46 сӕр
Сылгоймаг аныдзӕвыд Йесойы дарӕсыл
ЙЕСО Дӕссахарӕй фӕстӕмӕ кӕй ӕрбаздӕхт, уыцы хабар айхъуыст Капернаумы онг, ӕмӕ денджызы былмӕ ӕрбацыд тынг бирӕ адӕм, цӕмӕй Йесойӕн «ӕгас цӕуай» зӕгъой. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕм фехъуыстой, Йесо уад кӕй ныссабыр кодта ӕмӕ хӕйрӕджджыны кӕй сдзӕбӕх кодта. Куыддӕр Йесо былмӕ рахызт, афтӕ йыл тыхст ӕмӕ ӕнхъӕлцау адӕм амбырд сты.
Йесойы фенын тынг кӕй фӕнды, уыдонӕй сӕ иу у ӕмбырдгӕнӕны хицау Иаир. Уый Йесойы раз йӕ уӕрджытыл ӕрхауд ӕмӕ йын лӕгъстӕ кӕны: «Мӕ чызг у мӕлӕтдзаг; ӕрбацу ӕмӕ йыл ӕрӕвӕр [Дӕ] къухтӕ, цӕмӕй уый сдзӕбӕх уа ӕмӕ ӕгасӕй баззайа». Ацы чызг ын иунӕг хъӕбул кӕй у, стӕй йыл 12 азы йеддӕмӕ кӕй нӕ цӕуы, уымӕ гӕсгӕ уӕлдай зынаргъ у Иаирӕн.
Йесо сразы, ӕмӕ адӕм йӕ фӕдыл, афтӕмӕй фӕцӕуы Иаиры хӕдзармӕ. Адӕм иуылдӕр ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ног диссагмӕ. Фӕлӕ адӕмы ’хсӕн иу сылгоймаг хъуыды кӕны ӕрмӕстдӕр йӕ тыхст уавӕрыл.
Уыцы сылгоймаг 12 азы дӕргъы удхар кӕны тугнизӕй. Дохтыртыл фӕзылд ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр ӕхцатӕ уыд, уыдон бахардз кодта. Фӕлӕ ӕвзӕрдӕр цы фӕци, уый йеддӕмӕ йын ӕххуыс ницы бакодтой.
Уыцы низ канд йӕ хъарутӕ нӕ байста, фӕлӕ ма ӕлгъаг ӕмӕ ӕгад дӕр у. Уыцы низы тыххӕй ӕргом нӕ фӕдзурынц. Уый ӕддейӕ Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ, тугдзыды рӕстӕджы сылгоймаг ӕнӕсыгъдӕг у, ӕмӕ йын йӕхиуыл кӕнӕ йӕ тугӕйдзаг дарӕсыл чи аныдзӕва, уый хъуамӕ йӕхи ныхса ӕмӕ изӕрмӕ уыдзӕн ӕнӕсыгъдӕг.
Сылгоймаг Йесойы диссӕгты тыххӕй куы фехъуыста, уӕд ӕй агурын райдыдта. Ӕнӕсыгъдӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ адӕмы ’хсӕнты тынг аивӕй бацыд, йӕхицӕн дзургӕйӕ: «Ӕрмӕст куы аныдзӕвон Йӕ дарӕсыл, уӕд сдзӕбӕх уыдзынӕн». Ӕмӕ йыл куыддӕр аныдзӕвыд, афтӕ фӕхатыд, туг дзы кӕй нал цӕуы.
«Чи аныдзӕвыд Мӕ дарӕсыл?» Зын бамбарӕн нӕу, сылгоймаджы куыд стыр тас бауагътой Йесойы ныхӕстӕ! Фӕлӕ йӕ куыд базыдта? «Ахуыргӕнӕг! — дзуры Петр.— Адӕм Дыл ӕмбырд кӕнынц ӕмӕ Дӕ уынгӕг кӕнынц,— ӕмӕ Ды зӕгъыс: чи баныдзӕвыд Мӕныл?»
Чи йыл аныдзӕвыд, уый агургӕйӕ, Йесо йӕ алыварс акаст ӕмӕ дзуры: «Иу чидӕр Мӕм баныдзӕвыд; уымӕн ӕмӕ Ӕз банкъардтон, тых Мӕ кӕй рацыд». Ӕцӕгдӕр, уый хуымӕтӕг ныдзӕвд нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ уый сдзӕбӕх, Йесойӕ тых кӕй рацыд, уый фӕрцы.
Кӕй йӕ фӕхатыдысты, уый фенгӕйӕ, сылгоймаг Йесомӕ бацыд ӕмӕ йӕ разы ӕрхауд. Уый ӕппӕт адӕмы раз дзуры йӕ низы тыххӕй ӕмӕ ацы тӕккӕ куыд сдзӕбӕх, уый тыххӕй.
Ӕргом кӕй басаст, уымӕ гӕсгӕ йын Йесо тынг фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йын рӕвдаугӕ хъӕлӕсӕй дзуры: «Чызгай! дӕ уырнындзинад дӕ аирвӕзын кодта дӕу; цу фарнимӕ ӕмӕ дзӕбӕх у дӕ низӕй». Куыд диссаг у, ӕвӕдза, зонын, Хуыцау зӕххыл хицауӕй кӕй равзӕрста, уый ахӕм фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг кӕй у ӕмӕ адӕмыл ӕрмӕст мӕт кӕй нӕ кӕны, фӕлӕ ма сын йӕ бон баххуыс кӕнын дӕр кӕй у! Матфейы 9:18—22; Маркы 5:21—34; Лукайы 8:40—48; Левит 15:25—27.
▪ Чи у Иаир ӕмӕ Йесомӕ цӕмӕн ӕрбацыд?
▪ Цавӕр тыхст уавӕры ис иу сылгоймаг ӕмӕ йын Йесомӕ ӕххуысмӕ бацӕуын зын цӕмӕн у?
▪ Куыд сдзӕбӕх сылгоймаг ӕмӕ йӕ Йесо куыд барӕвдыдта?