12 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
119 ЗАРӔГ Хъуамӕ нӕм уа уырнындзинад
Цы уынӕм, уымӕй нӕ цӕрӕм, фӕлӕ уырнындзинадӕй
«Мах, цы уынӕм, уымӕй нӕ цӕрӕм, фӕлӕ уырнындзинадӕй» (2 КОР. 5:7).
МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ
Ахсджиаг фарстаты фӕдыл уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ куыд равдисдзыстӕм, Йегъовӕйы разамындмӕ кӕй хъусӕм.
1. Павел йӕ цардӕй райгонд цӕмӕн уыд?
АПОСТОЛ Павел зыдта, тагъд ӕй кӕй амардзысты. Фӕлӕ йӕ цардыл хъуыды кӕнгӕйӕ ницӕуыл фӕсмон кодта. Павел загъта: «Ӕз... мӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъордтон, мӕ уырнындзинад бахъахъхъӕдтон» (2 Тим. 4:6–8). Павел йӕ цард Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодта ӕмӕ йын кӕй лӕггад кодта, уымӕй раст уынаффӕ рахаста. Ӕмӕ йӕ зыдта, Йегъовӕ дӕр дзы райгонд кӕй у. Мах дӕр фӕнды, цӕмӕй, цы уынаффӕтӕ рахӕссӕм, уыдонӕй Хуыцау райгонд уа. Уымӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн?
2. 2 Коринфӕгтӕм 5:7 стих куыд ӕмбаргӕ у?
2 Павел йӕхи тыххӕй ӕмӕ иннӕ иузӕрдион чырыстӕтты тыххӕй загъта: «Мах, цы уынӕм, уымӕй нӕ цӕрӕм, фӕлӕ уырнындзинадӕй» (2 Кор. 5:7). Уымӕй йӕ цы зӕгъын фӕндыд? Йегъовӕйыл чи не ’ууӕнды, уыдон уынаффӕтӕ рахӕссынц, цы уынынц, цы хъусынц кӕнӕ цы ӕнкъарынц, ӕрмӕст уымӕ гӕсгӕ. Йегъовӕйыл чи ӕууӕнды, уыдон та уынаффӕ хӕсгӕйӕ фӕхъуыды кӕнынц, Йегъовӕйы цы фӕнды, ууыл. Афтӕмӕй равдисынц, ӕппындӕр кӕй нӕ дызӕрдыг кӕнынц, йӕ уынаффӕтӕм ын куы хъусой, уӕд ныр дӕр кӕй уыдзысты амондджын ӕмӕ фидӕны та ноджы фылдӕр арфӕдзинӕдтӕй кӕй схайджын уыдзысты (Пс. 119:66; Дзут. 11:6).
3. Уырнындзинадӕй куы цӕрӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн? (2 Коринфӕгтӕм 4:18).
3 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, не ’ппӕт дӕр хатт уынаффӕ рахӕссӕм, цы уынӕм, цы хъусӕм кӕнӕ цы ӕнкъарӕм, уымӕ гӕсгӕ. Фӕлӕ ахсджиаг фарстаты фӕдыл уынаффӕтӕ ӕрмӕст уымӕ гӕсгӕ куы хӕссӕм, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ фӕрӕдийӕм. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ нӕ не ’нкъарӕнтӕ хатт асайынц. Цы уынӕм, ӕрмӕст уымӕ гӕсгӕ куы хӕссӕм уынаффӕтӕ, уӕд, абон уа ӕви райсом, Хуыцауы зӕрдӕ фӕриссын кӕндзыстӕм (Еккл. 11:9; Матф. 24:37–39). Фӕлӕ уырнындзинадӕй куы цӕрӕм, уӕд араздзыстӕм, «нӕ Хицауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы», уый (Еф. 5:10). Хуыцауы разамындмӕ куы хъусӕм, уӕд нӕ зӕрдӕйы уыдзӕн фарн ӕмӕ уыдзыстӕм ӕцӕг амондджын (Пс. 16:8, 9; Ис. 48:17, 18). Ӕмӕ дарддӕр дӕр уырнындзинадӕй куы цӕрӕм, уӕд цӕрдзыстӕм ӕнустӕм. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 4:18.)
4. Адӕймагӕн йӕ бон куыд у бамбарын, уырнындзинадӕй цӕры ӕви, цы уыны, уымӕй?
4 Алчидӕр нӕ хъуамӕ ахъуыды кӕна ахӕм фарстатыл: «Уынаффӕ цӕмӕ гӕсгӕ рахӕссын? Цы уынын, уымӕ гӕсгӕ ӕви Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ?» Аныхас кӕнӕм, нӕ бон куыд у равдисын, уырнындзинадӕй кӕй цӕрӕм, уый, зӕгъӕм, куыст агургӕйӕ, цардӕмбал ӕвзаргӕйӕ ӕмӕ нын Йегъовӕйы организаци разамынд куы ратты, уӕд. Мах базондзыстӕм, цӕуыл-иу хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, цӕмӕй-иу раст уынаффӕ рахӕссӕм.
КУЫСТ АГУРГӔЙӔ
5. Куыст агургӕйӕ нӕ цӕуыл фӕхъӕуы ахъуыды кӕнын?
5 Алкӕй дӕр фӕнды, цӕмӕй йӕ бон уа йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ бинонты дӕр дарын (Еккл. 7:12; 1 Тим. 5:8). Кӕцыдӕр куыстыты хорз мызд фӕфидынц. Ӕмӕ уыцы ӕхца адӕймагӕн вӕййынц йӕхи ӕмӕ йӕ бинонты фаг дӕр, стӕй ма йӕ бон вӕййы иу гыццыл ӕхца дӕр бамбырд кӕнын. Кӕцыдӕр куыстыты та цы мызд фӕфидынц, уый вӕййы, царды нӕ ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, ӕрмӕст уыдӕтты фаг. Куыст агургӕйӕ нӕ бӕгуыдӕр фӕфӕнды базонын, цас дзы фиддзысты, уый. Фӕлӕ ӕрмӕстдӕр ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд афтӕ рауайдзӕн, ӕмӕ уынаффӕ хӕссӕм, цы уынӕм, уымӕ гӕсгӕ.
6. Куыст агургӕйӕ нӕ бон куыд у равдисын, уырнындзинадӕй кӕй цӕрӕм? (Дзуттӕгтӕм 13:5).
6 Уырнындзинадӕй куы цӕрӕм, уӕд ма-иу ноджыдӕр ахъуыды кӕндзыстӕм, нӕ куыст куыд фӕзындзӕн, Йегъовӕимӕ нын цы хӕлардзинад ис, ууыл. Нӕ бон у ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнын: «Ацы куысты мӕ, мыййаг, Йегъовӕ йе сӕфт цӕмӕй уыны, ахӕм цыдӕртӕ аразын нӕ бахъӕудзӕн? (Ӕмб. 6:16–19). Ӕмбырдтӕ нӕ цух кӕндзынӕн, хъусын кӕнынӕн ӕмӕ мын Библи ахуыр кӕнынӕн къаддӕр рӕстӕг нӕ уыдзӕн? (Фил. 1:10). Мӕ куысты тыххӕй-иу мӕ бинонтӕй бирӕ рӕстӕгмӕ нӕ фӕхицӕн уыдзынӕн?» Кӕд ацы фарстатӕй иуӕн дӕр дӕ дзуапп «о» у, уӕд хуыздӕр уыдзӕн, уыцы куыстыл куы не сразы уай, куыст ссарын тынг зын куы уа, уӕддӕр. Уырнындзинадӕй куы цӕрӕм, уӕд-иу нӕ уынаффӕтӕй бӕрӕг уыдзӕн, кӕй нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ ныл ӕнӕмӕнг кӕй батыхсдзӕн, ууыл (Матф. 6:33; бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:5).
7, 8. Ӕфсымӕр Хавьер куыд равдыста, уырнындзинадӕй кӕй цӕры? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
7 Хуссар Америкӕйӕ иу ӕфсымӕр, Хавье́рa, равдыста, уырнындзинадӕй кӕй цӕры. Уый радзырдта: «Куысты мын фадат фӕци, цӕмӕй уӕлдӕр бынаты кусын райдыдтаин ӕмӕ мын мызд дыууӕ хатты фылдӕр фыстаиккой. Стӕй уыцы куыст мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди». Фӕлӕ Хавьеры тынг фӕндыд пионерӕй лӕггад кӕнын. Хавьер дарддӕр радзырдта: «Куысты хицау мӕм фӕдзырдта, цӕмӕй мын бамбарын кодтаид, мӕ куыстмӕ цы хаудзӕн. Уый размӕ Йегъовӕмӕ скуывтон ӕмӕ нӕ дызӕрдыг кодтон, Йегъовӕ йӕ хуыздӕр кӕй зоны, цы мӕ хъӕуы, уый. Фӕндыди мӕ, цӕмӕй мын куысты фылдӕр ӕнтыстаид ӕмӕ фылдӕр мызд истаин. Фӕлӕ ма мӕ фӕндыд, цӕмӕй, Йегъовӕйы хъуыддаджы мӕ разы цы нысӕнттӕ сӕвӕрдтон, уыдон мӕ къухы бафтыдаиккой».
8 Дарддӕр хабар куыд рауад? Хавьер йӕ хицауимӕ куы ныхас кодта, уӕд ын хицау загъта, арӕх-иу ӕй фӕскуыст кусын дӕр кӕй хъӕудзӕн. Хавьер ын бамбарын кодта, уыцы рӕстӕг Хуыцауӕн кӕй фӕлӕггад кӕны. Ӕмӕ уыцы куыстыл не сразы. Дыууӕ къуырийы фӕстӕ райдыдта пионерӕй лӕггад кӕнын. Уыцы аз фӕстӕдӕр ссардта, ӕнӕхъӕн бон ӕй кӕм нӕ хъуыд кусын, ахӕм куыст. Уый загъта: «Йегъовӕ мын мӕ куывдтытӕ фехъуыста. Ӕмӕ мын ахӕм куыст ссарынӕн баххуыс кодта, цӕмӕй мӕ бон уыдаид пионерӕй лӕггад кӕнын. Тынг амондджын дӕн. Ныр мӕ бон у Йегъовӕйӕн ӕмӕ ме ’фсымӕртӕн фылдӕр рӕстӕг лӕггад кӕнын».
Уӕлдӕр бынатӕй дын зӕрдӕ куы бавӕрой, уӕд-иу Йегъовӕйӕ разамынд кур. Уый зоны, хуыздӕр дын цы у, уый (кӕс 7, 8 абзацтӕ)
9. Теойы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?
9 Кӕд дӕ ныртӕккӕ дӕ куыст хъыгдары уырнындзинадӕй цӕрынӕн, уӕд цы ис саразӕн? Те́о цӕры Ко́нгойы. Уый радзырдта: «Мӕ ног куысты мызд ӕртӕ хатты фылдӕр истон. Стӕй мын иууылдӕр кад кодтой. Ахӕм куыстмӕ бирӕтӕ бӕллынц». Фӕлӕ-иу Теойы хъуыди фӕскуыст дӕр баззайын. Уый тыххӕй-иу арӕх ӕмбырдтӕ фӕцух кодта. Хатт та-иу ын йе ’мкусджытӕ дзырдтой, цӕмӕй уый дӕр адӕмы сайдтаид. Теойы фӕндыд уыцы куыст ныууадзын. Фӕлӕ тӕрсгӕ дӕр кодта, ӕнӕ куыстӕй куы баззайа, уымӕй. Ӕмӕ йын цы баххуыс кодта? Тео загъта: «Аввакум 3:17–19 стихтӕ мӕ тынг бафидар кодтой. Бамбӕрстон ӕй, ӕнӕ куыстӕй куы баззайон, уӕддӕр мыл Йегъовӕ кӕй батыхсдзӕн. Ӕмӕ ӕз дӕр мӕ куыст ныууагътон». Тео ма загъта: «Куысты хицӕуттӕй бирӕтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ адӕймаг куысты тыххӕй цӕуылфӕнды дӕр йӕ къух сисдзӕн, уыимӕ йӕ бинонтыл дӕр ӕмӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕныныл дӕр. Ӕз тынг цин кӕнын, Йегъовӕйӕ дӕр ӕмӕ мӕ бинонтӕй дӕр кӕй нӕ адард дӕн. Иу азы фӕстӕ мын Йегъовӕ хорз куыст ссарынӕн баххуыс кодта. Кӕд дзы ӕхца бирӕ къаддӕр исын, уӕддӕр мын цӕрынӕн фаг кӕны. Ӕппӕты сӕйрагдӕр та у, рӕстӕг мын кӕй баззайы, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнон. Царды нын уый фыццаг бынаты куы уа, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ-иу хатт ӕхцахъуаг дӕр ӕййафӕм. Фӕлӕ нӕ Йегъовӕ никуы ныууадздзӕн». Йегъовӕйы уынаффӕтӕ нӕ пайдайӕн кӕй сты, ууыл куы нӕ дызӕрдыг кӕнӕм ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕвӕрдтыл куы ӕууӕндӕм, уӕд дарддӕр дӕр цӕрдзыстӕм уырнындзинадӕй ӕмӕ нын ӕнӕмӕнг арфӕ кӕндзӕн.
ЦАРДӔМБАЛ ӔВЗАРГӔЙӔ
10. Цардӕмбал ӕвзаргӕйӕ цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм ӕмӕ нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм?
10 Бинонты цард Йегъовӕйы лӕвар у. Ӕмӕ адӕймаджы бинонтӕ скӕнын кӕй фӕфӕнды, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Фӕлӕ йӕ цӕуыл фӕхъӕуы ахъуыды кӕнын? Зӕгъӕм, хо ӕмӕ ӕфсымӕр кӕрӕдзийы зӕрдӕмӕ цӕуынц. Ӕмӕ хо хъуыды кӕны, смой йӕм кӕна ӕви нӕ. Ӕвӕццӕгӕн, фӕхъуыды кӕны, цавӕр адӕймаг у, куыд конд вӕййы, иннӕты ’хсӕн ын цавӕр ном ис ӕмӕ йын йемӕ ӕнцон вӕййы ӕви нӕ, ууыл. Чи зоны ма йӕ фӕфӕнды базонын, ӕхца куыд хардз кӕны ӕмӕ йӕ бинонтыл тыхсы ӕви нӕb. Уыцы хъуыддӕгтӕ ахсджиаг сты. Фӕлӕ хо ӕрмӕст уыдӕттыл куы хъуыды кӕна, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, цы уыны, уымӕй кӕй цӕры.
11. Цардӕмбал ӕвзаргӕйӕ нӕ бон куыд у равдисын, уырнындзинадӕй кӕй цӕрӕм, уый? (1 Коринфӕгтӕм 7:39).
11 Йегъовӕ тынг сӕрыстыр у, цардӕмбал ӕвзаргӕйӕ йӕ уынаффӕтӕм чи байхъусы, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй! Зӕгъӕм, сӕ буары монцты фӕдыл нӕ ацӕуынц ӕмӕ «ӕгӕр ӕрыгонӕй» бинонтӕ не скӕнынц (1 Кор. 7:36). Йегъовӕ йӕ Ныхасы ныффыссын кодта, хорз лӕг ӕмӕ хорз усмӕ цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ уа. Ӕмӕ хо кӕнӕ ’фсымӕр искӕимӕ йӕ цард баиу кӕнын куы сфӕнд кӕны, уӕд фӕкӕсы, ахӕм миниуджытӕ йӕм ис ӕви нӕ (Ӕмб. 31:10–13, 26–28; Еф. 5:33; 1 Тим. 5:8). Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи нӕу, уыдонимӕ ӕмбӕлын нӕ райдайынц, уымӕн ӕмӕ сӕ зӕрдыл дарынц, 1 Коринфӕгтӕм 7:39 стихы цы фӕдзӕхст ис, уый, зӕгъгӕ, хъуамӕ дӕ цард баиу кӕнай, «Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг» чи у, ӕрмӕстдӕр ахӕм адӕймагимӕ. (Бакӕс ӕй.) Уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ дарддӕр дӕр уырнындзинадӕй цӕрынц. Уыдон нӕ дызӕрдыг кӕнынц, Йегъовӕйӕ хуыздӕр сӕ кӕй ничи ӕмбары ӕмӕ сыл уымӕй хуыздӕр кӕй ничи батыхсдзӕн (Пс. 55:22).
12. Розӕйы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?
12 Ӕркӕсӕм Розӕйы хабармӕ. Розӕ цӕры Колу́мбийы. Уый лӕггад кодта пионерӕй. Куысты-иу ӕй арӕх ныхас кӕнын хъуыди, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи нӕ уыд, ахӕм нӕлгоймагимӕ. Розӕ ӕмӕ уыцы нӕлгоймаг кӕрӕдзийы зӕрдӕмӕ тынг фӕцыдысты. Розӕ загъта: «Тынг хорз адӕймаг мӕм касти. Иннӕтӕн ӕххуыс кодта, уыди йӕм бирӕ хорз миниуджытӕ. Ӕрмӕст Ӕвдисӕн нӕ уыд». Розӕ ма загъта: «Тынг зын мын уыди уыцы нӕлгоймагӕн зӕгъын, йемӕ ӕмбӕлын мӕ кӕй нӕ фӕнды. Уыцы рӕстӕг мӕхимӕ тынг иунӕг кастӕн, ӕмӕ мӕ фӕндыд мӕ цард искӕимӕ баиу кӕнын. Фӕлӕ ӕмбырды мӕ бон не сси ахӕм ӕфсымӕры ссарын». Фӕлӕ уӕддӕр Розӕ, цы уыдта, уымӕ гӕсгӕ нӕ рахаста уынаффӕ. Уый ахъуыды кодта, цы уынаффӕ рахӕсдзӕн, уый куыд фӕзындзӕн, Йегъовӕимӕ йын цы хӕлардзинад ис, ууыл. Ӕмӕ аскъуыддзаг кодта, уыцы нӕлгоймагимӕ йын иумӕйагӕй кӕй ницыуал уыдзӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕн фылдӕр кӕй лӕггад кӕндзӕн. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йӕ фӕхуыдтой Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъоламӕ. Ӕмӕ ныр лӕггад кӕны сӕрмагонд пионерӕй. Розӕ загъта: «Йегъовӕ мӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын кодта ӕмӕ тынг амондджын дӕн». Алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы, Йегъовӕйы куыд фӕнды, афтӕ бакӕнын, уӕлдайдӕр та нын нӕ зӕрдӕ ӕндӕр цыдӕр куы фӕдзуры, уӕд. Фӕлӕ Йегъовӕйы разамындмӕ куы фӕхъусӕм, уӕд нын уый алкӕддӕр пайда ӕрхӕссы.
ЙЕГЪОВӔЙЫ ОРГАНИЗАЦИ НЫН РАЗАМЫНД КУЫ РАТТЫ, УӔД
13. Йегъовӕйы организаци нын разамынд куы ратты, уӕд хатт уымӕ цы цӕстӕй ракӕсӕм?
13 Арӕх разамынд райсӕм ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕй, районон цӕстдарӕгӕй, филиалӕй кӕнӕ Разамонӕг советӕй. Уыцы разамынд нын ӕххуыс кӕны Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн. Фӕлӕ нын хатт зын вӕййы бамбарын, ахӕм разамынд нын цӕмӕн радтой, уый. Цӕмӕн? Чи зоны, фӕдызӕрдыг кӕнӕм, уый хорз разамынд кӕй у, ууыл. Гӕнӕн ис, ӕмӕ фылдӕр хъуыды кӕнын райдайӕм, разамынд нын чи радта, уыцы ӕфсымӕрты хъӕндзинӕдтыл.
14. Цы нын баххуыс кӕндзӕн Йегъовӕйы организацийы разамындмӕ гӕсгӕ архайынӕн? (Дзуттӕгтӕм 13:17).
14 Мах фидарӕй уырны, Йегъовӕ йӕ организацийӕн разамынд кӕй дӕтты ӕмӕ нын нӕ уавӕртӕ хорз кӕй зоны. Уымӕ гӕсгӕ нын исты разамынд куы раттынц, уӕд ӕм уайтагъд байхъусӕм. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:17.) Мах зонӕм, коммӕгӕс куы уӕм, уӕд ӕмбырды иудзинад кӕй уыдзӕн (Еф. 4:2, 3). О, разамынд нын чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕртӕ ӕнӕххӕст сты. Фӕлӕ сӕ коммӕ куы кӕсӕм, уӕд нын Йегъовӕ арфӕ кӕндзӕн (1 Сам. 15:22). Ӕмӕ кӕд исты сраст кӕнын хъӕуа, уӕд ӕй йӕ афоныл ӕнӕмӕнг сраст кӕндзӕн (Мих. 7:7).
15, 16. Иу ӕфсымӕрӕн цы баххуыс кодта разамындмӕ гӕсгӕ архайынӕн, кӕд ӕм уыцы разамынд фыццаг раст нӕ каст, уӕддӕр? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
15 Ӕркӕсӕм иу хабармӕ. Уымӕй бӕрӕг у, уырнындзинад нӕм куы уа ӕмӕ Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд ӕнтыстджын кӕй уыдзыстӕм. Перу́йы адӕмӕн сӕ фылдӕр дзурынц испайнаг ӕвзагыл. Фӕлӕ ма дзы бирӕтӕ дзурынц бынӕттон ӕвзӕгтыл дӕр. Сӕ иу у ӕвзаг кечуа. Бирӕ азты дӕргъы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ сӕ территорийы агуырдтой, уыцы ӕвзагыл чи дзуры, ахӕм адӕмы. Фӕлӕ хицауад ног закъон куы рауагъта, уӕд ӕфсымӕрты бахъуыд, куыд хъусын кодтой, уым цыдӕртӕ фӕивын (Ром. 13:1). Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй иуӕй-иутӕ хъуыды кодтой, уыцы ивындзинӕдты тыххӕй сын зындӕр кӕй уыдзӕн хъусын кӕнын. Фӕлӕ уӕддӕр разамындмӕ байхъуыстой, ӕмӕ сын Йегъовӕ дӕр раарфӕ кодта.
16 Дызӕрдыг чи кодта, уыдонӕй иу уыд иу хистӕр нӕлгоймаг, Ке́вин. Уый радзырдта: «Хъуыды кодтон, зӕгъын, ныр кечуайыл дзурӕг адӕмы куыд агурдзыстӕм». Ӕмӕ куыд бакодта? Кевин радзырдта: «Мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд Ӕмбисӕндтӕ 3:5 стих. Уӕд ахъуыды кодтон Моисейыл. Йегъовӕ йын загъта, цӕмӕй израилӕгты Египетӕй Сырх денджызы размӕ ӕрбакодтаид. Чи зоны сӕм афтӕ каст, ӕмӕ бабын сты, уымӕн ӕмӕ сӕ египетӕгтӕ фӕстейӕ асырдтой. Фӕлӕ Моисей Йегъовӕйы разамындмӕ байхъуыста. Ӕмӕ Йегъовӕ стыр диссаг сарӕзта, цӕмӕй сӕ фервӕзын кодтаид» (Рац. 14:1, 2, 9–11, 21, 22). Гъемӕ Кевин дӕр ног разамындмӕ гӕсгӕ хъусын кӕнын райдыдта. Ӕмӕ хабар куыд рауад? Уый радзырдта: «Йегъовӕ нын куыд раарфӕ кодта, ууыл тынг дис кодтон. Раздӕр-иу участоктыл бирӕ фӕзылдыстӕм, ӕмӕ-иу кечуайыл дзурӕг адӕмӕй ӕрмӕстдӕр иу кӕнӕ дыууӕимӕ аныхас кодтам. Ныр та фӕхъусын кӕнӕм, уыцы ӕвзагыл дзурӕг адӕм бирӕ кӕм ис, уыцы рӕтты. Уый фӕрцы фылдӕр адӕмимӕ аныхас кӕнӕм, фылдӕр адӕмы ногӕй бабӕрӕг кӕнӕм ӕмӕ бирӕтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайӕм. Стӕй ӕмбырдтӕм дӕр фылдӕр адӕм ӕрбацӕуы». Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ алкӕддӕр раарфӕ кӕны, разамындмӕ чи байхъусы, уыдонӕн.
Ӕфсымӕртӕн-иу бирӕтӕ равдыстой, кечуайыл дзурӕг адӕмы ссарӕн кӕм уыд, уый (кӕс 15, 16 абзацтӕ)
17. Ацы статьяйӕ цы базыдтай?
17 Мах базыдтам, куыст куы агурӕм, цардӕмбал куы ӕвзарӕм кӕнӕ-иу нын нӕ организаци разамынд куы ратта, уӕд-иу хъуамӕ бӕрӕг кӕй уа, уырнындзинадӕй кӕй цӕрӕм. Фӕлӕ ма Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ хъуамӕ архайӕм ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр, зӕгъӕм, дзырд ирхӕфсӕнтыл, ахуырыл ӕмӕ сывӕллӕттӕ хъомыл кӕныныл куы цӕуа, уӕд. Цавӕрфӕнды уынаффӕ рахӕссын нӕ ма хъӕуа, уӕддӕр, цы уынӕм, ӕрмӕст уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ма хӕссӕм уынаффӕтӕ. Хъуамӕ-иу ахъуыды кӕнӕм, Йегъовӕ уый тыххӕй цы дзуры, ууыл. Ӕмӕ ма рох кӕнӕм, кӕй ныл батыхсдзӕн. Уымӕй нын зӕрдӕ бавӕрдта. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд «цӕудзыстӕм нӕ Хуыцау Йегъовӕйы номӕй ӕнусӕй-ӕнусмӕ, мыггагмӕ» (Мих. 4:5).
156 ЗАРӔГ Уырнындзинад мын дӕтты цӕстырухс