Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwbq 154 статья
  • Библи афтӕ зӕгъы, ӕмӕ зӕхх тъӕпӕн у?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Библи афтӕ зӕгъы, ӕмӕ зӕхх тъӕпӕн у?
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Дзуапп Библийӕ
  • Библийы ацы ныхӕстӕ, «зӕххы цыппар кӕронӕй», цы нысан кӕнынц?
  • Цы зӕгъӕн ис, Хӕйрӕг Чырыстийы куы фӕлвӕрдта, уыцы хабары тыххӕй?
  • Йесо Чырыстийау «Хӕйрӕгӕн... йӕ ныхмӕ слӕуут»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
  • Йесойы фӕлварӕнтыл ахуыр кӕнын
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Йесо фӕлварӕнты йӕхи куыд дардта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Хӕйрӕг Йесойы ӕртӕ хатты бафӕлвӕрдта
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
Фылдӕр фенын
Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
ijwbq 154 статья
Зӕхх тъӕпӕн дискы хуызӕн

Библи афтӕ зӕгъы, ӕмӕ зӕхх тъӕпӕн у?

Дзуапп Библийӕ

Нӕ, Библи афтӕ нӕ дзуры, ӕмӕ зӕхх тъӕпӕн уa. Библи наукон чиныг нӕу. Фӕлӕ дзы наукон хабӕртты кой кӕм цӕуы, уым у раст. Библи цы дзуры, «уыдон фидаргонд сты ӕнустӕм, мыггагмӕ» (Псалом 111:8).

  • Библийы ацы ныхӕстӕ, «зӕххы цыппар кӕронӕй», цы нысан кӕнынц?

  • Цы зӕгъӕн ис, Хӕйрӕг Чырыстийы куы фӕлвӕрдта, уыцы хабары тыххӕй?

Библийы ацы ныхӕстӕ, «зӕххы цыппар кӕронӕй», цы нысан кӕнынц?

Библийы ацы ныхӕстӕ, «зӕххы цыппар кӕроны» ӕмӕ «зӕхх суанг йӕ кӕрӕтты онг», комкоммӕ ӕмбаргӕ не сты, ома зӕхх цыппӕрдигъон нӕу кӕнӕ йын арӕнтӕ нӕй (Исай 11:12; Иов 37:3). Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ дзы ӕгас зӕххы кой цӕуы. Библийы ма ис зӕххы цыппар фарсы кой: скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕн, цӕгат ӕмӕ хуссар (Лукайы 13:29).

Дзырд «кӕрӕттӕ» цы дзуттаг ныхасӕй ратӕлмац кодтой, уый, ӕвӕццӕгӕн, равзӕрд ныхасӕй «базыртӕ». Иу энциклопедийы фыст ис: «Маргъ йӕ лӕппынты бакӕны йӕ базырты бын, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ацы дзуттаг дзырд амоны, айтындзӕн цы ис, уымӕн йӕ кӕрӕттӕм» (The International Standard Bible Encyclopedia). Уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы иртасӕн чиныджы ма фыст ис, Иов 37:3 ӕмӕ Исай 11:12 ацы ныхас кӕй «амоны былгӕрӕттӕ, арӕнтӕ кӕнӕ зӕххы цъармӕ»b.

Цы зӕгъӕн ис, Хӕйрӕг Чырыстийы куы фӕлвӕрдта, уыцы хабары тыххӕй?

Хӕйрӕг Чырыстийы куы фӕлвӕрдта, уӕд ӕй «скодта тынг бӕрзонд хохмӕ ӕмӕ йын равдыста дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ ӕмӕ сӕ кад» (Матфейы 4:8). Иуӕй-иутӕ ацы хабар афтӕ ӕмбарын кӕнынц, ӕмӕ зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр ис фенӕн иу бынаты лӕугӕйӕ. Фӕлӕ ныхӕстӕ «тынг бӕрзонд хохмӕ» ацы ран комкоммӕ бынатмӕ нӕ амонынц. Ӕркӕсӕм, афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис.

  • Зӕххыл ахӕм хох нӕй, дунейы паддзахӕдтӕ иууылдӕр кӕцӕй зыной.

  • Хӕйрӕг Йесойӕн ӕрмӕст ӕппӕт паддзахӕдтӕ нӕ равдыста, фӕлӕ ма «сӕ кад» дӕр. Фӕлӕ уыдӕттӕ афтӕ дардӕй фенӕн нӕй. Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ сӕ Хӕйрӕг Йесойӕн цӕстылуайӕны равдыста. Уый абарӕн ис, экраныл кино куыд февдисынц ӕмӕ дзы адӕймаг дунейы алыхуызон бынӕттӕ куыд фены, уыимӕ.

  • Лукайы 4:5 стихы та фыст ис, зӕгъгӕ, Хӕйрӕг Чырыстийӕн «цӕстыфӕныкъуылдмӕ равдыста, зӕххыл цыдӕриддӕр паддзахӕдтӕ ис, уыдон». Фӕлӕ адӕймагӕн йӕ бон нӕу уыдӕттӕ афтӕ тагъд фенын. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ацы фӕлварӕны Хӕйрӕг Чырыстийӕн зӕххы ӕппӕт паддзахӕдтӕ ӕцӕгӕй нӕ равдыста.

a Библийы Хуыцауы тыххӕй фыст ис: «Хуыцау цӕры зӕххы къорийы сӕрмӕ» (Исай 40:22). Иуӕй-иу иртасӕн чингуыты фыст ис, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ дзырд «къори» нысан кӕна тымбыл, фӕлӕ уыцы хъуыдыимӕ ахуыргӕндтӕ иууылдӕр разы не сты. Куыдфӕнды ма уа, Библийы афтӕ фыст никуы ис, ӕмӕ зӕхх тъӕпӕн у.

b «Ӕхсӕнадӕмон библион энциклопеди», 2 том, 4 фарс (англ.).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын