Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w25 май 8–13 фф.
  • Удӕнцой агур Йегъовӕмӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Удӕнцой агур Йегъовӕмӕ
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ЙЕГЪОВӔ НЫН НЫХХАТЫР КӔНЫ
  • ЙЕГЪОВӔ НЫН НЫФС РАТТЫ
  • ЙЕГЪОВӔ НЫН ӔХХУЫС КӔНЫ, ЦӔМӔЙ МА ТӔРСӔМ
  • Йегъовӕ «дзӕбӕх кӕны, зӕрдӕсаст чи у, уыдоны»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Алцы кӕй нӕ зонӕм, уымӕ раст цӕстӕй кӕс
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Иунӕг никуы вӕййӕм
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Дӕ уынаффӕтӕй бӕрӕг уӕд, дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дарыс
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
w25 май 8–13 фф.

20 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

7 ЗАРӔГ Йегъовӕ у нӕ хъару

Удӕнцой агур Йегъовӕмӕ

«Табу... тӕригъӕдгӕнаг Фыдӕн ӕмӕ удӕнцойдӕттӕг Хуыцауӕн» (2 КОР. 1:3).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Вавилоны уацары чи уыд, уыцы дзуттӕгтӕн Йегъовӕ удӕнцой куыд лӕвӕрдта ӕмӕ уымӕй нӕ бон цы у базонын.

1. Цы зӕгъӕн ис, дзуттӕгтӕн Вавилоны уацары сӕ цард цыхуызӕн уыд, уый тыххӕй?

БИРӔ азты дӕргъы дзуттӕгтӕ Йегъовӕйы ныхмӕ арӕзтой тӕригъӕдтӕ. Ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕ бауагъта, цӕмӕй сын вавилойнӕгтӕ сӕ бӕстӕ ныппырх кодтаиккой, сӕхи та сын уацары акодтаиккой (2 Аз. 36:15, 16, 20, 21). Цымӕ ӕцӕгӕлон бӕстӕйы сӕ цард цыхуызӕн уыд? Цавӕрдӕр сӕрибардзинад дӕр сын уыд ӕмӕ иннӕ адӕмау сӕ царды кӕйттӕ кодтой (Йер. 29:4–7). Фӕлӕ уӕддӕр сӕ цард ӕнцон нӕ уыд. Нӕй зӕгъӕн, ӕмӕ ахӕм цардмӕ бӕллыдысты. Сӕ уавӕры тыххӕй цы хъуыды кодтой? Мӕнӕ цы загъта, Йегъовӕйыл иузӕрдион чи уыд, уыцы уацайрӕгтӕй иу: «Мах бадтыстӕм Вавилоны цӕугӕдӕтты был ӕмӕ Сион мысгӕйӕ куыдтам» (Пс. 137:1). Уыцы дзуттӕгтӕ тынг ныфссаст уыдысты. Фӕлӕ кӕм хъуамӕ ссардтаиккой удӕнцой?

2, 3. а) Уацары чи уыд, уыцы дзуттӕгтӕн Йегъовӕ куыд баххуыс кодта? б) Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

2 Йегъовӕ у «удӕнцойдӕттӕг Хуыцау» (2 Кор. 1:3). Уый йӕ адӕмы тынг уарзы ӕмӕ йӕ фӕфӕнды сӕ зӕрдӕтӕ сын ӕрсабыр кӕнын, удӕнцой сын раттын. Йегъовӕ зыдта, уацары чи уыд, уыцы дзуттӕгтӕй чидӕртӕ сӕ тӕригъӕдтыл кӕй ӕрфӕсмон кӕндзысты ӕмӕ йӕм фӕстӕмӕ кӕй ӕрбаздӕхдзысты (Ис. 59:20). Уымӕ гӕсгӕ, уацары сӕ куы акодтой, уымӕй 100 азы раздӕр пехуымпар Исайӕн ныффыссын кодта пехуымпарӕдты чиныг. Уыцы чиныг сын куыд баххуыс кодтаид? Исай ныффыста: «„Мӕ адӕмӕн сӕ зӕрдӕтӕ ӕрсабыр кӕнут, сӕ зӕрдӕтӕ сын ӕрсабыр кӕнут“,– зӕгъы уӕ Хуыцау» (Ис. 40:1). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ Исайӕн йӕ чиныджы цы ныффыссын кодта, уый фӕрцы сын сӕ зӕрдӕтӕ ӕрсабыр кодта.

3 Уыцы дзуттӕгтау мах дӕр хаттӕй-хатт вӕййӕм ныфссаст. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, Йегъовӕ сын удӕнцой куыд лӕвӕрдта, ууыл. 1) Зӕрдӕ бавӕрдта, чи ’рфӕсмон кӕна, уыдонӕн кӕй ныххатыр кӕндзӕн; 2) йӕ адӕмӕн ныфс радта ӕмӕ 3) баххуыс сын кодта, цӕмӕй ма тарстаиккой. Аныхас ма кӕндзыстӕм, Йегъовӕ абон махӕн дӕр удӕнцой куыд ратты ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕтӕ куыд ӕрсабыр кӕны.

ЙЕГЪОВӔ НЫН НЫХХАТЫР КӔНЫ

4. Йегъовӕ куыд равдыста, фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау кӕй у, уый? (Исай 55:7).

4 Йегъовӕ у «тӕригъӕдгӕнаг Фыд» ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау (2 Кор. 1:3). Уый Исайы уылты дзуттӕгтӕн зӕрдӕ бавӕрдта, куы ’рфӕсмон кӕной, уӕд сын кӕй ныххатыр кӕндзӕн. (Бакӕс Исайы 55:7.) Йегъовӕ сын загъта: «Ӕнустӕм [дӕ] уарздзынӕн ӕнувыд уарзтӕй ӕмӕ дӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисдзынӕн» (Ис. 54:8). Ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад куыд равдыста? Кӕд дзуттӕгтӕ сӕ фыдхъуыддӕгты тыххӕй уацары бахаудысты, уӕддӕр сын Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, Вавилоны ӕнустӕм кӕй нӕ баззайдзысты (Ис. 40:2). Ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ, чи ’рфӕсмон кодта, уыдонӕн удӕнцойы хос куыннӕ уыдаиккой!

5. Абон мах ноджы тынгдӕр цӕмӕн хъуамӕ уырна, Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ кӕй ныххатыр кӕны, уый?

5 Уымӕй нӕ бон цы у базонын? Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн сӕ тӕригъӕдтӕ зӕрдиагӕй ныххатыр кӕны. Ӕмӕ, рагон дзуттӕгтимӕ абаргӕйӕ, абон мах уый ноджы тынгдӕр хъуамӕ уырна. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ зонӕм, Йегъовӕ цы сарӕзта, цӕмӕй нын нӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕнын йӕ бон уа. Исай уыцы пехуымпарӕдтӕ куы ныффыста, уымӕй 700 азы бӕрц куы рацыд, уӕд Йегъовӕ зӕхмӕ ӕрӕрвыста йӕ уарзон Фырты. Уый йӕ цард радта, йӕ тӕригъӕдтыл чидӕриддӕр ӕрфӕсмон кӕна, уыцы адӕмы тыххӕй. Чырыстийы нывонды фӕрцы ис уый гӕнӕн, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдтӕй бынтондӕр «ссыгъдӕг уӕм». Зӕгъӕн ис, Йегъовӕ сӕ бынтондӕр «сыхалы» (Хъуыд. 3:19; Ис. 1:18; Еф. 1:7). Куыд фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау нын ис!

6. Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уый нӕ зӕрдыл цӕмӕн хъуамӕ дарӕм? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

6 Чи зоны, нӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй ныр дӕр ма нӕхи хӕрӕм, кӕд сыл ӕрфӕсмон кодтам, уӕддӕр. Уӕд нын Исайы 55:7 стихы фыст ныхӕстӕ уыдзысты удӕнцойы хос. Уӕлдай тынгдӕр та фӕмаст кӕнӕм, нӕ рӕдыды тыххӕй ма ноджы исты зындзинӕдтӕ куы бавзарӕм, уӕд. Фӕлӕ кӕд нӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодтам ӕмӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ныууагътам, уӕд хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нын кӕй ныххатыр кодта, ууыл. Ӕмӕ нын нӕ тӕригъӕд куы ныххатыр кӕны, уӕд та йӕ никуыуал ӕрхъуыды кӕны. (Абар Йеремийы 31:34.) Уӕдӕ нын кӕд Йегъовӕ нӕ раздӕры тӕригъӕдтыл нал фӕхъуыды кӕны, уӕд сыл мах цӕмӕн хъуамӕ хъуыды кӕнӕм? Уый кӕсы, абон цы аразӕм, уымӕ, нӕ раздӕры тӕригъӕдтӕм нӕ, фӕлӕ (Йез. 33:14–16). Ӕмӕ нӕ тагъд нӕ тӕригъӕдгӕнаг Фыд бынтондӕр фервӕзын кӕндзӕн, нӕ рӕдыдтыты тыххӕй цы зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм, уыдонӕй.

Ӕфсымӕр размӕ кӕсгӕйӕ, йӕ мидбылты худгӕ фӕцӕуы. Цалдӕр нывы: Раздӕр куыд цард ӕмӕ ныр куыд цӕры. Раздӕр цы ’взӕр хъуыддӕгтӕ арӕзта, уыдон: 1. Хъазыд, тыхми кӕм ис, ахӕм видеохъӕзтытӕй. 2. Фыднозт кодта ӕмӕ тамако дымдта. 3. Компьютеры ӕвзӕр цӕмӕдӕрты каст. Ныртӕккӕ цы хъуыддӕгтӕ аразы, уыдон: 1. Паддзахады зал ӕфснайы. 2. Ацӕргӕ хоимӕ ныхас кӕны. 3. Хорз хабар хъусын кӕны.

Йегъовӕ нын нӕ раздӕры тӕригъӕдтӕм нӕ кӕсы, фӕлӕ, абон цы аразӕм, уымӕ (кӕс 6 абзац)


7. Тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ бафӕнда хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ аныхас кӕнын?

7 Чи зоны, уӕззау тӕригъӕд сарӕзтам ӕмӕ йӕ сусӕг кӕнӕм, ӕмӕ нӕ уый тыххӕй нӕ цӕсгом хӕры. Уӕд куыд хъуамӕ бакӕнӕм? Библийы фыст ис, хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс кӕй хъуамӕ ракурӕм (Иак. 5:14, 15). Чи зоны нын ӕнцон ма уа нӕ тӕригъӕдыл басӕттын. Фӕлӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ бафӕнда хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ аныхас кӕнын? Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм: Йегъовӕ нын баххуыс кӕны уыцы нӕлгоймӕгты уылты. Уыдон дӕр уыйау сты уарзӕгой ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ. Уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, стӕй нӕ тӕригъӕдыл куы ’рфӕсмон кӕнӕм, уӕд нӕ бафӕнддзӕн семӕ аныхас кӕнын. Ӕфсымӕр А́ртуры йӕ цӕсгом хордта, цы арӕзта, уый тыххӕйa. Ӕмӕ йын Йегъовӕ хистӕр нӕлгоймӕгты уылты баххуыс кодта. Артур радзырдта: «Иу азы бӕрц кастӕн порнографимӕ. Фӕлӕ нӕм иухатт уыд раныхас, адӕймагӕн Хуыцауы раз йӕ цӕсгом сыгъдӕг кӕй хъуамӕ уа, уый тыххӕй. Ӕмӕ уый фӕстӕ мӕ тӕригъӕды тыххӕй мӕ цардӕмбалӕн ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн радзырдтон. Ӕмӕ мын уӕд бирӕ фенцондӕр. Мӕ цӕсгом мӕ нал хордта. Фӕлӕ уӕддӕр тынг маст кодтон, цы сарӕзтон, уый тыххӕй. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ мын мӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой, Йегъовӕ мыл йӕ къух кӕй нӕ ауыгъта ӕмӕ йӕ уӕддӕр кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ хӕлар уон. Зонд, дам, нын амоны, кӕй нӕ уарзы, уый тыххӕй. Сӕ фӕлмӕн ныхӕстӕ мын мӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кодтой ӕмӕ бамбӕрстон, Йегъовӕ мын ӕцӕгдӕр кӕй ныххатыр кодта». Ныр Артур лӕггад кӕны пионерӕй ӕмӕ у кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр. Нӕ рӕдыдтытыл куы ’рфӕсмон кӕнӕм, уӕд нын сӕ Йегъовӕ алкӕддӕр ныххатыр кӕны. Уый кӕй зонӕм, уый нын стыр удӕнцой хӕссы!

