84 зарӕг
«Фӕнды мӕ»
1. Уарзы мах Хуыцауы Фырт тынг –
Уӕлӕрвтӕй уый адӕммӕ ’рцыд,
Цӕмӕй се ’хсӕн цӕра,
’Мӕ раргом кӕна
Йӕ Фыды рӕстдзинад бӕлвырд.
Стыр ныфс адӕмӕн уый уыдис,
Рынчынтӕн уый сӕфта сӕ низ.
Уыд ӕдзухдӕр цӕттӕ ’ххуыс кӕнынмӕ,
Фӕлмӕнӕй дзырдта: «Фӕнды мӕ».
2. Радта нын Йегъовӕ лӕвар –
Уый у ’ууӕнкджын, зондджын цагъар.
Йемӕ ’мгуыст мах кӕнӕм,
Нӕ тыхтӕ дӕттӕм,
Цӕмӕй уа сӕрныллӕгтӕн цард.
Кӕд ӕмбарыс иннӕты рыст,
Уӕд сын рог кӕндзынӕ сӕ тыхст.
Кӕд дӕм сидзӕртӕ сидой ӕххуысмӕ,
Уӕд-иу уайтагъд зӕгъ: «Фӕнды мӕ».
(Кӕс ма Иоан. 18:37; Еф. 3:19; Фил. 2:7.)