Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • wp25 № 1 3 ф.
  • Хӕсты азар адӕмы басыгъта

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хӕсты азар адӕмы басыгъта
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2025
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ӔФСӔДДОНТӔ
  • ӔНӔУИ АДӔМ
  • Удӕнцой ссарӕн ис, кӕд хӕстытӕ цӕуы ӕмӕ фыддзинад ис, уӕддӕр
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2025
  • Украинӕйы хӕст куы райдыдта, уымӕй иу аз рацыд. Библи ныфс цӕмӕй ӕвӕры?
    Ӕндӕр темӕтӕ
  • Хӕстытыл хардз кӕнынц триллионтӕ. Фӕлӕ адӕм уымӕй стырдӕр аргъ нӕ фидынц?
    Ӕндӕр темӕтӕ
  • Хӕст ӕмӕ змӕстытӕ алкӕй цардыл дӕр фӕзынынц
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2025
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2025
wp25 № 1 3 ф.
Цалдӕр къамы: 1. Скъуыд къамыл зынынц ӕфсӕддоны цӕстытӕ. 2. Скъуыд къамыл зынынц ацӕргӕ сылгоймаджы цӕстытӕ.

Хӕсты азар адӕмы басыгъта

Хӕстытӕ адӕмӕн стыр хъизӕмӕрттӕ бавзарын кӕнынц. Ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ ӕнӕуи адӕмӕй хӕсты цӕхӕр кӕй басыгъта, уыдон уый сӕхицӕй зонынц.

ӔФСӔДДОНТӔ

«Ӕппынӕдзух уыныс, адӕмы куыд марынц кӕнӕ уӕззау цӕфтӕ куыд фӕвӕййынц, уый. Ӕмӕ дӕхиуыл дӕр кӕд цы ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зоныс» (Гари, Великобритани).

«Мӕ фӕсонтӕ ӕмӕ мӕ цӕсгом фӕцӕфтӕ сты. Бирӕ мӕрдтӕ федтон, уыимӕ сывӕллӕтты ӕмӕ ацӕргӕты мӕрдтӕ. Хӕсты аххосӕй адӕймагмӕ иннӕты рыст нал фӕхъары» (Уилмар, Колумби).

«Дӕ разы адӕймаджы куы фехсой, уӕд уый ӕдзух дӕ цӕстыты раз уыдзӕн. Дӕ хъустыл уайдзӕн, куыд хъӕр кодта ӕмӕ куыд хъӕрзыд. Уый дӕ никуы ферох уыдзӕн» (Зафирӕ, Америкӕйы Иугонд Штаттӕ).

ӔНӔУИ АДӔМ

«Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ царды ницӕуылуал бацин кӕндзынӕн. Куы мӕ амарой, уымӕй тарстӕн. Фӕлӕ тынгдӕр мӕ бинонтӕн ӕмӕ ме ’мбӕлттӕн тарстӕн» (Александрӕ, Украинӕ).

«Хӕринагмӕ-иу 20 сахатӕй фылдӕр рады фӕлӕууыдыстӕм. Ӕмӕ-иу тынг тарстыстӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ зыдтам, нӕмыг ныл кӕд суайдзӕн, уый» (Далер, Таджикистан).

«Хӕсты мын мӕ ныййарджыты амардтой. Сидзӕрӕй баззадтӕн ӕмӕ мыл чи батыхстаид, уый нӕ уыд» (Мари, Руандӕ).

Кӕд ацы адӕмы хӕсты азар басыгъта, уӕддӕр удӕнцой ссардтой. Ӕмӕ сӕ фидарӕй уырны, тагъд хӕстытӕн ӕмӕ фыддзинадӕн кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн. Кӕрон сын куыд ӕрцӕудзӕн, уый базонӕн ис Библийӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын