25 зарӕг
Чырыстӕтты базонӕн ис уарзондзинадӕй
1. Йесо нын радта бӕлвырд закъон,
Ууыл хӕцӕм мах алы бон,
Фидар кӕны уый нӕ иудзинад –
Уый у ’нувыд чырыстон уарзт.
Адӕмы уарзта Чырысти ’цӕг,
Радта йӕ цард нывондӕн уӕд.
Равдыста махӕн, куыд хъуамӕ уарзӕм,
Ӕмӕ не ’ппӕт дӕр уый фӕзмӕм.
2. Уарзт уыдзӕн алкӕд, нӕ фӕцуддзӕн,
Баххуыс кӕндзӕн лӕмӕгъ удтӕн.
Иннӕтӕн уарзты хӕс бафидӕм –
Цингӕнгӕ сын лӕггад кӕнӕм.
Ахӕм уарзт а зӕххыл ам и ’рмӕст,
Уый у ӕнувыд, у ӕххӕст.
Уарзтӕй кӕрӕдзийыл стӕм ӕнгом баст.
Цӕй, уӕд алкӕд бӕрӕг нӕ уарзт!
(Кӕс ма Ром. 13:8; 1 Кор. 13:8; Иак. 2:8; 1 Иоан. 4:10, 11.)