Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Ssb 80 зарӕг
  • Хуыцауы чиныг — стыр хӕзна

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцауы чиныг — стыр хӕзна
  • Зарут Иегъовӕйы кадӕн
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хуыцауы чиныг – стыр хӕзна
    Зарут Йегъовӕйӕн!
  • Хуыцауы чиныг – стыр хӕзна
    Йегъовӕйӕн зӕрдӕрайгӕйӕ зарут!
  • Бузныг стӕм Хуыцауы фӕразондзинады тыххӕй
    Зарут Иегъовӕйы кадӕн
  • Хуыцауы агур, ӕмӕ фервӕзай
    Йегъовӕйӕн зӕрдӕрайгӕйӕ зарут!
Фылдӕр фенын
Зарут Иегъовӕйы кадӕн
Ssb 80 зарӕг

80 (180) зарӕг

Хуыцауы чиныг — стыр хӕзна

(Ӕмбисӕндтӕ 2:1)

1. Ис иу чиныг — йӕ ныхӕстӕй уый абон

У цин ӕмӕ ныфсы хос адӕмӕн.

Йӕ диссаджы хъуыдыты ис ыстыр тых,

Цард ратты «мардӕн», цӕстырухс — «куырмӕн».

О, уыцы стыр хӕзна у Сыгъдӕг Библи.

Рагзаманты уый ’взӕрст лӕгтӕ фыстой,

Сӕ Хуыцау Иегъовӕйы ’цӕг уарзтой,

Йӕ сыгъдӕг уды разамынд уыдтой.

2. Ныффыстой раст, Хуыцау куыд скодта дуне,

Йӕ хъомысӕй куыд фӕзынди ӕппӕт.

Фыссынц, нӕ рагфыдӕл ӕххӕст кӕй уыди,

Ӕмӕ ыстӕй куыд фесӕфти Дзӕнӕт.

Стӕй дарддӕр иу зӕды тыххӕй дӕр дзурынц:

Уый загъта, Иегъовӕ кӕй нӕу раст.

Йӕ фыдвӕнд ’рхаста маст ӕмӕ тӕригъӕд,

Иегъовӕйы уӕлахиз та у ’ввахс.

3. Цӕрӕм мах абон амондджын рӕстӕджы,

Ӕрвтыл Хуыцауы Паддзахад фӕзынд.

Иегъовӕ тагъд ирвӕзындзинад ратдзӕн

Ӕппӕтӕн, йемӕ ’мвӕндӕй чи цӕуы.

Йӕ чиныджы ныфсдӕттӕг цины уацӕн

Нӕй абарӕн сыгъзӕринимӕ дӕр.

Уым адӕмӕн ӕрдхӕрӕны ныфс судзы.

Нӕ фесӕфдзӕн йӕ аргъ ӕнустӕм дӕр!

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын