Нӕ бон у аразын, Иегъовӕ нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый
1. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ нӕ цавӕр ӕнкъарӕнтимӕ фӕхъӕуы тох кӕнын ӕмӕ цӕмӕн?
1 Абон Иегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын у ӕппӕты хуыздӕр. Уый руаджы ма нӕ бон у ӕнусон фидӕнӕн дӕр хорз бындур ӕвӕрын (Пс. 18:8—12; 1 Тим. 6:19). Фӕлӕ нын Сайтаны дуне бирӕ мӕстытӕ ӕвзарын кӕны. Нӕ ӕнӕххӕст буар дӕр нӕ тынг хъыгдары. Библийы домӕнтӕм гӕсгӕ цӕрын кӕй архайӕм, уымӕ гӕсгӕ, гӕнӕн ис, иуӕй-иу хатт нӕхи ӕдых фӕхатӕм (Пс. 39:13; 54:2—9). Хаттӕй-хатт, гӕнӕн ис, дызӕрдыг дӕр кӕнӕм, дарддӕр ма нӕ бон суыдзӕн, Хуыцау нӕм цӕмӕдӕриддӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый аразын. Ахӕм уӕззау рӕстӕджы нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ уырнындзинад ма фӕцуда?
2. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, Иегъовӕ нӕ ӕгӕр бирӕ кӕй нӕ домы?
2 Иегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ уӕззау не сты. Иегъовӕ нӕ никуы фӕдомы, нӕ бон цы нӕу, уый. Йӕ фӕдзӕхстытӕ уӕззау не сты, фӕлӕ сты нӕ пайдайӕн (Дык. з. 10:12, 13; 1 Иоан. 5:3). Уый зоны, ӕнӕххӕст кӕй стӕм, «хъуыды кӕны, кӕй стӕм мах сыджыт» (Пс. 102:13, 14). Хуыцау нын йӕ фӕлмӕнзӕрдӕйӕ аргъ кӕны нӕ зӕрдӕбын лӕггадӕн, кӕд нӕ уавӕртӕм гӕсгӕ нӕ бон нӕу, цас нӕ фӕнды, уыйас аразын, уӕддӕр (Лев. 5:7, 11; Маркы 14:8). Уый нын дзуры, цӕмӕй йыл нӕ мӕт сӕвӕрӕм ӕмӕ нын ныфс ӕвӕры, кӕй нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йыл иузӕрдионӕй баззайӕм (Пс. 54:23; 1 Кор. 10:13).
3. Куыд нын ӕххуыс кӕны Иегъовӕ, цӕмӕй дарддӕр дӕр фидар лӕууӕм?
3 Хъӕуы фӕразондзинад. Библи нын Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты, зӕгъӕм, Илиа, Иереми ӕмӕ Павелы тыххӕй цы дзуры, уымӕй бӕрӕг у, фӕразондзинад нӕ кӕй хъӕуы (Дзут. 10:36). Иегъовӕ сын ӕххуыс кодта уӕззау рӕстӕджыты ӕмӕ ныфссаст куы уыдысты, уӕд (3 Пад. 19:14—18; Иер. 20:7—11; 2 Кор. 1:8—11). Мах та разӕнгард кӕны ӕфсымӕрты иузӕрдиондзинад (1 Пет. 5:9). Ахӕм цӕвиттонтӕ нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй нӕ ныфс ма асӕтта.
4. Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕ цӕуылнӕ хъуамӕ рох кӕнӕм?
4 Хуыцауы зӕрдӕвӕрдты ныфс — «удӕн куыд науӕнгуыр» (Дзут. 6:19). Уый сразӕнгард кодта Авраам ӕмӕ Саррӕйы Хуыцауы амындмӕ байхъусын, ома сӕ хӕдзар ныууагътой ӕмӕ «цардысты зӕрдӕвӕрд зӕххыл, куыд кӕйдӕр зӕххыл». Ныфсы руаджы Моисей фидарӕй тох кодта раст диныл. Ныфсы фӕрцы бафӕрӕзта Йесо дӕр хъизӕмӕртты цӕджындзыл (Дзут. 11:8—10, 13, 24—26; 12:2, 3). Хуыцауы зӕрдӕвӕрд рӕстаг ног дунейы ныфс нӕ зӕрдӕты дӕр куы судза, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн ӕппӕт зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн (2 Пет. 3:11—13).
5. Цӕмӕн нӕ фӕхъӕуы иуӕй-иу хатт ӕрхъуыды кӕнын, Иегъовӕйӕн иузӕрдионӕй куыд лӕггад кодтам, уый?
5 Куы ӕрхъуыды кӕнӕм раздӕр куыд иузӕрдионӕй, удуӕлдайӕ ӕмӕ ныфсджынӕй лӕггад кодтам, уӕд та нын уый дӕр ног тыхтӕ ратдзӕн (Дзут. 10:32—34). Уый нын нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн, цы циндзинад истам, Иегъовӕ нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый куы арӕзтам, ома йыл иузӕрдион куы уыдыстӕм, уӕд (Матф. 22:37).