-
«Йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр сты раст»Баввахс у Йегъовӕмӕ
-
-
11 СӔР
«Йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр сты раст»
1, 2. а) Иосиф цавӕр хӕрам хъуыддӕгтӕ бавзӕрста? б) Йегъовӕ уыцы хъуыддӕгтӕ куыд сраст кодта?
ИОСИФЫЛ ӕрцыд ӕвирхъау хабар! 17 азы йыл куы цыд, уӕд ӕй йе ’фсымӕртӕ марынмӕ хъавыдысты. Фӕлӕ йӕ стӕй цагъарӕй ауӕй кодтой, ӕмӕ афтӕмӕй ӕндӕр бӕстӕмӕ афтыд. Уым ын йӕ хицауы ус дзырдта, цӕмӕй йемӕ ӕмуат ӕрцыдаид. Иосиф куы не сразы, уӕд ӕм тынг смӕсты ӕмӕ загъта, тыхми бакӕнынмӕ мын хъавыд, зӕгъгӕ. Кӕд Йосиф ӕвзӕрӕй ницы сарӕзта, уӕддӕр ӕй ахӕстоны бакодтой. Ӕвӕццӕгӕн, афтӕ ахъуыды кӕнӕн уыди, ӕмӕ йын чи баххуыс кӕна, уый нӕй.
2 Фӕлӕ, «рӕстдзинад ӕмӕ раст тӕрхон» чи уарзы, уыцы Хуыцау алцыдӕр уыдта (Псалом 33:5). Йегъовӕ хъуыддаг сраст кодта: Иосифы ссӕрибар кодтой, суанг ма йын стыр бартӕ дӕр радтой, ӕмӕ тынг скадджын ис (Райдиан 40:15; 41:41–43; Псалом 105:17, 18). Уӕд иууылдӕр базыдтой, Иосиф ӕвзӕрӕй кӕй ницы ракодта. Ӕмӕ Иосиф йе стыр барты фӕрцы Хуыцауы адӕмы аирвӕзын кодта (Райдиан 45:5–8).
Иосифы ӕнаххосӕй ахӕстоны дзыхъхъы ныппӕрстой
3. Цӕуылнӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ ӕнаххосӕй ӕфхӕрой?
3 Иосифы хабар афтӕ кӕй ахицӕн, уый нын ӕхсызгон куыннӕ у! Хӕрам хъуыддӕгтӕ не ’ппӕт дӕр федтам кӕнӕ нӕхиуыл бавзӕрстам. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, никӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ ӕнаххосӕй ӕфхӕрой кӕнӕ йӕ сайой. Ӕмӕ уый диссаг нӕу, уымӕн ӕмӕ нӕ Йегъовӕ схайджын кодта, йӕхимӕ цы миниуджытӕ ис, уыцы миниуджытӕй. Йӕ сӕйраг миниуджытӕй та иу у рӕстдзинад (Райдиан 1:27). Цӕмӕй Йегъовӕйы хуыздӕр базонӕм, уый тыххӕй хъуамӕ бамбарӕм, рӕстдзинадмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый. Уӕд тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм, цы аразы, уыдӕттӕн ӕмӕ нӕ фӕнддзӕн, цӕмӕй йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм.
Цы у рӕстдзинад?
4. Бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ рӕстдзинад цы у?
4 Бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ рӕстдзинад у, алчидӕр закъӕттӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй кӕй ӕххӕст кӕны, уый. Иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, «рӕстдзинад баст у закъӕттимӕ, адӕймагӕн йӕ бартимӕ ӕмӕ йӕ хӕстимӕ, стӕй йӕ йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ схорзӕхджын кӕнын хъӕуы ӕви йӕ бафхӕрын хъӕуы, уыимӕ» (Right and Reason – Ethics in Theory and Practice). Фӕлӕ Йегъовӕйы рӕстдзинадмӕ ӕрмӕст уый нӕ хауы, ӕмӕ, раст цы у, уый аразы, уый йӕ хӕс кӕй у, уый тыххӕй.
5, 6. а) Дзырд «рӕстдзинад»-ӕй цы дзырдтӕ ратӕлмац кодтой, уыдонӕн сӕ хъуыды цы у? б) Йегъовӕ рӕстаг Хуыцау кӕй у, уый цӕуыл дзурӕг у?
5 Йегъовӕйы рӕстдзинад цы у, уый хуыздӕр бамбардзыстӕм, Библи фыццаг цы ’взӕгтыл ӕрцыд фыст, уыцы ӕвзӕгтыл дзырд «рӕстдзинад»-ӕн йӕ хъуыды радӕттынӕн цы дзырдтӕй спайда кодтой, уыдоны фӕрцы. Уыцы дзырдтӕн сӕ хъуыды у «раст цы у, уый» ӕмӕ «рӕстаг» (Райдиан 18:25; Амос 5:24).
6 Уӕдӕ Библи Йегъовӕйы рӕстаг Хуыцау кӕй хоны, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕ рӕстӕй архайы, у ӕнӕхӕрам ӕмӕ никӕй хъулон кӕны (Ромӕгтӕм 2:11). Елиуй Йегъовӕйы хорз зыдта ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ загъта: «Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау фыдхъуыддаг сараза, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау хӕрам хъуыддаг бакӕна!» (Иов 34:10). Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕйӕн йӕ бон нӕу «хӕрам хъуыддаг бакӕнын». Цӕуылнӕ? Дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы тыххӕй.
7, 8. а) Йегъовӕйӕн йӕ бон цӕуылнӕ у хӕрам хъуыддаг саразын? б) Йегъовӕ алкӕддӕр рӕстӕй цӕмӕн фӕархайы?
7 Фыццаг, Йегъовӕ у сыгъдӕг Хуыцау. 3-аг сӕры куыд бакастыстӕм, афтӕмӕй алцӕмӕй дӕр у сыгъдӕг ӕмӕ у рӕстаг. Уымӕ гӕсгӕ йӕ бон нӕу хӕрам хъуыддаг саразын. Ахъуыды-ма кӕн, уый цы нысан кӕны, ууыл. Нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕ сыгъдӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ фидарӕй зонӕм, ӕвзӕрӕй нын кӕй никуы ницы ракӕндзӕн. Уый Йесо дӕр зыдта. Йӕ зӕххон царды фӕстаг ӕхсӕв йӕ ахуыргӕнинӕгты тыххӕй Йегъовӕмӕ куывта: «Мӕ сыгъдӕг Фыд, хъахъхъӕн сӕ дӕ номы тыххӕй» (Иоанны 17:11). Библийы ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы тыххӕй ис фыст, «сыгъдӕг Фыд», зӕгъгӕ. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Хуыцау куыд сыгъдӕг у, афтӕ сыгъдӕг иу зӕххон фыд дӕр нӕу. Нӕ сыгъдӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн тӕригъӕдимӕ иумӕйагӕй ӕппындӕр ницы ис. Йесо фидарӕй зыдта, йӕ Фыд ын йӕ ахуыргӕнинӕгты кӕй хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ сын тӕссаг кӕй ницӕмӕй уыдзӕн (Матфейы 23:9).
8 Дыккаг уый, ӕмӕ Йегъовӕ удуӕлдай уарзтӕй уарзы, кӕй сфӕлдыста, уыдоны. Ӕмӕ уый тыххӕй алкӕддӕр рӕстӕй фӕархайы. Хӕрам хъуыддӕгтӕ чи аразы ӕмӕ иннӕтӕн ӕвзӕр чи у, уыдон та арӕх афтӕ уый тыххӕй фӕкӕнынц, ӕмӕ зыд ӕмӕ хиуарзон вӕййынц. Уыцы миниуджытӕн уарзондзинадимӕ иумӕйагӕй ницы ис. Хуыцауы тыххӕй та Библийы фыст ис: «Йегъовӕ у рӕстаг Хуыцау, уый уарзы раст хъуыддӕгтӕ» (Псалом 11:7). Йегъовӕ йӕхӕдӕг дӕр йӕхи тыххӕй дзуры: «Ӕз, Йегъовӕ, уарзын рӕстдзинад» (Исай 61:8). Нӕ уарзӕгой Хуыцау алкӕддӕр рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ кӕй фӕархайы, уый нын тынг ӕхсызгон у! (Йереми 9:24).
Йегъовӕ у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ алы хъуыддаг дӕр рӕстӕй ӕвзары
9–11. а) Йегъовӕ рӕстаг кӕй у, уый йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадимӕ куыд баст у? б) Йегъовӕ тӕригъӕдджын адӕммӕ цы зӕрдӕ дары, уымӕй куыд зыны, рӕстаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уый?
9 Йегъовӕйӕн йӕ рӕстдзинадмӕ дӕр йӕ иннӕ диссаджы миниуджытау фау ӕрхӕссӕн нӕй. Моисей Йегъовӕйы скадджын кодта ахӕм ныхӕстӕй: «Уый у Къӕдзӕх, йӕ хъуыддӕгтӕ сты ӕнӕфау, йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр сты раст. Уый у ӕнувыд Хуыцау, хӕрамӕй йӕм ницы ис. Уый у рӕстаг ӕмӕ рӕстзӕрдӕ Хуыцау» (Дыккаг закъон 32:3, 4). Йегъовӕ алы хъуыддаг дӕр ӕвзары рӕстӕй ӕмӕ нӕдӕр ӕгӕр фӕлмӕн вӕййы, нӕдӕр – ӕгӕр карз.
10 Йегъовӕ рӕстаг кӕй у, уый ӕнгом баст у, фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уыимӕ. Псалом 116:5 стихы фыст ис: «Йегъовӕ у тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ рӕстаг Хуыцау, нӕ Хуыцау у фӕлмӕнзӕрдӕ». Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ у рӕстаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ. Ацы дыууӕ миниуӕджы кӕрӕдзи нӕ хъыгдарынц. Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад кӕй равдисы, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ӕнӕ уыцы миниуӕгӕй йӕ рӕстдзинад ӕгӕр карз уаид. Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕй бӕрӕг у, уыцы иу рӕстӕг фӕлмӕнзӕрдӕ дӕр кӕй у ӕмӕ рӕстӕй дӕр кӕй фӕархайы. Ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ.
11 Адӕм се ’ппӕт дӕр сӕ туджы тӕригъӕд рахастой, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ мӕлӕты аккаг сты (Ромӕгтӕм 5:12). Фӕлӕ Йегъовӕйӕн тӕригъӕдджын адӕймаджы мӕлӕт ӕхсызгон нӕу. Йегъовӕ у «хатыргӕнаг, тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау» (Нееми 9:17). Сыгъдӕг Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ тӕригъӕдмӕ йӕ бон куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсын нӕу. Уӕдӕ, йӕ туджы тӕригъӕд чи рахаста, уыдонмӕ фӕлмӕн зӕрдӕ куыд хъуамӕ дара? Уый базонӕн ис Библийӕ – Йегъовӕ адӕмы фервӕзын кӕныны тыххӕй йӕ Фырты нывондӕн ӕрхаста. Уый тыххӕй фылдӕр базондзыстӕм 14-ӕм сӕрӕй. Йегъовӕ афтӕ кӕй бакодта, уымӕй равдыста, рӕстаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау кӕй у. Ахӕм стыр аргъ кӕй бафыста, уый фӕрцы ныххатыр кӕны, йӕ тӕригъӕдтыл чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонӕн, йӕ рӕстаг уагӕвӕрдты сӕрты нӕ ахизы, афтӕмӕй (Ромӕгтӕм 3:21–26).
Йегъовӕйы уарзӕм, рӕстаг кӕй у, уый тыххӕй
12, 13. а) Йегъовӕ рӕстаг кӕй у, уый тыххӕй нӕ цӕмӕн фӕнды, цӕмӕй йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм? б) Давид цавӕр хъуыдымӕ ӕрцыд ӕмӕ нын уый ныфсы хос цӕмӕн у?
12 Йегъовӕ рӕстаг Хуыцау кӕй у, уый тыххӕй дзы тӕрсгӕ нӕ кӕнӕм, фӕлӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм. Библийӕ базонӕн ис, кӕд Йегъовӕ рӕстӕй фӕархайы, уӕддӕр уарзӕгой ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг кӕй у, уый. Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ.
13 Йегъовӕ рӕстаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ лӕггадгӕнджытыл у ӕнувыд ӕмӕ иузӕрдион. Уый хорз зыдта псаломзарӕггӕнӕг Давид. Йӕ цардыл ӕмӕ Хуыцауы хъуыддӕгтыл хъуыды кӕнгӕйӕ цавӕр хъуыдымӕ ӕрцыд? Давид загъта: «Йегъовӕ уарзы рӕстдзинад ӕмӕ йыл иузӕрдион чи у, уыдоны нӕ ныууадздзӕн. Ӕнустӕм сӕ хъахъхъӕндзӕн» (Псалом 37:28). Ацы ныхӕстӕ нӕ стыр ныфс уадзынц. Хуыцау никуы ныууадздзӕн, иузӕрдион ыл чи у, уыдоны. Рӕстаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нӕ фидарӕй уырны, алкӕддӕр нӕ фарсмӕ кӕй уыдзӕн ӕмӕ ныл кӕй тыхсдзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 2:7, 8).
14. Йегъовӕ израилӕгтӕн цы закъӕттӕ радта, уыдонӕй куыд зыны, ӕххуысхъуаг адӕмыл кӕй тыхсы, уый?
14 Хуыцау рӕстдзинад кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ тынг тыхсы, ӕххуысхъуаг чи у, уыцы адӕмыл. Уый бӕрӕг у, израилӕгтӕн цы закъӕттӕ радта, уыдонӕй. Зӕгъӕм, бӕлвырд амындтӕ радта, цӕмӕй сидзӕртӕн ӕмӕ идӕдзтӕн уыдаид, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъуыди, уый (Дыккаг закъон 24:17–21). Йегъовӕ хорз зыдта, куыд зын цӕрӕн уыди, ӕнӕ фыдӕй кӕнӕ ӕнӕ сӕрыхицауӕй чи баззад, уыдонӕн. Уымӕ гӕсгӕ-иу йӕхӕдӕг сси сӕ Фыд ӕмӕ сӕ Хъахъхъӕнӕг ӕмӕ-иу «рӕстӕй тӕрхон кодта сидзӕрӕн ӕмӕ идӕдзӕн»a (Дыккаг закъон 10:18; Псалом 68:5). Йегъовӕ израилӕгты бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, фӕкӕсынхъуаг сылгоймӕгты ӕмӕ сывӕллӕтты куы ’фхӕрат, «уӕд сын ӕз сӕ дзыназын ӕнӕмӕнг фехъусдзынӕн, ӕмӕ уӕд мӕ маст ссудздзӕн» (Рацыд 22:22–24). Йегъовӕ уайтагъд нӕ рамӕсты вӕййы. Фӕлӕ, иннӕты ӕнаххосӕй чи фефхӕры, уыцы адӕммӕ йӕ маст рафыцы, уӕлдайдӕр та лӕмӕгъ ӕмӕ ӕххуысхъуаг чи у, уыдоны куы фефхӕрынц, уӕд (Псалом 103:6).
15, 16. Йегъовӕ кӕй никӕй хъулон кӕны, уый цӕмӕй бӕрӕг у?
15 Йегъовӕйы тыххӕй Дыккаг закъоны 10:17 стихы фыст ис: «Уый хъулон никӕй кӕны ӕмӕ гӕртам нӕ исы». Йегъовӕ зӕххон хицӕутты хуызӕн нӕу. Уыдонӕй бирӕтӕ хъулон митӕ фӕкӕнынц хъӕздгуытӕн ӕмӕ зындгонд адӕмӕн. Фӕлӕ Йегъовӕ ӕппындӕр никӕй хъулон кӕны. Зӕгъӕм, ӕрмӕст кӕмӕндӕрты нӕ дӕтты уый бар, цӕмӕй йын лӕггад кӕной ӕмӕ сын ӕнустӕм цӕрыны фадат уа. Библийы фыст ис: «Алы адӕмӕй йӕ зӕрдӕйӕн адджын у, чи дзы тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, ахӕм адӕймаг» (Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35). Уыцы диссаджы фадат ис алы адӕймагӕн дӕр, ӕмӕ уӕлдай нӕу, иннӕтӕ йӕм цы цӕстӕй кӕсынц, йӕ буары хуыз цавӕр у кӕнӕ цы бӕстӕйы цӕры, уый. Уӕдӕ Йегъовӕ рӕстаг Хуыцау куыннӕ у?!
16 Йегъовӕ рӕстаг кӕй у, уый ма ноджыдӕр цӕмӕй бӕрӕг у? Йӕ рӕстаг уагӕвӕрдты сӕрты чи ахизы, уыдонмӕ цы зӕрдӕ дары, уымӕй. Ууыл бӕстондӕр аныхас кӕнӕм.
Йегъовӕ фыдгӕнджыты ӕнӕфхӕрдӕй нӕ ныууадздзӕн
17. Хӕрам хъуыддӕгтӕ кӕй цӕуы, уый ууыл дзурӕг цӕуылнӕ у, ӕмӕ Йегъовӕ рӕстаг Хуыцау нӕу?
17 Иуӕй-иутӕ, гӕнӕн ис, хъуыды кӕной: «Кӕд Йегъовӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ нӕ бары, уӕд адӕм цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц ӕмӕ уыйбӕрц хӕрам хъуыддӕгтӕ цӕмӕн цӕуы?» Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Йегъовӕ рӕстаг Хуыцау нӕу. Хӕрам хъуыддӕгтӕ цӕуы, адӕм сӕ туджы тӕригъӕд кӕй рахастой ӕмӕ адӕмӕн сӕ фылдӕры Йегъовӕйы коммӕ кӕсын кӕй нӕ фӕнды, уый тыххӕй. Фӕлӕ тагъд хӕрам хъуыддӕгтӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн (Дыккаг закъон 32:5).
18, 19. Цӕмӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ фыдгӕнджытӕн ӕнустӕм кӕй нӕ быхсдзӕн?
18 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ хӕларзӕрдӕдзинад ӕвдисы, хорз зӕрдӕ кӕмӕн ис ӕмӕ, йӕ хӕлар уа, уый кӕй фӕнды, уыдонмӕ. Фӕлӕ йын адӕм йӕ сыгъдӕг ном кӕй ӕгад кӕнынц, уымӕн ӕнустӕм нӕ быхсдзӕн (Псалом 74:10, 22, 23). Рӕстдзинады Хуыцау хынджылӕггаг нӕу. Йӕ коммӕ кӕсын кӕй нӕ фӕнды, уыдоны ӕнӕфхӕрдӕй нӕ ныууадздзӕн – цы сын ӕмбӕлы, уый сын бакӕндзӕн. Йегъовӕ у «тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр у раст... фӕлӕ, аххосджын чи у, уый ӕнӕфхӕрдӕй ницы хуызы ныууадздзӕн» (Рацыд 34:6, 7). Раджы заманты дӕр Йегъовӕ фыдгӕнджыты иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бафхӕрдта.
19 Зӕгъӕм, Йегъовӕ израилӕгты Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы бакодта, уӕддӕр йӕ ныхасы сӕрты бирӕ хӕттыты ахызтысты. Кӕд-иу сӕ хъуыддӕгтӕй Йегъовӕйӕн йӕ зӕрдӕ фӕриссын кодтой, уӕддӕр сыл йӕ къух уайтагъд нӕ систа (Псалом 78:38–41). Фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уый тыххӕй-иу сын фадат радта, цӕмӕй аивтаиккой. Лӕгъстӕ сын кодта: «Мӕнӕн фыдгӕнӕджы мӕлӕт нӕу ӕхсызгон, фӕлӕ, фыдгӕнӕг йӕ фӕндаг ныууадза ӕмӕ цӕра, уый. Ныууадзут, ныууадзут уе ’взӕр фӕндӕгтӕ. Цӕмӕн хъуамӕ фесӕфат, о Израилы адӕм?» (Йезекил 33:11). Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, ӕмӕ-иу уымӕ гӕсгӕ израилӕгтӕм йӕ пехуымпарты арвыста, цӕмӕй сӕ фыдхъуыддӕгтӕ ныууагътаиккой. Фӕлӕ сӕ фылдӕрмӕ Йегъовӕйы ныхӕстӕ нымады дӕр нӕ уыдысты ӕмӕ сӕ фыдхъуыддӕгтыл не ’рфӕсмон кодтой. Ӕппынфӕстаг сӕ Йегъовӕ се знӕгты къухмӕ радта, цӕмӕй равдыстаид, сыгъдӕг ӕмӕ рӕстаг Хуыцау кӕй у, уый (Нееми 9:26–30).
20. а) Израилӕгты хабарӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн? б) Библийы домбай Йегъовӕйы рӕстдзинадмӕ кӕй амоны, уый раст цӕмӕн у?
20 Израилӕгты хабарӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн? Мах базыдтам, Йегъовӕ алы хӕрам хъуыддаг дӕр кӕй уыны ӕмӕ, адӕм ахӕм митӕ кӕй кӕнынц, уый тыххӕй йӕ зӕрдӕ кӕй риссы (Ӕмбисӕндтӕ 15:3). Стӕй ма базыдтам, Йегъовӕйы кӕй фӕнды фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисын, йӕ тӕригъӕдтыл чи ’рфӕсмон кӕны, уыдонмӕ. Уый нӕ стыр ныфс уадзы. Уымӕй уӕлдай ма базыдтам, тӕрхон рахӕссыныл тагъд кӕй нӕ фӕкӕны ӕмӕ адӕмӕн фадат кӕй ратты, цӕмӕй аивой. Йегъовӕ фӕразон кӕй у, уый тыххӕй бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ фыдгӕнджыты никуы фесафдзӕн. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Израилӕгты хабарӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй йӕ фӕразондзинадӕн кӕрон ис. Йегъовӕ алкӕддӕр фӕархайы рӕстӕй. Адӕмӕй уӕлдай Йегъовӕ нӕ тӕрсы фыдгӕнджытӕн бауайдзӕф кӕнын. Уый алкӕддӕр рӕстдзинады фарс вӕййы. Библийы домбай амоны Йегъовӕйы рӕстдзинадмӕb. Ӕмӕ цӕмӕн, уый ныр хуыздӕр ӕмбарӕм (Йезекил 1:10; Раргомад 4:7). Уӕдӕ нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Йегъовӕ йӕ ныхас кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ӕмӕ зӕххыл хӕрамдзинадӕн йӕ кой дӕр кӕй нал уыдзӕн. Йегъовӕ куыд тӕрхон кӕны, уый цыбыртӕй зӕгъӕн ис афтӕ: кӕм хъӕуы, уым вӕййы фидар, гӕнӕн кӕмдӕриддӕр вӕййы, уым та вӕййы фӕлмӕнзӕрдӕ (2 Петры 3:9).
Баввахс у рӕстдзинады Хуыцаумӕ
21. Йегъовӕйы тӕрхӕттыл хъуыды кӕнгӕйӕ нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм ӕмӕ цӕмӕн?
21 Йегъовӕйы тӕрхӕттыл хъуыды кӕнгӕйӕ нӕм хъуамӕ афтӕ ма кӕса, ӕмӕ дурзӕрдӕ тӕрхонгӕнӕг у ӕмӕ йӕ ӕрмӕстдӕр фыдгӕнджыты бафхӕрын фӕфӕнды. Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Йегъовӕ уарзӕгой Фыд кӕй у, фӕлӕ уыимӕ йӕ уагӕвӕрдтӕ кӕй нӕ халы ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕн, хуыздӕр цы у, уый кӕй аразы. Йегъовӕ у рӕстаг Фыд ӕмӕ рӕстдзинады фарс фидар лӕууы, фӕлӕ, йе ’ххуыс кӕй хъӕуы ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтыл чи ’рфӕсмон кӕны, уыдонмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисы (Псалом 103:10, 13).
22. Йегъовӕйы фӕрцы нӕм цавӕр диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕмӕ уый цӕуыл дзурӕг у?
22 Йегъовӕйӕ бузныг стӕм, йӕ рӕстдзинад ӕрмӕст уымӕй кӕй нӕу бӕрӕг, ӕмӕ ӕвзӕргӕнджыты бафхӕры. Алкӕддӕр рӕстӕй кӕй фӕархайы, уый фӕрцы нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы диссаджы фидӕн – ӕнӕкӕрон цард, «рӕстдзинад кӕм уыдзӕн», уыцы дунейы (2 Петры 3:13). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕ адӕмы фесафыныл нӕ архайы, фӕлӕ сӕ фервӕзын кӕна, ууыл. Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсгӕйӕ рӕстдзинад цы у, уый хуыздӕр куы ӕмбарӕм, уӕд ӕм ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм. Иннӕ сӕрты лӕмбынӕгдӕр аныхас кӕндзыстӕм, Йегъовӕ ацы рӕсугъд миниуӕг куыд ӕвдисы, ууыл.
a Йегъовӕ сидзӕр лӕппутыл дӕр ӕмӕ сидзӕр чызджытыл дӕр тынг кӕй тыхсы, уый бӕрӕг у Салпаады чызджыты хабарӕй. Уыдонӕн сӕ фыд амард, ӕфсымӕр та сын нӕ уыд. Ӕмӕ Йегъовӕ загъта, цӕмӕй Салпаады бынтӕ йӕ чызджытӕн радтаиккой. Уыцы уынаффӕ израилӕгтӕн закъон сси ӕмӕ сидзӕр чызджыты бартӕ хъахъхъӕдта (Нымӕцтӕ 27:1–8).
b Цымыдисаг уый у, ӕмӕ Йегъовӕ йӕхи абарста домбаимӕ, мӕнгард израилӕгтӕн цы тӕрхон рахаста, уый куы ӕххӕст кодта, уӕд (Йереми 25:38; Оси 5:14).
-
-
«Хуыцау раст нӕ кӕны?»Баввахс у Йегъовӕмӕ
-
-
12 СӔР
«Хуыцау раст нӕ кӕны?»
1. Хӕрам хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсӕм?
АЦӔРГӔ идӕдз ус цӕрӕнбонты цы ’хцайы муртӕ фембырд кодта, уыдон ын асайдтой. Ӕнахъом сывӕллоны йӕ дурзӕрдӕ ныййарӕг мад ныууагъта. Нӕлгоймаджы ӕнаххосӕй ахӕстоны сбадын кодтой. Ахӕм хабӕрттӕ куы фехъусыс, уӕд куыннӕ смӕсты вӕййыс! Афтӕ уымӕн у, ӕмӕ, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый хорз ӕмбарӕм. Уымӕ гӕсгӕ нӕ бон нӕу хӕрам хъуыддӕгтӕм ӕнцад кӕсын. Фӕфӕнды нӕ, цӕмӕй, ӕнаххосӕй кӕй бафхӕрдтой, уымӕн баххуыс кӕной ӕмӕ йӕ чи бафхӕрдта, уымӕн та аккаг тӕрхон рахӕссой. Ӕмӕ афтӕ куы нӕ рауайы, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, фӕхъуыды кӕнӕм: «Хуыцау кӕдӕм кӕсы? Цӕуылнӕ исты саразы?»
2. Аввакум хӕрам хъуыддӕгтӕ кӕй уыдта, уый тыххӕй цы загъта ӕмӕ йӕм Йегъовӕ уый тыххӕй цӕуылнӕ смӕсты?
2 Библийы фыст ис, Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕм дӕр-иу ахӕм фарстатӕ кӕй фӕзынд. Зӕгъӕм, пехуымпар Аввакум Хуыцаумӕ куывта: «Цӕмӕн мын уынын кӕныс фыддзинад ӕмӕ фыдбылыз? Мӕ цӕстыты раз стигъынц ӕмӕ тыхми кӕнынц, алы ран загъд кӕнынц ӕмӕ кӕрӕдзи хӕрынц» (Аввакум 1:3). Йегъовӕ Аввакуммӕ не смӕсты. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ адӕймаджы афтӕ сфӕлдыста, цӕмӕй хӕрам хъуыддӕгтӕй йе сӕфт уына. Ӕмӕ нӕ кӕд уыцы диссаджы миниуӕгӕй схайджын кодта, уӕддӕр нӕ бон нӕу, цӕмӕй уый хуызӕн рӕстаг уӕм.
Йегъовӕ хӕрам хъуыддӕгтӕй йе сӕфт уыны
3. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ махимӕ абаргӕйӕ Йегъовӕ фылдӕр хӕрам хъуыддӕгтӕ уыны?
3 Йегъовӕ алы хӕрам хъуыддаг дӕр уыны. Нойы бонты тыххӕй Библийы фыст ис: «Йегъовӕ федта, зӕххыл адӕм бынысӕфт кӕй фесты ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ иууылдӕр кӕй уыдысты ӕрмӕст ӕвзӕрдзинадыл» (Райдиан 6:5). Ахъуыды-ма кӕн, ацы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты. Хӕрам хъуыддӕгты тыххӕй арӕх фехъусӕм кӕнӕ нӕхиуыл ӕрцӕуынц. Фӕлӕ махӕй уӕлдай Йегъовӕ уыны, ӕнӕхъӕн зӕххыл цы хӕрам хъуыддӕгтӕ цӕуы, уыдон иууылдӕр! Уымӕй уӕлдай ма зоны, уыцы хъуыддӕгтӕ саразынмӕ адӕмы цы ’взӕр хъуыдытӕ ӕркӕнынц, уыдон дӕр (Йереми 17:10).
4, 5. а) Библийӕ куыд зыны, Йегъовӕ кӕй тыхсы, ӕнаххосӕй кӕй ӕфхӕрынц, уыдоныл? б) Йегъовӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕнаххосӕй ӕфхӕрд куыд ӕййафы?
4 Йегъовӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ ӕрмӕст уынгӕ нӕ кӕны, фӕлӕ ма тыхсы, кӕуыл ӕрцӕуынц, уыдоныл дӕр. Йегъовӕйӕн йӕ адӕмыл йӕ зӕрдӕ рыст, уымӕн ӕмӕ хъуыста, «чи сӕ ӕфхӕрдта ӕмӕ сӕ алырдыгӕй чи ссӕста, уыдоны ӕфсондзы бын куыд хъӕрзынц, уый» (Тӕрхонгӕнджыты 2:18). Чи зоны, бафиппайдтай, адӕм бирӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ куы фӕуынынц, уӕд сыл кӕй сахуыр вӕййынц ӕмӕ, ӕнаххосӕй ӕфхӕрд чи феййафы, уыдонӕн кӕй нал фӕтӕригъӕд кӕнынц. Фӕлӕ Йегъовӕйӕ афтӕ зӕгъӕн нӕй. 6 000 азӕй фылдӕр хӕрам хъуыддӕгтӕ уыны, фӕлӕ сӕ уӕддӕр йе сӕфт уыны. Библи зӕгъы, Хуыцауы цӕсты ӕлгъаг кӕй сты «мӕнг ӕвзаг», «ӕнаххос туг чи калы, ахӕм къухтӕ» ӕмӕ, «мӕнг чи дзуры, ахӕм ӕвдисӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 6:16–19).
5 Йегъовӕ хӕрам хъуыддӕгтӕй йе сӕфт куыд тынг уыны, уый бӕрӕг у, Израилы разамонджытӕн цы карз ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй. Пехуымпар Михейы уылты сӕ бафарста: «Рӕстдзинад цы у, уый сымах хъуамӕ ма зонат?» Стӕй радзырдта, цы фыдхъуыддӕгтӕ кодтой, уый тыххӕй ӕмӕ загъта, цы сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы: «Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ дзыназдзысты, фӕлӕ сӕ нӕ фехъусдзӕн. Уыцы рӕстӕг сӕ уый йӕ цӕсгом бамбӕхсдзӕн, фыдхъуыддӕгтӕ кӕй кӕнынц, уый тыххӕй» (Михей 3:1–4). Йегъовӕйӕн хӕрам митӕ тынг ӕнад сты. Йӕхӕдӕг дӕр ӕнаххосӕй ӕфхӕрд ӕййафы! Мин азты дӕргъы йын Сайтан фидистӕ кӕны (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Уымӕй уӕлдай Йегъовӕйӕн йӕ зӕрдӕ тынг фӕрыст, зӕххыл ӕппӕты хӕрамдӕр хъуыддаг куы ’рцыд, уӕд – йӕ Фырты йын, «ницы тӕригъӕд ракодта», афтӕмӕй фыдгӕнӕджы мард акодтой! (1 Петры 2:22; Исай 53:9). Мах фидарӕй зонӕм, Йегъовӕ кӕй уыны, адӕм хӕрам хъуыддӕгты тыххӕй кӕй хъизӕмар кӕнынц, уый ӕмӕ сыл кӕй тыхсы.
6. Хӕрам хъуыддӕгтӕ уынгӕйӕ нӕм цавӕр ӕнкъарӕнтӕ фӕзыны ӕмӕ цӕмӕн?
6 Искӕй кӕнӕ нын нӕхи ӕнаххосӕй куы бафхӕрынц, уӕд нын тынг зын вӕййы. Ӕмӕ уым диссагӕй ницы ис. Хуыцау нӕ йӕхимӕ гӕсгӕ скодта, ӕмӕ уымӕн та хӕрамдзинадимӕ иумӕйагӕй ӕппындӕр ницы ис (Райдиан 1:27). Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕд хӕрам хъуыддӕгтӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы?
Ахсджиаг фарста
7. Хӕйрӕг Едемы цӕхӕрадоны Йегъовӕйы тыххӕй цы загъта?
7 Хуыцау хӕрам хъуыддӕгтӕн цӕмӕн быхсы, уый базондзыстӕм, Едемы цӕхӕрадоны цы ахсджиаг фарста сӕвзӕрд, уый куы базонӕм, уӕд. Куыд федтам, афтӕмӕй Сфӕлдисӕгӕн ис бар, цӕмӕй Хицау уа зӕххӕн ӕмӕ йыл чидӕриддӕр цӕры, уыдонӕн (Псалом 24:1; Раргомад 4:11). Фӕлӕ, Йегъовӕ адӕмы куы сфӕлдыста, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йын чидӕр йӕ хорз номыл цъыф бакалдта ӕмӕ, хорз Хицау кӕй у, уый сдзырддаг кодта. Афтӕ куыд рауад? Йегъовӕ фыццаг адӕймаджы, Адамы, бафӕдзӕхста, цӕмӕй Едемы цӕхӕрадоны иу бӕласы дыргътӕй ма бахордтаид. Ӕмӕ куы нӕ байхъуыстаид, уӕд цы ’рцыдаид? Хуыцау ын загъта: «Амӕлдзынӕ» (Райдиан 2:17). Хуыцауы фӕдзӕхст Адамӕн ӕмӕ йӕ ус Евӕйӕн зынӕххӕстгӕнӕн нӕ уыд. Фӕлӕ уӕддӕр Хӕйрӕг Евӕйы баууӕндын кодта, Хуыцау раст кӕй нӕ кӕны, уыцы бӕласы дыргътӕй сын хӕрын кӕй нӕ уадзы, уымӕй. Куы дзы бахордтаид, уӕд, Хӕйрӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, цы уыдаид? Хӕйрӕг Евӕйӕн загъта: «Нӕ, нӕ амӕлдзыстут. Фӕлӕ йӕ Хуыцау зоны: цы бон дзы бахӕрат, уыцы бон уӕ цӕстытӕ байгом уыдзысты ӕмӕ суыдзыстут Хуыцауы хуызӕн – зондзыстут, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый» (Райдиан 3:1–5).
8. а) Хӕйрӕджы цы фӕндыд? б) Йегъовӕ цавӕр Хицау у, уый тыххӕй Хӕйрӕг цы загъта?
8 Хӕйрӕджы фӕндыд, цӕмӕй Евӕйы бауырныдтаид, Йегъовӕ дзы ахсджиаг цыдӕр кӕй басусӕг кодта ӕмӕ йӕ кӕй фӕсайдта. Йӕ ныхӕсты фӕстӕ Евӕ дызӕрдыг кӕнын райдыдта, Йегъовӕ ӕцӕгдӕр хорз Хуыцау кӕй у, ууыл. Хӕйрӕг афтӕ кӕй бакодта, уымӕй Йегъовӕйы ном фегад кодта. Стӕй ма сдзырддаг кодта Йегъовӕйы хицаудзинад, ома, цавӕр Хицау у, уый. Хӕйрӕг афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ Хуыцау Дун-дунейы Хицау нӕу. Фӕлӕ йӕ ныхӕстӕй афтӕ уади, ӕмӕ Йегъовӕйӕн уый бар нӕй, цӕмӕй Хицау уа; уый аккаг нӕу, цӕмӕй адӕм йӕ коммӕ кӕсой; хорз Хицау нӕу ӕмӕ, йӕ дӕлбар чи ис, уыдоныл нӕ тыхсы.
9. а) Адам ӕмӕ Евӕйыл се ’гоммӕгӕсдзинады тыххӕй цы ’рцыд ӕмӕ цавӕр ахсджиаг фарстатӕ сӕвзӕрд? б) Йегъовӕ уайтагъд цӕуылнӕ фесӕфта, йӕ ныхмӕ чи рацыд, уыдоны?
9 Адам ӕмӕ Евӕ бахордтой, Йегъовӕ сӕ кӕмӕй бафӕдзӕхста, уыцы бӕласы дыргътӕй. Афтӕмӕй йӕ фӕдзӕхсты сӕрты ахызтысты. Ӕмӕ ӕппынфӕстаг се ’гоммӕгӕсдзинады тыххӕй амардысты, Йегъовӕ куыд загъта, афтӕ. Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстӕ сӕвзӕрын кодтой ахсджиаг фарстатӕ: Йегъовӕйӕн ӕцӕгдӕр уый бар ис, цӕмӕй адӕмӕн разамынд дӕтта ӕви хъуамӕ сӕхӕдӕг дӕттой сӕхицӕн разамынд? Йегъовӕ ӕцӕгдӕр ӕппӕты хуыздӕр Хицау у? Йегъовӕйӕн, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауӕн, йӕ бон уыд Адамы, Евӕйы ӕмӕ Хӕйрӕджы уыцы тӕккӕ фесафын. Фӕлӕ Хӕйрӕг Хуыцауӕн йӕ тыхы кой нӕ кодта. Уый сдзырддаг кодта, Хуыцау хорз Хицау кӕй у, уый. Йегъовӕ сӕ уайтагъд куы фесӕфтаид, уӕд уымӕй не сбӕлвырд уыдаид, рӕстаг Хицау кӕй у, уый. Афтӕ куы бакодтаид, уӕд ахъуыды кӕнӕн уыдаид, ӕмӕ Хӕйрӕг рӕстытӕ дзырдта. Адӕмӕн хъуыди рӕстӕг раттын, цӕмӕй афӕлвӕрдтаиккой ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрын. Ӕрмӕстдӕр афтӕмӕй сбӕлвырд уыдаид, сӕ бон у ӕнӕ Хуыцауӕй амондджынӕй цӕрын ӕви нӕ.
10. Адӕм алыхуызон хицаудзинӕдтӕ кӕй бафӕлвӕрдтой, уымӕй цы рабӕрӕг?
10 Рӕстӕг цы равдыста? Мин азты дӕргъы адӕм цынӕхуызон хицаудзинад бафӕлвӕрдтой, ахӕм нал баззад. Ӕмӕ сын исты бантыст? «Адӕймаг адӕймагӕн хицау кӕй у, уый йын хӕссы зиан»,– фыст ис Библийы (Екклесиаст 8:9). Пехуымпар Йереми дӕр хуымӕтӕджы нӕ загъта: «О Йегъовӕ, ӕз ӕй зонын: зӕххон адӕймагӕн йӕ фӕндаг йӕхицӕй кӕнгӕ нӕу. Адӕймагӕн йӕ къахдзӕфтыл дӕр йӕ бар нӕ цӕуы» (Йереми 10:23).
11. Йегъовӕ цӕмӕн бауагъта, цӕмӕй адӕм зындзинӕдтӕ ӕвзарой?
11 Йегъовӕ зыдта, адӕм сӕхӕдӕг сӕхицӕн разамынд куы дӕттой, уӕд уый стыр бӕллӕхтӕм кӕй ӕркӕндзӕн. Уӕдӕ сӕ сӕхи бар кӕй ауагъта, уымӕй раст нӕ уыд? Нӕ! Зӕгъӕм, дӕ сывӕллон уӕззау рынчын у ӕмӕ, цӕмӕй фервӕза, уый тыххӕй йын хъӕуы операци скӕнын. Ӕмбарыс ӕй, кӕй йын рисдзӕн, ӕмӕ уый тыххӕй маст кӕныс. Фӕлӕ зоныс, уый фӕрцы дӕ сывӕллон кӕй сдзӕбӕх уыдзӕн. Хуыцау дӕр зыдта ӕмӕ рагацау зӕгъгӕ дӕр кодта, адӕмы сӕхи бар куы ауадза, уӕд стыр маст ӕмӕ зындзинӕдтӕ кӕй ӕвзардзысты (Райдиан 3:16–19). Фӕлӕ ма зыдта, ӕрмӕстдӕр иу мадзал кӕй ис, цӕмӕй ӕнустӕм сӕ зындзинӕдтӕй фервӕзой. Хъуамӕ сын бар радтаид, цӕмӕй сӕхицӕн разамынд лӕвӕрдтаиккой ӕмӕ уӕд федтаиккой, ӕнӕ Хуыцауӕй куы цӕрой, уӕд сӕ уый цӕмӕ ӕркӕндзӕн. Афтӕмӕй уыцы дзырддаг фарстайӕн дзуапп дӕттын никуыуал бахъуыдаид.
Адӕм Хуыцауӕн цӕмӕн лӕггад кӕнынц?
12. Иовы хабарӕй куыд зыны, афтӕмӕй ма Хӕйрӕг цы сдзырддаг кодта?
12 Хӕйрӕг ӕрмӕст уый не сдзырддаг кодта, Хуыцауӕн уый бар кӕй ис, цӕмӕй хицау уа ӕмӕ цавӕр Хицау у, уый. Фӕлӕ ма сдзырддаг кодта, Йегъовӕйӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй лӕггад кӕнынц, уый дӕр. Зӕгъӕм, Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Иовы тыххӕй загъта: «Алырдыгӕй дӕр ӕй ды нӕ хъахъхъӕныс, йӕхи дӕр, йӕ хӕдзар дӕр ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр ис, уыдон? Ды йын йӕ къухты фыдӕбонӕн раарфӕ кодтай, ӕмӕ йӕ фос зӕххыл нал цӕуынц. Уӕдӕ-ма бафӕлвар, дӕ къух-ма сис ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр ис, уымӕ бавнал, кӕддӕра дӕ ӕргом нӕ ралгъитид» (Иов 1:10, 11).
13. Хӕйрӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Иов Хуыцауӕн цӕмӕн лӕггад кодта ӕмӕ адӕмӕн се ’ппӕты тыххӕй дӕр цы загъта?
13 Хӕйрӕг загъта, зӕгъгӕ, Йегъовӕ Иовы уымӕн хъахъхъӕны, цӕмӕй йӕ уарза ӕмӕ йын лӕггад кӕна. Уымӕй йӕ уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ Иов Хуыцауӕн лӕггад кодта, кӕй йын арфӕ кодта, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй. Хӕйрӕг загъта, зӕгъгӕ, Иов Хуыцауы арфӕдзинӕдтӕй ӕнӕхай куы фӕуа, уӕд уый дӕр йе Сфӕлдисӕгыл йӕ зӕрдӕ сивдзӕн, кӕд хорз адӕймаг у, уӕддӕр. Уый зыдта, Иов кӕй у «ӕнӕфау ӕмӕ рӕстзӕрдӕ адӕймаг, тӕрсы Хуыцауӕй ӕмӕ йӕхи хизы ӕвзӕрдзинадӕй»a. Фидарӕй зыдта, Иовы Хуыцауы ныхмӕ куы скӕна, уӕд йӕ бон кӕй бауыдзӕн иннӕ адӕмы дӕр Хуыцауы ныхмӕ скӕнын. Уӕдӕ Хӕйрӕджы ныхӕстӕй афтӕ уад, ӕмӕ адӕм Хуыцауӕн лӕггад кӕнынц, хорздзинӕдтӕй сӕ кӕй хайджын кӕны, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй. Уый бӕрӕг у, Хӕйрӕг ма Йегъовӕйӕн ноджыдӕр цы загъта, уымӕй: «Адӕймаг йӕ уды тыххӕй, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый ратдзӕн» (Иов 1:8; 2:4).
14. Хӕйрӕг адӕмы тыххӕй цы загъта, уый раст разынд?
14 Бирӕтӕ Иовау тынг зын уавӕрты дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй кӕй баззадысты, уымӕй сбӕлвырд, Хӕйрӕджы ныхӕстӕ мӕнг кӕй уыдысты. Сӕ иузӕрдиондзинадӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кодтой, ӕмӕ йӕ бон уыд дзуапп раттын Хӕйрӕджы ныхӕстӕн, зӕгъгӕ, дам, адӕм зын уавӕрты куы бахауой, уӕд Хуыцауӕн нал лӕггад кӕндзысты (Дзуттӕгтӕм 11:4–38). Хуыцауы чи уарзы, уыдон ыл сӕ зӕрдӕ никуы сивынц. Тынг уӕззау уавӕрты дӕр сӕ ныфс Йегъовӕйыл фӕдарынц, уымӕн ӕмӕ фӕзонынц, фидар фӕлӕууынӕн сын тыхтӕ кӕй ратдзӕн (2 Коринфӕгтӕм 4:7–10).
15. Хуыцауы тӕрхӕтты тыххӕй иуӕй-иутӕм, гӕнӕн ис, цавӕр фарста фӕзына?
15 Йегъовӕ йӕ хицаудзинады ӕмӕ адӕмы иузӕрдиондзинады тыххӕй дзырддаг фарстатӕ куыд аскъуыддзаг кодта, ӕрмӕст уымӕй нӕу бӕрӕг, алкӕддӕр рӕстӕй кӕй фӕархайы, уый. Библийы ма бакӕсӕн ис, Йегъовӕ-иу хицӕн адӕймӕгтӕн дӕр ӕмӕ ӕнӕхъӕн адӕмтӕн дӕр куыд тӕрхон кодта, уый тыххӕй. Стӕй ма дзы фыст ис, фидӕны адӕмӕн кӕй тӕрхон кӕндзӕн, уый тыххӕй дӕр. Йегъовӕйы тӕрхӕттӕ алкӕддӕр раст кӕй вӕййынц, уый фидарӕй зӕгъӕн цӕмӕн ис?
Хуыцауы рӕстдзинадӕн ӕмбал нӕй
Йегъовӕ «рӕстгӕнӕджы фыдгӕнӕгимӕ» никуы фесафдзӕн
16, 17. Цавӕр цӕвиттонтӕй у бӕрӕг, адӕймаг алкӕд кӕй нӕ фембары, цавӕрдӕр уавӕры растдӕр куыд уаид бакӕнӕн, уый?
16 Йегъовӕйы тыххӕй фидарӕй ис зӕгъӕн: «Йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр сты раст» (Дыккаг закъон 32:4). Афтӕ нӕ иу дӕр йӕхи тыххӕй нӕ зӕгъдзӕн, уымӕн ӕмӕ алкӕд алцы нӕ фӕзонӕм ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ фембарӕм, растдӕр куыд уаид бакӕнӕн, уый. Уый бӕрӕг у Авраамы цӕвиттонӕй. Кӕд Содомы цӕрджытӕ сӕ фыдхъуыддӕгты тыххӕй сафинаг уыдысты, уӕддӕр Авраам Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй горӕт ма фесӕфтаид. Бафарста йӕ: «Ау, рӕстгӕнӕджы фыдгӕнӕгимӕ фесафдзынӕ?» (Райдиан 18:23–33). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ афтӕ нӕ бакодтаид. Содомыл «сондон ӕмӕ зынг» ныккалдта, Лот ӕмӕ йӕ чызджытӕ горӕт Сигормӕ куы бахӕццӕ сты, ӕрмӕстдӕр уӕд (Райдиан 19:22–24). Иннӕ цӕвиттон та у Ионӕ. Фӕлӕ уымӕн бынтон ӕндӕр зондахаст уыд. Ионӕ Ниневийы адӕмӕн фехъусын кодта, сӕ фыдхъуыддӕгты тыххӕй сӕ Хуыцау кӕй фесафдзӕн. Фӕлӕ адӕм куы ’рфӕсмон кодтой, ӕмӕ сын Йегъовӕ куы фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ сын куы ныххатыр кодта, уӕд Ионӕ «мӕстӕй рафыхт» (Ионӕ 3:10–4:1).
17 Йегъовӕ Авраамӕн бамбарын кодта, алкӕддӕр рӕстӕй кӕй фӕархайы, уымӕ гӕсгӕ рӕстгӕнджыты фыдгӕнджытимӕ кӕй никуы фесафы. Ионӕйы та хъуыди бамбарын, Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уый. Фыдгӕнджытӕ се ’взӕр хъуыддӕгтӕ куы ныууадзынц, уӕд сын ныххатыр кӕны (Псалом 86:5). Чидӕртӕ иннӕты фефхӕрынц, тыхджын кӕй сты, ӕрмӕстдӕр уый равдисыны тыххӕй. Кӕнӕ та уый тыххӕй, ӕмӕ фӕтӕрсынц, хӕларзӕрдӕ куы уой, уӕд сӕ иннӕтӕ лӕмӕгъ кӕй хондзысты. Йегъовӕ уыдоны хуызӕн нӕу. Ӕмӕ, гӕнӕн куы вӕййы, уӕд алы хатт дӕр хӕларзӕрдӕдзинад равдисы (Исай 55:7; Йезекил 18:23).
18. Кӕд Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ у, уӕддӕр фыддзинадмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй нӕ кӕсы, уымӕн Библийӕ цӕвиттонтӕ ӕрхӕсс.
18 Фӕлӕ кӕд Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ у, уӕддӕр фыддзинадмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы. Йӕ адӕм, Израил, мӕнг хуыцӕуттӕн кувыныл куы бафтыдысты, уӕд Йегъовӕ карзӕй загъта: «Ӕз... дын тӕрхон кӕндзынӕн дӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ, ӕмӕ дын де ’лгъаг хъуыддӕгтӕ иууылдӕр дӕхи сӕрӕн баййафын кӕндзынӕн. Нӕ дын фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн ӕмӕ дыл нӕ бацауӕрддзынӕн, фӕлӕ дын дӕ хъуыддӕгтӕ дӕхи сӕрӕн баййафын кӕндзынӕн» (Йезекил 7:3, 4). Уӕдӕ адӕм сӕ ’взӕр хъуыддӕгтӕ куы нӕ ныууадзой, уӕд сын Йегъовӕ тӕрхон рахӕсдзӕн. Йегъовӕ цалынмӕ алцыдӕр бӕстон не сбӕлвырд кӕны, уӕдмӕ тӕрхон никуы рахӕссы. Зӕгъӕм, Содом ӕмӕ Гоморрӕйӕ куыд «тынг хъаст кӕнынц», уый куы фехъуыста, уӕд загъта: «Ныццӕуон ӕмӕ йӕ фенон, цымӕ сӕ куыд хъаст кӕнынц, ӕцӕгдӕр ахӕм митӕ кӕнынц ӕви нӕ» (Райдиан 18:20, 21). Адӕм арӕх хабӕрттӕ кӕронмӕ нӕма базонынц, афтӕмӕй хатдзӕгтӕ скӕнынц. Фӕлӕ Йегъовӕ афтӕ никуы бакӕны. Ӕмӕ дзы уый тыххӕй бузныг куыннӕ хъуамӕ уӕм! Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ у «ӕнувыд Хуыцау, хӕрамӕй йӕм ницы ис» (Дыккаг закъон 32:4).
Йегъовӕ алкӕддӕр рӕстӕй кӕй фӕархайы, ууыл ма дызӕрдыг кӕн
19. Йегъовӕ цавӕрдӕр тӕрхон цӕмӕн рахаста, уый кӕронмӕ куы не ’мбарӕм, уӕд хуыздӕр куыд уаид бакӕнӕн?
19 Библи алы хатт нӕ фембарын кӕны, Йегъовӕ-иу адӕмӕн цавӕрдӕр тӕрхон цӕмӕн рахаста, уый. Стӕй дзы бӕлвырдӕй фыст нӕй, фидӕны хицӕн адӕймӕгтӕн кӕнӕ адӕмы къордтӕн куыд тӕрхон кӕндзӕн, уый дӕр. Уӕдӕ Библийы цавӕрдӕр хабар кӕнӕ, алцы бӕстон фыст кӕм нӕу, ахӕм пехуымпарӕдтӕ кӕронмӕ куы не ’мбарӕм, уӕд хорз уаид, мах дӕр-иу пехуымпар Михейы куы бафӕзмиккам. Уый загъта: «Цас хъӕуа, уыйбӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцаумӕ» (Михей 7:7).
20, 21. Цӕуылнӕ хъуамӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ алкӕддӕр кӕй араздзӕн, раст цы у, уый?
20 Йегъовӕ алкӕддӕр, раст цы у, уый кӕй араздзӕн, ууыл хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм. Афтӕ нӕм куы кӕса, ӕмӕ адӕм хӕрам хъуыддӕгтӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсынц, уӕддӕр Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры: «Мастисӕг ӕз дӕн. Цы сын ӕмбӕлы, уый сын ӕз бакӕндзынӕн» (Ромӕгтӕм 12:19). Йегъовӕмӕ фӕразонӕй куы ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, мах дӕр ыл Павелау нӕ зӕрдӕ кӕй дарӕм. Павел загъта: «Хуыцау раст нӕ кӕны? Уымӕн гӕнӕн нӕй!» (Ромӕгтӕм 9:14).
21 Фӕлӕ нырма «уӕззау рӕстӕг» цӕрӕм (2 Тимофеймӕ 3:1). Бирӕтӕ хъизӕмар кӕнынц хӕрам хъуыддӕгты тыххӕй ӕмӕ, ӕфхӕрд кӕй ӕййафынц, уый тыххӕй (Екклесиаст 4:1). Фӕлӕ Йегъовӕ нӕ фӕивта. Уый ныр дӕр йе сӕфт уыны мӕнгард ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕй ӕмӕ, ӕнаххосӕй ӕфхӕрд чи ӕййафы, уыдоныл йӕ зӕрдӕ риссы. Ӕмӕ рӕстӕг куы ’рцӕуа, уӕд йӕ Паддзахады фӕрцы ӕппӕт хӕрам хъуыддӕгтӕ дӕр сраст кӕндзӕн. Йегъовӕйыл иузӕрдион куы уӕм ӕмӕ йӕ хицаудзинады фарс куы уӕм, уӕд нын тыхтӕ ратдзӕн, цӕмӕй фӕразӕм, цалынмӕ уыцы рӕстӕг не ’рцӕуа, уӕдмӕ (1 Петры 5:6, 7).
-
-
«Йегъовӕйы закъон у ӕнаипп»Баввахс у Йегъовӕмӕ
-
-
13 СӔР
«Йегъовӕйы закъон у ӕнаипп»
1, 2. Бирӕтӕ закъӕттӕн цӕуылнӕ аргъ кӕнынц, фӕлӕ мах Хуыцауы закъӕттӕм цы цӕстӕй кӕсӕм?
ХИЦӔУТТӔ кӕй ӕрхъуыды кодтой, уыцы закъӕттӕн бирӕ бӕстӕты ӕппындӕр нал аргъ кӕнынц. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ уыцы закъӕттӕн сӕ фылдӕр зын бамбарӕн сты. Стӕй хицӕуттӕ алкӕмӕ иухуызон цӕстӕй нӕ ракӕсынц. Йӕ барты сӕрыл чи фӕдзуры ӕмӕ тӕрхондонмӕ хъаст чи бадӕтты, уыдоны арӕх бахъӕуы тынг бирӕ рӕстӕг ӕнхъӕлмӕ кӕсын, цӕмӕй сын сӕ хъуыддаг равзарой, стӕй ма се ’хца дӕр бахардз кӕнынц.
2 Фӕлӕ, закъӕттӕн чи нӕ аргъ кӕны, уыдонӕй уӕлдай Библийы фысджытӕй иу 2 700 азы размӕ загъта ахӕм ныхӕстӕ: «Куыд тынг дын уарзын дӕ закъон!» (Псалом 119:97). Цымӕ афтӕ цӕмӕн загъта? Уымӕн ӕмӕ уыцы закъон адӕм не ’рхъуыды кодтой, фӕлӕ сын ӕй Йегъовӕ Хуыцау радта. Ды дӕр Йегъовӕйы закъӕттӕ куы иртасай, уӕд сӕ псаломзарӕггӕнӕгау бауарздзынӕ ӕмӕ хуыздӕр бамбардзынӕ, Дун-дунейы ӕппӕты хуыздӕр Закъонӕвӕрӕг ӕмӕ Тӕрхонгӕнӕг куыд хъуыды кӕны, уый.
Ӕппӕты хуыздӕр Закъонӕвӕрӕг
3, 4. Йегъовӕ куыд равдыста, Закъонӕвӕрӕг кӕй у, уый?
3 «Ис ӕрмӕстдӕр иу закъонӕвӕрӕг ӕмӕ тӕрхонгӕнӕг»,– фыст ис Библийы (Иаковы 4:12). Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн ис бар, цӕмӕй, кӕй сфӕлдыста, уыдонӕн закъӕттӕ дӕтта. Стъалытӕ ӕмӕ планетӕтӕ дӕр змӕлынц, арвӕн цы закъӕттӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ (Иов 38:33). Ӕнӕнымӕц зӕдтӕ дӕр Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕххӕст кӕнынц. Алкӕмӕн дӕр сӕ ис йӕхи бынат, ӕмӕ йын лӕггад кӕнынц, куыд сын дзуры, афтӕ (Псалом 104:4; Дзуттӕгтӕм 1:7, 14).
4 Йегъовӕ адӕмӕн дӕр радта закъӕттӕ. Алчидӕр нӕ хайджын у ӕфсармӕй. Уый у нӕ зӕрдӕты фыст закъоны хуызӕн ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ӕмбарӕм, Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсгӕйӕ раст цы у ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый (Ромӕгтӕм 2:14). Адам ӕмӕ Евӕ уыдысты ӕххӕст ӕмӕ се ’фсармы фӕрцы сӕ бон уыд раст уынаффӕтӕ хӕссын. Уымӕ гӕсгӕ сӕ бирӕ закъӕттӕ нӕ хъуыди (Райдиан 2:15–17). Фӕлӕ цӕмӕй ӕнӕххӕст адӕймагӕн йӕ бон Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын уа, уый тыххӕй йӕ фылдӕр закъӕттӕ хъӕуы. Йегъовӕ-иу бинонты хистӕртӕн, зӕгъӕм, Нойӕн, Авраамӕн ӕмӕ Иаковӕн, закъӕттӕ радта, ӕмӕ-иу сӕ уыдон та сӕ бинонтӕн амыдтой (Райдиан 6:22; 9:3–6; 18:19; 26:4, 5). Йегъовӕ Закъонӕвӕрӕг кӕй у, уый ма равдыста, Израилы адӕмӕн Моисейы уылты закъӕттӕ кӕй радта, уымӕй дӕр. Уыцы закъӕтты фӕрцы нӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у базонын, Йегъовӕ рӕстдзинадыл цы нымайы, уый тыххӕй.
Моисейы закъоны сӕйраг уагӕвӕрдтӕ
5. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ Моисейы закъон зынӕмбарӕн ӕмӕ зынӕххӕстгӕнӕн нӕ уыд?
5 Бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Моисейы закъон зынӕмбарӕн ӕмӕ зынӕххӕстгӕнӕн уыд. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Моисейы закъоны ис 600 закъонӕй фылдӕр. Чи зоны, уыцы закъӕттӕ искӕмӕ бирӕ фӕкӕсой. Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕнӕм: 2000-ӕм азмӕ Иугонд Штатты уыйбӕрц закъӕттӕ уыди, ӕмӕ сӕ ныффыссынӕн бахъуыд 150 000 сыфӕй фылдӕр. Алы дыууӕ азы та ма сӕм бафты 600 закъонӕй фылдӕр! Уӕдӕ адӕмы ӕнӕнымӕц закъӕттимӕ абаргӕйӕ Моисейы закъоны бирӕ закъӕттӕ нӕ уыд. Фӕлӕ дзы дзырд цы хъуыддӕгтыл цыд, уыдонӕн абон адӕмы закъӕтты сӕ кой дӕр нӕй. Ӕркӕсӕм дзы цалдӕрмӕ.
6, 7. а) Моисейы закъон адӕмы закъӕттӕй цӕмӕй хицӕн кӕны ӕмӕ дзы ӕппӕты сӕйрагдӕр фӕдзӕхст цавӕр у? б) Израилӕгтӕн сӕ бон куыд уыд ӕвдисын, Йегъовӕйы сӕ Хицауыл кӕй нымайынц, уый?
6 Закъон израилӕгты ахуыр кодта, цӕмӕй Йегъовӕйы сӕ Хицауыл нымадтаиккой. Уымӕй Моисейы закъон тынг хицӕн кӕны, адӕм кӕй ӕрхъуыды кодтой, уыцы закъӕттӕй. Моисейы закъоны ӕппӕты сӕйрагдӕр у ацы фӕдзӕхст: «Байхъус, Израил! Нӕ Хуыцау Йегъовӕйы йеддӕмӕ ӕндӕр Йегъовӕ нӕй. Ӕмӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ». Хуыцауы адӕмӕн сӕ бон куыд уыд ӕвдисын, кӕй йӕ уарзынц, уый? Хъуамӕ йын лӕггад кодтаиккой, ома йӕ сӕ Хицауыл нымадтаиккой ӕмӕ йӕ коммӕ кастаиккой (Дыккаг закъон 6:4, 5; 11:13).
7 Адӕймаг Йегъовӕйы йӕ Хицауыл кӕй нымадта, уый бӕрӕг уыд, йӕ сӕргъы йын кӕй сӕвӕрдта, уыдоны кӕй нымадта ӕмӕ сӕ коммӕ кӕй каст, уымӕй. Зӕгъӕм, ныййарджыты, мыггӕгты хистӕрты, тӕрхонгӕнджыты, сауджынты ӕмӕ фӕстӕдӕр та – паддзахы. Йегъовӕ загъта, уыдоны ныхмӕ чи цӕуа, уый йын йӕхи ныхмӕ кӕй цӕудзӕн. Фӕлӕ йӕ бартӕй раст чи нӕ пайда кодтаид ӕмӕ иннӕтӕм ӕвзӕр цӕстӕй чи кастаид, уыдоны Йегъовӕ бафхӕрдтаид (Рацыд 20:12; 22:28; Дыккаг закъон 1:16, 17; 17:8–20; 19:16, 17). Уӕдӕ израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр хъуамӕ Йегъовӕйы сӕ Хицауыл нымадтаиккой.
8. Закъон израилӕгты куыд ахуыр кодта, цӕмӕй сыгъдӕг уыдаиккой?
8 Закъон израилӕгты ахуыр кодта, цӕмӕй сыгъдӕг уыдаиккой. Моисейы закъоны 280 хаттӕй фылдӕр ӕмбӕлынц дзырдтӕ «сыгъдӕг» ӕмӕ «сыгъдӕгдзинад». Закъон Хуыцауы адӕмӕн ӕххуыс кодта, цӕмӕй сыгъдӕг ӕмӕ чъизи кӕрӕдзийӕ хицӕн кодтаиккой. Уый тыххӕй дзы фыст уыди, израилаг кӕй аххосӕй фӕчъизи уыдаид, иу-70 ахӕм алыхуызон хъуыддаджы тыххӕй. Уыцы закъӕттӕ хаудысты буары сыгъдӕгдзинадмӕ, хӕрын цы ’мбӕлд ӕмӕ цы не ’мбӕлд, уымӕ ӕмӕ суанг хи хъуыдыйы цӕуынмӕ дӕр. Уыцы закъӕттӕ стыр ӕххуыс уыдысты се ’нӕниздзинадӕнa. Фӕлӕ сӕ сӕйраг нысан ӕндӕр уыд. Уыдон Израилы адӕмӕн ӕххуыс кодтой, цӕмӕй сӕ алыварс цӕрӕг адӕмты хӕлд ӕгъдӕуттӕй дард лӕууыдаиккой, ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кодтаиккой. Ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ.
9, 10. Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг ӕмуат кӕй ӕрцӕуынц, уый фӕдыл ӕмӕ сывӕллоны райгуырды фӕдыл Йегъовӕ израилӕгтӕн цавӕр закъӕттӕ радта ӕмӕ сын цы ӕххуыс уыдысты?
9 Закъоны куыд фыст уыд, афтӕмӕй-иу ӕмуат чи ’рцыд (суанг ус ӕмӕ лӕг дӕр), уыдон-иу уый фӕстӕ цасдӕр рӕстӕг сыгъдӕгыл нымад нӕ уыдысты. Ӕмӕ-иу сылгоймагӕн сывӕллон куы райгуырд, уӕд-иу уый дӕр цасдӕр рӕстӕг сыгъдӕгыл нымад нӕ уыд (Левит 12:2–4; 15:16–18). Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ, лӕг ӕмӕ ус ӕмуат кӕй ӕрцӕуынц ӕмӕ сын сывӕллӕттӕ кӕй райгуыры, уый Хуыцауы лӕвар нӕу (Райдиан 1:28; 2:18–25). Йегъовӕ уыцы закъӕттӕ йӕ адӕмӕн радта, цӕмӕй сыгъдӕг уыдаиккой ӕмӕ сӕхи мӕнг динты ӕгъдӕуттӕй ма фӕчъизи кодтаиккой. Израилы алыварс цӕрӕг адӕмтӕ-иу сӕ хуыцӕуттӕн куы куывтой, уӕд-иу кӕрӕдзиимӕ ӕмуат дӕр ӕрцыдысты. Ханаайнӕгтӕм уыди, кувӕндӕтты-иу кӕимӕ хӕтыдысты ахӕм сылгоймӕгтӕ ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕ. Уый аххосӕй фылдӕр кодтой, ӕфсарм ӕмӕ ӕгъдау кӕмӕ нал уыд ӕмӕ алы хӕлд митыл чи бафтыд, ахӕм адӕм. Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ та, Йегъовӕйӕн кувын ӕппындӕр ницы бар дардта, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг ӕмуат кӕй ӕрцӕуынц, уымӕb. Уыцы закъӕттӕ ма израилӕгтӕн ӕххуыс уыдысты ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр.
10 Уыцы Закъӕтты фӕрцы израилӕгтӕ хъуамӕ сахуыр уыдаиккой иу ахсджиаг хъуыддагылc. Кӕд, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг ӕмуат кӕй ӕрцӕуынц, уый ӕмӕ сывӕллоны райгуырд Хуыцауы лӕвӕрттӕ сты, уӕддӕр Адамы тӕригъӕд иу фӕлтӕрӕй иннӕ фӕлтӕрмӕ афтӕмӕй ахизы (Ромӕгтӕм 5:12). Закъоны фӕрцы Хуыцау йӕ адӕмӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кодта, иууылдӕр тӕригъӕдджынтӕ кӕй сты. Не ’ппӕт дӕр тӕригъӕды райгуырдыстӕм (Псалом 51:5). Нӕ сыгъдӕг Хуыцау нын нӕ тӕригъӕдтӕ кӕй хатыр кӕны ӕмӕ йӕ Фырты мах тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрхаста, ӕрмӕстдӕр нын уый фӕрцы ис фадат, цӕмӕй йӕм баввахс уӕм.
11, 12. а) Моисейы закъон израилӕгты цавӕр ахсджиаг хъуыддагыл ахуыр кодта? б) Закъон адӕмы цавӕр хӕрам хъуыддӕгтӕй хъахъхъӕдта?
11 Закъонӕй бӕрӕг уыди, Йегъовӕйы рӕстдзинад ӕнаипп кӕй у. Моисейы закъон израилӕгты ахуыр кодта иу ахсджиаг хъуыддагыл: адӕймаджы хъуамӕ бафхӕрой йӕ фыдракӕндмӕ гӕсгӕ. Закъоны фыст уыди: «Уды тыххӕй – уд, цӕсты къахтӕн – цӕсты къахт, дӕндаджы састӕн – дӕндаджы саст, къухы састӕн – къухы саст, къахы састӕн – къахы саст» (Дыккаг закъон 19:21). Уӕдӕ-иу фыдгӕнӕджы бафхӕрын хъуыди, цы фыдракӕнд сарӕзта, уымӕ гӕсгӕ. Моисейы закъоны цы амындтӕ уыди, уыдонӕй бӕрӕг уыд, Йегъовӕ рӕстаг Хуыцау кӕй у. Уый куы бамбарӕм, уӕд бамбардзыстӕм, Йесо Чырысти йӕ цард мах тыххӕй цӕмӕн радта, уый дӕр (1 Тимофеймӕ 2:5, 6). Ууыл дзырд цӕудзӕн 14-ӕм сӕры.
12 Закъон ма адӕмы хъахъхъӕдта, цӕмӕй-иу сӕ тӕрхонгӕнджытӕ ӕнаххосӕй ма бафхӕрдтаиккой. Зӕгъӕм, искӕй аххос сбӕлвырд кӕнынӕн хъуыди ӕппынкъаддӕр дыууӕ ӕвдисӕны. Ӕвдисӕн-иу мӕнгӕвдисӕн куы разынд, уӕд-иу ӕй карзӕй бафхӕрдтой (Дыккаг закъон 19:15, 18, 19). Гӕртам исын дӕр не ’мбӕлд (Рацыд 23:8; Дыккаг закъон 27:25). Ӕлхӕныны ӕмӕ уӕй кӕныны хъуыддӕгты дӕр израилӕгтӕ хъуамӕ архайдтаиккой, Йегъовӕ сын уый фӕдыл цы закъӕттӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ (Левит 19:35, 36; Дыккаг закъон 23:19, 20). Йегъовӕйы рӕстаг закъӕттӕ израилӕгтӕн стыр пайда уыдысты.
Закъон израилӕгты ахуыр кодта, цӕмӕй тӕрхон кӕнгӕйӕ фӕлмӕнзӕрдӕ уыдаиккой ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ ма кодтаиккой
13, 14. Моисейы закъонӕй куыд зыны, цыдӕр чи адавта ӕмӕ йӕ кӕмӕй адавта, уыдоны хъуыддаг рӕстӕй кӕй хъуамӕ ӕвзӕрстаиккой, уый?
13 Цымӕ Моисейы закъоны цы амындтӕ ӕмӕ фӕдзӕхстытӕ уыди, уыдон ӕгӕр карз уыдысты? Нӕ! Паддзах Давид ныффыста: «Йегъовӕйы закъон у ӕнаипп» (Псалом 19:7). Давид хорз зыдта, Закъон адӕмы кӕй ахуыр кодта, цӕмӕй фӕлмӕнзӕрдӕ уыдаиккой ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ ма кодтаиккой. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн?
14 Нӕ рӕстӕджы иуӕй-иу бӕстӕты цыма закъон фыдгӕнджыты фарс у, афтӕ зыны. Зӕгъӕм, къӕрныхтӕ фӕбадынц ахӕстӕтты. Къӕрных цы адавы, уый, гӕнӕн ис, фӕстӕмӕ йӕ хицауы къухмӕ мауал бахауа. Фӕлӕ цыдӕр кӕмӕй адавтой, уыдон хъуамӕ хъалонтӕ фидой. Ӕмӕ уыцы хъалонтӕн та сӕ кӕцыдӕр хай цӕуы, ахӕстӕтты чи бады, уыдоны дарынӕн. Моисейы закъоны та бӕлвырд фыст уыди, цыдӕр чи адавта ӕмӕ йӕ кӕмӕй адавта, уыдоны хъуыддаг рӕстӕй равзарын кӕй хъуыди. Рагон Израилы абоны хуызӕн ахӕстӕттӕ нӕ уыд. Закъоны уыди бӕлвырд амындтӕ, цӕмӕй-иу адӕймаджы ӕгӕр карзӕй ма бафхӕрдтаиккой (Дыккаг закъон 25:1–3). Стӕй ма дзы фыст уыди, къӕрных кӕй хъуамӕ бафыстаид, цы радавта, ӕрмӕст уый нӕ, фӕлӕ уымӕй фылдӕр. Цас фылдӕр, уый, ӕвӕццӕгӕн, тӕрхонгӕнджытӕ скъуыддзаг кодтой. Къӕрных цас хъуамӕ бафыстаид, уый кӕнгӕ уыд уавӕртӕй, зӕгъӕм, цы сарӕзта, ууыл фӕсмон кӕны ӕви нӕ, уымӕй. Уӕдӕ бамбарӕн ис, Рацыды 22:7 стихы цы аргъыл цӕуы дзырд, уыимӕ абаргӕйӕ Левиты 6:1–7 стихтӕм гӕсгӕ къӕрныхы къаддӕр фидын цӕмӕн хъуыди, уый.
15. Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ рӕстаг кӕй у, уый куыд зыны, адӕймаг-иу искӕй барӕй куы нӕ амардта, уӕд ын Закъонмӕ гӕсгӕ цы бартӕ уыд, уымӕй?
15 Закъонӕй бӕрӕг уыди, Йегъовӕ куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у, уый, уымӕн ӕмӕ дзы фыст уыди, адӕймаг тӕригъӕд алы хатт барӕй кӕй нӕ саразы. Зӕгъӕм, адӕймаг-иу искӕй барӕй куы нӕ амардта, уӕд ӕй уд удӕй фидын нӕ хъуыди, Израилы цы ’мбӕхсӕн горӕттӕ уыд, уыдонӕй-иу искӕцымӕ куы алыгъдаид, уӕд. Тӕрхонгӕнджытӕ йын йӕ хъуыддаг куы равзӕрстаиккой, уӕд хъуамӕ уыцы горӕты баззадаид хистӕр сауджыны мӕлӕты онг. Уый фӕстӕ йӕ бон уыд, кӕм ӕй фӕндыд, уым ӕрцӕрын. Афтӕмӕй-иу адӕймаг бамбӕрста, Хуыцау тынг фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уый. Уымӕй уӕлдай ма израилӕгтӕ уыцы закъоны фӕрцы ӕмбӕрстой, Йегъовӕ адӕймаджы цардӕн тынг кӕй аргъ кӕны (Нымӕцтӕ 15:30, 31; 35:12–25).
16. Закъон адӕймаджы бартӕ куыд хъахъхъӕдта?
16 Закъон адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕдта. Ӕркӕсӕм, ӕфстау чи иста, уыдоны бартӕ куыд хъахъхъӕдта, уымӕ. Адӕймагӕн уый бар нӕ уыд, цӕмӕй дзы хӕс чи дардта, уымӕн йӕ хӕдзармӕ бацыдаид ӕмӕ дзы йӕ хӕсы ныхмӕ исты рахастаид. Фӕлӕ хъуамӕ ӕддейӕ ӕнхъӕлмӕ кастаид, цалынмӕ йын уыцы адӕймаг йӕхӕдӕг исты нӕ рахастаид, уӕдмӕ. Уыцы закъонӕй бӕрӕг уыди, адӕймагӕн йӕ хӕдзармӕ ӕнӕ хонгӕйӕ цӕуӕн кӕй нӕ уыд. Адӕймаг, хӕс дзы чи дардта, уымӕн йӕ хӕсы ныхмӕ йӕ уӕлӕдарӕс куы райстаид, уӕд ын ӕй изӕрмӕ хъуамӕ фӕстӕмӕ радтаид, цӕмӕй ӕхсӕвы ма суазал уыдаид (Дыккаг закъон 24:10–14).
17, 18. Израилаг ӕфсӕддонтӕ иннӕ адӕмты ӕфсӕддонтӕй куыд хицӕн кодтой ӕмӕ цӕмӕн?
17 Йегъовӕ израилӕгтӕн закъӕттӕ радта, хӕсты куыд хъуамӕ хӕцыдаиккой, суанг уый фӕдыл дӕр. Хуыцауы адӕм иннӕ адӕмтимӕ уый тыххӕй нӕ хӕцыдысты, ӕмӕ фылдӕр бартӕм бӕллыдысты кӕнӕ хӕцын уарзтой. Цы хӕстыты-иу архайдтой, уыдон-иу уыдысты «Йегъовӕйы хӕстытӕ» (Нымӕцтӕ 21:14). Бирӕ хӕттыты-иу израилӕгтӕ се знӕгтӕн фадат радтой, цӕмӕй-иу ӕнӕ хӕцгӕйӕ сӕхи сӕ къухмӕ радтаиккой. Куы нӕ-иу сразы сты, уӕд-иу горӕтыл ӕртыхстысты, фӕлӕ-иу архайдтой Йегъовӕйы амындтӕм гӕсгӕ. Израилӕгтӕ иннӕ ӕфсӕддонтӕй тынг хицӕн кодтой. Уый бар сын нӕ уыд, цӕмӕй сылгоймӕгтӕн тыхми кодтаиккой ӕмӕ-иу се ’ппӕты дӕр ныццагътаиккой. Суанг ма сын се знӕгты зӕххыл дыргъбӕлӕстӕ калыны бар дӕр нӕ уыд, цӕмӕй ӕрдзӕн зиан ма ӕрхастаиккойd. Ахӕм закъӕттӕ ӕндӕр никӕцы ӕфсадӕн уыд (Дыккаг закъон 20:10–15, 19, 20; 21:10–13).
18 Абон иуӕй-иу бӕстӕты сывӕллӕтты дӕр хӕцын кӕй ахуыр кӕнынц, уымӕй сӕрыхъуынтӕ арц сбадынц. Рагон Израилы та, 20 азӕй къаддӕр кӕуыл цыд, уыдоны ӕфсадмӕ нӕ кодтой (Нымӕцтӕ 1:2, 3). Ӕмӕ суанг 20 азӕй фылдӕр кӕуыл цыди, уыдонӕй дӕр хӕстмӕ цӕуын чи нӕ уӕндыд, уыцы нӕлгоймӕгты-иу нӕ акодтой. Стӕй-иу нӕлгоймаг ус куы ракуырдта, уӕд-иу иу аз хӕстмӕ нӕ цыд, уымӕн ӕмӕ йӕ цардӕн тӕссаг уыд. Ӕмӕ-иу йӕ фыццаг сывӕллон куы райгуырд, уӕд-иу хӕдзары уыд. Закъон ӕмбарын кодта, зӕгъгӕ, ус чи ракура, уымӕн ис бар, цӕмӕй «цӕра йӕ хӕдзары ӕмӕ йӕ усы зӕрдӕ хъӕлдзӕг кӕна» (Дыккаг закъон 20:5, 6, 8; 24:5).
19. Закъон сылгоймӕгты, сывӕллӕтты, бинонты, идӕдзты ӕмӕ сидзӕрты куыд хъахъхъӕдта?
19 Закъон ма хъахъхъӕдта сылгоймӕгты, сывӕллӕтты ӕмӕ бинонты дӕр. Закъон ныййарджытӕн фӕдзӕхста, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттимӕ фылдӕр рӕстӕг ӕрвыстаиккой ӕмӕ сын Йегъовӕйы тыххӕй дзырдтаиккой (Дыккаг закъон 6:6, 7). Уӕззау тӕригъӕдыл нымад уыди ӕввахс хӕстӕгимӕ ӕмуат ӕрцӕуын. Ӕмӕ-иу афтӕ чи бакодта, уый-иу хъуамӕ амардтаиккой (Левит, 18 сӕр). Тӕригъӕдыл нымад уыди цардӕмбалыл гадзрахатӕй рацӕуын дӕр. Цардӕмбӕлттӕ кӕрӕдзийыл гадзрахатӕй кӕй рацӕуынц, уый аххосӕй бирӕтӕн сӕ бинонты цард фехӕлы ӕмӕ сын уый бирӕ маст ӕмӕ зындзинӕдтӕ бавзарын кӕны. Закъон израилӕгты фӕдзӕхста, цӕмӕй идӕдз устыты ӕмӕ сидзӕрты рохуаты ма уагътаиккой. Йегъовӕ сын загъта, ахӕм адӕмы чи бахъыгдара, уыдоны карзӕй кӕй бафхӕрдзӕн (Рацыд 20:14; 22:22–24).
20, 21. а) Моисейы Закъон израилӕгтӕн цалдӕр усы кӕнын цӕмӕн уагъта? б) Йегъовӕ израилӕгтӕн сӕ устытӕй хицӕн кӕныны бар цӕмӕн лӕвӕрдта?
20 Фӕлӕ, чи зоны, исчи ахъуыды кӕна, зӕгъгӕ, уӕд Закъон цалдӕр усы кӕныны бар цӕмӕн лӕвӕрдта? (Дыккаг закъон 21:15–17). Уый бамбарыны тыххӕй хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, израилӕгты ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ цардыуаг тынг кӕй хицӕн кодтой нӕ рӕстӕджы ӕгъдӕуттӕй ӕмӕ цардыуагӕй (Ӕмбисӕндтӕ 18:13). Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйы куы сфӕлдыста, уӕд сын бамбарын кодта, нӕлгоймагӕн ӕрмӕстдӕр иу ус кӕй хъуамӕ уа ӕмӕ цӕрӕнбонтӕм иумӕ кӕй хъуамӕ уой (Райдиан 2:18, 20–24). Фӕлӕ цалынмӕ Йегъовӕ израилӕгтӕн Закъон нӕ радта, уӕдмӕ сӕм бирӕ ӕнусты дӕргъы ахӕм ӕгъдау ӕрфидар, ӕмӕ-иу цалдӕр усы дӕр ӕркодтой. Йегъовӕ зыдта, йӕ адӕмӕн басӕттӕн кӕй нӕй, ӕмӕ-иу ын йӕ ахсджиаг фӕдзӕхстыты сӕрты дӕр кӕй ахиздзысты, зӕгъӕм, гуымирытӕн кувдзысты (Рацыд 32:9). Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ аскъуыддзаг кодта, рӕстӕг кӕй нӕма ’рцыд, цӕмӕй сын фидарӕй загътаид, лӕгӕн иу ус йеддӕмӕ кӕй хъуамӕ ма уа. Фӕлӕ нӕ рох ма уӕд, афтӕ сын кӕй никуы загъта, цӕмӕй сын цалдӕргай устытӕ уыдаид. Йегъовӕ израилӕгтӕн Моисейы уылты цы закъон радта, уый сылгоймӕгты бартӕ хъахъхъӕдта ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕн уый бар нӕ лӕвӕрдта, цӕмӕй сӕ ’фхӕрдтаиккой.
21 Кӕмӕдӕрты та, чи зоны, диссаг кӕсы, Моисейы закъон нӕлгоймагӕн бар цӕмӕн лӕвӕрдта, цӕмӕй-иу цавӕрдӕр хъуыддӕгты тыххӕй йӕ усӕй ахицӕн уыдаид (Дыккаг закъон 24:1–4). Йесо загъта, дзуттӕгтӕ «хивӕнд кӕй уыдысты», уый тыххӕй сын кӕй радта Йегъовӕ сӕ устытӕй хицӕн кӕныны бар. Фӕлӕ уый рӕстӕгмӕ уыд. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта, Йегъовӕ бинонты цардӕн цы ’гъдау сфидар кодта, уымӕ гӕсгӕ кӕй хъуамӕ цӕрой (Матфейы 19:8).
Закъон израилӕгты ахуыр кодта иннӕты уарзын
22. Моисейы закъон израилӕгты иннӕты уарзынмӕ куыд разӕнгард кодта ӕмӕ кӕй хъуамӕ уарзтаиккой?
22 Абон иу бӕстӕйӕн дӕр йӕ бон нӕу ахӕм закъӕттӕ рауадзын, цӕмӕй адӕмы кӕрӕдзи уарзынмӕ разӕнгард кӕной. Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ та уарзондзинадӕй ахсджиагдӕр ницы ис. Ӕрмӕст Дыккаг закъоны чиныджы дзырд «уарзондзинад» ӕмбӕлы 20 хаттӕй фылдӕр – кӕм номдарӕй, кӕм та – мивдисӕгӕй. Закъоны ӕппӕты сӕйрагдӕр фӕдзӕхстытӕй дыккаг у, «иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ» (Левит 19:18; Матфейы 22:37–40). Хуыцауы адӕм ахӕм уарзтӕй хъуамӕ ӕрмӕст кӕрӕдзи ма уарзтаиккой, фӕлӕ ма се ’хсӕн цы ӕрцӕуӕггаг адӕм цард, уыдоны дӕр, уымӕн ӕмӕ кӕддӕр сӕхӕдӕг дӕр кӕйдӕр зӕххыл ӕрцӕуӕггӕгтӕ уыдысты. Уыдон хъуамӕ мӕгуыр ӕмӕ ӕфхӕрд адӕмы уарзтаиккой, хъуаг цӕмӕй ӕййӕфтой, уымӕй-иу сӕм фӕкастаиккой ӕмӕ сӕ ма ’фхӕрдтаиккой. Суанг ма фосӕн дӕр хъуамӕ тӕригъӕд кодтаиккой (Рацыд 23:6; Левит 19:14, 33, 34; Дыккаг закъон 22:4, 10; 24:17, 18).
23. 119-ӕм псалом чи ныффыста, уый цы фӕндыд аразын ӕмӕ махӕн дӕр нӕ фӕнд цы хъуамӕ уа?
23 Зӕххыл ӕндӕр никӕцы адӕммӕ уыди, Йегъовӕ Хуыцау йӕ адӕмӕн цы закъӕттӕ радта, ахӕм закъӕттӕ. Диссаг нӕу, псаломзарӕггӕнӕг афтӕ цӕмӕн загъта: «Куыд тынг дын уарзын дӕ закъон!» Уый Хуыцауы закъон ӕрмӕст уарзгӕ нӕ кодта, фӕлӕ ма йӕ уыцы закъон ӕххӕст кӕнын дӕр фӕндыд. Стӕй ма загъта: «Ӕнӕхъӕн бон ууыл сты мӕ хъуыдытӕ» (Псалом 119:11, 97). Алкӕддӕр-иу рӕстӕг ссардта Йегъовӕйы закъӕттӕ иртасынӕн. Фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ сӕ цас хуыздӕр ӕмбӕрста, уыйас сӕ тынгдӕр уарзта. Уыимӕ тынгдӕр уарзта Закъонӕвӕрӕджы дӕр, Йегъовӕ Хуыцауы. Ды дӕр Хуыцауы закъон куы ахуыр кӕнай, уӕд Йегъовӕмӕ, ӕппӕты хуыздӕр Закъонӕвӕрӕгмӕ ӕмӕ рӕстдзинады Хуыцаумӕ, ӕввахсдӕр кӕндзынӕ.
a Зӕгъӕм, Закъонмӕ гӕсгӕ, адӕймаг ӕддӕмӕ кӕй ацӕуы, уыцы чъизитӕ хъуыди ныгӕнын; хӕцгӕ низӕй рынчын адӕймагӕн ӕнӕниз адӕмы ’хсӕнмӕ цӕуӕн нӕ уыд; мардмӕ-иу чи бавнӕлдта, уый-иу хъуамӕ йӕхи ныхсадтаид. Афтӕ кӕнын хорз цӕмӕн уыд, уый ахуыргӕндтӕ бамбӕрстой, Хуыцау уыцы закъӕттӕ куы радта, уымӕй мин азты фӕстӕ (Левит 13:4–8; Нымӕцтӕ 19:11–13, 17–19; Дыккаг закъон 23:13, 14).
b Ханаайнӕгты кувӕндӕтты уыди сӕрмагонд уӕттӕ искӕимӕ ӕмуат ӕрцӕуынӕн. Моисейы закъоны та фыст уыди, ӕрӕджы-иу ӕмуат чи ’рцыд, уый-иу сыгъдӕг кӕй нӕ уыд, ӕмӕ йын-иу уый тыххӕй кувӕндонмӕ бахизыны бар дӕр кӕй нӕ уыд. Уӕдӕ Закъонмӕ гӕсгӕ раст нӕ уыд, цӕмӕй исчи Йегъовӕйы хӕдзармӕ бакувынмӕ ӕрбацыдаид ӕмӕ уым искӕимӕ ӕмуат ӕрцыдаид.
c Закъоны сӕйраг нысан уыд адӕмы ахуыр кӕнын. Иу энциклопедийы куыд фыст ис, афтӕмӕй дзырд «закъон»-ӕй кӕй ратӕлмац кодтой, уыцы дзуттаг дзырд тора́ нысан кӕны «зондамынд» (Encyclopaedia Judaica).
d Хуыцау израилӕгты бафарста: «Быдыры цы бӕлас зайы, уый дын исты адӕймаг у, цӕмӕй йемӕ тох кӕнай?» (Дыккаг закъон 20:19). Фыццаг ӕнусы цӕрӕг иудейаг ахуыргонд Филон ацы закъоны фӕрцы бамбарын кодта, Хуыцауы хъуыдымӕ гӕсгӕ раст кӕй нӕу, адӕм кӕрӕдзимӕ куы смӕсты вӕййынц, уӕд сӕ пырх цӕуылдӕрты кӕй акалынц, уый.
-
-
Йегъовӕ йӕ Фырты радта «бирӕты балхӕныны тыххӕй»Баввахс у Йегъовӕмӕ
-
-
14 СӔР
Йегъовӕ йӕ Фырты радта «бирӕты балхӕныны тыххӕй»
1, 2. Адӕм цы уавӕры сты, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис ӕмӕ уыцы уавӕрӕй фервӕзынӕн цавӕр мадзал ис?
«ХУЫЦАУ цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдон ӕмхуызонӕй... дзыназынц ӕмӕ... удхар кӕнынц» (Ромӕгтӕм 8:22). Апостол Павелы ныхӕстӕй бӕрӕг у, абон адӕм цы уӕззау уавӕры сты, уый. Бирӕтӕ, чи зоны, афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ зындзинӕдтӕй, тӕригъӕдӕй ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзӕн нӕй. Фӕлӕ адӕмӕн сӕ бон цы нӕу саразын, уый Йегъовӕйӕн йӕ бон у (Нымӕцтӕ 23:19). Йегъовӕ у рӕстдзинады Хуыцау ӕмӕ ссардта мадзал, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна, цы уӕззау уавӕры стӕм, уымӕй. Уый тыххӕй бафыста стыр аргъ – ахӕсты аргъ.
2 Йегъовӕ адӕмӕн цы лӕвӕрттӕ скодта, уыдонӕй ахӕсты аргъӕй стырдӕр лӕвар нӕй. Уый фӕрцы нӕ бон у тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын (Ефесӕгтӕм 1:7). Стӕй нын ис ӕнустӕм цӕрыны ныфс – кӕмӕндӕр уӕлӕрвты, кӕмӕндӕр та – зӕххыл дзӕнӕты (Лукайы 23:43; Иоанны 3:16; 1 Петры 1:4). Фӕлӕ цы у ахӕсты аргъ? Ӕмӕ уымӕй Йегъовӕйы рӕстдзинады тыххӕй цы ис базонӕн?
Ахӕсты аргъ бафидын цӕмӕн бахъуыд?
3. а) Ахӕсты аргъ бафидын цӕмӕн бахъуыд? б) Хуыцау Адамы байзӕддӕгтӕн ӕнустӕм цӕрыны бар цӕуылнӕ радта?
3 Ахӕсты аргъ бафидын бахъуыд, Адам тӕригъӕд кӕй ракодта, уый тыххӕй. Адам Хуыцаумӕ нӕ байхъуыста, ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты низтӕ, маст ӕмӕ мӕлӕты хай бакодта (Райдиан 2:17; Ромӕгтӕм 8:20). Уый гӕнӕн нӕ уыд, цӕмӕй Хуыцау мацӕмӕ ӕрдардтаид, цы ’рцыд, уый. Адамӕн йӕ байзӕддӕгтӕ тӕригъӕд сӕ туджы рахастой. Ӕмӕ сын Йегъовӕ ӕнустӕм цӕрыны бар куы радтаид, уӕд ахызтаид йӕхи закъоны сӕрты: «Тӕригъӕд фиды мӕлӕтӕй» (Ромӕгтӕм 6:23). Йегъовӕ афтӕ куы бакодтаид, уӕд ын зӕдтӕ дӕр ӕмӕ адӕм дӕр йӕ закъӕттӕ ницӕмӕуал дардтаиккой.
4, 5. а) Хӕйрӕг Хуыцауы номыл цъыф куыд бакалдта ӕмӕ Йегъовӕ цӕмӕн аскъуыддзаг кодта, Хӕйрӕг сайгӕ кӕй кӕны, уый сбӕлвырд кӕнын? б) Хӕйрӕг Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй цы загъта?
4 Дыууадӕсӕм сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй Едемы цы ’рцыд, уый сӕвзӕрын кодта ноджы ахсджиагдӕр фарстатӕ. Хӕйрӕг Хуыцауы сыгъдӕг номыл цъыф бакалдта. Йӕ ныхӕстӕй афтӕ уад, ӕмӕ Йегъовӕ сайгӕ кӕны, ӕгъатыр у ӕмӕ, кӕй сфӕлдыста, уыдоны сӕрибарӕй акъахдзӕф кӕнын нӕ уадзы (Райдиан 3:1–5). Хӕйрӕг Адамы ӕмӕ Евӕйы Хуыцауы ныхмӕ куы скодта, уӕд ма афтӕ ахъуыды кӕнӕн дӕр уыд, ӕмӕ Хуыцауӕн йӕ бон нӕу йӕ фӕндон сӕххӕст кӕнын ӕмӕ зӕхх коммӕгӕс адӕмӕй байдзаг кӕнын (Райдиан 1:28; Исай 55:10, 11). Йегъовӕ куы ницы сарӕзтаид, цӕмӕй, Хӕйрӕг сайгӕ кӕй кӕны, уый рабӕрӕг уыдаид, уӕд зӕдтӕй дӕр ӕмӕ адӕмӕй дӕр бирӕтӕ дызӕрдыг кӕнын райдыдтаиккой, Йегъовӕ ӕппӕты хуыздӕр Хицау кӕй у, ууыл.
5 Хӕйрӕг ма цъыф бакалдта Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытыл дӕр. Загъта, зӕгъгӕ, Йегъовӕйӕн ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй лӕггад кӕнынц, ӕмӕ сын арфӕ кӕны, фӕлӕ зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлой, уӕд сӕ иу дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй нӕ баззайдзӕн (Иов 1:9–11). Хӕйрӕг мӕнг ныхӕстӕ кӕй кодта, уый сбӕлвырд кӕнын бирӕ ахсджиагдӕр уыди адӕмы сӕ уӕззау уавӕрӕй фервӕзын кӕнынӕй. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ аскъуыддзаг кодта, Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕсты тыххӕй цы фарстатӕ сӕвзӕрд, уыдонӕн дзуапп раттын. Фӕлӕ йӕ бон куыд уыди уыцы иу рӕстӕг уыцы фарстатӕн дӕр дзуапп раттын ӕмӕ адӕмы дӕр фервӕзын кӕнын?
Ахӕсты аргъы фӕрцы фӕстӕмӕ схайджын уыдзыстӕм, ӕнӕхай цӕмӕй фестӕм, уымӕй
6. Йегъовӕ адӕмы фервӕзын кӕныны тыххӕй цы сарӕзта, уый Библи цавӕр дзырдтӕй ӕмбарын кӕны?
6 Йегъовӕ цы уынаффӕ рахаста, уымӕй бӕрӕг у, тынг фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у ӕмӕ рӕстӕй кӕй архайы. Ахӕм хуымӕтӕг ӕмӕ зондджын хъуыды иу адӕймаджы сӕрмӕ дӕр никуы ӕрцыдаид. Йегъовӕ адӕмы фервӕзын кӕныны тыххӕй цы сарӕзта, уый Библи ӕмбарын кӕны алыхуызон дзырдтӕй: балхӕнын, сраст кӕнын, бафидауын кӕнын, ныххатыр кӕнын (Псалом 49:8; Данел 9:24; Галатӕгтӕм 3:13; Колоссӕгтӕм 1:20; Дзуттӕгтӕм 2:17). Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, уый ӕппӕты хуыздӕр ӕмбарын кӕны, Йесо кӕмӕй спайда кодта, уыцы дзырд. Йесо загъта: «Адӕймаджы Фырт дӕр уый тыххӕй не ’рцыд, цӕмӕй йын лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй йӕхӕдӕг балӕггад кӕна ӕмӕ йӕ уд ратта бирӕты тыххӕй ахӕсты аргъ [грекъ. ли́трон] бафидыны тыххӕй» (Матфейы 20:28, фиппаинаг).
7, 8. а) Библийы дзырд «ахӕсты аргъ» цы нысан кӕны? б) Цӕмӕй бӕрӕг у, ахӕсты аргъ ӕмбӕрц кӕнӕ ӕмиас цӕмӕдӕр кӕй амоны?
7 Цы у ахӕсты аргъ? Ам цы грекъаг дзырд ис, уый арӕзт у мивдисӕгӕй ӕмӕ нысан кӕны «ауадзын, ссӕрибар кӕнын». Ацы дзырд амыдта, хӕсты-иу уацары чи бахауд, ахӕм адӕймаджы ссӕрибар кӕныны тыххӕй-иу цы ’хца бафыстой, уымӕ. Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ ахӕсты аргъ у, цыдӕр фӕстӕмӕ райсыны тыххӕй цы бафидынц, уый. Дзуттаг Фыстыты «ахӕсты аргъ»-ӕй кӕй ратӕлмац кодтой, уыцы дзырд (ко́фер) арӕзт у мивдисӕгӕй ӕмӕ нысан кӕны «ӕмбӕрзын». Уый фӕрцы ӕмбарӕм, ахӕсты аргъ бафидын ма кӕй нысан кӕны тӕригъӕдтӕ бамбӕрзын дӕр.
8 Иу дзырдуатмӕ гӕсгӕ ацы дзырд (ко́фер) «алы хатт дӕр фӕамоны ӕмбӕрц кӕнӕ ӕмиас цӕмӕдӕр» (Theological Dictionary of the New Testament). Уӕдӕ тӕригъӕдӕй балхӕнынӕн, кӕнӕ тӕригъӕд бамбӕрзынӕн, хъуыди ахӕм аргъ бафидын, цӕмӕй, уыцы тӕригъӕд цы зиан ӕрхаста, уыйбӕрц уыдаид, кӕнӕ йӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр бамбӕрзтаид. Хуыцау израилӕгтӕн кӕй радта, уыцы Закъоны афтӕ уый тыххӕй уыди фыст: «Уды тыххӕй – уд, цӕсты къахтӕн – цӕсты къахт, дӕндаджы састӕн – дӕндаджы саст, къухы састӕн – къухы саст, къахы састӕн – къахы саст» (Дыккаг закъон 19:21).
9. Йегъовӕйыл чи ӕууӕндыд, уыцы нӕлгоймӕгтӕ фосы нывӕндтӕ цӕмӕн хастой ӕмӕ уыцы нывӕндтӕм Йегъовӕ цы цӕстӕй каст?
9 Авелы заманӕй фӕстӕмӕ, Хуыцауыл чи ӕууӕндыд, уыцы нӕлгоймӕгтӕ йын хастой фосы нывӕндтӕ. Уымӕй бӕрӕг уыди, тӕригъӕдджын кӕй сты, уый кӕй ӕмбӕрстой ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕнын кӕй хъӕуы. Уымӕй ма бӕрӕг уыди, Хуыцауы зӕрдӕвӕрдыл кӕй ӕууӕндыдысты, ома сӕ йӕ «байзӕддаджы» фӕрцы тӕригъӕдӕй кӕй ссӕрибар кӕндзӕн (Райдиан 3:15; 4:1–4; Левит 17:11; Дзуттӕгтӕм 11:4). Йегъовӕ сын сӕ нывӕндтӕй райгонд уыд ӕмӕ сӕ йӕ лӕггадгӕнджытыл нымадта. Фӕлӕ адӕймагӕн йӕ тӕригъӕд фосы нывӕндтӕй бамбӕрзӕн нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ фос адӕмӕй бирӕ дӕлдӕр сты (Псалом 8:4–8). Библийы дӕр уымӕн ис афтӕ фыст: «Галты ӕмӕ сӕгъты тугӕй тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕггӕнӕн нӕй» (Дзуттӕгтӕм 10:1–4). Ахӕм нывӕндтӕ амыдтой, адӕмы сӕ тӕригъӕдтӕй фервӕзын кӕныны тыххӕй фидӕны цы нывонд хъуамӕ ӕрцыдаид хаст, уымӕ.
«Сӕрмӕ-сӕр ахӕсты аргъ»
10. а) Ахӕсты аргъ чи хъуамӕ бафыстаид, уый кӕй хуызӕн хъуамӕ уыдаид ӕмӕ цӕмӕн? б) Нывондӕн иу адӕймаджы цард йеддӕмӕ цӕуылнӕ хъуыд ӕрхӕссын?
10 «Адамы аххосӕй адӕм иууылдӕр... мӕлынц»,– загъта апостол Павел (1 Коринфӕгтӕм 15:22). Уӕдӕ адӕмы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты уацарӕй ссӕрибар кӕныны тыххӕй хъуамӕ йӕ цард радтаид Адамы хуызӕн ӕххӕст адӕймаг (Ромӕгтӕм 5:14). Йегъовӕйы рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ, «се ’ппӕты тыххӕй дӕр сӕрмӕ-сӕр ахӕсты аргъ бафидын» йӕ бон уыд, йӕ туджы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт чи нӕ рахаста, ӕрмӕстдӕр ахӕм ӕххӕст адӕймагӕн (1 Тимофеймӕ 2:6, фиппаинаг). Ӕнӕмӕнг нӕ уыд, цӕмӕй алы ӕнӕххӕст адӕймаджы тыххӕй дӕр йӕ цард радтаид ӕххӕст адӕймаг. Апостол Павел бамбарын кодта: «Иу адӕймаджы [Адамы] аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, тӕригъӕды уылты та – мӕлӕт» (Ромӕгтӕм 5:12). Ӕмӕ мӕлӕт иу адӕймаджы аххосӕй кӕй фӕзынд, уый тыххӕй Хуыцауы ӕрмӕстдӕр иу адӕймаджы хъуыди нывондӕн ӕрхӕссын, цӕмӕй адӕмы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кодтаид (1 Коринфӕгтӕм 15:21). Уый тыххӕй Йегъовӕ цы сарӕзта?
«Се ’ппӕты тыххӕй дӕр сӕрмӕ-сӕр ахӕсты аргъ бафыста»
11. а) Йӕ цард адӕмы тыххӕй чи хъуамӕ радтаид, уый «мӕлӕт... алкӕй тыххӕй дӕр» куыд хъуамӕ бавзӕрстаид? б) Ахӕсты аргъ Адам ӕмӕ Евӕйы мӕлӕты тӕрхонӕй цӕуылнӕ фервӕзын кодтаид? (Кӕс фиппаинаг.)
11 Йегъовӕ афтӕ бакодта, цӕмӕй ӕххӕст адӕймаг йӕ цард нывондӕн барвӕндонӕй радтаид. Ромӕгтӕм 6:23 стихы фыст ис, зӕгъгӕ, «тӕригъӕд фиды мӕлӕтӕй». Йӕ цард адӕмы тыххӕй раттынмӕ цӕттӕ чи уыд, уый хъуамӕ «мӕлӕт бавзӕрстаид алкӕй тыххӕй дӕр». Ӕндӕр ныхасӕй, хъуамӕ Адамы тӕригъӕды тыххӕй аргъ бафыстаид (Дзуттӕгтӕм 2:9; 2 Коринфӕгтӕм 5:21; 1 Петры 2:24). Уый адӕмӕн диссаджы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхастаид. Уый фӕрцы, Адамы байзӕддӕгтӕй Хуыцауы коммӕ чи кастаид, уыдон мӕлӕты тӕрхонӕй ссӕрибар уыдаиккой. Уымӕ гӕсгӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт сӕ тых фесӕфтаиккойa (Ромӕгтӕм 5:16).
12. Уый гӕнӕн куыд ис, цӕмӕй, иу хӕс фыст кӕй ӕрцыд, уый милуангай адӕмӕн баххуыс кӕна? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
12 Ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ. Зӕгъӕм, цӕрыс, йӕ цӕрджытӕн сӕ фылдӕр иу стыр фабрикӕйы кӕмӕн кусынц, ахӕм горӕты. Ды дӕр ӕмӕ дӕ сыхӕгтӕ дӕр хорз мызд исут ӕмӕ ницӕмӕй тыхсут. Фӕлӕ стӕй фабрикӕ сӕхгӕдтой. Цӕмӕн? Фабрикӕйы хицау давын райдыдта, ӕмӕ фабрикӕйӕн йӕ хъалонтӕ фидын йӕ бон нал уыд. Ӕнӕнхъӕлӕджы ӕнӕ куыстӕй баззадыстут, ӕмӕ ныр дӕуӕн дӕр ӕмӕ дӕ сыхӕгтӕн дӕр уӕ бон нал у уӕ хъалонтӕ бафидын. Иу адӕймаг цы сарӕзта, уый тыххӕй кусджыты бинонтӕ ӕмӕ, фабрикӕ ӕхца кӕмӕн хъуамӕ бафида, уыдон удхарӕй мӕлынц. Цымӕ ма исты саразӕн ис? Куыннӕ! Иу хӕларзӕрдӕ хъӕздыг лӕг сфӕнд кодта, цӕмӕй сын баххуыс кӕна. Уый ӕмбары, фабрикӕ горӕтӕн стыр пайда кӕй хаста. Стӕй дзы цы дуне адӕм куыста, уыдонӕн ӕмӕ сӕ бинонтӕн тӕригъӕд кӕны. Уымӕ гӕсгӕ фабрикӕйы хӕс бафыста, ӕмӕ фабрикӕ ногӕй кусын райдыдта. Уыцы иу хӕс фыст кӕй ӕрцыд, уый баххуыс кодта кусджытӕн ӕмӕ сӕ бинонтӕн, стӕй, фабрикӕ кӕй нӕ куыста, уый тыххӕй йе ’хца чи фесӕфта, уыдонӕн. Йесо дӕр Адамы хӕс кӕй бафыста, уый баххуыс кодта милуангай адӕмӕн.
Ахӕсты аргъ чи бафыста?
13, 14. а) Йегъовӕ адӕмы тыххӕй ахӕсты аргъ куыд бафыста? б) Ахӕсты аргъ кӕмӕн ӕрцыд фыст ӕмӕ уымӕй нӕ бон цы у Йегъовӕйы тыххӕй базонын?
13 Библийы фыст ис: «Уӕртӕ Хуыцауы Уӕрыкк, уый дунейы тӕригъӕдтӕ ахӕсдзӕн!» (Иоанны 1:29). Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн уыд йӕ бон ахӕм нывонд ӕрхӕссын. Фӕлӕ адӕмы фервӕзын кӕныны тыххӕй Хуыцау кӕцыфӕнды зӕды дӕр нӕ рарвыстаид. Йегъовӕ равзӕрста, Хӕйрӕг ын йӕ лӕггадгӕнджыты тыххӕй цы мӕнг ныхӕстӕ фӕкодта, уыдонӕн дзуапп чи радтаид, ахӕмы. Ӕмӕ хъуамӕ ахӕм дзуапп радтаид, цӕмӕй уыцы фарста макуыуал сӕвзӕрдаид. Йегъовӕ нывондӕн ӕрхаста йӕ иунӕггуырд Фырты, «йе стыр цин» чи уыд, уый (Ӕмбисӕндтӕ 8:30). Уымӕй стырдӕр нывонд ӕрхӕссӕн нӕ уыд! Хуыцауы Фырт «йӕхи алцӕмӕй дӕр фӕцух кодта». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йын уӕларвыл цыдӕриддӕр уыд, уыдӕттӕ иууылдӕр ныууагъта (Филиппӕгтӕм 2:7). Йегъовӕ диссаг сарӕзта – йӕ фыццаггуырд уӕларвон Фырты цард дзуттаг чызг Марийӕйы хуылфмӕ рахаста (Лукайы 1:27, 35). Куы райгуырд, уӕд ӕй схуыдтой Йесо. Фӕлӕ ма йӕ Библи хоны фӕстаг Адам дӕр, уымӕн ӕмӕ уый дӕр Адамау уыд ӕххӕст адӕймаг (1 Коринфӕгтӕм 15:45, 47). Уымӕ гӕсгӕ Йесойӕн йӕ бон уыд йе ’ххӕст цард раттын ӕмӕ тӕригъӕдджын адӕмы мӕлӕтӕй балхӕнын.
14 Кӕмӕн хъуыди ахӕсты аргъ бафидын? Псалом 49:7 стихы фыст ис, уыцы аргъ «Хуыцауӕн бафидын» кӕй хъуыди. Фӕлӕ кӕд ахӕсты аргъ Йегъовӕ радта, уӕд ма йӕ уымӕн фидын цӕмӕн хъуыд? Афтӕ нӕ уад, цыма ӕхца иу дзыппӕй систа ӕмӕ йӕ иннӕ дзыппы нывӕрдта? Нӕ. Ахӕсты аргъ фыст кӕй ӕрцыд, уымӕй нӕ бон у базонын иу ахсджиаг хъуыддаг Йегъовӕйы рӕстдзинады тыххӕй. Йегъовӕ йӕ Фырты цард адӕмы балхӕныны тыххӕй кӕй радта, уымӕй рабӕрӕг, йӕ закъӕтты сӕрты кӕй никуы ахизы, уый йын тынг зынаргъ куы слӕууы, уӕд дӕр (Райдиан 22:7, 8, 11–13; Дзуттӕгтӕм 11:17; Иаковы 1:17).
15. Йесойы хъизӕмӕрттӕ бавзарын ӕмӕ амӕлын цӕмӕн хъуыд?
15 Нӕ эрӕйы 33 азы уалдзӕджы Йесо Чырысти барвӕндонӕй стыр хъизӕмӕрттӕ бавзӕрста, цӕмӕй ахӕсты аргъ бафыстаид. Йесо бауагъта, цӕмӕй йӕ ӕрцахстаиккой, аххосджыныл ӕй банымадтаиккой ӕмӕ йӕ хъизӕмӕртты хъӕдыл байтыгътаиккой. Цымӕ ӕнӕмӕнг уыд, цӕмӕй Йесо афтӕ тынг фӕхъизӕмар кодтаид? О. Хӕйрӕг афтӕ кӕй загъта, Хуыцауыл йӕ лӕггадгӕнджытӕй иу дӕр иузӕрдионӕй нӕ баззайдзӕн, зӕгъгӕ, уый тыххӕй хъуамӕ сбӕлвырд уыдаид, йӕ ныхӕстӕ мӕнг кӕй уыдысты, уый. Йесо гыццыл куы уыд, уӕд Хуыцау нӕ бауагъта, цӕмӕй йӕ Ирод амардтаид (Матфейы 2:13–18). Фӕлӕ Йесо куы сыстыр ӕмӕ йӕ Хӕйрӕг куы фӕлвӕрдта, уӕд йӕ бон уыд дзырддаг фарстатӕн дзуапп раттынb. Кӕд Йесойӕн бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзарын кодтой, уӕддӕр уыд «иузӕрдион, ӕнӕхин, ӕнӕфау» ӕмӕ йын «тӕригъӕдджынтимӕ иумӕйагӕй» ницы уыд. Уый фӕрцы ӕнустӕм сбӕлвырд, Йегъовӕйӕн кӕй ис, цыфӕнды зын фӕлварӕнты дӕр ыл йӕ зӕрдӕ чи нӕ сивдзӕн, ахӕм лӕггадгӕнджытӕ (Дзуттӕгтӕм 7:26). Уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у бамбарын, Йесо йӕ мӕлӕты размӕ афтӕ цӕмӕн загъта: «Цыдӕриддӕр мын бафӕдзӕхстай, уый сӕххӕст кодтон!» (Иоанны 19:30).
Йесо хъуыддаг кӕронмӕ ахӕццӕ кодта
16, 17. Йесо «мах тыххӕй Хуыцауы цӕсгомы раз» куы ’рлӕууыд, уӕд цы сарӕзта ӕмӕ цӕмӕн?
16 Йесо куы амард, уӕд ӕй ӕртыккаг бон Йегъовӕ райгас кодта (Хъуыддӕгтӕ 3:15; 10:40). Уый уыд стыр диссаг. Йегъовӕ йӕ Фырты кӕй райгас кодта, уымӕй равдыста, йӕ иузӕрдион лӕггадӕн ын тынг кӕй аргъ кодта. Стӕй ма йын афтӕмӕй фадат радта, цӕмӕй, куыд Хистӕр сауджын, афтӕ хъуыддаг кӕронмӕ ахӕццӕ кодтаид, ӕмӕ йӕ нывонды фӕрцы адӕмы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кодтаид (Ромӕгтӕм 1:4; 1 Коринфӕгтӕм 15:3–8). Апостол Павел уый афтӕ бамбарын кодта: «Чырысти... хистӕр сауджын... ӕрмӕстдӕр иу хатт бахызт сыгъдӕг бынатмӕ, ӕцӕг, сӕгътӕ ӕмӕ уӕнгуыты тугимӕ нӕ, фӕлӕ йӕхи тугимӕ, ӕмӕ нын ӕрхаста ӕнусон ирвӕзындзинад. Уымӕн ӕмӕ Чырысти, ӕцӕг сыгъдӕг бынаты нывмӕ гӕсгӕ адӕймаджы къухӕй конд чи ’рцыд, уыцы сыгъдӕг бынатмӕ нӕ бацыд, фӕлӕ комкоммӕ уӕларвмӕ, ӕмӕ ныр уый ис уӕлӕрвты, цӕмӕй мах тыххӕй ӕрлӕууа Хуыцауы раз» (Дзуттӕгтӕм 9:11, 12, 24).
17 Чырыстийӕн йӕ бон нӕ уыд уӕларвмӕ йӕ туг схӕссын (1 Коринфӕгтӕм 15:50). Фӕлӕ Йесо схаста, уыцы туг цӕмӕ амыдта, уый: зӕххыл ын ӕххӕст адӕймагӕй цӕрыны бар кӕй уыди, ууыл йӕ къух кӕй систа, уый. Стӕй «Хуыцауы цӕсгомы раз» ӕрлӕууыд ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй, тӕригъӕдджын адӕмы балхӕныны тыххӕй цы нывонд ӕрхаста, уый айстаид. Цымӕ йӕ Йегъовӕ айста? О. Ӕмӕ уый рабӕрӕг, нӕ эрӕйы 33 азы Фӕндзайӕм боны Иерусалимы 120 ахуыргӕнинагыл сыгъдӕг тых куы ’рцыд, уӕд (Хъуыддӕгтӕ 2:1–4). Уӕдӕй фӕстӕмӕ ахӕсты аргъ Хуыцауы адӕмӕн цы арфӕдзинӕдтӕ райдыдта хӕссын, уыдон ноджы диссагдӕр уыдысты.
Йесойы нывонд цавӕр арфӕдзинӕдтӕ хӕссы?
18, 19. а) Йесойы нывонды фӕрцы цавӕр дыууӕ къорды хъуамӕ бафидауой Хуыцауимӕ? б) «Тынг бирӕ адӕм» Йесойы нывонды фӕрцы абон цавӕр арфӕдзинӕдтӕй сты хайджын ӕмӕ фидӕны цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзысты?
18 Павел йӕ фыстӕджы колоссӕгтӕм бамбарын кодта, Хуыцауы кӕй бафӕндыд, цӕмӕй Чырыстийы нывонды фӕрцы ногӕй адӕмимӕ бафидауа. Павел ма бамбарын кодта, Хуыцауимӕ чи бафидыдта, уыцы адӕм кӕй сты дыууӕ къорды: «зӕххыл чи ис, уыдон» ӕмӕ «уӕлӕрвты чи ис, уыдон» (Колоссӕгтӕм 1:19, 20; Ефесӕгтӕм 1:10). «Уӕлӕрвты чи ис, уыдон» сты 144 000 чырыстоны. Уыдон Йесо Чырыстиимӕ уӕларвыл сауджынтӕ ӕмӕ паддзӕхтӕ уыдзысты ӕмӕ зӕххӕн разамынд дӕтдзысты (Раргомад 5:9, 10; 7:4; 14:1–3). Зӕххыл цы коммӕгӕс адӕм цӕрдзӕн, уыдонӕн Йесоимӕ ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй сын ахӕсты аргъ миназы дӕргъы пайда хӕсса (1 Коринфӕгтӕм 15:24–26; Раргомад 20:6; 21:3, 4).
19 «Зӕххыл чи ис, уыдон» та сты, ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы адӕм. Раргомады 7:9–17 стихтӕм гӕсгӕ уыдон сты «тынг бирӕ адӕм» ӕмӕ «стыр бӕллӕхы» рӕстӕг удӕгасӕй баззайдзысты. Фӕлӕ сын Йесойы нывонд пайда хӕссы ныр дӕр. Уыцы адӕм «сӕ дарӕстӕ ныхсадтой ӕмӕ сӕ сурс кодтой Уӕрыччы тугӕй». Уыцы нывондыл кӕй ӕууӕндынц, уымӕ гӕсгӕ сын Йегъовӕ ныр дӕр арфӕ кӕны. Зӕгъӕм, хоны сӕ рӕстгӕнджытӕ ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ! (Иаковы 2:23). Йесойы нывонды фӕрцы сӕ бон у, цӕмӕй «баввахс уой, стыр хорзӕх кӕмӕй цӕуы, уый паддзахбадӕнмӕ ӕмӕ Хуыцаумӕ ныфсджынӕй кувой» (Дзуттӕгтӕм 4:14–16). Куы фӕрӕдийынц, уӕд сӕ рӕдыдтытӕ хатыргонд ӕрцӕуынц (Ефесӕгтӕм 1:7). Ӕмӕ кӕд ӕнӕххӕст сты, уӕддӕр сӕ цӕсгом Хуыцауы раз у сыгъдӕг (Дзуттӕгтӕм 9:9; 10:22; 1 Петры 3:21). Уӕдӕ цӕмӕй Хуыцауы хӕлӕрттӕ суой, уый тыххӕй сӕ фидӕнмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын нӕ хъӕуы – абон дӕр сты йӕ хӕлӕрттӕ! (2 Коринфӕгтӕм 5:19, 20). Мин азы дӕргъы сабыргай «ссӕрибар уыдзысты мӕлӕты цагъарадӕй ӕмӕ сын уыдзӕн, Хуыцауы сывӕллӕттӕн цы диссаджы сӕрибардзинад ис, ахӕм сӕрибардзинад» (Ромӕгтӕм 8:21).
20. Чырыстийы нывондыл арф куы фӕхъуыды кӕныс, уӕд дыл уый куыд бандавы?
20 Куыд бузныг стӕм Хуыцауӕй Йесо Чырыстийы нывонды тыххӕй! (Ромӕгтӕм 7:25). Тынг диссаг у, цы уынаффӕ рахаста, уый! Уыцы уынаффӕ хуымӕтӕг дӕр у ӕмӕ зондджын дӕр! (Ромӕгтӕм 11:33). Чырыстийы нывондыл арф куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый нӕ зӕрдӕ бацагайы ӕмӕ ноджы тынгдӕр баввахс вӕййӕм Йегъовӕмӕ, рӕстдзинады Хуыцаумӕ. Псаломзарӕггӕнӕгау махӕн дӕр нӕ бон у, «рӕстдзинад ӕмӕ раст тӕрхон» чи уарзы, уыцы Хуыцау Йегъовӕйы кадджын кӕнын (Псалом 33:5).
a Ахӕсты аргъ Адам ӕмӕ Евӕйы нӕ фервӕзын кодтаид, сӕ тӕригъӕды тыххӕй сӕм цы тӕрхон ӕнхъӕлмӕ каст, уымӕй. Барӕй-иу искӕй чи амардта, ахӕм адӕймаджы тыххӕй Моисейы Закъоны фыст уыди: «Мӕлӕты аккаг чи у, уыцы лӕгмары уд балхӕныны тыххӕй-иу ӕхца ма райсут» (Нымӕцтӕ 35:31). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Адам ӕмӕ Евӕ мӕлӕты аккаг уыдысты, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы коммӕ зонгӕ-зонын нӕ бакастысты. Афтӕмӕй сӕхӕдӕг сӕхи ӕнустӕм цӕрыны фадатӕй ӕнӕхай фӕкодтой.
b Цӕмӕй Йесо ахӕсты аргъ бафыстаид, ома цӕмӕй йӕ нывондӕй Адамы тӕригъӕд бамбӕрзтаид, уый тыххӕй хъуамӕ сывӕллонӕй ма амардаид, фӕлӕ стыр адӕймагӕй. Куыд ӕй зонӕм, афтӕмӕй Адам Хуыцауы коммӕ нӕ бакаст, кӕд ӕй уый цӕмӕ ’ркӕндзӕн, уый тынг хорз зыдта, уӕддӕр. Уӕдӕ цӕмӕй Йесо «фӕстаг Адам» суыдаид ӕмӕ Адамы тӕригъӕд бамбӕрзтаид, уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззадаид. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ахӕм кары уыдаид, цӕмӕй ӕмбӕрстаид, цы аразы, уый (1 Коринфӕгтӕм 15:45, 47). Йесо алкӕддӕр иузӕрдион кӕй уыд ӕмӕ йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый Библи хоны «иу раст хъуыддаг». Ӕмӕ уый фӕрцы «алыхуызон адӕм нымад цӕуынц рӕстгӕнджытыл» (Ромӕгтӕм 5:18, 19).
-
-
Йесо «зӕххыл рӕстдзинад» ӕрфидар кӕндзӕнБаввахс у Йегъовӕмӕ
-
-
15 СӔР
Йесо «зӕххыл рӕстдзинад» ӕрфидар кӕндзӕн
1, 2. Йесо мӕстӕй цӕмӕн рафыхт?
ЙЕСО Йегъовӕйы кувӕндонмӕ куы бацыд ӕмӕ дзы адӕм цытӕ кодтой, уый куы федта, уӕд мӕстӕй рафыхт. Чи зоны дӕ уырнгӕ дӕр нӕ кӕны, Йесойы хуызӕн сабыр ӕмӕ фарнуарзаг адӕймаг афтӕ кӕй смӕсты (Матфейы 21:5). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо йӕхиуыл хӕцын зыдта ӕмӕ, кӕй смӕсты, уымӕн ӕфсон уыдиa. Уӕдӕ цымӕ афтӕ тынг цӕй тыххӕй смӕсты? Ныббарӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм хӕрам хъуыддаджы тыххӕй.
2 Йесо Иерусалимы кувӕндон тынг уарзта. Ӕгас дунейы уый уыди иунӕг сыгъдӕг бынат, уымӕн ӕмӕ йӕ уӕларвон Фыдӕн ӕрмӕстдӕр уым куывтой. Дзуттӕгтӕ-иу суанг дард рӕттӕй дӕр уырдӕм ӕрцыдысты Йегъовӕйӕн бакувынмӕ. Суанг ма-иу ӕндӕр адӕмтӕй дӕр чидӕртӕ ӕрцыдысты Йегъовӕйӕн бакувынмӕ, кувӕндоны сын цы хицӕн кӕрт уыди, уырдӕм. Фӕлӕ Йесо йӕ лӕггады райдианы кувӕндонмӕ куы бацыд, уӕд арвыцӕфау фӕци, уымӕн ӕмӕ кувӕндон кувӕн бынаты хуызӕн нӕ уыд, фӕлӕ базары хуызӕн! Уӕйгӕнджытӕй ӕмӕ дзы ӕхцаивджытӕй къух бакӕнӕн нӕ уыд. Ӕмӕ уым ӕвзӕрӕй цы уыди? Уыдонӕн Хуыцауы кувӕндон уыд, адӕмы кӕм сайдтой ӕмӕ сӕ кӕм стыгътой, ахӕм бынат. Ӕмӕ сӕ куыд сайдтой? (Иоанны 2:14).
3, 4. Йегъовӕйы хӕдзары адӕмы куыд стыгътой ӕмӕ Йесо цы сарӕзта?
3 Дины разамонджытӕ ахӕм ӕгъдау сфидар кодтой, ӕмӕ кувӕндонӕн хъалон ӕрмӕстдӕр цавӕрдӕр бӕлвырд ӕхцайӕ уыди фидӕн. Ӕмӕ-иу дард рӕттӕй чи ӕрцыд, уыдон-иу се ’хца хъуамӕ ахӕм ӕхцайыл баивтаиккой. Ӕхцаивджытӕ-иу се стъӕлттӕ кувӕндоны тӕккӕ астӕу ӕрӕвӕрдтой ӕмӕ-иу ӕхца баивыны тыххӕй ӕхца истой. Фос уӕйгӕнджытӕ дӕр стыр ӕхцатӕ куыстой. Нывонд ӕрхӕссынӕн фос балхӕнӕн уыд горӕты кӕцыфӕнды базаргӕнӕгӕй дӕр. Фӕлӕ уӕд гӕнӕн уыд, ӕмӕ кувӕндоны кусджытӕ уыцы фос нывондӕн ӕрхӕссыны аккагыл ма банымадтаиккой. Кувӕндоны кӕй балхӕдтаиккой, уый та аккагыл ӕнӕмӕнг банымадтаиккой. Уӕдӕ нывонд ӕрхӕссынӕн фос кувӕндоны ӕлхӕнын кӕй хъуыди, уымӕ гӕсгӕ сӕ тынг зынаргъӕй уӕй кодтойb. Кувӕндоны цы кӕрӕф базаргӕнджытӕ уыд, уыдон абырджытӕй уӕлдай нӕ уыдысты – адӕмы стыгътой!
4 Ахӕм хӕрам хъуыддагмӕ Йесойӕн йӕ бон ӕнцад кӕсын нӕ уыд. Уый уыди йӕ Фыды хӕдзар! Гъемӕ бӕндӕнтӕй ехс скодта ӕмӕ галты ӕмӕ фысты кувӕндонӕй ратардта. Стӕй ӕхцаивджытӕм фездӕхт ӕмӕ сын се стъӕлттӕ афӕлдӕхта. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, уыйбӕрц ӕхцатӕ мрамор пъолыл дзыгъал-мыгъулгӕнгӕ куыд атылдысты! Бӕлӕттӕ чи уӕй кодта, уыдонӕн та тызмӕгӕй загъта: «Адӕттӕ ардыгӕй ахӕссут!» (Иоанны 2:15, 16). Йесо афтӕ хъӕбатыр кӕй разынд, уый тыххӕй йӕм, ӕвӕццӕгӕн, сдзурын дӕр ничи бауӕндыд.
«Адӕттӕ ардыгӕй ахӕссут!»
Фырт алцӕмӕй дӕр уыд йӕ Фыды хуызӕн
5–7. а) Йесо куыд базыдта, Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уымӕ ӕмӕ, куыд цард, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? б) Хӕйрӕг мӕнг ныхӕстӕ кӕй кодта, уый Йесо куыд равдыста ӕмӕ уый фидӕны дӕр куыд равдисдзӕн?
5 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, базаргӕнджытӕ та кувӕндонмӕ ӕрбаздӕхтысты. Иу-ӕртӕ азы фӕстӕ та сӕ Йесо ногӕй уырдыгӕй ратардта. Ацы хатт сын Йесо ӕрхаста Йегъовӕйы ныхӕстӕ – Йегъовӕ бауайдзӕф кодта, йӕ хӕдзарӕй йын «абырджыты лӕгӕт» чи сарӕзта, уыдонӕн (Йереми 7:11; Матфейы 21:13). Йесо куы федта, уыцы ӕнӕфсис базаргӕнджытӕ ӕмӕ ӕхцаивджытӕ Йегъовӕйӕн йӕ адӕмы куыд стигъынц ӕмӕ йын йӕ кувӕндон куыд чъизи кӕнынц, уӕд йӕ зӕрдӕ фӕрыст, йӕ Фыды зӕрдӕ куыд фӕрыстаид, афтӕ. Ӕмӕ уый диссаг нӕу! Йесо уӕлӕрвты милуангай азты дӕргъы йӕ Фыдмӕ каст ӕмӕ, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уымӕ йӕ Фыды цӕстӕй кӕсын сахуыр. Йесо алцӕмӕй дӕр сси йӕ Фыды хуызӕн. Уӕдӕ, Йегъовӕ растыл цы нымайы ӕмӕ, растыл цы нӕ нымайы, уый бамбардзыстӕм, Йесо куыд цард, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд (Иоанны 14:9, 10).
6 Хӕйрӕг Йегъовӕйӕ афтӕ куы загъта, сайгӕ кӕны, зӕгъгӕ, ӕмӕ куы сдзырддаг кодта, Дун-дунейы Хицау уа, уый бар ын кӕй ис, уӕд Йегъовӕйӕн йӕ иунӕггуырд Фырт дӕр уым уыд. Йесо ма фехъуыста, Хӕйрӕг фӕстӕдӕр цы загъта, уый дӕр. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, иу адӕймаг дӕр Йегъовӕйӕн нӕ лӕггад кӕндзӕн, уый йын пайда куы нӕ уа, уӕд. Уый Йесойӕн зын куыннӕ уыдаид! Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, тынг бацин кодта, Йегъовӕ йӕ куы равзӕрста, цӕмӕй сбӕлвырд кодтаид, Хӕйрӕджы ныхӕстӕ мӕнг кӕй уыдысты, уый (2 Коринфӕгтӕм 1:20). Фӕлӕ уый куыд хъуамӕ сарӕзтаид?
7 Цыппӕрдӕсӕм сӕрӕй базыдтам, Йесо Чырысти куыд цард, уымӕй кӕй равдыста, Хӕйрӕг Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй мӕнг ныхӕстӕ кӕй фӕкодта. Афтӕмӕй Йегъовӕйы ном сыгъдӕг кӕнын райдыдта Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстӕй, зӕгъӕм, ахӕм ныхӕстӕй, хорз Хицау нӕу, зӕгъгӕ. Йегъовӕ Йесойы сӕвӕрдта Сӕйраг Разамонӕгӕй, ӕмӕ ӕнӕхъӕн Дун-дунейы дӕр рӕстдзинад Йесо ӕрфидар кӕндзӕн (Хъуыддӕгтӕ 5:31). Йесойӕн йӕ алы хъуыддагӕй дӕр ӕмӕ, адӕмы цӕуыл ахуыр кодта, уыдӕттӕй дӕр бӕрӕг уыд, йӕ Фыдау алкӕддӕр рӕстӕй кӕй архайдта. Йегъовӕ Йесойы тыххӕй загъта: «Ӕз ӕй мӕ тыхӕй схайджын кӕндзынӕн, ӕмӕ адӕмтӕн, рӕстдзинад цы у, уый бамбарын кӕндзӕн» (Матфейы 12:18). Йесо ацы ныхӕстӕ куыд сӕххӕст кодта?
Йесо ӕмбарын кӕны, «рӕстдзинад цы у, уый»
8–10. а) Дины разамонджыты ӕрымысгӕ ӕгъдӕутты тыххӕй дзуттӕгтӕ ӕндӕр адӕмтӕм ӕмӕ сылгоймӕгтӕм ӕнӕрвӕссон цӕстӕй цӕмӕн кастысты? б) Дины разамонджыты ӕрымысгӕ закъӕтты аххосӕй адӕмӕн сабатбоны закъон ӕххӕст кӕнын зын цӕмӕн уыди?
8 Йесо уарзта Йегъовӕйы Закъон ӕмӕ цӕргӕ дӕр уымӕ гӕсгӕ кодта. Фӕлӕ уыцы заман дины разамонджытӕ Закъон сзыгъуыммӕ кодтой ӕмӕ йӕ раст нӕ амыдтой. Йесо сын загъта: «Додой уӕ къона, чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ! Цӕстмӕхъустӕ!.. Закъоны сӕйрагдӕр хъуыддӕгтӕ... рӕстдзинад, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинад – ницӕмӕ дарут» (Матфейы 23:23). Хуыцауы закъон чи хъуамӕ амыдтаид, уыдоны аххосӕй адӕм нал ӕмбӕрстой, Йегъовӕйы цӕсты раст цы у, уый. Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ.
9 Йегъовӕ йӕ адӕмы бафӕдзӕхста, цӕмӕй сын мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг адӕмтимӕ иумӕйагӕй мацы уыдаид (1 Паддзӕхты 11:1, 2). Фӕлӕ дины разамонджытӕ адӕмӕн дзырдтой, цӕмӕй, дзуттаг чи нӕ уыд, уыдоны адӕмыл дӕр ма нымадтаиккой. Дины разамонджытӕ сӕхӕдӕг цы закъӕтты чиныг ныффыстой, уым уыди ахӕм ныхӕстӕ: «Ӕндӕр адӕмтӕ кӕм цӕрынц, уым-иу уӕ фос ма ныууадзут, кӕннод йемӕ схуысдзысты». Дзуттаг чи нӕ уыд, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр ахӕм ӕвзӕр цӕстӕй кӕсын раст нӕ уыд. Уый уыди, Хуыцау йӕ адӕмы цӕуыл ахуыр кодта, уый ныхмӕ (Левит 19:34). Дины разамонджытӕ ма ахӕм закъон дӕр ӕрхъуыды кодтой, ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ сылгоймӕгты сӕхицӕй дӕлдӕрыл нымадтаиккой. Зӕгъӕм, сылгоймагӕн бар нӕ уыди йӕ лӕджы фарсмӕ цӕуын, хъуамӕ йӕ фӕстӕ цыдаид. Нӕлгоймагӕн сылгоймагимӕ адӕмы ’хсӕн дзурыны бар нӕ уыди, йӕ ус куы уыдаид, уӕддӕр. Сылгоймагӕн дӕр цагъарау бар нӕ уыд, цӕмӕй тӕрхондоны ӕвдисӕн уыдаид. Дины разамонджытӕ ма-иу суанг Хуыцаумӕ кувгӕйӕ дӕр бузныг дзырдтой, сылгоймӕгтӕ кӕй не сты, уый тыххӕй.
10 Дины разамонджытӕ уыйбӕрц закъӕттӕ ӕрхъуыды кодтой, ӕмӕ адӕм Хуыцауы Закъон нал ӕмбӕрстой. Зӕгъӕм, сабаты израилӕгтӕн кусыны бар нӕ уыд. Уыцы бон адӕм хъуамӕ Хуыцауӕн куывтаиккой, ӕввахсдӕр ӕм кодтаиккой ӕмӕ сӕ фӕллад уагътаиккой. Фӕлӕ фарисейтӕ уыцы закъонӕй уӕззау уаргъ скодтой. Куыстыл нымад цы уыди, уый скъуыддзаг кӕнын сӕхимӕ райстой. Уыдон куыстыл нымадтой 39 алыхуызон хъуыддаджы. Уыцы куыстытӕм хаудысты, зӕгъӕм, тыллӕг ӕфснайын ӕмӕ цуан кӕнын. Дины разамонджыты ӕрымысгӕ ӕгъдӕутты тыххӕй адӕм нал зыдтой, сабаты аразӕн цы уыд ӕмӕ цы нӕ уыд, уый. Зӕгъӕм, адӕймаг сабаты ӕхсӕнкъ амардта, уӕд афтӕ зӕгъӕн уыд, ӕмӕ цуан кодта? Кӕнӕ сӕххормаг ӕмӕ хуымты цӕугӕйӕ йӕ армыдзаг мӕнӕу ӕртыдта, уӕд уый хуымгӕрдыныл банымайӕн уыд? Исчи рынчыны куы сдзӕбӕх кодтаид, уӕд уый куыст схонӕн уыд? Ахӕм фарстатӕй алкӕцыйы фӕдыл дӕр уыди бирӕ лыстӕг карз амындтӕ.
11, 12. Йесо куыд равдыста, фарисейтӕ сабатбоны закъоны тыххӕй цы амыдтой, уый раст кӕй нӕ уыд?
11 Ахӕм уавӕрты Йесо адӕмӕн куыд хъуамӕ баххуыс кодтаид, рӕстдзинад цы у, уый бамбарынӕн? Йесо йӕ ахуырӕдтӕй ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй ӕргом кодта, дины разамонджытӕ ӕмӕ сӕ ахуырӕдтӕ раст кӕй нӕ уыдысты, уый. Фыццаг уал ын йӕ ахуырӕдтӕй цалдӕрыл аныхас кӕнӕм. Йесо дины разамонджытӕн бауайдзӕф кодта сӕ ӕрымысгӕ ӕгъдӕутты тыххӕй. Загъта сын: «Хуыцауы ныхас уӕхи ӕвӕрд ӕгъдӕуттӕй баивтат» (Марчы 7:13).
12 Йесо ӕргом дзырдта, фарисейтӕ сабатбоны закъоны тыххӕй цы амыдтой, уый раст кӕй нӕ уыд ӕмӕ, Йегъовӕ уыцы закъон цӕй тыххӕй радта, уый ӕппындӕр кӕй не ’мбӕрстой. Йесо Мессийӕ кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ загъта, «сабатыл... йӕ бар» кӕй цӕуы (Матфейы 12:8). Уымӕ гӕсгӕ йын сабаты адӕмы дзӕбӕх кӕныны бар уыди. Уый ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй уыди, уый равдисыны тыххӕй рынчынты дзӕбӕх кодта (Лукайы 6:7–10). Уыцы диссӕгты фӕрцы ма бамбарӕн уыди, йӕ Миназон хицаудзинады рӕстӕг цы сараздзӕн, уый. Уый уыдзӕн ӕппӕты стырдӕр сабат. Уӕд Хуыцауыл иузӕрдион адӕм фервӕздзысты, тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты аххосӕй цы рыст ӕмӕ цы зындзинӕдтӕ бавзӕрстой, уыдонӕй.
13. Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цавӕр закъон радта ӕмӕ уыцы закъон Моисейы закъонӕй цӕмӕй хицӕн кодта?
13 Рӕстдзинад цы у, уый ма Йесо бамбарын кодта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы ног закъон радта, уымӕй дӕр. Уый хуыйны «Чырыстийы закъон» ӕмӕ йӕ тыхы бацыд, Йесо зӕххыл йӕ лӕггад куы фӕци, уӕд (Галатӕгтӕм 6:2). Уыцы закъон Моисейы Закъоны хуызӕн нӕ уыди. Кӕд Моисейы закъон фӕдзӕхстытыл арӕзт уыди, уӕд ацы закъон та арӕзт уыд уагӕвӕрдтыл. Фӕлӕ дзы уӕддӕр цалдӕр бӕлвырд фӕдзӕхсты уыди. Уыдонӕй иу Йесо схуыдта «ног фӕдзӕхст». Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта, цӕмӕй кӕрӕдзийы уарзой, уый сӕ куыд бауарзта, афтӕ (Иоанны 13:34, 35). Уӕдӕ, «Чырыстийы закъонмӕ» гӕсгӕ чи цард, уыдоны хъуамӕ базонӕн уыдаид, кӕрӕдзийы удуӕлдай уарзтӕй кӕй уарзтой, уымӕй.
Рӕстдзинад цы у, уый Йесо равдыста, куыд царди, уымӕй
14, 15. Цӕмӕй бӕрӕг у, Йесо кӕй ӕмбӕрста, алцы аразыны бар ын кӕй нӕй ӕмӕ нын уый ныфсы хос цӕмӕн у?
14 Уарзондзинад цы у, уый Йесо ӕрмӕст ныхӕстӕй не ’мбарын кодта, фӕлӕ, куыд цард, уымӕй дӕр. Йӕ алы хъуыддагӕй дӕр бӕрӕг уыди, «Чырыстийы закъонмӕ» гӕсгӕ куыд цӕрын хъӕуы, уый. Ӕркӕсӕм ӕртӕ хъуыддагмӕ ӕмӕ базонӕм, Йесо куыд равдыста, рӕстдзинад цы у, уый.
15 Фыццаг, Йесо йӕхи хызта гыццыл хӕрам хъуыддаг саразынӕй дӕр. Адӕм куы схъал вӕййынц, уӕд арӕх хӕрам хъуыддӕгтӕ фӕаразынц ӕмӕ стӕй сӕ барты сӕрты дӕр ахизынц. Фӕлӕ Йесо афтӕ никуы кодта. Иухатт ӕм иу адӕймаг бацыд ӕмӕ йын загъта: «Ахуыргӕнӕг, ме ’фсымӕрӕн-ма зӕгъ, ӕмӕ нын цы бынтӕ баззад, уыдон мемӕ адих кӕна». Йесо йын цы загъта? «Хорз лӕг, мӕн сымахӕн тӕрхонгӕнӕгӕй кӕнӕ бынтӕ уарӕгӕй чи сӕвӕрдта?» (Лукайы 12:13, 14). Уымӕй нӕ бон цы у Йесойы тыххӕй базонын? Зӕххыл Йесойӕ зондджындӕр ӕмӕ ӕмбаргӕдӕр адӕймаг нӕ уыди. Стӕй Йегъовӕ уымӕн цы бартӕ радта, ахӕм бартӕ иу адӕймагмӕ дӕр нӕ уыд. Фӕлӕ уӕддӕр уыцы лӕджы хъуыддаг равзарыныл не сразы, уымӕн ӕмӕ йын Хуыцау ахӕм хъуыддӕгтӕ ӕвзарын йӕ бар нӕ бакодта. Йесо никуы арӕзта, бар ын цӕмӕн нӕ уыд, уый, уӕлӕрвты куы уыди, суанг уӕд дӕр (Иудӕйы 9). Йесо зыдта, раст цы у, уый скъуыддзаг кӕныны бар ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн кӕй ис. Ахӕм сӕрныллӕг кӕй уыди, уымӕй бӕрӕг уыд, диссаджы удыхъӕд ын кӕй ис.
16, 17. а) Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ Йесо рӕстӕй куыд архайдта? б) Йесо рӕстдзинад кӕй уарзта, уый цӕмӕй бӕрӕг уыди?
16 Дыккаг, Йесо алкӕддӕр рӕстӕй кӕй архайдта, уый бӕрӕг уыди, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар куыд хъусын кодта, уымӕй. Йесо никӕй хъулон кодта ӕмӕ хорз хабар алкӕмӕн дӕр хъусын кодта – хъӕздгуытӕн дӕр ӕмӕ мӕгуыртӕн дӕр. Фарисейтӕ та мӕгуыр адӕммӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кастысты ӕмӕ сӕ хуыдтой ам-хаа́рец, ома «зӕххы адӕм». Йесо архайдта уыцы хӕрам хъуыддаг сраст кӕныныл. Алкӕддӕр йӕ Фыдау рӕстӕй архайдта, адӕмӕн-иу хорз хабары тыххӕй куы дзырдта, семӕ-иу фынгыл куы бадт, хӕринаг-иу сын куы лӕвӕрдта, куы-иу сӕ дзӕбӕх кодта кӕнӕ-иу искӕй куы райгас кодта, уӕд. Хуыцауы та фӕнды, цӕмӕй «алыхуызон адӕм» фервӕзой (1 Тимофеймӕ 2:4)c.
17 Ӕртыккаг, Йесо рӕстдзинад кӕй уарзта, уый бӕрӕг уыди, фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй уыд, уымӕй. Уый алкӕддӕр цӕттӕ уыди, иннӕты цӕсты кад кӕмӕн нӕ уыд, ахӕм адӕмӕн баххуыс кӕнынмӕ (Матфейы 9:11–13). Зӕгъӕм, дины разамонджытау Йесо адӕмы ахӕм зондыл нӕ арӕзта, зӕгъгӕ, дзуттаг чи нӕу, уыдонӕй ӕууӕндӕн никӕуыл ис. Уыцы адӕмӕй кӕмӕндӕрты ӕххуыс дӕр бакодта ӕмӕ сӕ ахуыр дӕр кодта, кӕд сӕйраджыдӕр дзуттӕгтӕм ӕрвыст уыд, уӕддӕр. Суанг ма Ромы ӕфсады сӕдӕйы хицауӕн йе ’ххуырсты дӕр сдзӕбӕх кодта, ӕмӕ ма афтӕ дӕр загъта: «Ӕз Израилы ахӕм уырнындзинад никӕмӕ федтон» (Матфейы 8:5–13).
18, 19. а) Йесо сылгоймӕгтӕн кӕй кад кодта, уый цӕмӕй бӕрӕг уыд? б) Йесойы цӕвиттонӕй куыд у бӕрӕг, раст цы у, уый аразынӕн хъӕбатырдзинад кӕй хъӕуы?
18 Йесо сылгоймӕгтӕм дӕр, иннӕтӕ сӕм цы цӕстӕй кастысты, ахӕм цӕстӕй нӕ каст. Дзуттӕгтӕ, дзуттаг чи нӕ уыд, уыцы адӕмты сыгъдӕгыл нӕ нымадтой ӕмӕ самариаг сылгоймӕгтӕм дӕр ахӕм цӕстӕй кастысты ӕмӕ семӕ ныхас дӕр нӕ кодтой. Фӕлӕ Йесо Сихары цъайы цур самариаг сылгоймагӕн хорз хабары тыххӕй радзырдта. Зӕрдӕвӕрд Мессийӕ кӕй у, уый дӕр фыццаг хатт ӕргом уыцы сылгоймагӕн загъта (Иоанны 4:6, 25, 26). Фарисейтӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, сылгоймаджы Хуыцауы Закъоныл ахуыр кӕнын нӕ хъӕуы. Фӕлӕ Йесо йӕ рӕстӕг ӕмӕ йӕ хъарутӕ не ’вгъау кодта, цӕмӕй сылгоймӕгты ахуыр кодтаид (Лукайы 10:38–42). Ӕмӕ кӕд дзуттӕгты ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сылгоймаг-ӕвдисӕныл ӕууӕндӕн нӕ уыд, уӕд Йесо та сылгоймӕгтӕй кӕйдӕрты ахӕм кады аккаг скодта, ӕмӕ куы райгас, уӕд фыццаг уыдонмӕ фӕзынд. Ӕмӕ ма сӕ ӕрвитгӕ дӕр акодта, цӕмӕй уыцы диссаджы хабар фехъусын кодтаиккой йӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр – нӕлгоймӕгтӕн! (Матфейы 28:1–10).
19 Куыд федтам, афтӕмӕй Йесо йӕ цардӕй равдыста, рӕстдзинад цы у, уый, кӕд ын уый тыххӕй бирӕ хӕттыты мӕлӕтӕй тӕссаг уыд, уӕддӕр. Йӕ цӕвиттонӕй бӕрӕг у, раст цы у, уый аразынӕн хъӕбатырдзинад кӕй хъӕуы. Ӕмӕ Библи дӕр Йесойы уый тыххӕй хоны «Домбай Иудӕйы мыггагӕй» (Раргомад 5:5). Хъуыды йӕ кӕнӕм, домбай арӕх кӕй фӕамоны хъӕбатырдзинадмӕ ӕмӕ рӕстдзинадмӕ. Ӕмӕ тагъд Йесо ноджы фылдӕр сараздзӕн, цӕмӕй ӕгас зӕххыл дӕр рӕстдзинад ӕрфидар кӕна (Исай 42:4).
Хуыцауы Паддзахады Паддзах «зӕххыл рӕстдзинад ӕвӕры»
20, 21. Хуыцауы Паддзахады Паддзах Йесо куыд архайы, цӕмӕй зӕххыл дӕр ӕмӕ чырыстон ӕмбырды дӕр рӕстдзинад ӕрфидар кӕна?
20 1914 азы Йесо Хуыцауы Паддзахады Паддзах куы сси, уӕдӕй фӕстӕмӕ архайы, цӕмӕй зӕххыл рӕстдзинад ӕрфидар уа. Куыд? Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй, Матфейы 24:14 стихы цы пехуымпарад фыст ис, уый ӕххӕст кӕной. Уыдон ӕгас зӕххыл дӕр адӕмӕн Йегъовӕйы Паддзахады тыххӕй рӕстдзинад амонынц. Ӕмӕ Йесойау хорз хабар хъусын кӕнынц алкӕмӕн дӕр – ӕрыгӕттӕн дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕн дӕр, хъӕздгуытӕн дӕр ӕмӕ мӕгуыртӕн дӕр, нӕлгоймӕгтӕн дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕн дӕр. Афтӕмӕй алкӕмӕн дӕр ис фадат, цӕмӕй рӕстдзинады Хуыцау Йегъовӕйы базона.
21 Йесо у чырыстон ӕмбырды сӕр ӕмӕ архайы, цӕмӕй ӕмбырды дӕр рӕстдзинад уа. Пехуымпарады куыд фыст уыд, афтӕмӕй уый дӕтты «лӕвӕрттӕ – адӕймӕгты». Уыдон сты, чырыстон ӕмбырды йӕхимӕ разамынд чи исы, уыцы иузӕрдион хистӕр нӕлгоймӕгтӕ (Ефесӕгтӕм 4:8–12). Ӕмбырды чи ис, уыдон се ’ппӕт дӕр Йесойӕн тынг зынаргъ сты. Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр уыйау алкӕддӕр рӕстӕй архайой, ӕмӕ ма кӕсой, адӕймаг цы бынат ахсы, уымӕ кӕнӕ хъӕздыг у ӕви мӕгуыр, уымӕ.
22. Абон зӕххыл цы бирӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ цӕуы, уыдонмӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы ӕмӕ йӕ Фыртӕн цы бахӕс кодта?
22 Тагъд Йесо ӕгас зӕххыл дӕр рӕстдзинад ӕрфидӕр кӕндзӕн. Ацы фыддунейы, хӕрам хъуыддӕгтӕ кӕм нӕ цӕуы, ахӕм бынат нӕй. Сывӕллӕттӕ мӕлынц, хӕринаг сын кӕй нӕ фаг кӕны, уый тыххӕй. Уыцы рӕстӕг та хӕцӕнгарзыл ӕмӕ алыхуызон ирхӕфсӕнтыл дуне ӕхца хардз цӕуы. Уымӕй хӕрамдӕр хъуыддаг ма цы хъуамӕ уа?! Алы аз дӕр милуангай адӕм амӕлы цавӕрдӕр бӕллӕхты аххосӕй, афтӕмӕй та цыдӕр саразӕн вӕййы, цӕмӕй-иу уыцы бӕллӕхтӕ ма ’рцӕуой. Уыдӕтты ӕмӕ бирӕ ӕндӕр хӕрам хъуыддӕгты тыххӕй Йегъовӕ тынг мӕсты кӕны. Йегъовӕ йӕ Фыртӕн бахӕс кодта, цӕмӕй ацы фыддунейы ныхмӕ рацӕуа. Уый уыдзӕн рӕстаг хӕст, ӕмӕ ӕппӕт хӕрам хъуыддӕгтӕн дӕр ӕнустӕм кӕрон ӕрцӕудзӕн (Раргомад 16:14, 16; 19:11–15).
23. Армагеддоны фӕстӕ Йесо ӕнустӕм рӕстдзинады фарс куыд лӕудзӕн?
23 Фӕлӕ Йегъовӕйы рӕстдзинад ӕрмӕст уый нӕу, цӕмӕй фыдгӕнджыты фесафа. Уый ма йӕ Фырты «Фарны кънйазӕй» дӕр сӕвӕрдта. Армагеддоны хӕсты фӕстӕ Йесо ӕгас зӕххыл дӕр фарн ӕрфидар кӕндзӕн ӕмӕ «раст тӕрхон» кӕндзӕн (Исай 9:6, 7). Йесо кӕрон скӕндзӕн, бирӕтӕн стыр маст ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ чи бавзарын кодта, уыцы хӕрам хъуыддӕгтӕн. Уый йын ӕрхӕсдзӕн стыр циндзинад! Йесо ӕнустӕм уыдзӕн Йегъовӕйы рӕстдзинады фарс. Уымӕ гӕсгӕ ахсджиаг у, цӕмӕй мах дӕр абон Йегъовӕйау рӕстӕй архайӕм. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, уый нӕ бон куыд у аразын.
a Хӕрам хъуыддаг фенгӕйӕ-иу Йесо Йегъовӕйау смӕсты. Фыдхъуыддӕгтӕ чи аразы, уыдоныл Йегъовӕ «цӕттӕ у йӕ фыдӕх ныккалынмӕ» (Наум 1:2). Зӕгъӕм, Йегъовӕ йе ’гоммӕгӕс адӕмӕн куы бауайдзӕф кодта, мӕ хӕдзарӕй мын «абырджыты лӕгӕт» сарӕзтат, зӕгъгӕ, уӕд сын уый фӕстӕ загъта: «Ацы бынатыл... калын мӕ маст ӕмӕ мӕ фыдӕх» (Йереми 7:11, 20).
b Дзуттӕгты историйы чиныджы фыст ис, уыцы хабарӕй цалдӕр азы фӕстӕ адӕм кӕй сызмӕстой, кувӕндоны бӕлӕттӕ тынг зынаргъӕй кӕй уӕй кодтой, уый тыххӕй. Уӕд сын сӕ аргъ уайтагъд ӕрӕппӕрстой – 99 проценты бӕрц сӕ фӕасламдӕр кодтой! Кувӕндоны фос уӕй кӕнынӕй цы ’хца истой, уымӕн йӕ фылдӕр хай кӕй дзыпмӕ цыд? Иуӕй-иу иртасджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, кувӕндоны базарад уыд хистӕр сауджын Аннӕйы бинонты къухы. Ӕмӕ кӕд ӕнӕуи дӕр хъӕздыг уыдысты, уӕд сӕм уырдыгӕй дӕр тынг бирӕ ӕхца ӕфтыд (Иоанны 18:13).
c Закъон чи нӕ зыдта, уыцы хуымӕтӕг адӕмы фарисейтӕ нымадтой «ӕлгъыст адӕмыл» (Иоанны 7:49). Куыд дзырдтой, афтӕмӕй ахӕм адӕмы нӕдӕр ахуыр кӕнын ӕмбӕлд, нӕдӕр семӕ исты хъуыддаг аразын, нӕдӕр семӕ иу фынгыл бадын ӕмӕ нӕдӕр семӕ кувын. Сӕ лӕппуйӕн сын чызг раттын та нымадтой, чызджы хъӕддаг сырдтӕм куыд баппарай, уымӕй фыддӕр хъуыддагыл. Фарисейты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ахӕм хуымӕтӕг адӕмӕн райгасдзинады ныфс нӕ уыди.
-
-
Хуыцауимӕ цӕугӕйӕ «рӕстӕй архай»Баввахс у Йегъовӕмӕ
-
-
16 СӔР
Хуыцауимӕ цӕугӕйӕ «рӕстӕй архай»
1–3. а) Йегъовӕйӕ бузныг цӕмӕн стӕм? б) Йегъовӕйӕ бузныг кӕй стӕм, уый йын нӕ бон куыд у равдисын?
ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-МА ауайын кӕн: стыр науыл фӕцӕуыс, ӕмӕ ӕвиппайды нау дӕлдон кӕнын райдыдта. Аирвӕзыны ныфс дӕ куы нал уыд, уӕд дӕм чидӕр ӕххуысмӕ фӕзынд ӕмӕ дын загъта: «Ныр дын тӕссаг ницӕмӕйуал у». Уыцы адӕймагӕй бузныг куыннӕ уыдзынӕ! Уый куы нӕ уыдаид, уӕд нӕ фӕрвӕзтаис.
2 Ацы цӕвиттон хорз ӕвдисы, Йегъовӕ мах тыххӕй цы сарӕзта, уый. Йегъовӕ йӕ Фырты цард нывондӕн ӕрхаста, цӕмӕй нӕ мӕлӕт ӕмӕ тӕригъӕдӕй фервӕзын кӕна. Ӕмӕ дзы уый тыххӕй тынг бузныг стӕм! Мах ӕй зонӕм, уыцы нывондыл куы ӕууӕндӕм, уӕд нын нӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕндзӕн ӕмӕ нӕ ӕнусон цардӕй схайджын кӕндзӕн (1 Иоанны 1:7; 4:9). 14-ӕм сӕрӕй базыдтам, Йегъовӕ йӕ Фырты цард мах тыххӕй нывондӕн кӕй радта, уымӕй хуыздӕр кӕй ницы ӕвдисы, рӕстаг Хуыцау кӕй у ӕмӕ нӕ бирӕ кӕй уарзы. Уӕдӕ дзы бузныг кӕй стӕм, уый йын нӕ бон куыд у равдисын?
3 Раст уаид, уый фӕдыл нын Йегъовӕ йӕхӕдӕг цы дзуры, уымӕ байхъусын. Пехуымпар Михейы уылты нын Йегъовӕ дзуры: «О адӕймаджы фырт, загъта дын, хорз цы у, уый. Рӕстӕй архай, хӕларзӕрдӕ у ӕмӕ дӕ Хуыцауимӕ бонзонгӕйӕ цу – ӕндӕр дӕ Йегъовӕ исты домы?» (Михей 6:8). Йегъовӕ нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыцы хъуыддӕгтӕй иу у, цӕмӕй рӕстӕй архайӕм. Ӕмӕ нӕ бон куыд у рӕстӕй архайын?
Тырн «ӕцӕг рӕстдзинадмӕ»
4. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрӕм?
4 Раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый Йегъовӕ скъуыддзаг кӕны. Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрӕм. Исайы 1:17 стихы нын дзуры: «Сахуыр ут хорздзинад аразын». Библи ма нын зӕгъы: «Агурут рӕстдзинад» (Софони 2:3). Дзуры нын, цӕмӕй нӕ удыхъӕд ногмӕ раивӕм. «Уыцы удыхъӕд конд у Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕцӕг рӕстдзинадмӕ... гӕсгӕ» (Ефесӕгтӕм 4:24). Нӕ бон цы у, уый куы аразӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрӕм, уӕд фыддзинадӕй, стӕй чъизи ӕмӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕй дард лидздзыстӕм (Псалом 11:5; Ефесӕгтӕм 5:3–5).
5, 6. а) Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын нын зын цӕуылнӕ у? б) Библийӕ куыд зыны, раст цы у, уымӕ ӕдзухдӕр кӕй хъӕуы тырнын?
5 Цымӕ Йегъовӕйы рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын тынг зын у? Нӕу. Адӕймаг Йегъовӕйы куы уарза ӕмӕ йӕ куы фӕнда, цӕмӕй йӕ хӕлар уа, уӕд ын уый зын нӕ уыдзӕн. Йегъовӕ у диссаджы миниуджыты хицау, ӕмӕ йӕ тынг уарзӕм. Уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды афтӕ цӕрын, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм (1 Иоанны 5:3). Куыд ӕй зонӕм, афтӕмӕй Йегъовӕ «уарзы рӕстдзинад» (Псалом 11:7). Ӕмӕ цӕмӕй мах дӕр Йегъовӕйау рӕстӕй архайӕм, уый тыххӕй хъуамӕ, уый цы уарзы, уый уарзӕм ӕмӕ, уый йе сӕфт цӕмӕй уыны, уымӕй не сӕфт уынӕм (Псалом 97:10).
6 Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй нын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы, раст цы у, уымӕ тырнын. Хъуамӕ нӕ зӕронд удыхъӕд йӕ митимӕ ныууадзӕм ӕмӕ йӕ ногмӕ раивӕм. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, удыхъӕд «ног кӕны» бӕлвырд зонындзинӕдты фӕрцы (Колоссӕгтӕм 3:9, 10). «Ног кӕнын» амоны, адӕймаджы ӕдзух фыдӕбон кӕнын кӕй хъӕуы, цӕмӕй йӕ удыхъӕд ногмӕ раива. Раст цы у, уый аразыныл фӕархайӕм, фӕлӕ ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй хатт ныхасӕй кӕнӕ хъуыддагӕй фӕрӕдийӕм йе та ӕвзӕр цӕуылдӕр ахъуыды кӕнӕм (Ромӕгтӕм 7:14–20; Иаковы 3:2).
7. Раст цы у, уымӕ тырнгӕйӕ-иу куы фӕрӕдийӕм, уӕд-иу уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ ракӕсӕм?
7 Раст цы у, уымӕ тырнгӕйӕ кӕд хатт фӕрӕдийӕм, уӕд уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуамӕ-иу нӕхи ма рӕстытӕ кӕнӕм кӕнӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, тынг стыр тӕригъӕд нӕ сарӕзтам. Фӕлӕ афтӕ дӕр ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕ рӕдыдтыты тыххӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕныны аккаг не стӕм, ӕмӕ нӕ къухтӕ ӕруадзӕм. Нӕ хӕларзӕрдӕ Хуыцау цы сарӕзта, уый фӕрцы нын нӕ рӕдыдтытӕ ныххатыр кӕны, зӕрдӕйӕ сыл куы ӕрфӕсмон кӕнӕм, уӕд. Апостол Иоанн ныффыста: «Ацы ныхӕстӕ уӕм уымӕн фыссын, цӕмӕй тӕригъӕд ма ракӕнат». Ӕмӕ дарддӕр йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Фӕлӕ уӕ кӕд исчи тӕригъӕд ракодта [йӕ туджы тӕригъӕд кӕй рахаста, уый тыххӕй], уӕд та нын Фыды раз ис ӕххуысгӕнӕг – рӕстгӕнӕг Йесо Чырысти» (1 Иоанны 2:1). Йегъовӕ мах балхӕныны тыххӕй Йесойы нывондӕн радта, цӕмӕй йын нӕ бон лӕггад кӕнын уа, кӕд тӕригъӕдджын стӕм, уӕддӕр. Йегъовӕ ахӕм хӕларзӕрдӕ кӕй у, уый зонгӕйӕ дӕ нӕ фӕнды, дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразын, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнай?
Хорз хабар ӕмӕ рӕстаг Хуыцау Йегъовӕ
8, 9. Хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй куыд у бӕрӕг, Йегъовӕ рӕстаг Хуыцау кӕй у, уый?
8 Адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ куы хъусын кӕнӕм, уӕд рӕстӕй архайдзыстӕм ӕмӕ Хуыцауы фӕзмдзыстӕм. Ӕмӕ, хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй куыд у бӕрӕг, Йегъовӕ рӕстаг Хуыцау кӕй у, уый?
9 Йегъовӕ цалынмӕ адӕмы нӕ бафӕдзӕхса, цы саразынмӕ хъавы, уымӕй, уӕдмӕ ацы фыддуне нӕ фесафдзӕн. Кӕроны рӕстӕджы цы хабӕрттӕ цӕудзӕн, уыдоны кой кӕнгӕйӕ Йесо загъта: «Ӕмӕ уал раздӕр хъуамӕ хорз хабар ӕппӕт адӕмтӕн дӕр хъуыстгонд ӕрцӕуа» (Марчы 13:10; Матфейы 24:3). Дзырд «раздӕр» уымӕ амоны, ӕмӕ, ӕгас дунейы дӕр хорз хабар хъуыстгонд куы ’рцӕуа, уӕд уый фӕстӕ кӕй ӕрцӕудзӕн ӕндӕр хабӕрттӕ, зӕгъӕм, «стыр бӕллӕх». Уыцы бӕллӕхы рӕстӕг фыдгӕнджытӕ фесӕфдзысты, ӕмӕ ралӕудзӕн рӕстаг ног дуне (Матфейы 24:14, 21, 22). Уӕдӕ афтӕ ничи зӕгъдзӕн, ӕмӕ Йегъовӕ фыдгӕнджытӕн раст нӕ бакодта. Хорз хабар хъуыстгонд кӕй цӕуы, уый фӕрцы сӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй сӕ цард аивой ӕмӕ фервӕзой (Ионӕ 3:1–10).
10, 11. Хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй нӕ рӕстаг Хуыцау Йегъовӕйы куыд фӕзмӕм?
10 Хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй нӕ рӕстаг Хуыцау Йегъовӕйы куыд фӕзмӕм? Фыццаджыдӕр, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, цӕмӕй иннӕты фервӕзын кӕнӕм. Ногӕй та ӕркӕсӕм, дӕлдон кӕнын чи райдыдта, уыцы науы тыххӕй цӕвиттонмӕ. Куы дӕ фервӕзын кодтой ӕмӕ дӕ ирвӕзынгӕнджыты лодкӕмӕ куы систой, уӕд дӕу дӕр бафӕндыд, доны ма чи ис, уыдонӕн баххуыс кӕнын. Уӕдӕ мах дӕр хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм, йӕ цард нырма тӕссаг уавӕры кӕмӕн ис, уыдонӕн. Бирӕтӕ хорз хабармӕ нӕ хъусынц. Фӕлӕ цалынмӕ Йегъовӕ фӕразондзинад ӕвдисы, уӕдмӕ сын хъуамӕ, нӕ бон цӕмӕй у, уымӕй ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй «ӕрфӕсмон кӕной» ӕмӕ фервӕзой (2 Петры 3:9).
11 Нӕ рӕстаг Хуыцау Йегъовӕйы ма ноджыдӕр фӕзмӕм, хорз хабар алкӕмӕн дӕр кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй дӕр. Куыд ӕй зонӕм, афтӕмӕй «Хуыцау... никӕй хъулон кӕны, фӕлӕ алы адӕмӕй йӕ зӕрдӕйӕн адджын у, чи дзы тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, ахӕм адӕймаг» (Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35). Ӕмӕ кӕд мах дӕр фӕнды Йегъовӕйы фӕзмын, уӕд хъуамӕ макӕй хъулон кӕнӕм. Хъуамӕ хорз хабар алкӕмӕн дӕр дзурӕм ӕмӕ ма кӕсӕм, адӕймаг кӕцы бӕстӕйӕ у, иннӕты цӕсты кадджын у ӕви нӕ кӕнӕ хъӕздыг у ӕви мӕгуыр, уымӕ. Афтӕмӕй алкӕмӕн дӕр фадат дӕттӕм, цӕмӕй хорз хабар фехъуса ӕмӕ йӕ йӕ зӕрдӕмӕ айса (Ромӕгтӕм 10:11–13).
Иннӕтӕн куыд стӕм
12, 13. а) Иннӕтыл фаутӕ ӕвӕрынмӕ тагъд цӕуылнӕ хъуамӕ кӕнӕм? б) Цӕуыл дзурӕг сты Йесойы ныхӕстӕ, «макӕй кой кӕнут» ӕмӕ «макӕй фаут», зӕгъгӕ? (Кӕс фиппаинаг дӕр.)
12 Рӕстӕй ма архайдзыстӕм, Йегъовӕ махӕн куыд у, мах дӕр иннӕтӕн афтӕ куы уӕм, уӕд. Иннӕтӕм фаутӕ хӕссын, сӕ рӕдыдтыты кой кӕнын ӕмӕ, цыдӕр сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй аразынц, ууыл дызӕрдыг кӕнын ӕнцон у. Фӕлӕ нӕ цымӕ фӕндид, цӕмӕй Йегъовӕ дызӕрдыг кӕна, цыдӕр сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй аразӕм, ууыл? Фӕндид нӕ, цӕмӕй-иу нӕм фаутӕ хӕсса ӕмӕ-иу куы фӕрӕдийӕм, уӕд-иу нын ма фӕтӕригъӕд кӕна? Нӕ! Йегъовӕ афтӕ никуы бакӕндзӕн. Псаломзарӕггӕнӕг загъта: «О Йагъ, ды адӕймагӕн йӕ рӕдыдтытӕм лӕмбынӕг куы кӕсис, уӕд чи бафӕразид, о Йегъовӕ?» (Псалом 130:3). Мах бузныг стӕм нӕ рӕстаг ӕмӕ нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцауӕй, нӕ рӕдыдтытӕм нын кӕй нӕ ныккомкоммӕ вӕййы, уый тыххӕй (Псалом 103:8–10). Уӕдӕ иннӕтӕн куыд хъуамӕ уӕм?
13 Исчи куы фӕрӕдийа, уӕд мах дӕр нӕ рӕстаг ӕмӕ нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцауы фӕзмдзыстӕм ӕмӕ йӕм фаутӕ хӕссынмӕ тагъд нӕ кӕндзыстӕм, уӕлдайдӕр та уыцы рӕдыд махмӕ куы ницы бар дара кӕнӕ ахӕм стыр рӕдыд куы нӕ уа, уӕд. Йесо хохыл адӕмы куы ахуыр кодта, уӕд загъта: «Макӕй кой кӕнут, ӕмӕ сымах кой дӕр ничи кӕндзӕн» (Матфейы 7:1). Лукайы Евангелимӕ гӕсгӕ та Йесо загъта: «Макӕй фаут, ӕмӕ сымах дӕр никуы ничи рафаудзӕн»a (Лукайы 6:37). Йесо зыдта, ӕнӕххӕст адӕймаг иннӕты фауынмӕ рӕвдз кӕй у. Уӕдӕ кӕд, чи йӕм хъуыста, уыдонӕй исчи афтӕ ахуыр уыди, уӕд хъуамӕ афтӕ мауал кодтаид.
Нӕ Хуыцау Йегъовӕйау рӕстӕй архайдзыстӕм, алкӕмӕн дӕр хорз хабар куы хъусын кӕнӕм, уӕд
14. Ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй «макӕй кой кӕнӕм»?
14 Ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй «макӕй кой кӕнӕм»? Иуӕй уымӕн, ӕмӕ нын уый бар нӕй. Ахуыргӕнинаг Иаков загъта, кӕй «ис ӕрмӕстдӕр иу закъонӕвӕрӕг ӕмӕ тӕрхонгӕнӕг» – Йегъовӕ. Уый фӕстӕ радта, алкӕй дӕр нӕ ахъуыды кӕнын кӕуыл хъӕуы, ахӕм фарста: «Ды та чи дӕ, ӕмӕ иннӕмӕн тӕрхон кӕнай?» (Иаковы 4:12; Ромӕгтӕм 14:1–4). Иннӕмӕй та, тӕригъӕдджын кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ иннӕты тыххӕй цы фӕхъуыды кӕнӕм, уый алкӕд раст нӕ вӕййы. Гӕнӕн ис, цыдӕр сӕ нӕ зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуы, уый тыххӕй сын сӕ хорз миниуджытӕ ма уынӕм. Зӕгъӕм, хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕм ӕвзӕр зӕрдӕ дарынц, хӕлӕг сӕм кӕнӕм кӕнӕ нӕхи уыдонӕй хуыздӕрыл нымайӕм. Уымӕй уӕлдай, мах зӕрдӕтӕ нӕ уынӕм ӕмӕ, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уый нӕ зонӕм. Уый куы нӕ рох кӕнӕм, уӕд-иу уайтагъд афтӕ нӕ ахъуыды кӕндзыстӕм, ӕмӕ цыдӕр раст нӕ аразынц. Уӕдӕ, куыд федтам, афтӕмӕй нын уый бар нӕй, цӕмӕй дзурӕм, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕныны хъуыддаджы фаг кӕй нӕ аразынц кӕнӕ цы аразынц, уый сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй нӕ аразынц. Уӕдӕ хуыздӕр у, цӕмӕй мах дӕр Йегъовӕйау нӕ хотӕн ӕмӕ не ’фсымӕртӕн сӕ хъӕндзинӕдтӕм ма кӕсӕм, фӕлӕ сӕм хорзӕй цы ис, уый уынӕм.
15. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ сӕхи цавӕр ныхӕстӕй ӕмӕ хъуыддӕгтӕй хъуамӕ хизой ӕмӕ цӕмӕн?
15 Нӕ бинонтӕн та куыд хъуамӕ уӕм? Бинонты ’хсӕн алчидӕр хъуамӕ йӕхи ӕдас хата. Фӕлӕ, хъыгагӕн, абоны дунейы бинонты ’хсӕн арӕхдӕр фарнӕн йӕ кой дӕр нӕ вӕййы. Лӕгтӕй, устытӕй ӕмӕ ныййарджытӕй бирӕтӕ сӕ бинонтимӕ ӕдзух тызмӕгӕй фӕдзурынц, ныхасӕй сӕ фефхӕрынц ӕмӕ ма сӕм суанг сӕ къух дӕр сисынц. Фӕлӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ хъуамӕ ӕфхӕрӕн ӕмӕ ӕлхыскъ ныхӕстӕ ма кӕной ӕмӕ сӕм тыхмийӕн йӕ кой дӕр хъуамӕ ма уа (Ефесӕгтӕм 4:29, 31; 5:33; 6:4). Йесойы фӕдзӕхст, «макӕй кой кӕнут» ӕмӕ «макӕй фаут», зӕгъгӕ, бинонты ’хсӕн дӕр хъӕуы ӕххӕст кӕнын. Рох нӕ ма уӕд, рӕстӕй архайын уый кӕй нысан кӕны, ӕмӕ, Йегъовӕ махӕн куыд у, мах дӕр иннӕтӕн афтӕ кӕй хъуамӕ уӕм. Нӕ Хуыцау та карз ӕмӕ ӕгъатыр нӕу. Йегъовӕ «фӕлмӕн уарзтӕй... уарзы», чи йӕ уарзы, уыдоны (Иаковы 5:11). Ӕмӕ куыннӕ хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй мах дӕр нӕ диссаджы Хуыцауы хуызӕн уӕм!
Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ архайынц «раст тӕрхонмӕ гӕсгӕ»
16, 17. а) Йегъовӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы? б) Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куыд хъуамӕ бакӕной, адӕймаг йӕ тӕригъӕдыл зӕрдӕйӕ куы не ’рфӕсмон кӕна, уӕд?
16 Не ’ппӕт дӕр хъуамӕ рӕстӕй архайӕм. Фӕлӕ уый уӕлдай тынгдӕр хауы хистӕр нӕлгоймӕгтӕм. Дӕ хъус-ма ӕрдар, Исайы пехуымпарады «кънйӕзты», ома хистӕр нӕлгоймӕгты, тыххӕй цы фыст ис, уымӕ: «Паддзах архайдзӕн рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ, кънйӕзтӕ архайдзысты раст тӕрхонмӕ гӕсгӕ» (Исай 32:1). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ рӕстӕй архайой. Уый сӕ бон куыд у аразын?
17 Уыцы фӕлтӕрд нӕлгоймӕгтӕ зонынц, Йегъовӕйы рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй хъуамӕ архайой, цӕмӕй ӕмбырды сыгъдӕгдзинад хъахъхъӕной. Хатт хистӕр нӕлгоймӕгты бахъӕуы равзарын, уӕззау тӕригъӕд чи ракодта, уыцы адӕймаджы хъуыддаг. Уыдон сӕ зӕрдыл фӕдарынц, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй, гӕнӕн кӕм ис, уым-иу фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисой. Афтӕмӕй адӕймагӕн феххуыс кӕнынц, цӕмӕй йӕ тӕригъӕдыл ӕрфӕсмон кӕна. Фӕлӕ йыл зӕрдӕйӕ куы не ’рфӕсмон кӕна, уӕд та? Ахӕм уавӕры хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕархайынц Йегъовӕйы рӕстаг уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ: «Ӕвзӕргӕнӕджы уӕхицӕй фӕхицӕн кӕнут». Уый нысан кӕны, ӕмбырдӕй йӕ кӕй хъуамӕ фӕхицӕн кӕной (1 Коринфӕгтӕм 5:11–13; 2 Иоанны 9–11). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн афтӕ бакӕнын ӕнцон нӕ вӕййы. Фӕлӕ фембарынц, ӕмбырды сыгъдӕгдзинад бахъахъхъӕнынӕн уый ӕнӕмӕнг кӕй у. Ӕмӕ кӕд адӕймаджы ӕмбырдӕй фӕхицӕн кӕнынц, уӕддӕр сӕ ныфс вӕййы, иубон кӕй ӕрфӕсмон кӕндзӕн ӕмӕ фӕстӕмӕ ӕмбырдмӕ кӕй ӕрбаздӕхдзӕн (Лукайы 15:17, 18).
18. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ искӕмӕн Библийӕ уынаффӕ куы фӕдӕттынц, уӕд сӕ зӕрдыл цы фӕдарынц?
18 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ раст тӕрхонмӕ гӕсгӕ кӕй архайынц, уый ма бӕрӕг вӕййы, кӕмӕн фӕхъӕуы, уымӕн Библийӕ уынаффӕ кӕй раттынц, уымӕй дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ иннӕтӕм хъӕндзинӕдтӕ нӕ фӕагурынц. Стӕй сын ӕдзух уайдзӕфтӕ нӕ фӕкӕнынц. Фӕлӕ гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕ хо кӕнӕ ’фсымӕр, «ӕмбаргӕ дӕр ма бакӕна, афтӕмӕй рӕдыд къахдзӕф сараза». Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ зонынц, кӕд Йегъовӕ рӕстаг Хуыцау у, уӕддӕр карз ӕмӕ ӕгъатыр кӕй нӕу. Уымӕ гӕсгӕ бацархайынц ахӕм адӕймаджы «раст зондыл саразыныл» ӕмӕ уый фӕаразынц фӕлмӕнӕй (Галатӕгтӕм 6:1). Рӕдыд къахдзӕф чи сарӕзта, уыимӕ мӕстыйӕ нӕ ныхас кӕндзысты кӕнӕ, йӕ зӕрдӕ кӕмӕй фӕрисса, ахӕм ныхӕстӕ йын нӕ дзурдзысты. Фӕлӕ йемӕ фӕлмӕнӕй ныхас кӕндзысты, цӕмӕй сын сӕ уынаффӕмӕ байхъуса. Адӕймагӕн комкоммӕ зӕгъын куы фӕхъӕуы, йӕ тӕригъӕд цӕмӕ ӕркодта, уый, суанг уӕд дӕр сӕ зӕрдыл фӕдарынц, уыцы хо кӕнӕ ’фсымӕр Йегъовӕйы дзугӕй кӕй уb (Лукайы 15:7). Чи фӕрӕдыд, уымӕн хатт фӕхъӕуы кӕнӕ уынаффӕ раттын, кӕнӕ йӕ бафхӕрын. Ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уый фӕлмӕнӕй ӕмӕ йӕ уарзгӕ кӕй кӕнынц, уый тыххӕй куы саразынц, уӕд арӕхдӕр адӕймаг йӕ тӕригъӕдыл ӕрфӕсмон кӕны.
19. Хистӕр нӕлгоймӕгты цавӕр уынаффӕтӕ фӕхъӕуы хӕссын ӕмӕ уыцы уынаффӕтӕ цӕмӕ гӕсгӕ рахӕссынц?
19 Хистӕр нӕлгоймӕгты арӕх фӕхъӕуы, се ’мчырыстӕттыл чи фӕзындзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ хӕссын. Зӕгъӕм, рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ фембӕлынц, цӕмӕй иумӕ аныхас кӕной, ӕмбырды искӕй хистӕр нӕлгоймагӕй кӕнӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй снысан кӕнӕн ис ӕви нӕ, ууыл. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ зонынц, ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй макӕй хъулон кӕной. Уымӕ гӕсгӕ, кӕцыдӕр ӕфсымӕры хистӕр нӕлгоймагӕй кӕнӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй снысан кӕныны фӕдыл уынаффӕ сӕхи зондӕй нӕ рахӕссынц. Уыдон фӕкӕсынц, уыцы ӕфсымӕр Библийы домӕнтӕм гӕсгӕ уый аккаг у ӕви нӕ, уымӕ. Цыбырдзырдӕй, алцыдӕр лӕмбынӕг равзарынц ӕмӕ никӕй фӕхъулон кӕнынц (1 Тимофеймӕ 5:21).
20, 21. а) Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цӕмӕ тырнынц ӕмӕ цӕмӕн? б) Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у баххуыс кӕнын, «ныфссаст чи у, уыдонӕн»?
20 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ма рӕстӕй фӕархайынц ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр. Пехуымпар Исай уыдоны тыххӕй афтӕ куы загъта, «архайдзысты раст тӕрхонмӕ гӕсгӕ», зӕгъгӕ, уӕд ма дарддӕр загъта: «Уыдонӕй алчидӕр уыдзӕн, дымгӕйӕ кӕм бамбӕхсай, тӕрккъӕвдайӕ дӕхи кӕм бааууон кӕнай, ахӕм бынаты хуызӕн, ӕнӕдон бӕстӕйы цӕугӕдӕттӕ куыд уой, хурсыгъд бӕстӕйы – стыр къӕдзӕхы аууон, уый хуызӕн» (Исай 32:1, 2). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, сӕ бон цы у, уый аразынц, цӕмӕй хоты ӕмӕ ’фсымӕрты уӕнг рог кӕной ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауой.
21 Абон уыйбӕрц зындзинӕдтӕ ис, ӕмӕ Йегъовӕйы адӕмӕй бирӕтӕн сӕ ныфс асӕтты. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, уӕ бон цы у аразын, цӕмӕй-иу баххуыс кӕнат, «ныфссаст чи у», уыдонӕн? (1 Фессалоникӕгтӕм 5:14). Лӕмбынӕг-иу сӕм байхъусут (Иаковы 1:19). Чи зоны сӕ фӕфӕнды сӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ, кӕуыл ӕууӕндынц, ахӕм искӕмӕн радзурын (Ӕмбисӕндтӕ 12:25). Дзурут-иу сын, Йегъовӕйӕн дӕр ӕмӕ хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн дӕр зынаргъ кӕй сты ӕмӕ сӕ тынг кӕй уарзынц (1 Петры 1:22; 5:6, 7). Уӕ бон ма у уыдоны тыххӕй дӕр кувын ӕмӕ семӕ дӕр кувын. Ныфссаст адӕймаг куы фехъуса, хистӕр нӕлгоймаг уый тыххӕй кӕй кувы, уый, уӕд дзы, чи зоны, ныфс бацӕуа (Иаковы 5:14, 15). Йегъовӕ у рӕстаг Хуыцау, ӕмӕ ӕнӕмӕнг фендзӕн, ныфссаст чи у, уыдонӕн баххуыс кӕныны тыххӕй цыдӕриддӕр аразут ӕмӕ уӕ уарзондзинад хъуыддагӕй кӕй ӕвдисут, уый.
Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Йегъовӕйау рӕстӕй фӕархайынц, ныфссаст чи у, уыдоны куы бафидар кӕнынц, уӕд
22. Нӕ бон куыд у Йегъовӕйау рӕстӕй архайын ӕмӕ уый хорз цӕмӕн у?
22 Йегъовӕйау рӕстӕй куы архайӕм, уӕд ӕм ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм. Уый тыххӕй та хъуамӕ йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрӕм, цард чи ирвӕзын кӕны, уыцы хорз хабар хъусын кӕнӕм ӕмӕ иннӕтӕн сӕ хъӕндзинӕдтӕ нӕ, фӕлӕ сӕ хорз миниуджытӕ уынӕм. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Йегъовӕйау рӕстӕй кӕд фӕархайынц? Ӕмбырды сыгъдӕгдзинад куы фӕхъахъхъӕнынц, хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн Фыстадӕй зӕрдӕфидаргӕнӕн уынаффӕтӕ куы фӕдӕттынц, уынаффӕ хӕсгӕйӕ куы никӕй фӕхъулон кӕнынц ӕмӕ, ныфссаст чи у, уыдоны куы фӕфидар кӕнынц, уӕд. Йегъовӕ тынг фӕцин кӕны, йӕ адӕм, сӕ бон цы у, уый куы фӕаразынц, цӕмӕй йемӕ цӕуой ӕмӕ «рӕстӕй архайой».
a Ныхӕстӕн, «макӕй кой кӕнут» ӕмӕ «макӕй фаут», зӕгъгӕ, сӕ хъуыды у «кой кӕнын ма райдайут» ӕмӕ «фауын ма райдайут». Библи цы ӕвзӕгтыл ӕрцыд фыст, уым ацы ныхӕстӕ сты афтӕ: «макӕйуал кой кӕнут» ӕмӕ «макӕйуал фаут». Афтӕмӕй Йесо бамбарын кодта, чи йӕм хъуыста, уыдон иннӕты кой кӕй кодтой ӕмӕ сӕм фаутӕ кӕй хастой, фӕлӕ афтӕ кӕй хъуамӕ мауал кодтаиккой.
b Библийы 2 Тимофеймӕ 4:2 стихы фыст ис, хистӕр нӕлгоймӕгты иуӕй-иу хатт кӕй фӕхъӕуы иннӕтӕн бауайдзӕф кӕнын, сӕ рӕдыд сын зӕгъын ӕмӕ сӕ фӕдзӕхсын. «Фӕдзӕхсын»-ӕй цы грекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый ма нысан кӕны «ныфс уадзын» дӕр ӕмӕ амоны, тӕрхондоны адӕймагӕн чи феххуыс кӕны, ахӕм юристмӕ. Уӕдӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ искӕмӕн суанг карз уайдзӕф дӕр куы бакӕнынц, уӕддӕр сӕ нысан вӕййы, цӕмӕй йын баххуыс кӕной, ӕмӕ та ногӕй Йегъовӕмӕ баввахс уа.
-