Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
Публикацитӕ иронау (1997–2026)
Рацу
Бацу
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Абон

Дыццӕг, 14 октябрь

Сӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕйы хӕдзар ныууагътой (2 Аз. 24:18).

Хъуамӕ нӕхицӕн ӕвзарӕм, Йегъовӕйы чи уарзы ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕныныл чи архайы, ахӕм ӕмбӕлттӕ. Уыдон нын ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй-иу, раст цы у, уый аразӕм. Дӕхицӕн-иу ӕмбӕлттӕ ӕрмӕст де ’мгӕртты ’хсӕн ма агур. Рох дӕ ма уӕд: паддзах Иоас йе ’мбал Иодайӕ бирӕ кӕстӕр уыд. Цӕмӕй бамбарай, хорз ӕмбӕлттӕ дын ис ӕви нӕ, уый тыххӕй ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Ме ’мбӕлттӕ мын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй мӕ уырнындзинад фидардӕр кӕна? Йегъовӕмӕ хъусынц ӕмӕ мын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй йын йӕ закъӕттӕ ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрон? Йегъовӕйы ӕмӕ рӕстдзинады тыххӕй ныхас кӕнын уарзынц? Исты раст куы нӕ фӕаразын, уӕд сӕм ахӕм ныфс разыны, цӕмӕй мын ӕй ӕргом зӕгъой? Ӕви мын, мӕ хъустӕн ӕхсызгон цы у, ӕрмӕстдӕр уый фӕдзурынц?» (Ӕмб. 27:5, 6, 17). Кӕд де ’мбӕлттӕ Йегъовӕйы нӕ уарзынц, уӕд дӕ ахӕм ӕмбӕлттӕ ницӕмӕн хъӕуынц. Фӕлӕ кӕд Йегъовӕйы уарзынц, уӕд сыл дӕхи бӕтт. Ахӕм ӕмбӕлттӕн аргъ нӕй! (Ӕмб. 13:20). w23.09 9 ф., 6, 7 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Ӕртыццӕг, 15 октябрь

Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ (Рарг. 1:8).

«Альфӕ» у грекъаг алфавитӕн йӕ фыццаг дамгъӕ, «омегӕ» та – йӕ фӕстаг дамгъӕ. Ӕмӕ Йегъовӕ йӕхи «Альфӕ ӕмӕ Омегӕ» кӕй схуыдта, уымӕй бамбарын кодта, цыдӕр аразын куы райдайы, уӕд ӕй ӕнӕмӕнг кӕронмӕ кӕй ахӕццӕ кӕны. Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйы куы сфӕлдыста, уӕд сын загъта: «Цот уадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут ӕмӕ йын хицау ут» (Райд. 1:28). Уӕд, зӕгъӕн ис, Йегъовӕ загъта: «Альфӕ». Йӕ фӕнд цы у, уый бӕлвырд бамбарын кодта. Иу бон зӕхх байдзаг уыдзӕн Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгтӕй. Уыдон уыдзысты ӕххӕст ӕмӕ коммӕгӕс адӕм ӕмӕ зӕххӕй скӕндзысты дзӕнӕт. Ӕмӕ йӕ фӕнд куы сӕххӕст уа, уӕд уый уыдзӕн «Омегӕ». Йегъовӕ «арв ӕмӕ зӕхх ӕмӕ сыл цыдӕриддӕр ис, уыдон» куы сфӕлдыста, уӕд равдыста, йӕ фӕнд ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзӕн. Йегъовӕмӕ адӕмы ӕмӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый сӕххӕст кӕндзӕн. Ӕмӕ ӕвдӕм бон кӕй рахицӕн кодта, уый уыд фидар бӕлвырдгӕнӕн, уыцы боны кӕронмӕ йӕ фӕнд ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзӕн (Райд. 2:1–3). w23.11 5 ф., 13, 14 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Цыппӕрӕм, 16 октябрь

Йегъовӕйӕн йӕ фӕндаг асыгъдӕг кӕнут! Нӕ Хуыцауӕн ӕдзӕрӕг быдырыл фӕндаг алӕгъз кӕнут (Ис. 40:3).

Дзуттӕгты Вавилонӕй Израилмӕ хъуыдаид иу-4 мӕйы цӕуын, ӕмӕ уый ӕнцон балц нӕ уыдаид. Фӕлӕ сын Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, алы цӕлхдур дӕр сын сӕ фӕндагӕй кӕй айсдзӕн. Иузӕрдион дзуттӕгтӕ зыдтой, Израилмӕ куы аздӕхой, уӕд бирӕ арфӕдзинӕдтӕй кӕй схайджын уыдзысты ӕмӕ, сӕхи цӕмӕй фӕцух кӕндзысты, уыдӕттӕ кӕй ницы уыдзысты уыцы арфӕдзинӕдты раз. Ӕппӕты стырдӕр арфӕдзинад баст уыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынимӕ. Вавилоны Йегъовӕйӕн кувӕндон нӕ уыд. Израилӕгтӕн дзы нӕ уыд, Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ нывӕндтӕ кӕуыл хастаиккой, ахӕм нывондхӕссӕн. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сауджынтӕн дӕр сӕ бон нӕ уыд сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын. Уымӕй уӕлдай, мӕнг хуыцӕуттӕн чи куывта, уыдон Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕ фылдӕр уыдысты. Ӕмӕ уыцы адӕммӕ Йегъовӕ ӕмӕ йӕ закъӕттӕ нымады дӕр нӕ уыдысты. Уымӕ гӕсгӕ иузӕрдион дзуттӕгты – уыдысты мингӕйттӕ – тынг фӕндыд сӕ бӕстӕмӕ аздӕхын, цӕмӕй раст дин йӕ къахыл слӕууын кодтаиккой. w23.05 14, 15 фф., 3, 4 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын