17 СӔР
Чырысти адӕмӕн дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бирӕ цыдӕртӕ амыдта, фӕлӕ сын сӕйраджыдӕр дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
ЧЫРЫСТИ зӕхмӕ цӕмӕн ӕрцыд? Йесо загъта, зӕгъгӕ, ӕз хъуамӕ «Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар фехъусын кӕнон, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй ӕрвыст дӕн» (Лук. 4:43). Чырысти сӕйраджыдӕр дзырдта, Хуыцауы Паддзахадимӕ баст чи у, цыппар ахӕм хъуыддагыл. Ӕркӕсӕм сӕм.
1. Чырысти уыдзӕн Паддзах. Йесо ӕргом загъта, пехуымпартӕ кӕй тыххӕй фыстой, уыцы Мессийӕ, ома Чырысти, йӕхӕдӕг кӕй у (Иоанны 4:25, 26). Стӕй ма бамбарын кодта, пехуымпар Данел цӕстылуайӕны кӕй федта, уыцы Паддзах дӕр кӕй у. Чырысти йӕ апостолтӕн загъта, иу бон «кадджын паддзахбадӕныл» кӕй ӕрбаддзӕн ӕмӕ уыдон дӕр йемӕ паддзӕхтӕ кӕй уыдзысты (Матфейы 19:28). Схуыдта сӕ «гыццыл дзуг», ӕмӕ ма загъта, кӕй йын ис, уыцы дзугмӕ чи нӕ хауы, ахӕм «ӕндӕр фыстӕ» дӕр (Лукайы 12:32; Иоанны 10:16).
2. Хуыцауы Паддзахад сфидар кӕндзӕн рӕстдзинад. Чырысти бамбарын кодта, уыцы Паддзахад кӕй сраст кӕндзӕн, Едемы цӕхӕрадоны цы ’рцыд, уый – срухс кӕндзӕн Йегъовӕйы ном ӕмӕ йӕ ссыгъдӕг кӕндзӕн, Хӕйрӕг йӕ ныхмӕ куы рацыд, уыд ыл цы цъыфкалӕнтӕ фӕкодта, уымӕй (Матфейы 6:9, 10). Йесо алкӕмӕдӕр иухуызон цӕстӕй каст. Уый бӕрӕг уыд, нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты, хъӕздгуыты ӕмӕ мӕгуырты кӕй ахуыр кодта, уымӕй. Ӕмӕ кӕд сӕйраджыдӕр дзуттӕгтӕм ӕрвыст уыди, уӕддӕр хъусын кодта самарийӕгтӕн ӕмӕ ӕндӕр адӕмтӕн дӕр, ома дзуттаг чи нӕ уыди, уыдонӕн. Уӕды рӕстӕджы дины разамонджытӕй уӕлдай, Чырысти никӕй хъулон кодта ӕмӕ йӕм цӕстмӕ митӕ дӕр нӕ уыд.
3. Хуыцауы Паддзахадӕн ацы дунеимӕ иумӕйагӕй ницы уыдзӕн. Чырысти цард тынг змӕст рӕстӕг. Йӕ райгуырӕн бӕстӕ уыди ӕндӕр паддзахады къухы. Фӕлӕ йӕ адӕм сӕхицӕн паддзахӕй сӕвӕрынмӕ куы хъавыдысты, уӕд йӕхи айста (Иоанны 6:14, 15). Йесо иу хицауӕн загъта: «Мӕ паддзахад ацы дунейӕ нӕу» (Иоанны 18:36). Йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дӕр загъта: «Сымах та ацы дунейӕ... не стут» (Иоанны 15:19). Чырысти сӕ нӕ уагъта сӕ къухмӕ хӕцӕнгарз исын, суанг йӕ сӕрыл куы рахӕцыдысты, уӕд дӕр (Матфейы 26:51, 52).
Йесо «зылди... хъӕутыл, ӕмӕ Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кодта» (Лукайы 8:1)
4. Чырысти уыдзӕн фӕлмӕнзӕрдӕ Паддзах. Йесо адӕмӕн зӕрдӕ бавӕрдта, сӕ уаргъ сын кӕй фӕрог кӕндзӕн ӕмӕ сын удӕнцой кӕй ӕрхӕсдзӕн (Матфейы 11:28–30). Ӕмӕ йӕ ныхас сӕххӕст кодта. Адӕмыл кӕй тыхсти, уый бӕрӕг у йӕ уынаффӕтӕй. Уыцы уынаффӕтӕ сын ӕххуыс кодтой, цӕмӕй сӕ царды сагъӕстӕ сӕ быны ма скодтаиккой, иннӕтимӕ хӕларӕй цардаиккой, мулкыл ма бафтыдаиккой ӕмӕ амондджын уыдаиккой (Матфейы 5–7 сӕртӕ). Йесо адӕмы кӕй уарзта, уымӕ гӕсгӕ алкӕмӕн дӕр йемӕ тынг ӕнцон уыди. Цыдысты йӕм, суанг былысчъилтӕ кӕуыл кодтой, уыдон дӕр, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдтой, кӕй сыл баузӕлдзӕн ӕмӕ сыл йӕхи кӕй нӕ атигъ кӕндзӕн. Уӕдӕ адӕм уыдтой, Чырысти бартӕ йӕ къухмӕ куы райса, уӕд цӕй диссаджы Паддзах уыдзӕн, уый.
Чырысти ма бирӕ диссӕгтӕ арӕзта. Цӕмӕн сӕ арӕзта ӕмӕ нын уыцы диссӕгтӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цӕуыл дзурӕг сты? Цӕй ӕмӕ йӕ базонӕм.