Удӕнцой ссарӕн ис, кӕд хӕстытӕ цӕуы ӕмӕ фыддзинад ис, уӕддӕр
Гари раздӕр ӕфсӕддон уыд. Уый загъта: «Цалынмӕ Библи ахуыр кӕнын нӕ райдыдтон, уӕдмӕ нӕ зыдтон, дунейы уыйбӕрц фыддзинад, хӕрамдзинад ӕмӕ зындзинӕдтӕ цӕмӕн ис, уый. Фӕлӕ ныр зонын, Йегъовӕ тагъд сабыр цард кӕй скӕндзӕн, ӕмӕ уый фӕрцы мӕ зӕрдӕйы ис фарн».
Афтӕ ӕрмӕст Гари нӕ хъуыды кӕны. Базон, Библи иннӕтӕн дӕр куыд баххуыс кодта, уый.
БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС: «О Йегъовӕ, ды дӕ хӕларзӕрдӕ, ды дӕ цӕттӕ хатыр кӕнынмӕ (Псалом 86:5).
АЦЫ СТИХ КУЫД ӔХХУЫС КӔНЫ? «Ацы стих мын ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ у. Ӕз ӕй зонын, кӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй мын ныххатыр кӕна, хӕсты куы уыдтӕн, уӕд цытӕ арӕзтон, уыдӕттӕ» (Уилмар, Колумби).
БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС: «Ӕз аразын ног арв ӕмӕ ног зӕхх. Ӕмӕ, раздӕр цы уыд, уыдон хъуыды дӕр ничиуал ӕркӕндзӕн ӕмӕ зӕрдӕйы дӕр нал баззайдзысты» (Исай 65:17).
АЦЫ СТИХ КУЫД ӔХХУЫС КӔНЫ? «Хӕст мӕ психикӕйӕн стыр зиан ӕрхаста ӕмӕ мын уый тыххӕй депресси ис. Фӕлӕ мын ацы стих мӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны, тагъд мӕ Йегъовӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн, ӕнцой мын чи нӕ дӕтты, уыцы хъуыдытӕй ӕмӕ ӕвзӕр фынтӕй, ӕмӕ мӕ удхарӕй нал мардзысты. Уый стыр лӕвар у!» (Зафирӕ, Америкӕйы Иугонд Штаттӕ).
БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС: «Йӕ рӕстӕджы рӕстгӕнӕг дидинӕг калдзӕн, ӕмӕ алы ран дӕр уыдзӕн сабырдзинад, цалынмӕ мӕй уа, уӕдмӕ» (Псалом 72:7).
АЦЫ СТИХ КУЫД ӔХХУЫС КӔНЫ? «Ацы ныхӕстыл арӕх фӕхъуыды кӕнын. Тагъд фӕд дӕр нал баззайдзӕн, хӕст адӕмӕн цы хъизӕмӕрттӕ бавзарын кодта, уыдонӕй ӕмӕ нал тӕрсдзыстӕм, кӕй уарзӕм, уыдоныл исты куы ’рцӕуа, уымӕй» (Александрӕ, Украинӕ).
БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС: «Чи дын амард, уыдон цӕрдзысты. [...] Райхъал ут ӕмӕ фырцинӕй хъӕр кӕнут, сыджыты чи ис, уыдон!» (Исай 26:19).
АЦЫ СТИХ КУЫД ӔХХУЫС КӔНЫ? «Ӕз дӕн тутси адӕмыхаттӕй. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ мын геноциды рӕстӕг мӕ бинонты иууылдӕр амардтой. Фӕлӕ мын ацы стих зӕрдӕ ӕвӕры, мӕ бинонты ногӕй кӕй фендзынӕн. Куы райгас уой, уӕд куыд цин кӕндзысты, уый мӕ цӕстытыл уайы. Сӕ хъӕлдзӕг хъӕлӕстӕ фехъусынмӕ тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсын!» (Мари, Руандӕ).
БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС: «Иу гыццыл ма, ӕмӕ фыдгӕнӕг нал уыдзӕн. [...] Сабыр адӕм та зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ фарнӕй бафсӕддзысты» (Псалом 37:10, 11).
АЦЫ СТИХ КУЫД ӔХХУЫС КӔНЫ? «Кӕд хӕст фӕци, уӕддӕр нырма хӕрам хъуыддӕгтӕ ӕмӕ фыдгӕнджытӕ ис. Ацы стихтӕ мӕ бафидар кӕнынц. Йегъовӕ алцыдӕр уыны ӕмӕ мӕ ӕмбары. Зӕрдӕ нын ӕвӕры, тагъд не ’ппӕт хъизӕмӕрттӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн, ӕмӕ сӕ хъуыды дӕр ничиуал ӕркӕндзӕн» (Далер, Таджикистан).
Ацы журналы кӕй ныхӕстӕ ис фыст, уыдон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты. Уыдонӕн дӕр ӕмӕ ма ӕгас дунейы цы милуангай Ӕвдисӕнтӕ ис, уыдонӕн дӕр Библийы фӕрцы сӕ зӕрдӕты ис фарн. Библи сын баххуыс кодта, цӕмӕй адӕмы расӕтыл ӕмӕ адӕмыхӕттытыл мауал дихтӕ кӕной ӕмӕ алкӕмӕдӕр раст цӕстӕй кӕсой (Ефесӕгтӕм 4:31, 32). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ политикӕйӕ сӕхи дард хизынц ӕмӕ сӕм тыхмийӕн йӕ кой дӕр нӕй (Иоанны 18:36).
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕрӕдзийӕн иу бинонтау ӕххуыс кӕнынц (Иоанны 13:35). Зӕгъӕм, раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы сылгоймаг Александрӕ хӕсты тыххӕй йӕ хоимӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ лидзинаг фӕци. Александрӕ загъта: «Куыддӕр арӕны сӕрты ахызтыстӕм, афтӕ уайтагъд бынӕттон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ауыдтам. Ӕнхъӕлмӕ нӕм кастысты. Тынг нын баххуыс кодтой».
Зӕрдиагӕй дӕ хонӕм не ’мбырдтӕм. Уым базондзынӕ, ныртӕккӕ дӕ бон куыд у удӕнцой ссарын ӕмӕ, Библи зӕрдӕ цы сабыр фидӕнӕй ӕвӕры, уый тыххӕй. Сайты jw.org ис ссарӕн, хӕстӕгдӕр дӕм чи у, уыцы ӕмбырд кӕнӕ та дӕ бон у сайты курдиат байдзаг кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй исчи демӕ Библи ахуыр кӕнын райдайа чиныджы фӕрцы «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!».