ӔСТӔМ СӔР
Кӕд-иу фӕфыдӕнхъӕл, уӕддӕр уыд иузӕрдион
1. Силомыл сау бон куыд акодта?
САМУИЛ уыны, Силомыл цы сау бон акодта, уый. Ӕнӕхъӕн горӕт цӕссыджы бын фӕци. Цал ӕмӕ цал хӕдзарӕй хъуысы сылгоймӕгты ӕмӕ сывӕллӕтты кӕуын! Хӕстӕй нал ӕрыздӕхтысты сӕ фыдӕлтӕ, сӕ лӕгтӕ, сӕ фырттӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕ. Ӕрӕджы филистимӕгтимӕ хӕсты израилӕгтӕй фӕмард 4 000 хӕстоны, ӕмӕ ныр та тугкалӕн тохы фӕхъуыд 30 000 хӕстоны (1 Сам. 4:1, 2, 10).
2, 3. Силом йӕ кадӕй ӕнӕхай цавӕр бӕллӕхты тыххӕй фӕци?
2 Фӕлӕ бӕллӕхтӕ ууыл нӕ фесты. Хистӕр сауджын Илийы ӕнаккаг фырттӕ, Офни ӕмӕ Финеес, Йегъовӕйы бадзырды чырынимӕ Силомӕй рараст сты. Бадзырды чырын лӕууыд цатыры ӕппӕты сыгъдӕг бынаты, ӕмӕ уыцы табуйаг чырын ӕвдыста, Хуыцау йӕ адӕмимӕ кӕй ис, уый. Израилӕгтӕ бадзырды чырын семӕ тохы быдырмӕ ахастой. Афтӕ сӕм касти, ӕмӕ сӕ уый талисманау хъахъхъӕндзӕн, ӕмӕ се знӕгтыл фӕуӕлахиз уыдзысты. Фӕлӕ филистимӕгтӕ бадзырды чырын байстой, Офни ӕмӕ Финеесы та амардтой (1 Сам. 4:3–11).
3 Силоммӕ уыцы кад ӕрхауд, ӕмӕ Йегъовӕйы бадзырды чырын цалдӕр ӕнусы дӕргъы уым цатыры лӕууыд. Фӕлӕ сын ӕй ныр се знӕгтӕ байстой. Уый фехъусгӕйӕ 98-аздзыд Илий йӕ бандонӕй фӕстӕмӕ ахауд ӕмӕ амарди. Йӕ чындз та йӕхи бар нӕ уыд, ӕмӕ уыцы хабӕрттӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ рыстытӕ райдыдтой ӕмӕ аргӕ-арын амард. Фӕлӕ ма йӕ мӕлӕты размӕ загъта: «Израилы кад уацары ацыд». Уӕдӕй фӕстӕмӕ Силом раздӕры хуызӕн нал уыд (1 Сам. 4:12–22).
4. Ацы сӕры ныхас цӕуыл цӕудзӕн?
4 Цымӕ Самуил уыцы зын уавӕры куыд кӕндзӕн? Йӕ уырнындзинад афтӕ фидар разындзӕни, цӕмӕй дарддӕр ӕххуыс кӕна, Йегъовӕйы ӕххуысӕй ӕмӕ хорзӕхӕй ӕнӕхай чи фӕци, уыцы адӕмӕн? Мах дӕр цавӕрдӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм, цӕйдӕр тыххӕй фӕфыдӕнхъӕл вӕййӕм, ӕмӕ уыдӕттӕ нӕ уырнындзинадӕн вӕййынц фӕлварӕн. Уӕдӕ хорз уаид, куы ’ркӕсиккам, Самуилы хабарӕй ма ноджыдӕр зондӕн райсӕн цы ис, уымӕ.
«Архайдта рӕстдзинад ӕрфидар кӕныныл»
5, 6. Израилы 20 азы дӕргъы цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонӕй нын Библи не ’ргом кӕцымӕ здахы? Уыцы рӕстӕджы дӕргъы Самуил цы куыста?
5 Ацы ран Библи Самуилы тыххӕй иуцасдӕр ницыуал дзуры. Дарддӕр нын не ’ргом здахы, бадзырды чырын цы баци, уымӕ. Филистимӕгтӕ йӕ куы байстой, уӕдӕй фӕстӕмӕ бӕллӕхты хай баисты ӕмӕ сӕ ӕппынфӕстаг бахъуыди бадзырды чырын фӕстӕмӕ израилӕгтӕн раттын. Библийы та Самуилы кой ногӕй ӕмбӕлы, 20 азы бӕрц куы рацыди, уӕд (1 Сам. 7:2). Цымӕ Самуил уыцы азты дӕргъы цы куыста?
Ахӕм зын уавӕры Самуилӕн йӕ бон цӕмӕй уыди йӕ адӕмӕн баххуыс кӕнын?
6 Библийы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй уыцы 20 азы размӕ «Хуыцау йӕ ныхас Самуилы уылты дзырдта ӕгас Израилӕн» (1 Сам. 4:1). Ӕмӕ дарддӕр 20 азы фӕстӕ цы уыди, уый тыххӕй дӕр нын Библи дзуры. Самуилмӕ ахӕм ӕгъдау уыд, ӕмӕ-иу афӕдзы дӕргъы ӕртӕ израилаг горӕтыл ӕрзылди, цӕмӕй адӕмы хъуыддӕгтӕ ӕвзӕрстаид ӕмӕ-иу алыхуызон фарстатӕ скъуыддзаг кодтаид. Уый фӕстӕ та-иу йӕ райгуырӕн горӕт Рамӕмӕ ӕрыздӕхт (1 Сам. 7:15–17). Куыд уынӕм, афтӕмӕй Самуил ӕнцад никуы бадт, ӕмӕ йын уыцы 20 азы дӕргъы бирӕ хъуыддӕгтӕ уыдаид.
Кӕд, Самуил 20 азы дӕргъы цы куыста, уый тыххӕй Библийы ницы ис фыст, уӕддӕр фидарӕй ис зӕгъӕн, уыцы азты дӕр Йегъовӕйы хъуыддаджы бирӕ кӕй сарӕзта
7, 8. а) Самуил адӕмӕн 20 азы дӕргъы куы ӕххуыс кодта, уӕд сын уый фӕстӕ цы загъта? ӕ) Адӕм Самуилы ныхӕстӕм цы цӕстӕй ракастысты?
7 Илийы фырттӕ ахӕм ӕнӕгъдау ӕмӕ хӕлд митӕ кӕй кодтой, уый тыххӕй адӕммӕ дӕр уырнындзинад нал уыди. Куыд зыны, афтӕмӕй бирӕтӕ мӕнг хуыцӕуттӕн кувын райдыдтой. Фӕлӕ сын Самуил 20 азы дӕргъы ӕххуыс кодта, цӕмӕй мӕнг хуыцӕутты ныууагътаиккой, ӕмӕ сын уый фӕстӕ ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Кӕд уӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ фӕнды Йегъовӕмӕ раздӕхын, уӕд фесафут, цыдӕриддӕр уӕм ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕ ис, уыдон, стӕй Астартӕйы нывтӕ дӕр, ӕмӕ уӕ зӕрдӕтӕ ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ раздахут Йегъовӕмӕ ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн лӕггад кӕнут. Ӕмӕ уӕ уый фервӕзын кӕндзӕн филистимӕгты къухӕй» (1 Сам. 7:3).
8 «Филистимӕгты къух» израилӕгтыл уӕз кодта. Израилы ӕфсад куы ныппырх кодтой, уӕд сӕм афтӕ касти, ӕмӕ дарддӕр дӕр Хуыцауы адӕмы ссӕнддзысты ӕмӕ ӕнӕфхӕрдӕй баззайдзысты. Фӕлӕ Самуил израилӕгтӕн загъта, Йегъовӕмӕ куы раздӕхой, уӕд сӕ уавӕр кӕй фӕивдзӕн. Цымӕ йӕм байхъуыстой? Самуил куы федта, ӕмӕ сӕ мӕнг хуыцӕутты ныууагътой ӕмӕ «ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн райдыдтой лӕггад кӕнын», уӕд ма йӕ цинӕн кӕрон кӕм уыди. Гъемӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодта Массифӕмӕ, Иерусалимӕй цӕгатырдӕм хӕхбӕсты цы горӕт уыд, уырдӕм. Уым адӕм ком дардтой ӕмӕ, мӕнг хуыцӕуттӕн кӕй лӕггад кодтой, ууыл ӕрфӕсмон кодтой. (Бакӕс 1 Самуилы 7:4–6.)
Йегъовӕйы адӕм Массифӕйы куы ӕрӕмбырд сты, уӕд филистимӕгтӕ сӕхицӕн загътой, зӕгъгӕ, ныр нӕ къухы сты
9. Филистимӕгтӕ Хуыцауы адӕмы ныхмӕ цы сфӕнд кодтой ӕмӕ израилӕгтӕ уыцы тӕссаг уавӕры куыд бакодтой?
9 Фӕлӕ, израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр Массифӕйы кӕй ӕрӕмбырд сты, уый тыххӕй филистимӕгтӕ куы фехъуыстой, уӕд загътой, ныр нӕ къухы сты, зӕгъгӕ. Ӕмӕ се ’фсад Массифӕмӕ арвыстой, цӕмӕй Йегъовӕйы адӕмы ныццагътаиккой. Израилӕгтӕ уый куы базыдтой, уӕд старстысты ӕмӕ Самуилӕн лӕгъстӕ кӕнын райдыдтой, Йегъовӕмӕ нын скув, зӕгъгӕ. Самуил дӕр скуывта ӕмӕ нывонд ӕрхаста. Раст уыцы рӕстӕг филистимӕгтӕ Массифӕмӕ ӕрбахӕццӕ сты. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ Самуилы куывдӕн дзуапп радта. Йӕ хъӕлӕс мӕстӕй судзгӕйӕ ныннӕрыди – «Йегъовӕ арв тынг ныггыбар-гыбур кӕнын кодта, ӕмӕ филистимӕгтӕ кӕрӕдзи мидӕг ауадысты» (1 Сам. 7:7–10).
10, 11. а) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ филистимӕгтимӕ тохы рӕстӕг арв куы ныггыбар-гыбур кодта, уӕд уый иннӕ хӕттыты хуызӕн нӕ уыд? ӕ) Массифӕйы раз цы тох бацайдагъ, уый цӕмӕ ӕркодта?
10 Цымӕ уыцы филистимӕгтӕ ӕнӕуи арвнӕрдӕй фӕтарстысты ӕмӕ, гыццыл сывӕллон арвы нӕрын фехъусгӕйӕ йӕ мады фӕстӕ куыд амбӕхсы, афтӕ уыдысты? Нӕ, уыдон уыдысты тыхджын ӕмӕ фӕлтӕрд хӕстонтӕ. Уӕдӕ куыд зыны, афтӕмӕй уыцы арвнӕрд иннӕ хӕттыты хуызӕн нӕ уыди. Чи зоны, арвы гыбар-гыбур афтӕ тыхджын уыди, ӕмӕ йӕ хъӕрӕй фӕтарстысты. Науӕд, чи зоны, арвыл иу мигъ дӕр нӕ уыд, ӕмӕ афтӕмӕй ныннӕрыд. Йе та, чи зоны, йӕ хъӕр хӕхтӕй ноджы тыхджындӕрӕй райхъуыст. Куыдфӕнды ма уыдаид,– филистимӕгтӕ фыртӕссӕй цы фӕуыдаиккой, уый нал зыдтой. Гыццыл раздӕр йӕ тыхӕй хъал чи уыди, уыдон ныр мысты хуынкъ туманӕй агуырдтой. Израилӕгтӕ Массифӕйӕ рацыдысты ӕмӕ сӕ ныддӕрӕн кодтой. Ӕмӕ сӕ стӕй Иерусалимӕй хуссар-ныгуылӕны ’рдӕм бирӕ километртӕ фӕстейӕ фӕсырдтой (1 Сам. 7:11).
11 Уыцы тохы фӕстӕ Хуыцауы адӕмы уавӕр фӕивта. Цалынмӕ Самуил тӕрхонгӕнӕг уыди, уӕдмӕ сӕм филистимӕгтӕ никуыуал бабырстой. Ӕмӕ, филистимӕгтӕ цы горӕттӕ байстой, уыдон израилӕгтӕ иу иннӕйы фӕдыл фӕстӕмӕ сӕхи бакодтой (1 Сам. 7:13, 14).
12. Самуил «рӕстдзинад ӕрфидар кӕныныл» куыд архайдта ӕмӕ ӕнтыстджын цавӕр миниуджыты фӕрцы уыди?
12 Бирӕ ӕнусты фӕстӕ апостол Павел, «рӕстдзинад ӕрфидар кӕныныл» чи архайдта, уыцы иузӕрдион тӕрхонгӕнджыты ӕмӕ пехуымпарты тыххӕй куы дзырдта, уӕд Самуилы кой дӕр ракодта (Дзут. 11:32, 33). Самуил арӕзта, Хуыцауы цӕсты хорз ӕмӕ раст цы у, уый ӕмӕ иннӕты дӕр уымӕ разӕнгард кодта. Самуилӕн бирӕ бантысти. Цӕй фӕрцы? Йегъовӕмӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ каст ӕмӕ йын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый ӕнӕзӕрдӕхудтӕй арӕзта, кӕд-иу бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй фӕфыдӕнхъӕл, уӕддӕр. Уымӕй уӕлдай хорздзинадӕн аргъ кӕнын зыдта. Израилӕгтӕ Массифӕйы куы фӕуӕлахиз сты, уӕд Самуил, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн кӕй баххуыс кодта, уый номыл сӕвӕрдта дур (1 Сам. 7:12).
13. а) Кӕд нӕ Самуилы бафӕзмын фӕнды, уӕд нӕ цавӕр миниуджытӕ хъӕуы? ӕ) Самуилмӕ цы миниуджытӕ уыди, ахӕм миниуджытыл, дӕумӕ гӕсгӕ, кӕд хъӕуы кусын?
13 Дӕу дӕр «рӕстдзинад фидар кӕнын» фӕнды? Кӕд о, уӕд ды дӕр хъуамӕ уай Самуилау фӕразон ӕмӕ сӕрныллӕг, стӕй хъуамӕ хорздзинадӕн аргъ кӕнын зонай. (Бакӕс 1 Петры 5:6.) Чи зӕгъдзӕн, ӕмӕ йӕ уыцы миниуджытӕ нӕ хъӕуынц? Самуил уыцы миниуджытыл ӕрыгонӕй кӕй сахуыр, уый хорз уыди, уымӕн ӕмӕ йыл азтӕ куы рацыд, уӕд ноджы стырдӕр мӕстытӕ бавзӕрста.
«Дӕ фырттӕ... дӕ фӕндӕгтыл нӕ цӕуынц»
14, 15. а) Самуил зӕрондӕй тынг кӕмӕй фӕфыдӕнхъӕл? ӕ) Илийау Самуилӕй дӕр афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ хорз фыд нӕ уыд? Бамбарын ӕй кӕн.
14 Дарддӕр ма Библи Самуилы кой кӕны, куы базӕронд, уӕд. Уыди йын дыууӕ фырты, Иоил ӕмӕ Ави. Ӕмӕ сын бахӕс кодта, цӕмӕй уыдон дӕр израилӕгтӕн тӕрхон кодтаиккой ӕмӕ йын афтӕмӕй ӕххуыс кодтаиккой. Фӕлӕ, хъыгагӕн, Самуил йӕ фырттӕй фӕфыдӕнхъӕл. Кӕд ӕмӕ йӕхӕдӕг рӕстаг адӕймаг уыди ӕмӕ никуы никӕй зӕрдӕхудты бацыд, уӕд йӕ фырттӕ та сӕ бартӕй раст нӕ пайда кодтой: агуырдтой сӕхи пайда, раст тӕрхон нӕ кодтой ӕмӕ гӕртӕмттӕ истой (1 Сам. 8:1–3).
15 Иуафон Израилы хистӕр лӕгтӕ зӕронд пехуымпармӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын рахъаст кодтой, «дӕ фырттӕ... дӕ фӕндӕгтыл нӕ цӕуынц», зӕгъгӕ (1 Сам. 8:4, 5). Цымӕ Самуил зыдта, йӕ фырттӕ цытӕ кодтой, уый? Библийы уый тыххӕй ницы ис фыст. Фӕлӕ Илийӕ уӕлдай Самуил, фау кӕмӕ ӕрхӕссай, ахӕм фыд нӕ уыди. Йегъовӕ Илийӕн йӕ рӕдыд комкоммӕ загъта ӕмӕ йӕ стӕй бафхӕрдта, йӕ фырттӕн кӕй нӕ уайдзӕф кодта ӕмӕ сӕ Хуыцауӕй уӕлдӕр кӕй ӕвӕрдта, уый тыххӕй (1 Сам. 2:27–29). Фӕлӕ Самуилмӕ Йегъовӕ уыцы хъуыддаджы фау никуы ӕрхаста.
Самуилӕн йӕ фырттӕ ӕвзӕр фӕндагыл кӕй ацыдысты, уый цӕй фӕрцы сфӕрӕзта?
16. Ныййарджытӕн сӕ сывӕллӕттӕ сӕ коммӕ куы нӕ фӕкӕсынц, уӕд сын ӕнцон вӕййы? Ахӕм ныййарджытӕн Самуилы хабар стыр ныфс ӕмӕ зонды хос цӕмӕн у?
16 Самуил, йӕ фырттӕ цы митӕ кодтой, уый тыххӕй куы базыдта, уӕд куыд маст кодтаид, куыд худинаг ӕм кастаид ӕмӕ куыд фӕфыдӕнхъӕл уыдаид, уый тыххӕй Библи ницы дзуры. Фӕлӕ бирӕ ныййарджытӕ хорз зонынц, Самуилӕн куыд зын уыдаид, уый. Абон мах ахӕм ӕвзӕр рӕстӕг цӕрӕм, ӕмӕ сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты ницӕмӕ дарынц, сӕ зондмӕ сын нӕ хъусынц, ӕмӕ афтӕ у алы ран дӕр. (Бакӕс 2 Тимофеймӕ 3:1–5.) Ахӕм ныййарджытӕ Самуилы хабарыл куы хъуыды кӕной, уӕд сын уый стыр ныфсы хос уыдзӕни ӕмӕ дзы сӕхицӕн зонд дӕр райсдзысты. Кӕд Самуилӕн йӕ цот ӕвзӕр фӕндагыл ацыдысты, уӕддӕр уый дарддӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта. Рох уӕ ма уӕд, кӕд уӕ ныхӕстӕ ӕмӕ уӕ зондамынд уӕ сывӕллӕтты зӕрдӕтӕм нал хъарынц, уӕддӕр уӕ хъуыддӕгтӕн стыр тых ис. Стӕй ма зӕгъын хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ уӕхицӕн уӕ бон у афтӕ цӕрын, цӕмӕй уӕ уӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕ алкӕддӕр сӕрыстыр уа, Самуилӕй куыд уыд сӕрыстыр, афтӕ.
«Паддзах [нын] сӕвӕр»
17. Израилы хистӕр лӕгтӕ Самуилӕй цы ӕрдомдтой ӕмӕ уый Самуилмӕ куыд фӕкаст?
17 Самуилы фырттӕ ӕмбаргӕ дӕр нӕ кодтой, сӕ зыд ӕмӕ сӕ хиуарзондзинад цӕмӕ ӕркӕндзӕн, уый. Израилы хистӕр лӕгтӕ пехуымпарӕн загътой: «Паддзах [нын] сӕвӕр, цӕмӕй нын уый тӕрхон кӕна, иннӕ адӕмтӕм куыд у, афтӕ». Цымӕ уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ Самуил афтӕ ахъуыды кодта, ӕмӕ никӕйуал хъӕуы? Уыцы адӕмӕн бирӕ азты дӕргъы Йегъовӕйы номӕй тӕрхон кодта. Фӕлӕ сӕ ныр нал фӕндыд, цӕмӕй сын Самуилы хуызӕн пехуымпар тӕрхон кодтаид – паддзах сӕ хъуыди. Сӕ алыварс цӕрӕг адӕмтӕн уыди паддзӕхтӕ, ӕмӕ уыдоны дӕр бафӕндыди, цӕмӕй сӕ сӕргъы паддзах лӕууыдаид! Самуил та уый тыххӕй цы хъуыды кодта? Библийы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй уыцы хабар «Самуилмӕ хорз нӕ фӕкаст» (1 Сам. 8:5, 6).
18. Йегъовӕ Самуилы куыд ӕрсабыр кодта, фӕлӕ уӕддӕр куыд бамбарын кодта, Израил стыр тӕригъӕд кӕй сарӕзта, уый?
18 Дӕ хъус-ма ӕрдар, Самуил Йегъовӕмӕ уыцы хъуыддаджы тыххӕй куы скуывта, уӕд ын цы загъта: «Байхъус адӕммӕ ӕмӕ дын куыддӕриддӕр зӕгъынц, афтӕ бакӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕуыл нӕ систой сӕ къух, фӕлӕ мӕныл, цӕмӕй сын ӕз паддзах ма уон». Уыцы ныхӕстӕй Самуилӕн куыннӕ фенцондӕр уыдаид. Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕн, израилӕгтӕ сӕхицӕн зӕххон паддзах кӕй куырдтой, уымӕй Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы куыд тынг бафхӕрдтой! Йегъовӕ йӕ пехуымпарӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй сын бамбарын кодтаид, сӕ сӕргъы зӕххон паддзах куы уа, уӕд сӕ уый бирӕ цыдӕртӕ кӕй ӕрдомдзӕн. Самуил бакодта, Йегъовӕ йын куыд загъта, афтӕ. Фӕлӕ уӕддӕр уыдон загътой: «Нӕ! Уадз ӕмӕ нын уа паддзах». Самуил алы хатт дӕр уыди Хуыцауӕн коммӕгӕс, ӕмӕ ныр дӕр ацыд ӕмӕ, Йегъовӕ кӕй равзӕрста, уыцы адӕймаджы паддзахӕй сӕвӕрдта (1 Сам. 8:7–19).
19, 20. а) Самуил Йегъовӕйы ныхас цы зӕрдӕйӕ сӕххӕст кодта? ӕ) Самуил Хуыцауы адӕмӕн дарддӕр дӕр куыд ӕххуыс кодта?
19 Фӕлӕ цымӕ Самуил уыцы хъуыддаг куыд бакодта? Тыхӕй кӕнӕгау ӕмӕ хъуырхъуыргӕнгӕ? Цымӕ хабар афтӕ кӕй рауад, уый тыххӕй йӕ зӕрдӕйы маст хаста? Ахӕм уавӕры бирӕтӕ, чи зоны, афтӕ бакодтаиккой, фӕлӕ Самуил ахӕм нӕ уыд. Уый Саулы сойӕ байсӕрста ӕмӕ ӕргом загъта, ацы адӕймаджы равзӕрста Йегъовӕ, зӕгъгӕ. Стӕй Саулӕн апъа кодта ӕмӕ уымӕй равдыста, ног паддзахыл кӕй цин кӕны ӕмӕ йӕ коммӕ кӕй кӕсдзӕн. Самуил адӕмӕн загъта: «Уынут, кӕй равзӕрста Йегъовӕ? Ӕгас адӕмы ’хсӕн уый хуызӕн нӕй» (1 Сам. 10:1, 24).
20 Самуил Йегъовӕйы ӕвзӕрст паддзахӕн йӕ хъӕндзинӕдтӕм нӕ каст, фӕлӕ йӕм хорзӕй цы уыд, уымӕ. Ӕмӕ йын йӕхиуыл та кӕд адӕм сӕ къух систой, уӕддӕр ын уый сӕйраг нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ ӕмбӕрста, адӕм абон иухуызон кӕй хъуыды кӕнынц, райсом – ӕндӕрхуызон. Самуилӕн сӕйрагдӕр уыди, Хуыцауӕн иузӕрдионӕй кӕй фӕлӕггад кодта, уый (1 Сам. 12:1–4). Стӕй ӕнӕзӕрдӕхудтӕй ӕххӕст кодта, Йегъовӕ йын йӕхицӕн цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый: Хуыцауы адӕмы фӕдзӕхста, сӕ уырнындзинадӕн тӕссаг цӕмӕй уыди, уыдӕттӕй ӕмӕ сӕ ахӕм зондыл арӕзта, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион уыдаиккой. Йӕ ныхӕстӕ адӕмы зӕрдӕйыл сӕмбӕлдысты ӕмӕ йын лӕгъстӕ кӕнын райдыдтой, мах тыххӕй-ма Йегъовӕмӕ скув, зӕгъгӕ. Ӕмӕ сын ахӕм зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕ загъта: «Мӕнырдыгӕй та уый никуы уыдзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы раз уыцы тӕригъӕд ракӕнон, ӕмӕ сымах тыххӕй мауал кувон. Ӕз уӕ уӕддӕр араздзынӕн хорз ӕмӕ раст фӕндагыл» (1 Сам. 12:21–24).
Самуилы хабар нын хорз ӕвдисы, ӕмӕ нӕхи хъуамӕ уый онг макуы ӕруадзӕм, цӕмӕй искӕмӕ хӕлӕг кӕнын райдайӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы маст хӕссӕм
21. Кӕд, цавӕрдӕр кадджын хъуыддаг кӕмӕндӕр кӕй бахӕс кодтой, уый дын хъыг уыди, уӕд дын Самуилы хабар куыд баххуыс кӕндзӕн?
21 Искуы афтӕ уыд, ӕмӕ, цавӕрдӕр кадджын хъуыддаг кӕмӕндӕр кӕй бахӕс кодтой, уый дын хъыг уыди? Самуилы хабар нын хорз ӕвдисы, ӕмӕ нӕхи хъуамӕ уый онг макуы ӕруадзӕм, цӕмӕй искӕмӕ хӕлӕг кӕнын райдайӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы маст хӕссӕм. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 14:30.) Йегъовӕмӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй алкӕй фаг дӕр ис, зӕрдӕ кӕмӕй райы, ахӕм куыст.
«Цас ма маст кӕндзынӕ Саулыл?»
22. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ, Самуил Саулӕй кӕй раппӕлыд, уымӕй нӕ фӕрӕдыд?
22 Самуил Саулӕй кӕй раппӕлыд, уымӕй нӕ фӕрӕдыд. Саул ӕцӕгдӕр диссаджы адӕймаг уыди. Бӕрзонд ӕмӕ хӕрзконд кӕй уыд, уымӕй уӕлдай ма уыди хъӕбатыр ӕмӕ сӕрӕн. Ӕмӕ йӕм кӕд ахӕм миниуджытӕ уыди, уӕддӕр райдианы уыд бонзонгӕ ӕмӕ сӕрныллӕг (1 Сам. 10:22, 23, 27). Стӕй Саулӕн йӕхи бон уыди уынаффӕтӕ хӕссын ӕмӕ, царды цавӕр фӕндагыл ацӕудзӕн, уый равзарын (Дык. з. 30:19). Ӕмӕ ахӕм лӕварӕй куыд спайда кодта?
23. Саулӕй фыццаджыдӕр цы айрох ӕмӕ йӕхиуыл куыд фервӕссыд?
23 Хъыгагӕн, арӕх афтӕ рауайы, ӕмӕ адӕймаг хорз бынаты куы ӕрбады, уӕд ын уый йӕ сӕр разилын кӕны ӕмӕ дзы фыццаджыдӕр айрох вӕййы, бонзонгӕ цы у, уый. Саул тынг тагъд йӕхиуыл фервӕссыд. Ӕмӕ цавӕр фӕндаг равзӕрста? Йегъовӕ йын Самуилы уылты цы дзырдта, уымӕ нал хъуыста. Иуафон Самуилмӕ нӕ банхъӕлмӕ каст ӕмӕ, Самуил цы нывонд ӕрхӕссинаг уыд, уый йӕхӕдӕг ӕрхаста. Пехуымпар ын карзӕй бауайдзӕф кодта ӕмӕ йын загъта, йӕ хӕдзарвӕндаг паддзахы бартӕй ӕнӕхай кӕй фӕуыдзӕн. Саулӕн уый зондзонӕн нӕ уыд, фӕлӕ ноджы фыддӕр фӕци ӕмӕ стырдӕр хъуыддӕгты разынд ӕгоммӕгӕс (1 Сам. 13:8, 9, 13, 14).
24. а) Саул амаликӕгтимӕ куы хӕцыд, уӕд Йегъовӕйы ныхасы сӕрты куыд ахызт? ӕ) Саул уайдзӕфмӕ цы цӕстӕй ракаст ӕмӕ йын Йегъовӕ цавӕр тӕрхон скодта?
24 Йегъовӕ Самуилы уылты Саулӕн загъта, цӕмӕй амаликӕгтимӕ схӕцыдаид. Ӕмӕ Хуыцауы ныхасмӕ гӕсгӕ, хъуамӕ сӕ паддзах Агагы дӕр амардтаид. Фӕлӕ Саул Агагӕн фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ, амаликӕгтӕм хорзӕй цы уыди, уыдон дӕр сӕфты хай бакӕнын йӕ цӕст нӕ бауарзта. Гъемӕ Самуил Саулӕн бауайдзӕф кӕнынмӕ куы ’рцыди, уӕд бамбӕрста, Саул куыд тынг фӕивта, уый. Уайдзӕфмӕ сӕрныллӕгӕй нӕ байхъуыста, фӕлӕ йӕхи рӕстытӕ кӕнын райдыдта, ныхас ӕндӕрырдӕм аздӕхта ӕмӕ хабар адӕмы аххос фӕкодта. Цӕмӕй ӕфхӕрд ма баййӕфтаид, уый тыххӕй загъта, фос, дам, уымӕн ныууагътам, цӕмӕй сӕ Йегъовӕйӕн нывондӕн ӕрхӕссӕм. Ӕмӕ уӕд Самуил загъта, не ’ппӕт дӕр хорз кӕй зонӕм, уыцы ныхӕстӕ: «Коммӕ кӕсын нывондӕй хуыздӕр у». Самуил паддзахӕй нӕ фӕтарст, йӕ рӕдыд ын комкоммӕ загъта ӕмӕ йын Йегъовӕйы тӕрхон фехъусын кодта: паддзахы бартӕ Саулы къухӕй ратондзӕн ӕмӕ сӕ ратдзӕн ӕндӕрӕн – уымӕй хуыздӕр чи у, уымӕнa (1 Сам. 15:1–33).
25, 26. а) Самуил Саулыл цӕмӕн маст кодта ӕмӕ Йегъовӕ йӕ пехуымпарӕн фӕлмӕнӕй куыд бауайдзӕф кодта? ӕ) Самуил Йессейы хӕдзары цы бамбӕрста?
25 Самуилӕн тынг зын уыди, Саул ахӕм ӕгоммӕгӕс кӕй разынд, уый. Ӕнӕхъӕн ӕхсӕв Йегъовӕмӕ фӕкуывта ӕмӕ йын йӕ мӕт, йӕ сагъӕстӕ иууылдӕр фӕдзырдта. Раст ыл цыма зиан ӕрцыд, афтӕ маст кодта Саулыл. Цас ныфсытӕ дзы ӕвӕрдта, цас хорз хъуыддӕгтӕм ӕм ӕнхъӕлмӕ каст, фӕлӕ фӕфыдӕнхъӕл. Кӕддӕр цы Саулы зыдта, уыцы Саул нал уыди. Цы хорз миниуджытӕ йӕм уыд, уыдонӕй ницыуал баззад ӕмӕ Йегъовӕйы ныхмӕ рацыд. Ӕмӕ Самуилы йӕ фенын дӕр нал фӕндыди. Цасдӕры фӕстӕ Йегъовӕ йӕ пехуымпарӕн фӕлмӕнӕй бауайдзӕф кодта: «Цас ма маст кӕндзынӕ Саулыл? Ӕз ыл мӕ къух систон, уый Израилӕн паддзах нал уыдзӕн. Дӕ сыкъа сойӕ байдзаг кӕн ӕмӕ ацу. Ӕз дӕ ӕрвитын вифлеемаг Йессеймӕ, уымӕн ӕмӕ йын йӕ фырттӕй равзӕрстон паддзах» (1 Сам. 15:34, 35; 16:1).
26 Ӕнӕххӕст адӕймагӕн йӕ хабар арӕх афтӕ вӕййы, ӕмӕ дыл абон иузӕрдион у, райсом – нал. Фӕлӕ адӕм иузӕрдион уой ӕви ма уой, уӕддӕр Йегъовӕ йӕ фӕнд сӕххӕст кӕндзӕн. Исчи Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ куы сива, уӕд уый йӕ фӕндон сӕххӕст кӕнынӕн ӕндӕр адӕймаг ссардзӕн. Ӕмӕ ацӕргӕ Самуил дӕр Саулыл нал маст кодта. Йегъовӕ йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ ацыди Вифлееммӕ Йессейы хӕдзармӕ. Йессейӕн уыди рӕсугъд лӕппутӕ. Ӕмӕ йын Самуил йӕ хистӕр фырты куы федта, уӕд ын Йегъовӕ йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, уынд ӕмӕ кондӕй арфдӕр кӕй хъӕуы кӕсын. (Бакӕс 1 Самуилы 16:7.) Ӕппынфӕстаг Самуил федта Йессейы кӕстӕр фырт Давиды, ӕмӕ йын Йегъовӕ загъта, уый кӕй равзӕрста.
Самуил бамбӕрста: ахӕм зындзинад нӕй, ӕмӕ йын Йегъовӕ хос ма ссара ӕмӕ ма йӕ арфӕдзинадмӕ дӕр ма фӕива
27. а) Самуилӕн йӕ уырнындзинад фидарӕй-фидардӕр цӕй фӕрцы кодта? ӕ) Самуил куыд фӕцард, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?
27 Самуил йӕ царды фӕстаг азты ноджы хуыздӕр бамбӕрста, Йегъовӕ Саулы бӕсты паддзахӕй Давиды цӕмӕн равзӕрста, уый. Саул Давидмӕ афтӕ тынг хӕлӕг кӕнын райдыдта, ӕмӕ йӕ марынмӕ дӕр хъавыд, стӕй раст дин дӕр ныууагъта. Давидмӕ та уыди диссаджы миниуджытӕ. Уый уыд хъӕбатыр, иузӕрдион ӕмӕ рӕстзӕрдӕ адӕймаг, стӕй уыди фидар уырнындзинады хицау. Самуилӕн йӕ уырнындзинад суанг йӕ царды кӕронмӕ дӕр фидарӕй-фидардӕр кодта. Уый бамбӕрста: ахӕм зындзинад нӕй, ӕмӕ йын Йегъовӕ хос ма ссара ӕмӕ ма йӕ арфӕдзинадмӕ дӕр ма фӕива. Самуил фӕцард сӕдӕ азы бӕрц ӕмӕ йӕ цард дзӕгъӕлы нӕ уыд. Уӕдӕ диссаг нӕу, уыцы иузӕрдион пехуымпар куы амард, уӕд ыл ӕнӕхъӕн Израил кӕй фӕкуыдта, уый. Абон Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй алкӕй дӕр хъӕуы ахъуыды кӕнын: «Ӕз дӕр Самуилы уырнындзинад фӕзмдзынӕн?»
a Агагы Самуил йӕхӕдӕг амардта. Уыцы паддзах йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ хӕдзарвӕндаг дӕр уый аккаг нӕ уыдысты, ӕмӕ сын фӕтӕригъӕд кодтаиккой. Ӕнустӕ фӕстӕдӕр Хуыцауы адӕмы ныццӕгъдынмӕ чи хъавыд, уыцы «агагаг Аман» дӕр, куыд зыны, афтӕмӕй Агагы байзӕддӕгтӕй уыди (Есф. 8:3; кӕс ацы чиныджы 15 ӕмӕ 16 сӕртӕ).