ЙЕГЪОВӔ НЫН НЫФС РАТТЫ

8. а) Уацары чи уыд, уыцы дзуттӕгтӕн Йегъовӕ цавӕр ныфс радта? б) Исай 40:29–31 стихтӕм гӕсгӕ, йӕ тӕригъӕдтыл чи ’рфӕсмон кодта, уыцы дзуттӕгтӕн уыцы ныфс куыд баххуыс кодта?

8 Уацары чи уыд, уыцы дзуттӕгты, чи зоны, сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ аздӕхынӕй ницы ныфс уыд. Иууылдӕр зыдтой, вавилойнӕгтӕ-иу сӕ уацайрӕгты кӕй нӕ ауагътой (Ис. 14:17). Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ адӕмӕн зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй сӕ ссӕрибар кӕндзӕн ӕмӕ фӕстӕмӕ сӕ бӕстӕмӕ кӕй ӕрыздӕхдзысты. Ӕмӕ йӕ ницы бахъыгдардтаид йӕ ныхас сӕххӕст кӕнын (Ис. 44:26; 55:12). Йегъовӕйы цӕсты Вавилон, кӕуыл бафу кӕнай ӕмӕ чи атӕха, ахӕм рыджы мур йеддӕмӕ ницы уыд (Ис. 40:15). Уыцы ныфс уацайраг дзуттӕгтӕн куыд ӕххуыс кодта? Хаста сын удӕнцой. Фӕлӕ ӕрмӕст уый нӕ. Исай ныффыста: «Йӕ ныфс Йегъовӕйыл чи дары, уыдоны ногӕй тыхтӕ бацӕудзӕн». (Бакӕс Исайы 40:29–31.) Цыма, дам, сыл цӕргӕсы базыртӕ ис, уыйау, дам, бӕрзонд стӕхдзысты. Ахӕм стыр тых сӕ уагъта уыцы ныфс!

9. Дзуттӕгтӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ уыд, Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст уыдзысты, уымӕн?

9 Йегъовӕ дзуттӕгтӕн куыд равдыста, йӕ зӕрдӕвӕрдтыл ӕууӕндӕн кӕй ис, уый? Уӕдмӕ дӕр кӕцыдӕр пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст сты. Дзуттӕгтӕ зыдтой, ассириӕгтӕ кӕй басастой цӕгатаг паддзахад Израил ӕмӕ йын йӕ цӕрджыты уацары кӕй акодтой (Ис. 8:4). Федтой ма, вавилойнӕгтӕ Иерусалим куыд ныппырх кодтой ӕмӕ йын йӕ цӕрджыты уацары кӕй акодтой, уый дӕр (Ис. 39:5–7). Стӕй зыдтой, Вавилоны паддзах Иудӕйы паддзах Седе́кийы цӕстытӕ кӕй скъахта ӕмӕ йӕ Вавилонмӕ кӕй акодта (Йер. 39:7; Йез. 12:12, 13). Йегъовӕ цы загъта, уыдӕттӕ иууылдӕр сӕххӕст сты (Ис. 42:9; 46:10). Уӕдӕ сӕ куыннӕ хъуамӕ уырныдтаид, Йегъовӕ сӕ кӕй ссӕрибар кӕндзӕн, уый.

10. Ацы фӕстаг бонты нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, цы ныфс нын ис, уый алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм?

10 Уымӕй нӕ бон цы у базонын? Ныфссаст куы вӕййӕм, уӕд нын Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕ ӕрхӕссынц удӕнцой ӕмӕ нӕ тыхтӕ бауадзынц. Мах цӕрӕм тынг уӕззау рӕстӕджы, стӕй нын ис хъомысджын знӕгтӕ. Фӕлӕ хъуамӕ мацӕмӕй тӕрсӕм. Йегъовӕ нын зӕрдӕ бавӕрдта, ӕнустӕм дзӕнӕты кӕй цӕрдзыстӕм ӕмӕ нын уым тӕссаг ӕппындӕр кӕй ницӕмӕй уыдзӕн. Ӕмӕ уыцы ныфс хъуамӕ алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм, цыма уыцы ног цард уынгӕ кӕнӕм, афтӕ. Арӕх ыл куы нӕ хъуыды кӕнӕм, уӕд ӕй ирдӕй нал уындзыстӕм. Зӕгъӕм, чъизи рудзынгӕй ӕддӕмӕ куы кӕсай, уӕд дӕм цыфӕнды рӕсугъд бынат дӕр рӕсугъд нал фӕкӕсдзӕн. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй уыцы «рудзынг» алкӕддӕр сыгъдӕг уа, ома нын цы ныфс ис, уый алкӕддӕр нӕ цӕстыты раз уа? Хъуамӕ-иу арӕх рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм, цӕмӕй-иу нӕ цӕстытыл ауайын кӕнӕм, ног дунейы куыд цӕрдзыстӕм ӕмӕ дзы цы диссаджы цард уыдзӕн, уый. Йегъовӕ нын цы цард ӕрцӕттӕ кодта, уый кой ис бирӕ статьяты, видеороликты ӕмӕ зарджыты. Ӕмӕ нын уыдоны фӕрцы ӕнцондӕр вӕййы уыцы цард нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын. Стӕй Йегъовӕмӕ кувгӕйӕ нӕ бон вӕййы йемӕ аныхас кӕнын, тынгдӕр цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, ууыл.

11. Уӕззау низӕй рынчын чи у, иу ахӕм хойы ногӕй тыхтӕ цӕй фӕрцы бацӕуы?

11 Хо Джой у уӕззау низӕй рынчын. Цы ныфс нын ис, уый йын удӕнцой куыд хӕссы ӕмӕ йын тыхтӕ куыд дӕтты? Джой загъта: «Куы сфӕлмӕцын ӕмӕ мӕ ныфс куы асӕтты, уӕд Йегъовӕйӕн фӕдзурын, мӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр вӕййы ӕмӕ цы фенкъарын, уыдӕттӕ. Ӕз ӕй зонын, кӕй мӕ ӕмбары. Ӕмӕ мӕ уӕд схайджын кӕны, „адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ“» (2 Кор. 4:7). Уымӕй уӕлдай ма Джой фӕхъуыды кӕны, ног дунейы куыд цӕрдзӕн, ууыл. «Уым цӕрӕг адӕмӕй иу дӕр нал зӕгъдзӕн: „Ӕз рынчын дӕн“» (Ис. 33:24). Мах дӕр-иу, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уыдӕттӕ Йегъовӕйӕн куы ’ргом кӕнӕм ӕмӕ нын цы ныфс ис, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд та-иу нӕ ногӕй тыхтӕ бацӕудзӕн. Ӕмӕ-иу нӕ бон уыдзӕн, цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм, уыдон сфӕразын.

12. Фидарӕй нӕ цӕмӕн хъуамӕ уырна, Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ алкӕддӕр кӕй сӕххӕст кӕны, уый? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

12 Вавилоны уацары чи уыд, уыцы дзуттӕгтау мах дӕр хъуамӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уый. Уымӕн нын ис бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Ахъуыды-ма кӕнӕм, нӕ цӕстыты раз цы пехуымпарӕдтӕ ӕххӕст кӕнынц, уыдоныл. Зӕгъӕм, пехуымпар Данел иу паддзахады тыххӕй ныффыста, зӕгъгӕ, «уыдзӕн кӕм фидар, кӕм та – лӕмӕгъ». Ӕмӕ мах цӕрӕм уыцы дунеон паддзахады рӕстӕг (Дан. 2:42, 43). Уымӕй уӕлдай ма уынӕм, куыд ӕххӕст кӕны пехуымпарад, «куы иу ран, куы иннӕ ран... уыдзӕн зӕххӕнкъуыстытӕ», зӕгъгӕ. Стӕй хъусын кӕнӕм хорз хабар «ӕппӕт адӕмтӕн дӕр» (Матф. 24:7, 14). Ацы пехуымпарӕдтӕ ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр пехуымпарӕдтӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ нӕ фидарӕй уырны, Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕй чи нӕма сӕххӕст, уыдон дӕр кӕй сӕххӕст уыдзысты.

Хо кӕсы, Библийы чи ис, уыцы пехуымпарӕдтӕ ӕмӕ сыл хъуыды кӕны. Цалдӕр нывы: 1. Лӕг ӕмӕ ус лӕууынц стендимӕ ӕмӕ ныхас кӕнынц иу нӕлгоймагимӕ. 2. Фыд йӕ лӕппуимӕ кӕсынц, ӕрдзон бӕллӕх цы зиан ӕрхаста, уымӕ. 3. Дур сӕмбӕлд, Навуходоносор фыны цы гуымиры федта, уымӕн йӕ къӕхтыл. Йӕ кой ис Данелы 2-⁠аг сӕры. 4. Адӕм дзӕнӕты цардӕй сӕ мондӕгтӕ исынц.

Абон нӕ цӕстыты раз цы пехуымпарӕдтӕ ӕххӕст кӕнынц, уыдон сты фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ, Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст уыдзысты, уымӕн (кӕс 12 абзац)


ЙЕГЪОВӔ НЫН ӔХХУЫС КӔНЫ, ЦӔМӔЙ МА ТӔРСӔМ

13. а) Дзуттӕгтӕм цавӕр зындзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ каст, се ссӕрибар кӕныны рӕстӕг куы ’рхӕццӕ, уӕд? б) Йегъовӕ дзуттӕгтӕн сӕ зӕрдӕтӕ куыд ӕрсабыр кодта? (Исай 41:10–13).

