Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w25 июль 26–30 фф.
  • «Ацы хӕст Йегъовӕйы хӕст у»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Ацы хӕст Йегъовӕйы хӕст у»
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • МӔ НЫЙЙАРДЖЫТЫ ЗЫНГЗӔРДӔДЗИНАД МЫН МӔ ЗӔРДӔЙЫ ДӔР ЗЫНГ ССЫГЪТА
  • ЛӔГГАД КӔНЫН ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТЫ СӔЙРАГ ХАЙАДЫ
  • НОГ ХӔСТӔ: ЮРИДИКОН ХАЙАД
  • ХОРЗ ХАБАРЫ СӔРЫЛ ТОХ КӔНЫН ӔМӔ ХЪУСЫН КӔНЫНЫ ХЪУЫДДАГ ЗАКЪОНМӔ ГӔСГӔ ӔРФИДАР КӔНЫНЫЛ АРХАЙЫН
  • БУЗНЫГ ДЫН, ЙЕГЪОВӔ!
  • Тох кӕнӕм, цӕмӕй Хуыцауӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕнӕм
    Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!
  • Юридикон хабӕрттӕ
    2016 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
  • Иузӕрдион стӕм ӕрмӕстдӕр Хуыцауы ӕвӕрд хицауадыл
    Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!
  • Фарон цы ахсджиаг хабӕрттӕ ӕрцыд
    2013 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
w25 июль 26–30 фф.
Филип ӕмӕ Элизабет Брамли.

БИОГРАФИ

«Ацы хӕст Йегъовӕйы хӕст у»

РАДЗЫРДТА ЙӔ ФИЛИП БРАМЛИ

2010 азы 28 январы уыдтӕн Стра́сбурджы, Францийы. Уый тынг рӕсугъд горӕт у. Фӕлӕ уырдӕм рӕсугъд бынӕттӕ уынынмӕ нӕ ацыдтӕн. Мах цалдӕр адвокатӕй уырдӕм ӕрцыдыстӕм, цӕмӕй Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг Европӕйы тӕрхондоны Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты бартыл дзырдтаиккам. Францийы хицауад Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй ӕрдомдта тынг стыр хъалон – 64 000 000 евройы бӕрц. Ӕмӕ мах та хъуыди сбӕлвырд кӕнын, закъонмӕ гӕсгӕ уый раст кӕй нӕу. Фӕлӕ нӕ уыцы тӕрхондоны рамбулын сӕйраджыдӕр уый тыххӕй нӕ хъуыд, цӕмӕй нӕ уыцы стыр хъалон фидын ма бахъуыдаид, фӕлӕ цӕмӕй Йегъовӕйы ном скадджын уыдаид, йӕ адӕмы ном сыгъдӕгӕй баззадаид ӕмӕ цӕмӕй Францийы сӕ бон дарддӕр дӕр уыдаид Йегъовӕйӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕнын. Уыцы бон тӕрхондоны цы ’рцыд, уый фӕрцы бамбӕрстам, «ацы хӕст Йегъовӕйы хӕст» кӕй у (1 Сам. 17:47). Цӕй ӕмӕ уын алцыдӕр бӕстон радзурон.

Хабӕрттӕ райдыдтой 1999 азы. Уӕд Францийы хицауад нӕ филиалыл хъалон сӕвӕрдта, 1993 азӕй 1996 азмӕ сӕм цы мысайнӕгтӕ ’рбацыд, уыдоны тыххӕй. Мах афтӕ ӕнхъӕлдтам, ӕмӕ Францийы тӕрхондӕтты рамбулдзыстӕм. Фӕлӕ нын нӕ рауад. Апеляци балӕвӕрдтам, фӕлӕ та уым дӕр фӕхӕрд стӕм. Ӕмӕ нын уӕд хицауад, нӕ филиалӕн банчы цы ’хцатӕ уыд, уыдонӕй систой 4 500 000 евройӕ фылдӕр. Ӕмӕ уӕд сфӕнд кодтам Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг Европӕйы тӕрхондонмӕ хъаст бадӕттын. Фӕлӕ нын цалынмӕ нӕ хъуыддаг ӕвзарын нӕ райдыдтой, уӕдмӕ уал Европӕйы тӕрхондоны домӕнтӕм гӕсгӕ хъуамӕ фембӕлдаиккам Францийы хицауады адвокаттимӕ ӕмӕ, тӕрхондоны номӕй чи архайдта, уыцы адӕймагимӕ. Афтӕ уый тыххӕй бакӕнын хъуыди, цӕмӕй хъуыддаг нӕхимидӕг равзӕрстаиккам, ӕмӕ йӕ уӕд тӕрхондоны ӕвзарын нал бахъуыдаид.

Мах ӕй зыдтам, хабар куыд уыдзӕн, уый. Тӕрхондоны нын зӕгъдзысты, цӕмӕй сразы уӕм, Францийы хицауад нын цы хъалон фидын кӕны, уымӕн йӕ кӕцыдӕр хай бафидыныл. Фӕлӕ йӕ ӕмбӕрстам, иунӕг евро дӕр сын куы бафидӕм, уӕд афтӕмӕй Библийы уагӕвӕрдтӕ кӕй фехалдзыстӕм. Хотӕ ӕмӕ фсымӕртӕ мысайнӕгтӕ дӕттынц Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн. Ӕмӕ хицауад уыцы мысайнӕгтӕм ницы бар дары (Матф. 22:21). Фӕлӕ уӕддӕр уыцы фембӕлдмӕ ацыдыстӕм, цӕмӕй афтӕ ма рауадаид, ӕмӕ Европӕйы тӕрхондоны уагӕвӕрдтӕ ницӕмӕ дарӕм.

Нӕ адвокаттӕ Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг Европӕйы тӕрхондоны раз, 2010 аз

Гъемӕ фембӕлдыстӕм, тӕрхондоны конференцитӕ кӕм фӕцӕуы, иу ахӕм рӕсугъд залы. Фембӕлд куыддӕр райдыдта, афтӕ, Европӕйы тӕрхондоны номӕй чи архайдта, уыцы сылгоймаг загъта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты кӕй хъӕуы, Францийы хицауад сӕ цы хъалон домы, уымӕн йӕ кӕцыдӕр хай бафидын. Ӕмӕ нӕхӕдӕг дӕр уый ӕнхъӕл нӕ уыдыстӕм, афтӕмӕй йӕ бафарстам: «Уый зоныс, ӕмӕ нӕ филиалӕн банчы цы ’хца ис, уыдонӕй хицауад ныридӕгӕн дӕр 4 500 000 евройӕ фылдӕр кӕй систа?»

Бӕрӕг уыд, сылгоймаг хорзау кӕй нал фӕци. Францийы хицауады адвокаттӕ дӕр куы загътой, хабар ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у, уӕд сылгоймаг хъуыддагмӕ бынтон ӕндӕр цӕстӕй ракаст. Уый сын карзӕй бауайдзӕф кодта ӕмӕ загъта, нӕ фембӕлд фӕци, зӕгъгӕ. Ӕз ӕй бамбӕрстон, Йегъовӕ, ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ уыдыстӕм, хабӕрттӕ афтӕ кӕй рауайын кодта, цӕмӕй уый фӕстӕ тӕрхондоны рамбылдтаиккам. Цы ’рцыд, уый нӕ уырнгӕ дӕр нӕ кодта. Ӕмӕ тӕрхондонӕй цингӕнгӕ рацыдыстӕм.

2011 азы 30 июны Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг Европӕйы тӕрхондоны тӕрхонгӕнджытӕ ӕмвӕндӕй уынаффӕ рахастой, раст кӕй стӕм. Загътой, Францийы хицауад нын хъалон кӕй фидын кӕны, уый закъонмӕ гӕсгӕ раст кӕй нӕу. Уымӕ гӕсгӕ, банкӕй нын цы ’хца систой, уыдон нын хъуамӕ фӕстӕмӕ радтаиккой ӕмӕ ма нын проценттӕ дӕр бафыстаиккой. Уыцы уынаффӕйы фӕрцы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн Францийы абоны онг дӕр сӕ бон у сӕрибарӕй лӕггад кӕнын. Тӕрхондоны ӕнӕнхъӕлӕджы цы фарста радтам, уый уыд, мӕнӕ Голиафы ныхыл цы дур сӕмбӕлд, раст уый хуызӕн. Нӕ хъуыддаг хорз уый фӕрцы рауад. Цӕмӕн рамбылдтам? Уымӕн ӕмӕ, Давид Голиафӕн куыд загъта, афтӕ «ацы хӕст Йегъовӕйы хӕст у» (1 Сам. 17:45–47).

Тӕрхондоны ӕрмӕст ацы хатт нӕ рамбылдтам. Кӕд хъомысджын хицауӕдтӕ ӕмӕ динон организацитӕ нӕ ныхмӕ цыдысты, уӕддӕр 70 бӕстӕйы уӕлдӕр тӕрхондӕтты ӕмӕ цалдӕр ӕхсӕнадӕмон тӕрхондоны рамбылдтам 1 225 хъуыддаджы. Уыцы хъуыддӕгтӕ кӕй рамбылдтам, уый фӕрцы нӕ бартӕ хъахъхъӕд цӕуынц, зӕгъӕм, нӕ динӕн ис юридикон статус, ис нын бар, цӕмӕй хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнӕм, патриотизмимӕ баст церемониты ма архайӕм ӕмӕ туг ма уадзӕм.

Афтӕ куыд рауад, ӕмӕ нын Европӕйы тӕрхондоны нӕ хъуыддаг куы ’взӕрстой, уӕд ӕз дӕр уым уыдтӕн, кӕд ӕмӕ лӕггад кодтон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайады Нью-Йорчы (АИШ)?

МӔ НЫЙЙАРДЖЫТЫ ЗЫНГЗӔРДӔДЗИНАД МЫН МӔ ЗӔРДӔЙЫ ДӔР ЗЫНГ ССЫГЪТА

Мӕ ныййарджытӕ, Джордж ӕмӕ Люси́ль, ахуыр кодтой Галаады скъолайы 12-ӕм къласы. Скъола куы фесты, уӕд сӕ арвыстой Эфиопимӕ. Уым 1956 азы райгуырдтӕн ӕз. Мӕ ныййарджытӕ мӕ схуыдтой Филип, «хорз хабар хъусынгӕнӕг Филиппмӕ» гӕсгӕ (Хъуыд. 21:8). 1957 азы нын Эфиопийы хицауад нӕ хъуыддаг сӕхгӕдта. Кӕд гыццыл уыдтӕн, уӕддӕр ӕй хорз хъуыды кӕнын, сусӕгӕй-иу куыд хъусын кодтам ӕмӕ-иу ӕмбырдтӕ куыд уагътам. Гыццыл кӕй уыдтӕн, уымӕ гӕсгӕ уый мӕ зӕрдӕмӕ цыд. Хъыгагӕн нӕ 1960 азы Эфиопийы хицауад сӕ бӕстӕйӕ рарвыста.

Нейтан Норр (галиуырдыгӕй кӕронӕй) уазӕгуаты нӕ бинонтӕм Аддис-Абебӕйы (Эфиопи), 1959 аз

Мах ӕрцардыстӕм Уи́читойы (штат Канза́с, АИШ). Мӕ ныййарджытӕ ам дӕр зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодтой, миссионертӕй куыд зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодтой, афтӕ. Рӕстдзинадӕй ахсджиагдӕр сын ницы уыди. Ӕмӕ махӕн дӕр – мӕнӕн, мӕ хистӕр хо Джу́дийӕн ӕмӕ мӕ кӕстӕр ӕфсымӕр Ле́слийӕн – рӕстдзинад бауарзын кодтой (Джуди ӕмӕ Лесли дӕр райгуырдысты Эфиопийы.) 13 азы мыл куы цыд, уӕд донаргъуыд райстон. Уымӕй 3 азы фӕстӕ та ацыдыстӕм, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кодта, ахӕм ранмӕ, Ареки́пӕмӕ (Перу́).

1974 азы мӕн ӕмӕ ма ноджыдӕр 4 ӕфсымӕры Перуйы филиал снысан кодта сӕрмагонд пионертӕй. Уӕд мыл 18 азы йеддӕмӕ нӕма цыд. Лӕггад кодтам Централон Андты. Нӕ размӕ дзы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ никуы уыд. Мах хъусын кодтам, ӕвзӕгтыл ке́чуа и аймара́ чи дзырдта, уыцы адӕмӕн. Иу ранӕй иннӕмӕ цыдыстӕм, цӕрӕн фургон кӕмӕн уыд, ахӕм машинӕйыл. Ӕмӕ цӕргӕ дӕр фургоны кодтам. Нӕ машинӕ бирӕ уарзтам ӕмӕ йӕ хуыдтам «Нойы нау», стыр асыччы хуызӕн кӕй уыд, уый тыххӕй. Мӕ зӕрдӕмӕ цыди адӕмӕн Библийы ӕвдисын, Йегъовӕ нын ныфс цӕмӕй ӕвӕры, уый, зӕгъӕм, кӕй нал уыдзӕн мӕгуырдзинад, низтӕ ӕмӕ мӕлӕт (Рарг. 21:3, 4). Бирӕтӕ сӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдыдтой. Уыцы рӕстӕджытӕ абон дӕр ӕхсызгонӕй ӕрымысын.

Цӕрӕн фургон кӕмӕн ис, ахӕм машинӕ арф доны фӕцӕуы.

«Нойы нау», 1974 аз

ЛӔГГАД КӔНЫН ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТЫ СӔЙРАГ ХАЙАДЫ

1977 азы Перумӕ ӕрцыди А́льберт Шрёдер, лӕггад кодта Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг советы. Уый мын загъта, цӕмӕй Вефилы лӕггад кӕныны тыххӕй курдиат байдзаг кодтаин. Ӕмӕ ӕз дӕр афтӕ бакодтон. Уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр, 1977 азы 17 июны, райдыдтон лӕггад кӕнын Бруклины Вефилы. Ӕмӕ цыппар азы дӕргъы лӕггад кодтон ӕфснайыны ӕмӕ цалцӕг кӕныны куыстыты хайӕдты.

Нӕ чындзӕхсӕвы бон, 1979 аз

1978 азы июны Ног Орлеа́ны (штат Луизиа́нӕ) уыд ӕхсӕнадӕмон конгресс. Уым базонгӕ дӕн Эли́забет Авалло́нимӕ. Уымӕн дӕр йӕ ныййарджытӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыдысты, ӕмӕ сын мӕ ныййарджытау рӕстдзинадӕй ахсджиагдӕр царды ницы уыд. Элизабет уӕдмӕ дӕр 4 азы лӕггад кодта пионерӕй. Ӕмӕ йӕ нысан уыд, цӕмӕй Йегъовӕйӕн ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кодтаид цӕрӕнбонты. Кӕрӕдзи хуыздӕр куы базыдтам, уӕд кӕрӕдзи тынг бауарзтам. 1979 азы 20 октябры нӕ цард баиу кодтам, ӕмӕ Элизабет дӕр мемӕ Вефилы лӕггад кӕнын райдыдта.

Нӕ фыццаг ӕмбырд уыд «Бруклин, Испайнаг». Ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ нын сӕ зӕрдӕтӕ уӕрӕх байгом кодтой. Фӕстӕдӕр ма лӕггад кодтам ӕртӕ ӕндӕр ӕмбырды. Ӕмӕ алы ӕмбырды дӕр уыдтам, хотӕ ӕмӕ нӕ ӕфсымӕртӕ кӕй уарзынц ӕмӕ, Вефилы кӕй лӕггад кӕнӕм, уымӕн кӕй аргъ кӕнынц. Уыдонӕй дӕр, стӕй не ’мбӕлттӕй ӕмӕ нӕ хиуӕттӕй дӕр тынг бузныг стӕм, нӕ ацӕргӕ ныййарджытӕм кӕсынӕн нын кӕй ӕххуыс кодтой, уый тыххӕй.

Филип иннӕ вефилӕгтимӕ ӕмбырды.

Ӕмбырды «Бруклин, Испайнаг» чи лӕггад кодта, уыцы вефилӕгтӕ, 1986 аз

НОГ ХӔСТӔ: ЮРИДИКОН ХАЙАД

1982 азы январы мӕ ӕнӕнхъӕлӕджы снысан кодтой юридикон хайадмӕ. Ӕртӕ азы фӕстӕ мын ӕфсымӕртӕ загътой, цӕмӕй университетмӕ бацыдаин ӕмӕ адвокатыл сахуыр кодтаин. Уым базыдтон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ-иу тӕрхондӕтты кӕй рамбылдтой, уый иннӕтӕн дӕр стыр пайда кӕй ӕрхаста. Уый фӕрцы Америкӕйы Иугонд Штатты ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕты ахӕм закъӕттӕ рауагътой, ӕмӕ адӕмӕн фӕзынд фылдӕр сӕрибардзинад. Зӕгъӕм, алкӕмӕн дӕр уый бар фӕзынд, цӕмӕй йын йӕхи хъуыды уа, йе ’фсармы коммӕ кӕса ӕмӕ йӕ цы дин фӕнды, уый райса. Уый мӕм тынг диссаг фӕкаст, ӕмӕ мын ӕхсызгон дӕр уыд. Уӕлдӕр тӕрхондӕтты ахӕм ахсджиаг уынаффӕтӕ хаст кӕй ӕрцыд, ууыл-иу нӕ урокты тынг бӕстон ныхас кодтам.

1986 азы мӕ снысан кодтой юридикон хайады цӕстдарӕгӕй. Уӕд мыл цыд 30 азы. Уыцы карӕнӕй мын ахӕм хӕстӕ мӕ бӕрны кӕй бакодтой, уый мын ӕхсызгон уыди. Фӕлӕ гыццыл тыхсгӕ дӕр кодтон, уымӕн ӕмӕ ахӕм фӕлтӕрдджын нӕма уыдтӕн ӕмӕ бирӕ цыдӕртӕ нӕма зыдтон.

1988 азы райстон адвокаты диплом. Фӕлӕ, университеты кӕй ахуыр кодтон, уый ӕвзӕрырдӕм фӕзынд, Йегъовӕимӕ мын цы хӕлардзинад уыд, ууыл. Афтӕ куыд рауад, уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакодтон. Адӕймаг уӕлдӕр ахуырад куы райса, уӕд, гӕнӕн ис, йӕхицӕй фӕхъал уа ӕмӕ йӕхи иннӕтӕй хуыздӕрыл нымайын райдайа. Фӕлӕ мын Элизабет баххуыс кодта. Уый фӕрцы та фыццаг бынаты сӕвӕрдтон, мӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн мын чи ӕххуыс кодта, уыцы хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ та сабыргай Йегъовӕмӕ баввахс дӕн. Мӕ бон у фидарӕй зӕгъын: сӕйраг уый нӕу, ӕмӕ бирӕ цыдӕртӕ зонай. Сӕйрагдӕр у, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уӕм, стӕй йын йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ адӕмы дӕр уарзӕм. Ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзыстӕм ӕцӕг амондджын.

ХОРЗ ХАБАРЫ СӔРЫЛ ТОХ КӔНЫН ӔМӔ ХЪУСЫН КӔНЫНЫ ХЪУЫДДАГ ЗАКЪОНМӔ ГӔСГӔ ӔРФИДАР КӔНЫНЫЛ АРХАЙЫН

Ахуыр куы фӕдӕн, уӕд мӕ тыхтӕ уымӕ сарӕзтон, цӕмӕй-иу, Вефилы цы юридикон фарстатӕ фӕзынд, уыдон скъуыддзаг кӕнынӕн ӕххуыс кодтаин ӕмӕ-иу Йегъовӕйы организацийы бартыл тӕрхондӕтты тох кодтаин. Нӕ организацийы ӕдзухдӕр цыдӕртӕ кӕй ивта, уымӕ гӕсгӕ мӕ куыст иуӕй цымыдисаг уыд, иннӕмӕй та – зын. Зӕгъӕм, раздӕр-иу нӕ литературӕйы тыххӕй адӕмӕй куырдтам мысайнӕгтӕ. Фӕлӕ 1990 азты райдианы ӕфсымӕртӕ аскъуыддзаг кодтой, нӕ публикацитӕ мысайнӕгтыл кӕй нал дӕтдзыстӕм. Ӕмӕ юридикон хайадӕн бахӕс кодтой, цӕмӕй уый фӕдыл амындтӕ бацӕттӕ кодтаиккой. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ литературӕ дӕттынц лӕвар. Мысайнӕгтимӕ баст хъуыддӕгтӕн дзуапп чи лӕвӕрдта, уыцы вефилӕгтӕн ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ куыст фӕкъаддӕр. Стӕй ма нӕ уыцы ивындзинад абоны онг дӕр хъахъхъӕны, цӕмӕй нын хицауад хъалонтӕ ма фидын кӕна. Кӕмӕдӕрты афтӕ каст, ӕмӕ нын ӕхца нал фаг кӕндзӕн, цӕмӕй литературӕ, цас хъӕуы, уыйбӕрц мыхуыр кӕнӕм, ӕмӕ уый хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддагыл ӕвзӕрырдӕм фӕзындзӕн. Фӕлӕ хабар рауад бынтон ӕндӕрхуызон. 1990 азӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты нымӕц дыууӕ хатты фӕфылдӕр. Ӕмӕ абон алкӕмӕн дӕр йӕ бон у Библийыл арӕзт публикацитӕ лӕвар исын. Йегъовӕйы организацийы мӕ цӕстыты раз бирӕ ивындзинӕдтӕ ӕрцыд. Ӕз бамбӕрстон: нӕ хъуыддӕгты ӕнтыстджын вӕййӕм, Йегъовӕ нын тыхтӕ кӕй дӕтты ӕмӕ ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары разамындмӕ кӕй хъусӕм, уый фӕрцы (Рац. 15:2; Матф. 24:45).

Тӕрхондӕтты арӕх ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ рамбулӕм, ӕмӕ нӕм хорз адвокаттӕ ис. Арӕх тӕрхонгӕнджытӕ ӕмӕ хицӕуттӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты фарс рахӕцынц, сӕ уагахастӕй фӕзминаг кӕй сты, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, 1998 азы Разамонӕг советӕй ӕртӕ ӕфсымӕры сӕ бинойнӕгтимӕ ӕрцыдысты Кубӕмӕ сӕрмагонд конгресстӕм. Уымӕй размӕ хицауадимӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фембӕлдыстӕм, цӕмӕй сын бамбарын кодтаиккам, политикӕимӕ нын иумӕйагӕй кӕй ницы ис. Фӕлӕ уыцы ӕфсымӕртӕ сӕхи куыд дардтой ӕмӕ семӕ куыд ныхас кодтой, уый сыл нӕ ныхӕстӕй тынгдӕр бандӕвта.

Фӕлӕ нын хатт хицауӕдтимӕ баныхас кӕнын нӕ рауайы. Ӕмӕ нӕ уӕд фӕхъӕуы тӕрхондӕтты хорз хабары сӕрыл тох кӕнын ӕмӕ архайын, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаг закъонмӕ гӕсгӕ ӕрфидар кӕнӕм (Фил. 1:7). Зӕгъӕм, бирӕ азты дӕргъы Европӕйы бӕстӕтӕй иуӕй-иуты хицауӕдтӕ ӕмӕ Хуссар Корейы хицауад нӕ разы кодтой, уый бар нын кӕй ис, цӕмӕй ӕфсадмӕ ма цӕуӕм. Уымӕ гӕсгӕ Европӕйы иу-18 000 ӕфсымӕры ӕмӕ Хуссар Корейы 19 000 ӕфсымӕрӕй фылдӕр ахӕстӕтты бадтысты, се ’фсарм сын ӕфсадмӕ цӕуыны бар кӕй нӕ лӕвӕрдта, уый тыххӕй.

2011 азы 7 июлы Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг Европӕйы тӕрхондон рахаста ахсджиаг уынаффӕ, «Баятя́н Сомихы ныхмӕ» чи хуынд, уыцы хъуыддаджы фӕдыл. Ӕмӕ уыцы уынаффӕмӕ гӕсгӕ Европӕйы бӕстӕтӕ иууылдӕр хъуамӕ бар дӕттой ӕфсадмӕ цӕуыны бӕсты альтернативон службӕ ӕвзарынӕн. 2018 азы 28 июны ахӕм уынаффӕ рахаста Хуссар Корейы конституцион тӕрхондон дӕр. Зӕгъгӕ, ӕрмӕст цалдӕр ӕфсымӕры дӕр ӕфсадмӕ ацӕуыныл сразы сты, уӕд тӕрхондӕтты уыцы дыууӕ хъуыддаджы нӕ рамбылдтаиккам.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайады ӕмӕ филиалты цы юридикон хайӕдтӕ ис, уыдон стыр куыст кӕнынц. Сӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразынц, цӕмӕй нӕ бон уа Йегъовӕйӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕнын ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын. Мах нӕхицӕн стыр кадыл нымайӕм, хицауад кӕй ныхмӕ цӕуы, уыцы хоты ӕмӕ ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын. Тӕрхондӕтты рамбулӕм ӕви нӕ, уӕддӕр хицӕуттӕ, паддзӕхтӕ ӕмӕ иннӕ адӕмтӕ хорз хабар фехъусынц (Матф. 10:18). Тӕрхонгӕнджыты, хицауады номӕй чи фӕархайы, уыдоны, журналистты ӕмӕ иннӕ адӕмы дӕр бахъӕуы бакӕсын кӕнӕ фехъусын кӕцыдӕр стихтӕ Библийӕ. Мах стихтӕ бахӕссӕм, хъуыддагмӕ чи фӕхауы, уыцы документтӕм кӕнӕ сӕ фӕдзурӕм, тӕрхондӕтты нын ныхасы бар куы раттынц, уӕд. Ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм базонынц, чи сты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ, цӕуыл ӕууӕндынц, уый Библимӕ гӕсгӕ раст кӕй у. Ӕмӕ сӕ чидӕртӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайынц.

БУЗНЫГ ДЫН, ЙЕГЪОВӔ!

Ныр 40 азӕй фылдӕр юридикон фарстаты фӕдыл алы бӕстӕты филиалтимӕ фемгуыст кӕнын. Уымӕй уӕлдай-иу бирӕ тӕрхондӕтты хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты сӕрыл дзырдтон, стӕй-иу стыр хицӕуттӕй бирӕтимӕ ныхас кодтон. Нӕ сӕйраг хайады ӕмӕ филиалты юридикон хайӕдты чи лӕггад кӕны, уыцы хоты ӕмӕ ’фсымӕрты бирӕ уарзын ӕмӕ сын тынг аргъ кӕнын. Бирӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын дӕн ӕмӕ мӕ цардӕй тынг райгонд дӕн.

Филип ӕмӕ Элизабет Брамли.

Элизабетимӕ нӕ цард куы баиу кодтам, уымӕй рацыд 45 азы. Нӕ царды уыд хорз хабӕрттӕ дӕр ӕмӕ ӕвзӕр хабӕрттӕ дӕр. Фӕлӕ Элизабет алкӕддӕр уыд мӕ фарсмӕ ӕмӕ мын ӕххуыс кодта. Элизабетмӕ ахӕм низ ис, ӕмӕ йӕм тых бирӕ нӕй. Фӕлӕ мын уӕддӕр ӕххуыс кӕны, ӕмӕ дзы тынг сӕрыстыр дӕн.

Мах ӕй нӕхицӕй зонӕм: цы нын ӕнтысы, уый нын нӕ курдиӕтты фӕрцы не ’нтысы. Тыхтӕ ӕмӕ нын уӕлахиздзинад дӕтты Йегъовӕ. Махӕн дӕр нӕ бон у Давидау зӕгъын: «Йегъовӕ у йӕ адӕмӕн сӕ хъару» (Пс. 28:8). Ӕцӕгдӕр, «ацы хӕст Йегъовӕйы хӕст у».

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын