ИНДОНЕЗИ
Коммунисттӕ куы сызмӕстой, уӕд удӕгасӕй баззадтӕн
Роналд Джака
РАЙГУЫРД: 1928 аз.
ДОНАРГЪУЫД РАЙСТА: 1941 аз.
ЙӔ ХАБӔРТТӔ ЦЫБЫРТӔЙ: 25 азӕй фылдӕр уыд филиалы лӕггадгӕнӕг.
1965 азы 1 октябры ӕхсӕвы Индонезийы Коммунистон парти бахъавыд бӕстӕйы хицауад раппарынмӕ ӕмӕ йын йӕ бынат бацахсынмӕ. Коммунисттимӕ баст чи уыд, уыцы ӕфсӕддонтӕ ӕхсӕз зындгонд генералы амардтой. Хицауад дӕр уайтагъд архайын райдыдта: коммунисттыл кӕйдӕриддӕр банымадтой, уыдонӕй ӕппындӕр никӕмӕн фӕтӕригъӕд кодтой – 500 000 адӕймаджы бӕрц амардтой. Фӕстӕдӕр уый схуыдтой «туджы зӕйты рӕстӕг».
Уыцы хабӕрттӕй цалдӕр къуырийы куы рацыд, уӕд мын иу ӕфсӕддон хицау загъта, нӕ районы коммунисттӕ марынмӕ кӕй хъавыдысты, уыцы дины разамонджыты номхыгъды ӕз фыццаг кӕй уыдтӕн. Стӕй ма мын равдисынмӕ хъавыд, цы ингӕн мын скъахтой, уый дӕр. Фӕлӕ йын ӕз уӕзданӕй загътон, йемӕ кӕй нӕ ацӕудзынӕн. Уыцы змӕст рӕстӕджы мӕ исчи йемӕ куы федтаид, уӕд ма кӕй бауырныдтаид, чырыстон кӕй дӕн ӕмӕ мын политикӕимӕ иумӕйагӕй кӕй ницы ис, уый.