Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
Публикацитӕ иронау (1997–2026)
Рацу
Бацу
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Абон

Къуырисӕр, 13 октябрь

Йегъовӕ... кӕсы зӕрдӕмӕ (1 Сам. 16:7).

Кӕд хатт нӕхимӕ ницӕйаг фӕкӕсӕм, уӕд хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Йегъовӕ афтӕ кӕй нӕ хъуыды кӕны. Уый нӕ йӕхӕдӕг ӕрбакодта йӕхимӕ (Иоан. 6:44). Чи зоны, нӕхӕдӕг нӕ уынӕм, цавӕр хорз миниуджытӕ нӕм ис, уый. Йегъовӕ та сӕ уыны. Уый нӕ нӕхицӕй хуыздӕр зоны (2 Аз. 6:30). Уӕдӕ нын куы фӕдзуры, зынаргъ ын кӕй стӕм, уӕд хъуамӕ ууыл ма дызӕрдыг кӕнӕм (1 Иоан. 3:19, 20). Иуӕй-иу чырыстӕтты ныр дӕр ма сӕ цӕсгом фӕхӕры, цалынмӕ рӕстдзинад нӕ базыдтой, уӕдмӕ цы рӕдыдтытӕ ӕруагътой, уыдоны тыххӕй (1 Пет. 4:3). Иннӕтӕ та сӕхи фӕхӕрынц сӕ лӕмӕгъдзинӕдты тыххӕй. Мыййаг, дӕумӕ дӕр ахӕм ӕнкъарӕнтӕ фӕзыны ӕмӕ дӕхимӕ ницӕйаг фӕкӕсыс? Кӕд о, уӕд дӕхи ӕгӕр ма хӕр. Ахӕм ӕнкъарӕнтӕ-иу уыди Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕм дӕр. Зӕгъӕм, апостол Павелӕн-иу йӕ хъӕндзинӕдты тыххӕй йӕ ныфс асаст ӕмӕ ма афтӕ дӕр загъта, мӕнӕ, дам, цы мӕгуыр дӕн (Ром. 7:24). Ӕмӕ кӕд Павел йӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ донаргъуыд райста, уӕддӕр йӕхицӕй загъта, ӕз, дам, дӕн «апостолтӕй се ’ппӕтӕй къаддӕр» ӕмӕ «тӕригъӕдджынтӕн... сӕ фыццаг» (1 Кор. 15:9; 1 Тим. 1:15). w24.03 27 ф., 5, 6 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Дыццӕг, 14 октябрь

Сӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕйы хӕдзар ныууагътой (2 Аз. 24:18).

Хъуамӕ нӕхицӕн ӕвзарӕм, Йегъовӕйы чи уарзы ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕныныл чи архайы, ахӕм ӕмбӕлттӕ. Уыдон нын ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй-иу, раст цы у, уый аразӕм. Дӕхицӕн-иу ӕмбӕлттӕ ӕрмӕст де ’мгӕртты ’хсӕн ма агур. Рох дӕ ма уӕд: паддзах Иоас йе ’мбал Иодайӕ бирӕ кӕстӕр уыд. Цӕмӕй бамбарай, хорз ӕмбӕлттӕ дын ис ӕви нӕ, уый тыххӕй ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Ме ’мбӕлттӕ мын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй мӕ уырнындзинад фидардӕр кӕна? Йегъовӕмӕ хъусынц ӕмӕ мын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй йын йӕ закъӕттӕ ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрон? Йегъовӕйы ӕмӕ рӕстдзинады тыххӕй ныхас кӕнын уарзынц? Исты раст куы нӕ фӕаразын, уӕд сӕм ахӕм ныфс разыны, цӕмӕй мын ӕй ӕргом зӕгъой? Ӕви мын, мӕ хъустӕн ӕхсызгон цы у, ӕрмӕстдӕр уый фӕдзурынц?» (Ӕмб. 27:5, 6, 17). Кӕд де ’мбӕлттӕ Йегъовӕйы нӕ уарзынц, уӕд дӕ ахӕм ӕмбӕлттӕ ницӕмӕн хъӕуынц. Фӕлӕ кӕд Йегъовӕйы уарзынц, уӕд сыл дӕхи бӕтт. Ахӕм ӕмбӕлттӕн аргъ нӕй! (Ӕмб. 13:20). w23.09 9 ф., 6, 7 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Ӕртыццӕг, 15 октябрь

Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ (Рарг. 1:8).

«Альфӕ» у грекъаг алфавитӕн йӕ фыццаг дамгъӕ, «омегӕ» та – йӕ фӕстаг дамгъӕ. Ӕмӕ Йегъовӕ йӕхи «Альфӕ ӕмӕ Омегӕ» кӕй схуыдта, уымӕй бамбарын кодта, цыдӕр аразын куы райдайы, уӕд ӕй ӕнӕмӕнг кӕронмӕ кӕй ахӕццӕ кӕны. Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйы куы сфӕлдыста, уӕд сын загъта: «Цот уадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут ӕмӕ йын хицау ут» (Райд. 1:28). Уӕд, зӕгъӕн ис, Йегъовӕ загъта: «Альфӕ». Йӕ фӕнд цы у, уый бӕлвырд бамбарын кодта. Иу бон зӕхх байдзаг уыдзӕн Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгтӕй. Уыдон уыдзысты ӕххӕст ӕмӕ коммӕгӕс адӕм ӕмӕ зӕххӕй скӕндзысты дзӕнӕт. Ӕмӕ йӕ фӕнд куы сӕххӕст уа, уӕд уый уыдзӕн «Омегӕ». Йегъовӕ «арв ӕмӕ зӕхх ӕмӕ сыл цыдӕриддӕр ис, уыдон» куы сфӕлдыста, уӕд равдыста, йӕ фӕнд ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзӕн. Йегъовӕмӕ адӕмы ӕмӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый сӕххӕст кӕндзӕн. Ӕмӕ ӕвдӕм бон кӕй рахицӕн кодта, уый уыд фидар бӕлвырдгӕнӕн, уыцы боны кӕронмӕ йӕ фӕнд ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзӕн (Райд. 2:1–3). w23.11 5 ф., 13, 14 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын