Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
Публикацитӕ иронау (1997–2026)
Рацу
Бацу
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
Хъусинӕгтӕ
Фӕзынд ног ӕвзӕгтыл: Betsimisaraka (Northern), Betsimisaraka (Southern), Konkomba, Matses, Mi'kmaq
  • Абон

Ӕртыццӕг, 15 октябрь

Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ (Рарг. 1:8).

«Альфӕ» у грекъаг алфавитӕн йӕ фыццаг дамгъӕ, «омегӕ» та – йӕ фӕстаг дамгъӕ. Ӕмӕ Йегъовӕ йӕхи «Альфӕ ӕмӕ Омегӕ» кӕй схуыдта, уымӕй бамбарын кодта, цыдӕр аразын куы райдайы, уӕд ӕй ӕнӕмӕнг кӕронмӕ кӕй ахӕццӕ кӕны. Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйы куы сфӕлдыста, уӕд сын загъта: «Цот уадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут ӕмӕ йын хицау ут» (Райд. 1:28). Уӕд, зӕгъӕн ис, Йегъовӕ загъта: «Альфӕ». Йӕ фӕнд цы у, уый бӕлвырд бамбарын кодта. Иу бон зӕхх байдзаг уыдзӕн Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгтӕй. Уыдон уыдзысты ӕххӕст ӕмӕ коммӕгӕс адӕм ӕмӕ зӕххӕй скӕндзысты дзӕнӕт. Ӕмӕ йӕ фӕнд куы сӕххӕст уа, уӕд уый уыдзӕн «Омегӕ». Йегъовӕ «арв ӕмӕ зӕхх ӕмӕ сыл цыдӕриддӕр ис, уыдон» куы сфӕлдыста, уӕд равдыста, йӕ фӕнд ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзӕн. Йегъовӕмӕ адӕмы ӕмӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый сӕххӕст кӕндзӕн. Ӕмӕ ӕвдӕм бон кӕй рахицӕн кодта, уый уыд фидар бӕлвырдгӕнӕн, уыцы боны кӕронмӕ йӕ фӕнд ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзӕн (Райд. 2:1–3). w23.11 5 ф., 13, 14 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Цыппӕрӕм, 16 октябрь

Йегъовӕйӕн йӕ фӕндаг асыгъдӕг кӕнут! Нӕ Хуыцауӕн ӕдзӕрӕг быдырыл фӕндаг алӕгъз кӕнут (Ис. 40:3).

Дзуттӕгты Вавилонӕй Израилмӕ хъуыдаид иу-4 мӕйы цӕуын, ӕмӕ уый ӕнцон балц нӕ уыдаид. Фӕлӕ сын Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, алы цӕлхдур дӕр сын сӕ фӕндагӕй кӕй айсдзӕн. Иузӕрдион дзуттӕгтӕ зыдтой, Израилмӕ куы аздӕхой, уӕд бирӕ арфӕдзинӕдтӕй кӕй схайджын уыдзысты ӕмӕ, сӕхи цӕмӕй фӕцух кӕндзысты, уыдӕттӕ кӕй ницы уыдзысты уыцы арфӕдзинӕдты раз. Ӕппӕты стырдӕр арфӕдзинад баст уыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынимӕ. Вавилоны Йегъовӕйӕн кувӕндон нӕ уыд. Израилӕгтӕн дзы нӕ уыд, Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ нывӕндтӕ кӕуыл хастаиккой, ахӕм нывондхӕссӕн. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сауджынтӕн дӕр сӕ бон нӕ уыд сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын. Уымӕй уӕлдай, мӕнг хуыцӕуттӕн чи куывта, уыдон Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕ фылдӕр уыдысты. Ӕмӕ уыцы адӕммӕ Йегъовӕ ӕмӕ йӕ закъӕттӕ нымады дӕр нӕ уыдысты. Уымӕ гӕсгӕ иузӕрдион дзуттӕгты – уыдысты мингӕйттӕ – тынг фӕндыд сӕ бӕстӕмӕ аздӕхын, цӕмӕй раст дин йӕ къахыл слӕууын кодтаиккой. w23.05 14, 15 фф., 3, 4 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Майрӕмбон, 17 октябрь

Рухсы хъӕбултӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ цӕрут (Еф. 5:8).

Мах хъӕуы Хуыцауы сыгъдӕг тыхы ӕххуыс, цӕмӕй дарддӕр дӕр, «рухсы хъӕбултӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ цӕрӕм». Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ ацы хӕлд дунейы зын у хӕрзӕгъдау цард кӕнын (1 Фес. 4:3–5, 7, 8). Сыгъдӕг тых нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ацы дунейы зондӕй ма фӕхъӕстӕ уӕм, уыимӕ, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, уыцы хъуыдытӕй ӕмӕ философитӕй. Стӕй ма нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй тырнӕм алы хорздзинадмӕ ӕмӕ рӕстдзинадмӕ (Еф. 5:9). Цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй нын Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тых дӕтта? Хъуамӕ йӕм кувӕм ӕмӕ дзы йӕ сыгъдӕг тых курӕм. Йесо загъта: «Фыд... куыннӕ ратдзӕн сыгъдӕг тых, чи дзы куры, уыдонӕн!» (Лук. 11:13). Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ иумӕ Йегъовӕйы ӕмбырдты куы фӕкадджын кӕнӕм, уӕд афтӕмӕй дӕр схайджын вӕййӕм сыгъдӕг тыхӕй (Еф. 5:19, 20). Сыгъдӕг тыхы фӕрцы нӕ бон уыдзӕн афтӕ цӕрын, цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнӕм. w24.03 23, 24 фф., 13–15 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын