Дыццӕг, 15 июль
Кӕс мын мӕ гыццыл фыстӕм (Иоан. 21:16).
Апостол Петр хистӕр нӕлгоймӕгтӕн бафӕдзӕхста: «Хуыцауы дзуг... хизут» (1 Пет. 5:1–4). Мах ӕй зонӕм, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ хоты ӕмӕ се ’фсымӕрты кӕй уарзынц, стӕй сӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы дзугӕн хорз фыййӕуттӕ уой. Фӕлӕ сын иуӕй-иу хатт ацы ахсджиаг хӕс ӕххӕст кӕнын зын вӕййы, уымӕн ӕмӕ вӕййынц тынг фӕллад кӕнӕ тынг ӕнӕвдӕлон. Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ хабар афтӕ у, уӕд дӕ бон цы у саразын? Йегъовӕмӕ скув ӕмӕ йын радзур, цӕуыл мӕт кӕныс, уыдӕттӕ. Петр ныффыста: «Чи лӕггад кӕны, уый йӕ ныфс дарӕд, Хуыцау цы хъаруйӕ хайджын кӕны, ууыл» (1 Пет. 4:11). Дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртӕ цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уыдонӕй кӕцыдӕртӕй ӕрмӕстдӕр ног дунейы фервӕздзысты. Фӕлӕ дӕ зӕрдыл дар: дӕ бон сын цӕмӕй нӕу баххуыс кӕнын, уымӕй сын баххуыс кӕндзӕн «хистӕр фыййау» – Йесо Чырысти. Цыдӕр сараздзӕн абон, цыдӕр та – ног дунейы. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕм та Йегъовӕ уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, цӕмӕй сӕ хоты ӕмӕ се ’фсымӕрты уарзой, фидар сӕ кӕной ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауой, стӕй «дзугӕн фӕзминаг» уой. w23.09 30 ф., 13, 14 абз.
Ӕртыццӕг, 16 июль
Йегъовӕ йӕ зоны, зондджынты ныхӕстӕ ӕнӕпайда кӕй сты (1 Кор. 3:20).
Хъуамӕ нӕхи хизӕм, цӕмӕй ныл адӕмы зондахаст ма бандава. Адӕмы зондахаст ныл куы бандава, уӕд ӕппынфӕстаг Йегъовӕйы дӕр ферох кӕндзыстӕм, ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕ халын райдайдзыстӕм (1 Кор. 3:19). «Ацы дунейы зондӕй» чи цӕры, уыдон арӕх вӕййынц Хуыцауӕн ӕгоммӕгӕс. Пергамы ӕмӕ Фиатирӕйы чырыстӕттӕй чидӕртӕ уыцы горӕтты цӕрӕг адӕмы хуызӕн бафтыдысты мӕнг хуыцӕуттӕн кувыныл ӕмӕ хӕтындзинадыл. Ӕмӕ Йесо дыууӕ ӕмбырдӕн дӕр карзӕй бауайдзӕф кодта, хӕтындзинад ӕмӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй кастысты, уый тыххӕй (Рарг. 2:14, 20). Абон дӕр чидӕртӕ фӕархайынц, цӕмӕй чырыстӕтты рӕдыд зондыл саразой. Гӕнӕн ис, нӕ бинонтӕ кӕнӕ нын нӕ зонгӕтӕ дзурой, ницы уын ис аразӕн, зӕгъгӕ, ӕмӕ нын Йегъовӕйы закъӕттӕ халын кӕной. Чи зоны нын фӕдзурынц, дӕ буары монцты фӕдыл цӕуай, уым ӕвзӕрӕй ницы ис ӕмӕ, Библийы куыд фыст ис, афтӕ ничиуал цӕры, зӕгъгӕ. Иуӕй-иу хатт нӕм, гӕнӕн ис, афтӕ кӕса, ӕмӕ нын Йегъовӕ цы амындтӕ дӕтты, уыдон фаг не сты, ӕмӕ, «фыст цы у, уый сӕрты» ахизӕм (1 Кор. 4:6). w23.07 16 ф., 10, 11 абз.
Цыппӕрӕм, 17 июль
Ӕцӕг ӕмбал алкӕддӕр уарзы. Уый у, зын сахат адӕймаджы фарсмӕ ӕрбалӕууынӕн чи райгуыры, ахӕм ӕфсымӕр (Ӕмб. 17:17).
Йесойы мад Марийӕйы хъуыд бафидар кӕнын. Марийӕ уыд ӕнӕцыд чызг, фӕлӕ хъуамӕ басывӕрджын уыдаид. Уӕдӕ йын сывӕллӕттӕ дӕр нӕ уыд, ӕмӕ сӕ куыд хъомыл кӕнын хъӕуы, уый дӕр нӕ зыдта. Фӕлӕ хъуамӕ суыдаид Мессийӕйы мад. Уымӕй уӕлдай ма йӕ хъуыди йӕ мойаг Иосифимӕ аныхас кӕнын. Куыд ын хъуамӕ бамбарын кодтаид, сывӕрджын кӕй у, кӕд ӕмӕ нӕлгоймагимӕ ӕмуат никуы ӕрцыд? (Лук. 1:26–33). Марийӕйӕн цы баххуыс кодта? Уый иннӕтӕй ӕххуыс ракуырдта. Зӕгъӕм, Гавриилӕн загъта, цӕмӕй йын уыцы хӕслӕвӕрды тыххӕй фылдӕр радзырдтаид (Лук. 1:34). Гыццыл фӕстӕдӕр та ацыд «хӕхбӕстӕм», Иудӕйы горӕттӕй иумӕ, цӕмӕй йӕ хӕстӕг Елизаветӕйы бабӕрӕг кодтаид. Елизаветӕ Марийӕйӕ раппӕлыд, стӕй Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхӕй схайджын ӕмӕ, Марийӕйӕн йӕ гуыбыны цы лӕппу уыд, уый тыххӕй пехуымпарад загъта (Лук. 1:39–45). Марийӕ та загъта, зӕгъгӕ, Йегъовӕ «йӕ цонджы хъаруйӕ сарӕзта стыр хъуыддӕгтӕ» (Лук. 1:46–51). Афтӕ Гавриил ӕмӕ Елизаветӕйы уылты Йегъовӕ Марийӕйы хъарутӕ бауагъта. w23.10 14, 15 фф., 10–12 абз.