ӕмӕ дзы ӕргом фыст ӕрцыдысты сӕ хъуыддӕгтӕй кӕцыдӕртӕ. Суанг-иу хорз паддзӕхтӕ дӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ арӕзтой, зӕгъӕм, паддзах Давид. Давиды тыххӕй Йегъовӕ загъта: «Уый... ӕппӕт зӕрдӕйӕ мӕ коммӕ каст ӕмӕ арӕзта, мӕ цӕсты раст цы у, ӕрмӕстдӕр уый» (1 Пад. 14:8). Фӕлӕ Давид кӕйдӕр усимӕ ӕмуат ӕрцыд ӕмӕ йын йӕ лӕджы амарын кодта (2 Сам. 11:4, 14, 15).

2 Фӕлӕ-иу ӕвзӕр паддзӕхтӕй дӕр бирӕтӕ хорз хъуыддӕгтӕ арӕзтой, зӕгъӕм, Ровоа́м. Уый арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты «ӕвзӕр цы уыд, уый» (2 Аз. 12:14). Фӕлӕ Израилы дӕс мыггаджы куы бафӕндыд, цӕмӕй ахицӕн уыдаиккой ӕмӕ сӕхицӕн паддзах куы равзӕрстой, уӕд Ровоам Йегъовӕмӕ байхъуыста, ӕмӕ семӕ не схӕцыд. Уымӕй уӕлдай ма Иудӕйы горӕттӕ фӕфидардӕр кодта, цӕмӕй адӕм знӕгтӕй хъахъхъӕд уыдаиккой (1 Пад. 12:21–24; 2 Аз. 11:5–12).

3. Цавӕр ахсджиаг фарста ӕвзӕры ӕмӕ ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

3 Ӕвзӕры ахсджиаг фарста: кӕд Израилы паддзӕхтӕ хорз хъуыддӕгтӕ дӕр арӕзтой ӕмӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ дӕр, уӕд Йегъовӕйы цӕсты иутӕ хорз паддзӕхтӕ цӕмӕн уыдысты, иннӕтӕ та – ӕвзӕр? Ацы фарстайӕн дзуапп куы базонӕм, уӕд бамбардзыстӕм, Йегъовӕ махмӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Ныртӕккӕ ӕркӕсдзыстӕм, Йегъовӕ-иу цавӕр ӕртӕ хъуыддагмӕ гӕсгӕ аскъуыддзаг кодта, кӕцыдӕр паддзах хорз у ӕви ӕвзӕр, уый. Фыццаг: Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзта ӕви нӕ. Дыккаг: йӕ тӕригъӕдтыл-иу зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кодта ӕви нӕ. Ӕртыккаг: Йегъовӕйӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ лӕггад кодта ӕви нӕ.

СӔ ЗӔРДӔ ӔНӔХЪӔНӔЙ ДӔР УЫД ЙЕГЪОВӔИМӔ

4. Хорз ӕмӕ ӕвзӕр паддзӕхты тыххӕй Библийы цы фыст ис?

4 Йегъовӕйы зӕрдӕ чи рухс кодта, уыцы паддзӕхтӕ йын лӕггад кодтой ӕппӕт зӕрдӕйӕb. Иузӕрдион паддзах Иосафа́т «Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ... агуырдта» (2 Аз. 22:9). Ио́сийы тыххӕй Библийы фыст ис: «Йӕ размӕ дӕр ӕмӕ йӕ фӕстӕ дӕр уый хуызӕн паддзах нӕ уыд... [уый] ӕппӕт зӕрдӕйӕ... йе ’ргом раздӕхта Йегъовӕмӕ» (2 Пад. 23:25). Соломоны тыххӕй та цы зонӕм? Райдианы Йегъовӕйыл иузӕрдион уыд, фӕлӕ зӕрондырдӕм райдыдта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый аразын, ӕмӕ «йӕ зӕрдӕ йӕ Хуыцау Йегъовӕимӕ ӕнӕхъӕнӕй нал уыд» (1 Пад. 11:4). Паддзах А́ви дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдион нӕ уыд. Уый тыххӕй Библийы фыст ис: «Йӕ зӕрдӕ йӕ Хуыцау Йегъовӕимӕ ӕнӕхъӕнӕй нӕ уыд» (1 Пад. 15:3).

5. Бамбарын кӕн, цы нысан кӕны Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын.

5 Цы нысан кӕны Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын? Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи лӕггад кӕны, уыцы адӕймаг ын уый тыххӕй нӕ лӕггад кӕны, ӕмӕ уый йӕ хӕс у, фӕлӕ йӕ кӕй уарзы ӕмӕ йыл ӕнувыд кӕй у, уый тыххӕй. Ӕмӕ йӕ фӕуарзы ӕмӕ йыл ӕнувыд вӕййы цӕрӕнбонты.

6. Нӕ бон куыд у нӕ зӕрдӕ бахъахъхъӕнын? (Ӕмбисӕндтӕ 4:23; Матфейы 5:29, 30).

6 Нӕ бон куыд у иузӕрдион паддзӕхты фӕзмын ӕмӕ нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнын? Хъуамӕ нӕхи хизӕм, ӕвзӕрырдӕм ныл цы фӕзындзӕн, уыдӕттӕй. Зӕгъӕм, хъуамӕ нӕ хъус дарӕм, цавӕр ирхӕфсӕнтӕ ӕмӕ ’мбӕлттӕ ӕвзарӕм, уымӕ. Стӕй нын хъуамӕ ӕхца царды сӕйрагдӕр ма суа. Кӕд бафиппайдтам, цӕйдӕр тыххӕй Йегъовӕйы раздӕрау кӕй нал уарзӕм, уӕд хъуамӕ уайтагъд исты саразӕм, цӕмӕй Йегъовӕйӕ ма адард уӕм. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 4:23; Матфейы 5:29, 30.)

7. Ахсджиаг цӕмӕн у, ӕвзӕрырдӕм ныл цы фӕзындзӕн, уыдӕттӕй нӕхи хизын?

7 Ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнӕм? Лӕмбынӕг куы нӕ уӕм, уӕд, гӕнӕн ис, афтӕ хъуыды кӕнын райдайӕм, ӕмӕ, Хуыцауы хъуыддӕгты фылдӕр куы архайӕм, уӕд ныл ӕвзӕрырдӕм ницы бандавдзӕн. Фӕлӕ уыдон хисайӕн хъуыдытӕ сты. Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Уазал, дымгӕ бон тынг ныссалдтӕ. Хӕдзармӕ куы ’рбацыдтӕ, уӕд пец ссыгътай. Фӕлӕ дуар гомӕй куы ныууадзай, уӕд цы ’рцӕудзӕн? Хӕдзар уазал уӕлдӕфӕй айдзаг уыдзӕн. Ацы цӕвиттон нын цӕуыл дзурӕг у? Цӕмӕй Йегъовӕйы хъарм хъӕбысы уӕм ӕмӕ дзы ма адард уӕм, уый тыххӕй фаг нӕу, цӕмӕй нӕхи уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринагӕй ӕфсадӕм. Хъуамӕ ма-иу нӕ зӕрдӕйы дуар дӕр «сӕхгӕнӕм», цӕмӕй нӕхи бахъахъхъӕнӕм, ӕвзӕрырдӕм ныл цы фӕзындзӕн, уыдӕттӕй. Кӕннод ацы дунейы зондахаст нӕ зӕрдӕйы уазал «уӕлдӕфау» ахъардзӕн, нӕ уарзондзинад ӕруазал уыдзӕн ӕмӕ Йегъовӕйы нал уарздзыстӕм (Еф. 2:2).

СӔ ТӔРИГЪӔДТЫЛ-ИУ ӔРФӔСМОН КОДТОЙ

8, 9. Паддзах Давидӕн ӕмӕ паддзах Езекийӕн сӕ рӕдыдтытӕм куы бацамыдтой, уӕд уымӕ цы цӕстӕй ракастысты? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

8 Куыд загътам, афтӕмӕй паддзах Давид уӕззау тӕригъӕд сарӕзта. Фӕлӕ йын пехуымпар Нафан куы бауайдзӕф кодта, уӕд сӕрныллӕгдзинад равдыста ӕмӕ ӕрфӕсмон кодта (2 Сам. 12:13). Йӕхи ӕвдисгӕ нӕ кодта афтӕ, цыма ӕрфӕсмон кодта, цӕмӕй Нафаны асайдтаид кӕнӕ цӕмӕй йӕ тӕригъӕды тыххӕй ӕфхӕрд ма баййӕфтаид. 51-ӕм псаломӕй бӕрӕг у, зӕрдӕйӕ кӕй ӕрфӕсмон кодта (Пс. 51:3, 4, 17; разныхас).

9 Паддзах Езеки дӕр Йегъовӕйы ныхмӕ тӕригъӕд сарӕзта. Библийы фыст ис: «Йӕ зӕрдӕ схъал. Ӕмӕ уый тыххӕй Езекимӕ, стӕй Иудӕмӕ ӕмӕ Иерусалиммӕ дӕр Хуыцауы маст ссыгъд» (2 Аз. 32:25). Езеки цӕмӕн ссӕрбӕрзонд? Чи зоны, тынг кӕй схъӕздыг кӕнӕ ассириӕгтыл кӕй фӕуӕлахиз йе та йӕ Йегъовӕ диссаджы хуызы кӕй сдзӕбӕх кодта, уый тыххӕй. Ӕмӕ, чи зоны, вавилойнӕгтӕн дӕр йӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ, кӕй ссӕрбӕрзонд, уый тыххӕй равдыста. Езеки афтӕ кӕй бакодта, уый тыххӕй йын пехуымпар Исай бауайдзӕф кодта (2 Пад. 20:12–18). Фӕлӕ Давидау Езеки дӕр сӕрныллӕгдзинад равдыста ӕмӕ ӕрфӕсмон кодта (2 Аз. 32:26). Ӕмӕ йӕ Йегъовӕ ӕппынфӕстаг банымадта иузӕрдион паддзахыл ӕмӕ дзы загъта, йӕ цӕсты «раст цы уыд, уый» кӕй арӕзта (2 Пад. 18:3).

Цалдӕр нывы: 1. Нафан паддзах Давидимӕ ныхас кӕны; Давид фӕсмонӕй йӕхи хӕры ӕмӕ уӕларвмӕ кӕсы. 2. Исай паддзах Езекиимӕ ныхас кӕны; Езеки фӕсмон кӕны ӕмӕ йӕ сӕрыл ныххӕцыд.

Паддзах Давидӕн ӕмӕ паддзах Езекийӕн сӕ тӕригъӕдты тыххӕй куы бауайдзӕф кодтой, уӕд сӕрныллӕгдзинад равдыстой ӕмӕ ӕрфӕсмон кодтой (кӕс 8, 9 абзацтӕ)


10. Паддзах Амаси зондамындмӕ цы цӕстӕй ракаст?

10 Иудӕйы паддзах Ама́си дӕр Давид ӕмӕ Езекийау арӕзта, раст цы уыд, уый, «фӕлӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ нӕ» (2 Аз. 25:2). Амаси ӕвзӕрӕй цы сарӕзта? Йегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы едомӕгты куы ныппырх кодта, уӕд сын сӕ хуыцӕуттӕн кувын райдыдтаc. Ӕмӕ йын Йегъовӕйы пехуымпар куы бауайдзӕф кодта, уӕд ын йӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардта ӕмӕ йӕ атардта (2 Аз. 25:14–16).

11. 2 Коринфӕгтӕм 7:9, 11 стихтӕм гӕсгӕ, цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нын Йегъовӕ ныххатыр кӕна? (Кӕс нывтӕм дӕр.)

11 Ацы цӕвиттонтӕй нӕ бон цы у зондӕн райсын? Хъуамӕ-иу нӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнӕм ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй сӕ мауал аразӕм. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нын уынаффӕ куы раттынц, суанг цавӕрдӕр гыццыл хъуыддаджы фӕдыл дӕр, уӕд-иу ӕм цы цӕстӕй хъуамӕ ракӕсӕм? Хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ нӕ уарзы кӕнӕ хистӕр нӕлгоймӕгты нӕ хорз нӕ фӕнды. Суанг-иу Израилы хорз паддзӕхтӕн дӕр хъуыди бауайдзӕф кӕнын ӕмӕ зонд бацамонын (Дзут. 12:6). Уӕдӕ-иу нын нӕ рӕдыдмӕ куы бацамоной, уӕд-иу хъуамӕ 1) сӕрныллӕгӕй байхъусӕм, 2) цы хъӕуы, уый фӕивӕм ӕмӕ 3) дарддӕр Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнӕм. Нӕ тӕригъӕдтыл куы ’рфӕсмон кӕнӕм, уӕд нын Йегъовӕ ныххатыр кӕндзӕн. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 7:9, 11.)

Цалдӕр нывы: 1. Ӕрыгон хистӕр нӕлгоймаг ӕфсымӕримӕ ныхас кӕны; ӕфсымӕр кӕсы нозты авгмӕ ӕмӕ нозтӕй ӕрдӕгдзаг агуывзӕмӕ. 2. Уыцы ӕфсымӕр иртасы Библи ӕмӕ чиныджы «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!» 43 урок. 3. Уыцы ӕрыгон хистӕр нӕлгоймаг уыцы ӕфсымӕримӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнынц.

Нӕ рӕдыдмӕ нын куы бацамоной, уӕд-иу хъуамӕ 1) сӕрныллӕгӕй байхъусӕм, 2) цы хъӕуы, уый фӕивӕм ӕмӕ 3) дарддӕр Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнӕм (кӕс 11 абзац)f


ЙЕГЪОВӔЙӔН, КУЫД ӔМБӔЛЫ, АФТӔ ЛӔГГАД КОДТОЙ

12. Хорз паддзӕхтӕ ӕвзӕр паддзӕхтӕй сӕйраджыдӕр цӕмӕй хицӕн кодтой?

12 Йегъовӕйы цӕсты иузӕрдион чи уыд, уыцы паддзӕхтӕ йын, куыд ӕмбӕлы, афтӕ лӕггад кодтой ӕмӕ адӕмы дӕр уымӕ разӕнгард кодтой. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, рӕдигӕ дӕр кодтой, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйыл уыдысты иузӕрдион ӕмӕ-иу зынгзӕрдӕйӕ архайдтой, цӕмӕй сӕ бӕстӕ мӕнг хуыцӕуттӕй ссыгъдӕг кодтаиккойd.

13. Йегъовӕйы цӕсты Ахав ӕвзӕр паддзах цӕмӕн уыд?

13 Цы зӕгъӕн ис, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр паддзӕхтӕ чи уыд, уыдонӕй та? Алкӕддӕр, ӕвзӕр цы уыд, уый арӕзтой? Нӕ, уый афтӕ нӕ уыд. Зӕгъӕм, паддзах Аха́в куы фехъуыста, йӕ аххосӕй Навуфе́йы кӕй амардтой, уӕд йӕхи ӕрныллӕг кодта ӕмӕ ӕрӕнкъард (1 Пад. 21:27–29). Уымӕй уӕлдай ма сарӕзта горӕттӕ ӕмӕ Израилы знӕгтӕй бирӕтыл фӕуӕлахиз (1 Пад. 20:21, 29; 22:39). Фӕлӕ йӕ ус Йезаве́лы ардыдӕй израилӕгты мӕнг хуыцӕуттӕн кувыныл бафтыдта ӕмӕ ууыл никуы ӕрфӕсмон кодта (1 Пад. 21:25, 26).

14. а) Йегъовӕ паддзах Ровоамы ӕвзӕр паддзахыл цӕмӕн нымадта? б) Израилы паддзӕхтӕн сӕ фылдӕрӕн иумӕйагӕй цы уыд?

14 Ныр та аныхас кӕнӕм ӕндӕр ӕвзӕр паддзахыл, Ровоамыл. Статьяйы райдианы куыд загътам, афтӕмӕй Ровоам хорзӕй бирӕ цыдӕртӕ сарӕзта. Фӕлӕ йӕ паддзахы бартӕ куы ӕрфидар сты, уӕд Йегъовӕйы закъоныл йӕ къух систа ӕмӕ мӕнг хуыцӕуттӕн кувын райдыдта (2 Аз. 12:1). Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ дыууӕрдӕм кодта: куы-иу Йегъовӕйӕн куывта, куы та – мӕнг хуыцӕуттӕн (1 Пад. 14:21–24). Ровоам ӕмӕ Ахавау Израилы паддзӕхтӕн сӕ фылдӕр мӕнг хуыцӕуттӕн куывтой ӕмӕ адӕмы дӕр ууыл ӕфтыдтой. Куыд федтам, афтӕмӕй Йегъовӕйӕн ахсджиаг уыд, паддзах ын, куыд ӕмбӕлы, афтӕ лӕггад кодта ӕви нӕ. Уымӕн ӕмӕ-иу сӕйраджыдӕр уымӕ гӕсгӕ аскъуыддзаг кодта, паддзах хорз у ӕви ӕвзӕр.

15. Йегъовӕйӕн ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй йын адӕймаг, куыд ӕмбӕлы, афтӕ лӕггад кӕна?

15 Йегъовӕйӕн ахсджиаг цӕмӕн уыд, цӕмӕй йын паддзӕхтӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ лӕггад кодтаиккой? Иу уый, ӕмӕ паддзӕхтӕн сӕ хӕс уыд, цӕмӕй адӕмӕн ӕххуыс кодтаиккой Йегъовӕйӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ лӕггад кӕнынӕн. Иннӕ та уый, ӕмӕ-иу паддзах мӕнг хуыцӕуттӕн куы куывта, уӕд-иу уый ӕндӕр уӕззау тӕригъӕдтӕм дӕр ӕркодта ӕмӕ-иу адӕм дӕр хъизӕмар кодтой (Оси 4:1, 2). Уымӕй уӕлдай израилӕгтӕ иууылдӕр, уыимӕ паддзӕхтӕ дӕр, уыдысты Йегъовӕйӕн нывондгонд. Уымӕ гӕсгӕ Библийы фыст ис, мӕнг хуыцӕуттӕн кувын-иу куы райдыдтой, уӕд-иу афтӕмӕй Йегъовӕйыл гадзрахатӕй кӕй рацыдысты (Йер. 3:8, 9). Адӕймаг йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй куы рацӕуы, уӕд ын йӕ зӕрдӕ тынг фӕриссын кӕны. Ӕмӕ Йегъовӕйӕн дӕр йӕ зӕрдӕ афтӕ тынг фӕриссы, йӕ лӕггадгӕнӕг ӕй куы ныууадзы ӕмӕ ӕндӕр кӕмӕндӕр кӕнӕ ӕндӕр цӕмӕндӕр кувын куы райдайы, уӕд (Дык. з. 4:23, 24)e.

16. Йегъовӕйы цӕсты рӕстгӕнӕг чи у?

16 Уӕдӕ цы базыдтам? Хъуамӕ нӕхи хизӕм, мӕнг динимӕ баст цыдӕриддӕр у, уыдӕттӕй. Фӕлӕ ма хъуамӕ раст диныл ӕнувыд уӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ нӕ удӕй арт уадзӕм. Пехуымпар Малахи бамбарын кодта, Йегъовӕйы цӕсты хорз адӕймаг ӕвзӕр адӕймагӕй цӕмӕй хицӕн кӕны. Уый ныффыста: «Уӕд ногӕй фендзыстут, рӕстгӕнӕг ӕмӕ фыдгӕнӕг, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ йын чи нӕ лӕггад кӕны, уыдон кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый» (Мал. 3:18). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ уый бар мацӕмӕн раттӕм, уыимӕ нӕ хъӕндзинӕдтӕн ӕмӕ нӕ рӕдыдтытӕн дӕр, цӕмӕй нын къуылымпыйы хос суа, ӕмӕ Йегъовӕйӕн мауал лӕггад кӕнӕм. Йегъовӕйӕн куы нал лӕггад кӕнӕм, уӕд уыцы хъуыддаг йӕхӕдӕг дӕр стыр тӕригъӕд уыдзӕн.

17. Цардӕмбал ӕвзаргӕйӕ лӕмбынӕг цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

17 Чи зоны дӕ фӕнды цардӕмбал ссарын. Уӕд дын Малахийы ныхӕстӕ куыд баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй хорз цардӕмбал равзарай? Адӕймагмӕ, гӕнӕн ис, цавӕрдӕр хорз миниуджытӕ уа. Фӕлӕ кӕд ӕцӕг Хуыцауӕн нӕ лӕггад кӕны, уӕд ӕй цымӕ Йегъовӕ рӕстгӕнӕгыл нымайы? (2 Кор. 6:14). Уӕ цард куы баиу кӕнат, уӕд дын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион уай? Иу цӕуылдӕр-ма ахъуыды кӕн. Паддзах Соломоны устытӕм дӕр хорз миниуджытӕ куыннӕ уыдаид. Фӕлӕ уыдон Йегъовӕйӕн нӕ лӕггад кодтой ӕмӕ сабыргай Соломоны зӕрдӕ ӕндӕр хуыцӕутты ’рдӕм аздӕхтой (1 Пад. 11:1, 4).

18. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты цӕуыл хъуамӕ ахуыр кӕной?

18 Ныййарджытӕ, уӕ бон у уӕ сывӕллӕттимӕ паддзӕхты цӕвиттонтыл ныхас кӕнын, цӕмӕй сӕ бафӕнда Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Ӕххуыс сын кӕнут, цӕмӕй бамбарой, Йегъовӕйы цӕсты кӕцыдӕр паддзӕхтӕ хорз цӕмӕн уыдысты, кӕцыдӕртӕ та – ӕвзӕр. Ахсджиаг ын уыд, цӕмӕй йын паддзӕхтӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ лӕггад кодтаиккой ӕмӕ уымӕ иннӕты дӕр разӕнгард кодтаиккой. Ӕмбарын сын кӕнут, царды Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕй ахсджиагдӕр кӕй ницы ис. Ӕмӕ сын уыцы хъуыддаджы уӕхӕдӕг дӕр фӕзминаг ут. Хъуамӕ уыной, Библи иртасын, ӕмбырдтӕм цӕуын ӕмӕ уын хъусын кӕнын царды фыццаг бынаты кӕй сты (Матф. 6:33). Хъуамӕ ӕмбарой, фаг кӕй нӕу, сӕ бинонтӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй сты, хъуамӕ сӕхӕдӕг суой Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ. Кӕннод сын Хуыцауӕн лӕггад кӕнын фыццаг бынаты нӕ уыдзӕн кӕнӕ та суанг рӕстдзинад дӕр ныууадздзысты.

19. Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхын кӕй фӕнды, уыдоны цы хъӕуы саразын? (Кӕс рамкӕ дӕр «Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕх!».)

19 Кӕд адӕймаг Йегъовӕйӕн нал лӕггад кӕны, уӕд цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ бон нал у Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхын? Нӕ. Йӕ бон у ӕрфӕсмон кӕнын ӕмӕ фӕстӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайын. Уый тыххӕй хъуамӕ йӕхи ӕрныллӕг кӕна ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгты ӕххуысыл сразы уа (Иак. 5:14). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бахъӕудзӕн бирӕ рӕстӕг ӕмӕ тыхтӕ, цӕмӕй та ногӕй Йегъовӕйы ӕмбал суа. Фӕлӕ уый йӕ фыдӕбоны аргъ у!

Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕх!

Паддзах Мана́сси «Йегъовӕйы цӕсты бирӕ ӕвзӕрдзинад арӕзта». Уый тынг бирӕ «ӕнаххос туг ныккалдта», хинтӕ ӕмӕ кӕлӕнтӕ кодта ӕмӕ ма суанг йӕ фыртты дӕр мӕнг хуыцӕуттӕн нывондӕн ӕрхаста! (2 Пад. 21:6, 16). Манасси Иудӕйы адӕмы рӕдийын кодта, ӕмӕ иннӕ адӕмтӕй «фыддӕр фесты» (2 Пад. 21:9; 2 Аз. 33:1–6). Фӕлӕ йӕ Вавилонмӕ уацары куы акодтой, уӕд йӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодта. Ӕвӕццӕгӕн, Йегъовӕйӕн иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ ныллӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын ныххатыр кодтаид, уымӕн ӕмӕ бирӕ рӕстӕг тынг уӕззау тӕригъӕдтӕ арӕзта. Манасси ахӕм уынгӕджы уавӕры куы бахауд, уӕд «Хуыцауы раз йӕхи тынг ӕрныллӕг кодта» ӕмӕ «Хуыцаумӕ куывта». Ацы мивдисджытӕ цы дзуттаг дзырдтӕй ратӕлмац кодтой, уыдон ӕвдисынц дӕргъвӕтин архайд. Йегъовӕ Манассийӕн «йӕ лӕгъстӕ фехъуыста», ныххатыр ын кодта, фӕстӕмӕ йӕ Иерусалиммӕ ӕркодта ӕмӕ йын йӕ паддзахы бартӕ радта (2 Аз. 33:12, 13).

Нӕ рӕстӕджы тыххӕй та цы ис зӕгъӕн? Кӕд адӕймаг раст дин ныууагъта, фӕлӕ стӕй зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кодта, уӕд ын Йегъовӕ ныххатыр кӕндзӕн? О. Исайы 55:7 стихы фыст ис: «Фыдгӕнӕг ныууадзӕд йӕ фӕндаг, фыдхъуыддӕгтӕ чи аразы, уый ныууадзӕд йӕ фӕндтӕ ӕмӕ Йегъовӕмӕ раздӕхӕд, уымӕн ӕмӕ йӕм уый уыдзӕн фӕлмӕнзӕрдӕ. Раздӕхӕд нӕ Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ йын уый зӕрдиагӕй ныххатыр кӕндзӕн». Уӕдӕ, дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый араз, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхай!

20. Иузӕрдион паддзӕхты куы фӕзмӕм, уӕд нӕм Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсдзӕн?

20 Уӕдӕ ацы статьяйӕ цы базыдтам? Хъуамӕ иузӕрдион паддзӕхтау нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнӕм ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйыл уӕм иузӕрдион. Хъуамӕ нӕ рӕдыдтытӕй ахуыр кӕнӕм, нӕ тӕригъӕдтыл-иу зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кӕнӕм ӕмӕ-иу, цы хъӕуы, уый фӕивӕм. Стӕй хъуамӕ ма рох кӕнӕм, ахсджиаг кӕй у иунӕг ӕцӕг Хуыцауӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ лӕггад кӕнын. Алкӕддӕр Йегъовӕйыл иузӕрдион куы уай, уӕд йӕ цӕсты уыдзынӕ рӕстгӕнӕг.

НӔ БОН КУЫД У...

  • нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнын?

  • кӕй ӕрфӕсмон кодтам, уый равдисын?

  • Йегъовӕйӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ лӕггад кӕнын?

45 ЗАРӔГ Мӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ

a Ацы статьяйы дзырдбаст «Израилы паддзӕхтӕ» амоны, Йегъовӕйы адӕмӕн цы паддзӕхтӕ уыд, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр – Израилы паддзӕхтӕм (уыцы паддзахады уыд дӕс мыггаджы), Иудӕйы паддзӕхтӕм (уыцы паддзахады уыди дыууӕ мыггаджы) кӕнӕ, 12 мыггагӕн паддзӕхтӕ чи уыд, уыдонмӕ.

b АЦЫ НЫХӔСТӔН СӔ ХЪУЫДЫ ЦЫ У. Дзырд «зӕрдӕ» Библийы арӕх фӕамоны, адӕймаг мидӕгӕй цавӕр у, уымӕ: йӕ фӕндтӕм, йӕ бӕллицтӕм, йӕ хъуыдытӕм, йӕ нысӕнттӕм, йӕ курдиӕттӕм, цӕмӕдӕр цы цӕстӕй кӕсы ӕмӕ йӕ исты аразынмӕ цы фӕразӕнгард кӕны, уымӕ.

c Ӕвӕццӕгӕн, Амаси бафӕзмыдта, мӕнг хуыцӕуттӕн чи куывта, уыцы паддзӕхты. Уыдон-иу арӕх, кӕуыл фӕуӕлахиз сты, уыцы адӕмты хуыцӕуттӕн кувын райдыдтой.

d Паддзах Асӕ уӕззау тӕригъӕдтӕ сарӕзта (2 Аз. 16:7, 10). Фӕлӕ Библийы фыст ис, Йегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, уый кӕй арӕзта. Ӕмӕ кӕд фыццаг Хуыцауы пехуымпармӕ нӕ байхъуыста, уӕддӕр, чи зоны, фӕстӕдӕр ӕрфӕсмон кодта. Йегъовӕ уыдта, кӕд рӕдигӕ кодта, уӕддӕр ӕм фылдӕр хорз миниуджытӕ кӕй уыд. Ӕппӕты сӕйрагдӕр та уый уыд, ӕмӕ Асӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кодта ӕмӕ архайдта, цӕмӕй йӕ паддзахад мӕнг хуыцӕуттӕй ссыгъдӕг кодтаид (1 Пад. 15:11–13; 2 Аз. 14:2–5).

e Моисейы закъоны фыццаг дыууӕ фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ, адӕм Йегъовӕйы йеддӕмӕ ӕндӕр макӕмӕн ӕмӕ мацӕмӕн хъуамӕ куывтаиккой (Рац. 20:1–6).

f НЫВ. Ӕрыгон хистӕр нӕлгоймаг бафиппайдта, ӕфсымӕр нозтыл кӕй фӕцахуыр ӕмӕ уый тыххӕй йемӕ ныхас кӕны. Ӕфсымӕр ӕм сӕрныллӕгӕй байхъуыста, цы хъуыд, уый фӕивта ӕмӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕны.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын