79 зарӕг
Хӕларзӕрдӕдзинады тых
1. Куыд бузныг ыстӕм Йегъовӕйӕ мах,
Кӕй раргом не ’ппӕтӕн:
Кӕд зондджын ӕмӕ тыхджын у, уӕддӕр
Хӕларзӕрдӕ у ’мӕ фӕлмӕн.
2. Фӕллад адӕмӕн Чырысти дзырдта:
«Мӕт мацӕуыл кӕнут».
У Йесо хӕларзӕрдӕ ’мӕ фӕлмӕн,
Йӕ уаргъ рог, ӕнцонхӕссӕн у.
3. Хуыцау ’мӕ йӕ Фырт фӕзминаг ысты,
Уый мах бӕлвырд уынӕм.
Фӕнды нӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ, цӕмӕй
Хӕларзӕрдӕ уыдонау уӕм.
(Кӕс ма Мих. 6:8; Матф. 11:28–30; Кол. 3:12; 1 Пет. 2:3.)