13 Вавилоны уацары чи уыд, уыцы дзуттӕгтӕн Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй ссӕрибар уыдзысты, уымӕй. Фӕлӕ зыдта, уыцы рӕстӕг куы ’рхӕццӕ уа, уӕд зындзинӕдтыл кӕй сӕмбӕлдзысты. Йегъовӕ рагацау загъта, иу хъомысджын паддзах, Вавилоны алыварс цы адӕмтӕ ис, уыдоны кӕй басӕтдзӕн, уый фӕстӕ та Вавилоны ныхмӕ кӕй рацӕудзӕн (Ис. 41:2–5). Цымӕ дзуттӕгты уыдӕттӕй тӕрсын хъуыд? Уыцы хабар куы ’рцыд, уымӕй бирӕ азтӕ раздӕр Йегъовӕ йӕ адӕмӕн загъта, сӕ зӕрдӕ сын чи ӕрсабыр кодтаид ӕмӕ сын удӕнцой чи ’рхастаид, ахӕм ныхӕстӕ: «Ма тӕрс, уымӕн ӕмӕ ӕз демӕ дӕн. Тарст ракӕс-бакӕс ма кӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕ Хуыцау дӕн». (Бакӕс Исайы 41:10–13.) Ацы ныхӕстӕй, «ӕз дӕ Хуыцау дӕн», зӕгъгӕ, Йегъовӕ цы зӕгъинаг уыд? Афтӕ сын уый тыххӕй нӕ загъта, цӕмӕй сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтаид, кӕй йын хъуамӕ лӕггад кӕной. Уый ӕнӕуи дӕр зыдтой. Фӕлӕ сын уыцы ныхӕстӕ уый тыххӕй загъта, цӕмӕй сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтаид, сӕ фарс кӕй у ӕмӕ сын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн (Пс. 118:6).

14. Йегъовӕ ма ноджыдӕр цы сарӕзта, цӕмӕй дзуттӕгтӕ ма тарстаиккой?

14 Йегъовӕ ма дзуттӕгтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, цы стыр тыхы ӕмӕ цы стыр зонды хицау у, уый. Загъта сын, цӕмӕй стъалытӕм скастаиккой, ӕмӕ сын бамбарын кодта, иууылдӕр йӕ къухты конд кӕй сты ӕмӕ дзы алкӕцы дӕр йӕ номӕй кӕй зоны (Ис. 40:25–28). Ӕмӕ кӕд алы стъалыйӕн дӕр йӕ ном зоны, уӕд йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕй ном дӕр куыннӕ зоны! Стӕй кӕд йӕ бон уыд стъалытӕ сфӕлдисын, уӕд йӕ бон куыннӕ у йӕ адӕмы фервӕзын кӕнын! Уӕдӕ, уацары чи уыд, уыцы дзуттӕгты мӕт кӕнын ӕмӕ тӕрсын нӕ хъуыд.

15. Хуыцау дзуттӕгты куыд бацӕттӕ кодта, цы хабӕрттӕ хъуамӕ ӕрцыдаид, уыдонмӕ?

15 Йегъовӕ ма йӕ адӕмӕн загъта, цы хъуамӕ саразой, се ссӕрибар кӕныны рӕстӕг куы ’рхӕццӕ уа, уӕд. Исайы 26:20 стихы фыст ис: «Ацӕут, мӕ адӕм, уӕ мидӕггаг уӕттӕм бацӕут, уӕхиуыл дуӕрттӕ сӕхгӕнут. Иуцасдӕрмӕ бамбӕхсут, цалынмӕ фыдӕхы рӕстӕг нӕ аивгъуыйа». Ӕмӕ дзуттӕгтӕ, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ бакодтой, паддзах Кир Вавилон куы басаста, уӕд. Рагон грекъаг историк Ксенофо́нт ныффыста, зӕгъгӕ, дам, Кир Вавилонмӕ куы бабырста, уӕд йе ’фсӕддонтӕн бардзырд радта, цӕмӕй, уынджы чидӕриддӕр уыд, уыдоны ныццагътаиккой. Ахъуыды-ма кӕн, Вавилоны цӕрджытӕ куыд старстаиккой! Фӕлӕ дзуттӕгтӕн, ӕвӕццӕгӕн, тӕссаг нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ уыдон хъуыстой Йегъовӕйы амындтӕм.

16. Стыр бӕллӕхы рӕстӕг цы уыдзӕн, ууыл нӕ ӕгӕр мӕт кӕнын цӕуылнӕ хъӕуы? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

16 Уымӕй нӕ бон цы у базонын? Тагъд райдайдзӕн стыр бӕллӕх. Ахӕм бӕллӕх никуы уыд! Ацы дунейы адӕм стыхсдзысты ӕмӕ, цы кӕной, уый нӕ зондзысты. Фӕлӕ Йегъовӕйы адӕмӕй афтӕ нӕ уыдзӕн зӕгъӕн. Мах ӕй зонӕм, Йегъовӕ нӕ Хуыцау кӕй у. Ӕмӕ нӕ тӕрсдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ зондзыстӕм, нӕ «ирвӕзындзинад [кӕй] ӕрхӕстӕг» (Лук. 21:28). Ӕппӕт зӕххон хицауӕдты цӕдис нӕ ныхмӕ куы рацӕуа, уӕд дӕр нӕ ныфс дардзыстӕм Йегъовӕйыл. Йегъовӕ нӕ хъахъхъӕндзӕн йӕ зӕдты уылты ӕмӕ нын ратдзӕн, фервӕзынӕн нын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм амындтӕ. Куыд нын сӕ ратдзӕн? Уый нырма бӕлвырд нӕ зонӕм. Фӕлӕ нын сӕ, ӕвӕццӕгӕн, ратдзӕн не ’мбырдты уылты. Чи зоны, ӕмӕ ӕмбырдтӕ уыдзысты, тӕссаг нын кӕм ницӕмӕй уыдзӕн, уыцы «мидӕггаг уӕттӕ». Нӕ бон куыд у нӕхи, цы уыдзӕн, уымӕ бацӕттӕ кӕнын? Хъуамӕ нӕ хотимӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ ӕнгомдӕр кӕнӕм, Йегъовӕйы организацийы амындтӕм хъусӕм ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, уыцы организацийӕн разамынд Йегъовӕ кӕй дӕтты, ууыл (Дзут. 10:24, 25; 13:17).

Стыр бӕллӕхы рӕстӕг хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ иу агъуысты бадынц ӕмӕ иумӕ Библи кӕсынц. Иу ӕфсымӕр къухӕй стъалытӕм амоны, ӕмӕ иннӕтӕ дӕр рудзынгӕй арвмӕ кӕсынц.

Йегъовӕмӕ цы стыр хъару ис ӕмӕ нӕ йӕ бон фервӕзын кӕнын кӕй у, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ тӕрсдзыстӕм, стыр бӕллӕхы рӕстӕг цы уыдзӕн, уымӕй (кӕс 16 абзац)b


17. Дӕ бон куыд у Йегъовӕмӕ удӕнцой агурын?

17 Кӕд дзуттӕгтӕн уацары сӕ цард ӕнцон нӕ уыд, уӕддӕр сын Йегъовӕ удӕнцой лӕвӕрдта. Ӕмӕ махӕн дӕр удӕнцой дӕтдзӕн. Уӕдӕ цыфӕнды ма ’рцӕуа,– удӕнцой Йегъовӕмӕ агур. Ма дызӕрдыг кӕн, йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн сӕ тӕригъӕдтӕ кӕй ныххатыр кӕны ӕмӕ сыл кӕй тыхсы. Цы ныфс нын ис, ууыл арӕхдӕр хъуыды кӕн. Ӕмӕ ма рох кӕн: Йегъовӕ у дӕ Хуыцау, ӕмӕ хъуамӕ ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрсай!

АЦЫ СТИХТӔ ДЫН УДӔНЦОЙ КУЫД ХӔССЫНЦ?

  • Исай 55:7

  • Исай 40:29–31

  • Исай 41:10–13

3 ЗАРӔГ Нӕ ныфс, нӕ хъару, нӕ фидар мӕсыг

a Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

b НЫВ. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ иумӕ ӕрӕмбырд сты. Уыдон стъалытӕм кӕсынц, ӕмӕ сын уый сӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, Йегъовӕмӕ ахӕм тых кӕй ис, цӕмӕй йӕ адӕмы фервӕзын кӕна.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын