Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 4/05 1 ф.
  • Ӕнувыдӕй хъусын кӕнӕм

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ӕнувыдӕй хъусын кӕнӕм
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Дарддӕр дӕр хъусын кӕнӕм!
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
  • «Ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
  • «Кадджын кӕнут Йегъовӕйӕн йӕ ном»!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • «Йӕ къахвӕдтыл цӕуӕм»
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2008
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
km 4/05 1 ф.

Ӕнувыдӕй хъусын кӕнӕм

1 Ныры хуызӕн фыддуг никуыма уыд: иу бӕстӕйы адӕм кӕрӕдзийы ныхмӕ фӕвӕййынц, иу адӕмыхатт иннӕимӕ схӕцы, ӕрдзон бӕллӕхтӕ ӕрцӕуы. Уыдӕттӕ ӕмӕ ма ӕндӕр ахӕм ӕвирхъау хабӕрттӕ афтӕ сарӕх сты, ӕмӕ диссаг дӕр никӕмӕуал кӕсынц. Адӕмы абон куыд хъӕуы хорз хабар, афтӕ никуы. Фӕлӕ бирӕты Хуыцау ӕмӕ уырнындзинад ӕппындӕр не ’ндавынц. Иуӕй-иу рӕтты зын вӕййы адӕмы хӕдзары баййафын, ноджы зындӕр та, чи нӕм байхъуса кӕнӕ Библи ахуыр кӕнын кӕй бафӕнда, ахӕмты ссарын. Фӕлӕ уӕддӕр мах хъуамӕ ӕнувыдӕй хъусын кӕнӕм хорз хабар Хуыцауы ’вӕрд Паддзахады тыххӕй (Матф. 24:14).

2 Адӕмы уарзын. Хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй адӕмы ӕргом ӕздахӕм, Иегъовӕ сӕ кӕй уарзы, уымӕ. «Нӕ Йӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, фӕлӕ цӕмӕй иуылдӕр ӕрцӕуой фӕсмонмӕ» (2 Пет. 3:9; Иез. 33:11). Уымӕ гӕсгӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй, Йесо куыд загъта, афтӕмӕй, «ӕппӕт адӕмтӕн раздӕр... хъуыстгонд уа Евангелийы уацхъуыд» (Маркы 13:10). Хуыцау адӕмӕн дзуры, цӕмӕй йӕм раздӕхой ӕмӕ, Сайтаны дунейы тагъд цы тӕрхон баййафдзӕн, уымӕй сӕхи бахизой (Иоил 2:28, 29, 32; Софони 2:2, 3). Иегъовӕ нын уыцы фадат кӕй радта, уый тыххӕй дзы бузныг не стӕм? (1 Тим. 1:12, 13).

3 Ӕппӕтдунеон хыгъдӕй бӕрӕг у, 2004 лӕггады азы рӕстӕмбисӕй 6 085 387 адӕймагимӕ ӕрвылмӕй дӕр кӕй ахуыр кодтой Библи, ӕмӕ ӕрвылкъуыри дӕр рӕстӕмбисӕй 5 000 бӕрц ног ахуыргӕнинаджы кӕй истой донаргъуыд! Уыцы ног ахуыргӕнинӕгтӕй иуӕй-иутӕ уый фӕрцы ссардтой, ӕмӕ хъусынгӕнджытӕ зӕрдиагӕй архайдтой, кӕм хъусын кӕнынц, уым алы адӕймагимӕ дӕр аныхас кӕныныл, ӕмӕ сын Иегъовӕ дӕр ахӕм арфӕ ракодта. Уый ӕмбырдтӕн стыр цин куыннӕ ӕрхаста! Уӕвгӕ, цӕй стыр кад у, ацы цардирвӕзынгӕнӕн хъуыддаджы Хуыцауимӕ ӕмгуыст кӕнын! (1 Кор. 3:5, 6, 9).

4 Хуыцауы ном кадджын кӕнын. Мах ӕнувыдӕй хъусын кӕнӕм, цӕмӕй ӕппӕт адӕмы ’хсӕн Иегъовӕйы кадджын кӕнӕм ӕмӕ йын йӕ ном рухс кӕнӕм (Дзут. 13:15). Сайтан «ӕппӕт дунейы» сайы, цӕмӕй сӕ уырна, Хуыцауӕн адӕмы зындзинӕдтӕ фесафын йӕ бон кӕй нӕу, сӕ хъизӕмӕрттӕ йӕ кӕй не ’ндавынц кӕнӕ уӕвгӕ дӕр кӕй нӕй (Рарг. 12:9). Уацамынды кӕй цӕуӕм, уымӕй мах хӕцӕм, нӕ ӕвӕджиауы уӕларвон Фыды тыххӕй ӕцӕгады фарс. Цӕй уӕдӕ йын дарддӕр дӕр йӕ ном бӕрзонд кӕнӕм, ныр дӕр ӕмӕ ӕнустӕм дӕр! (Пс. 144:1, 2).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын