124 зарӕг
Ут уазӕгуарзон
1. Йегъовӕ у цӕстуарзон ӕмӕ рӕдау.
Йӕ уарзондзинад не ’вгъау кӕны Фыдау.
Уый никӕй уадзы цух,
лӕвар кӕны ӕдзух
Къӕвда ’мӕ хур, бӕркад ӕмӕ фарн.
Ӕххуыс кӕй хъӕуа, уый фарс куы балӕууӕм,
Хуыцауы уӕд йӕ хъӕбултау бафӕзмӕм.
Нӕ Фыд дӕр уый уындзӕн, йӕ хӕрзтӕй нын дӕтдзӕн,
Нӕ хорздзинадӕн скӕндзӕни аргъ.
2. Ыстыр хӕрзтӕ ӕнӕмӕнг ӕркӕрддзыстӕм,
Кӕд алкӕмӕн зын сахат ӕххуыс кӕнӕм.
Ӕнӕзонгӕ куы уой, уӕд дӕр сын уӕм ӕнцой,
Цы нӕм ис, уый нӕ кӕнӕм ӕвгъау.
Уӕм уазӕгуарзон Лидийау алкӕддӕр,
Нӕ къонайы фарн
батавӕд алкӕй дӕр.
Нӕ Фыд ӕрвтӕй уыны, зӕххыл ӕй чи фӕзмы.
О, уыдонӕй у райгонд Хуыцау.