90 ЗАРӔГ
Кӕрӕдзи фидар кӕнӕм
1. Кӕрӕдзи ныфсыл ныфс ӕфтауӕм –
Хуыцауыл иузӕрдион уӕм.
Нӕ уарзты зынг тыхджындӕр судзӕд
’Мӕ не ’хсӕн фарн фылдӕр кӕнӕд.
Хуыцауы адӕмы ’хсӕн абон
Ыссардтам мах ӕнувыд уарзт.
Фӕразӕм уый фӕрцы ӕппӕт дӕр,
Ӕмӕ стӕм не ’мбырды ӕдас.
2. Ныхас йӕ афоныл куы зӕгъай,
Уӕд уый ӕвдадзы хос уыдзӕн.
Раст ахӕм хорз ныхӕстӕ махӕн
Ӕнувыд, хорз ӕмбал зӕгъдзӕн.
Лӕггад кӕнӕм Хуыцауӕн иумӕ,
Сты иу нӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ.
Кӕрӕдзи фидар кӕнӕм алкӕд,
Хӕссӕм кӕрӕдзийы уӕргътӕ.
3. Ӕппӕт зӕрдӕйӕ мах ӕууӕндӕм:
Йегъовӕйы стыр бон у ’ввахс.
Ӕдзухдӕр не ’мбырдтӕм цӕудзыстӕм,
Куыд уа нӕ фӕндаг алкӕд раст.
Нӕ фӕндон у, цӕмӕй Хуыцауӕн
Ӕнустӕм иумӕ кад кӕнӕм.
Цӕй, уӕм кӕрӕдзийӕн ныфсы хос,
Кӕронмӕ иузӕрдион уӕм.
(Ноджыдӕр кӕс Лук. 22:32; Хъуыд. 14:21, 22; Гал. 6:2; 1 Фес. 5:14.)