Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ
3–9 СЕНТЯБРЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ИОАННЫ 1, 2
«Чырысти сарӕзта йӕ фыццаг диссаг»
(Иоанны 2:1–3) Дыууӕ боны фӕстӕ та галилейаг горӕт Канӕйы уыди чындзӕхсӕв, ӕмӕ уым уыд Йесойы мад дӕр. 2 Чындзӕхсӕвмӕ фӕхуыдтой Йесойы ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты дӕр. 3 Сӕ сӕн куы фӕци, уӕд Йесойӕн йӕ мад афтӕ зӕгъы: «Сӕн сӕм нал ис».
w95-U 1/3 5 ф., 3 абз.; 6 ф., 3 абз.
Чырысти цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдонӕй бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнӕм
Чырысти архайын райдыдта. Федта, «дзуттӕгты ӕгъдаумӕ гӕсгӕ хи сыгъдӕг кӕнынӕн» цы «ӕхсӕз стыр дурыны» лӕууыди, уыдон. Дзуттӕгтӕ-иу хӕрды размӕ сӕ къухтӕ ӕхсадтой ӕмӕ цӕмӕй, чындзӕхсӕвы чи уыд, уыдон се ’ппӕт дӕр сӕ къухтӕ ныхсадтаиккой, уый тыххӕй бирӕ дон хъуыди. Чырысти лӕггадгӕнӕгӕн загъта: «Дурынтӕ донӕй байдзаг кӕнут». Чырысти «къӕбицы хицау» нӕ уыд, фӕлӕ фидарӕй ӕмӕ барджынӕй дзырдта. Ацы стихты фыст ис, «къӕбицы хицау, сӕн цы дон фестад, уымӕй... федта», зӕгъгӕ (Иоанны 2:6–9; Марчы 7:3).
Ӕркӕсӕм-ма, Чырысти иннӕты зын куыд тынг ӕмбӕрста, уымӕ дӕр. Уыцы диссаг саразын йӕ хӕс нӕ уыд. Уый фӕдыл, кӕй хъуамӕ сӕххӕст кодтаид, ахӕм пехуымпарад загъд нӕ уыд. Ӕвӕццӕгӕн, Чырысти йӕ зӕрдӕмӕ айста, йӕ мад сиахс ӕмӕ чындзыл кӕй батыхст, уый ӕмӕ йӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй сыл адӕмы зӕрдӕ фӕхудтаид. Ацы хабары фӕрцы дӕ тынгдӕр нӕ уырны, Чырысти дыл кӕй тыхсы ӕмӕ дын дӕ зындзинӕдтӕ кӕй уыны? (Абар Дзуттӕгтӕм 4:14–16.)
(Иоанны 2:4–11) Фӕлӕ Йесо йӕ мадӕн загъта: «Ӕмӕ ууыл ӕз ӕмӕ ды цӕмӕн хъуамӕ мӕт кӕнӕм? Мӕнӕн мӕ рӕстӕг нӕма ’рцыд». 5 Ӕмӕ уӕд йӕ мад лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Куыддӕриддӕр уын зӕгъа, афтӕ бакӕнут». 6 Уым та дзуттӕгты ӕгъдаумӕ гӕсгӕ хи сыгъдӕг кӕнынӕн лӕууыди ӕхсӕз стыр дурыны ӕмӕ-иу сӕ мидӕг уыди дон. 7 Ӕмӕ сын Йесо загъта: «Дурынтӕ донӕй байдзаг кӕнут». Уыдон дӕр сӕ сӕ тӕккӕ дзаг бакодтой. 8 Ӕмӕ сын уӕд загъта: «Ныр дзы иу гыццыл сисут ӕмӕ йӕ къӕбицы хицаумӕ ахӕссут». Гъемӕ уыдон дӕр афтӕ бакодтой. 9 Къӕбицы хицау, сӕн цы дон фестад, уымӕй куы федта, уӕд усгурмӕ фӕдзырдта,– сӕн кӕцӕй уыди, уый та нӕ зыдта, зыдтой йӕ, дурынтӕй дон чи систа, ӕрмӕстдӕр уыцы лӕггадгӕнджытӕ,– 10 ӕмӕ йын загъта: «Алчи фынгыл фыццаг хорз сӕн ӕрӕвӕры, ӕмӕ адӕм куы ануазынц, уӕд та – ӕвзӕрдӕр. Ды та хорз сӕн нырмӕ ныууагътай». Йесо ацы диссаг сарӕзта галилейаг горӕт Канӕйы. 11 Уый уыд йӕ фыццаг диссаг, ӕмӕ уымӕй равдыста йӕ тых. Ӕмӕ йыл йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ баууӕндыдысты.
Йесо сарӕзта йӕ фыццаг диссаг
Уый уыди, Йесо цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдонӕй фыццаг. Уыцы диссаг фенгӕйӕ йӕ ног ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ уырнындзинад куыннӕ бафидар уыдаид. Уый фӕстӕ Йесо йӕ мад ӕмӕ йе ’фсымӕртимӕ ацыд горӕт Капернауммӕ. Уыцы горӕт уыди Галилейӕйы денджызы цӕгат-ныгуылӕн фарс.
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(Иоанны 1:1) Райдианы уыди Дзырд, ӕмӕ Дзырд уыди Хуыцауимӕ, ӕмӕ Дзырд уыди хуыцау.
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Ин 1:1 стихмӕ
Дзырд Ацы стихы «Дзырд» у титул. Ӕмбӕлы ма Ин 1:14 ӕмӕ Рар 19:13. Иоанн бамбарын кодта, «Дзырд» Чырысти кӕй у. Чырысти «Дзырд» хуынд ӕрцыд, зӕххыл куы лӕггад кодта, ӕрмӕст уӕд нӕ, фӕлӕ ма уӕлӕрвты куы цард, уӕд. Уыцы ном хӕссы, йӕ мӕлӕты фӕстӕ уӕлӕрвтӕм куы ссыд, уӕдӕй нырмӕ. Чырысти уыд Хуыцауы Дзырд кӕнӕ Хуыцауы минӕвар, ома, Хуыцауы ныхӕстӕ ӕмӕ амындтӕ хъусын кодта зӕдтӕн ӕмӕ адӕмӕн. Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ, цалынмӕ Чырысти зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ-иу Йегъовӕ адӕмимӕ йӕхӕдӕг нӕ, фӕлӕ Дзырды, зӕд-фидиуӕджы, уылты ныхас кодта (Рд 16:7–11; 22:11; 31:11; Рц 3:2–5; Трх 2:1–4; 6:11, 12; 13:3).
Дзырд уыди хуыцау Кӕнӕ «Дзырд уыди Хуыцауы хуызӕн; Хуыцауӕй». Ам «Дзырд» амоны Чырыстимӕ (кӕс уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Дзырд»). Иоанн афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ «Дзырд» Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау у. Ацы стихы фыст ис «Дзырд уыди Хуыцауимӕ», ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, дыууӕ хицӕн удгоймаджы кой дзы кӕй ис. Чырысти Хуыцауы хуызӕн уыцы хуызы уыд, ӕмӕ Хуыцауы Фыццаггуырд Фырт уыд ӕмӕ Дун-дунейы цыдӕриддӕр ис, уый Хуыцау йе ’ххуысӕй сфӕлдыста. Англисаг, французаг ӕмӕ немыцаг ӕвзӕгтыл Библийы иуӕй-иу тӕлмацты ацы стих ратӕлмац кодтой, «Ног дунейы тӕлмацы» куыд фыст ӕрцыд, афтӕ, ома «Дзырд» уыди «Хуыцауы хуызӕн». Ахӕм хъуыды ис Кл 2:9 стихы дӕр: «Хуыцауы миниуджытӕ иууылдӕр Чырыстийы мидӕг сты». Дзырдбастӕй «Хуыцауы хуызӕн» цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый ӕмбӕлы Септуагинтӕйы (ома Дзуттаг Фыстыты грекъаг тӕлмацы), ӕмӕ уым дзуттаг ӕвзагӕй тӕлмац у дзырдтӕй «Хуыцау» кӕнӕ «Хуыцауы хуызӕн». Уыцы дзуттаг дзырдтӕн сӕ хъуыды у «хъомысджын, тыхджын». Уӕдӕ афтӕ куы зӕгъӕм, ӕмӕ «Дзырд» «Хуыцауы хуызӕн» у кӕнӕ «Хъомысджын» у, уӕд уый уыдзӕн, Ис 9:6 стихы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ. Уыцы пехуымпарады фыст ис, Мессийӕйы «Хъомысджын хуыцау» кӕй хондзысты (фӕлӕ йӕ «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау» нӕ хондзысты).
(Иоанны 1:29) Иннӕ бон Иоанн федта Йесойы ӕрбацӕйцӕугӕ ӕмӕ загъта: «Уӕртӕ Хуыцауы Уӕрыкк, уый дунейы тӕригъӕдтӕ ахӕсдзӕн!»
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Ин 1:29 стихмӕ
Хуыцауы Уӕрыкк Чырысти донаргъуыд куы райста ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдырӕй куы ӕрыздӕхт (уым ӕй Хӕйрӕг фӕлвӕрдта), уӕд ӕй Аргъауӕг Иоанн схуыдта «Хуыцауы Уӕрыкк». Ацы дзырдбаст ӕмбӕлы ацы стихы ӕмӕ Ин 1:36 стихы. (Кӕс «Ӕрмӕг Библи иртасынӕн», 4 хай.) Чырыстийы уӕрыккимӕ дзӕгъӕлы нӕ абарстой. Библийы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй-иу Хуыцауӕн нывондӕн фыстӕ хастой. Уымӕй-иу равдыстой, тӕригъӕдджын кӕй сты, уый кӕй ӕмбӕрстой ӕмӕ сӕ Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнын кӕй фӕндыд, уый. Уый амыдта, фидӕны Чырысти йӕхи ӕппӕт адӕмы тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрхӕсдзӕн, уымӕ. Дзырдбаст «Хуыцауы Уӕрыкк» нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны Библийӕ цалдӕр хабары. Аргъауӕг Иоанн Дзуттаг Фыстытӕ хорз кӕй зыдта, уымӕ гӕсгӕ, ӕвӕццӕгӕн, йӕ ныхӕстӕ амыдтой уыцы хабӕрттӕй иумӕ кӕнӕ цалдӕрмӕ. Зӕгъӕм, чи зоны, йӕ хъуыдыйы уыд, Авраам йӕ фырт Исахъы бӕсты нывондӕн кӕй ӕрхаста, уыцы фыр (Рд 22:13); йе та Египеты цагъарадӕй рацӕуыны размӕ кӕй хъуамӕ аргӕвстаиккой, уыцы Куадзӕны уӕрыкк (Рц 12:1–13); кӕнӕ Иерусалимы нывондхӕссӕныл алы райсом дӕр ӕмӕ алы изӕр дӕр нывондӕн кӕй хастой, уыцы фыркъа (Рц 29:38–42). Чи зоны ма Иоанны хъуыдыйы уыд Исайы пехуымпарад. Уым Йегъовӕ, «мӕ лӕггадгӕнӕг», зӕгъгӕ кӕй хоны, уый тыххӕй фыст ис: «Уӕрыкк ӕргӕвдынмӕ куыд фӕкӕнынц, афтӕ акодтой уый дӕр» (Ис 52:13; 53:5, 7, 11). Апостол Павел коринфӕгтӕм фыццаг фыстӕджы Чырыстийы схуыдта «нӕ Куадзӕны уӕрыкк» (1Кр 5:7). Апостол Петр та Чырыстийы туг схуыдта «ӕнӕниз ӕмӕ ӕнӕсахъат уӕрыччы туг» (1Пт 1:19). Раргомады чиныджы Чырысти 25 хаттӕй фылдӕр хуынд ӕрцыд «Уӕрыкк». (Кӕс цалдӕр цӕвиттоны Рар 5:8; 6:1; 7:9; 12:11; 13:8; 14:1; 15:3; 17:14; 19:7; 21:9; 22:1.)
Библийӕ бакӕсинаг
(Иоанны 1:1–18) Райдианы уыди Дзырд, ӕмӕ Дзырд уыди Хуыцауимӕ, ӕмӕ Дзырд уыди хуыцау. 2 Уый райдианы уыди Хуыцауимӕ. 3 Ӕппӕт дӕр уый фӕрцы фӕзынд, ӕмӕ ӕнӕ уымӕй ницы фӕзынд. 4 Уый фӕрцы цы фӕзынд, уый уыди цард, ӕмӕ уыцы цард адӕмӕн уыди рухс. 5 Ӕмӕ уыцы рухс ӕрттивы талынджы, ӕмӕ йыл талынг нӕ тых кӕны. 6 Уӕд ӕрцыд Хуыцауӕй ӕрвыст лӕг, йӕ ном хуынди Иоанн. 7 Уыцы адӕймаг ӕрцыд, цӕмӕй рухсы тыххӕй дзырдтаид ӕмӕ цӕмӕй уый уылты алыхуызон адӕм баууӕндыдаиккой. 8 Иоанн йӕхӕдӕг нӕ уыд уыцы рухс, фӕлӕ хъуамӕ уыцы рухсы тыххӕй дзырдтаид. 9 Алыхуызон адӕмӕн рухс чи хӕссы, уыцы ӕцӕг рухс тагъд хъуамӕ ӕрцыдаид дунемӕ. 10 Уый уыд дунейы, ӕмӕ дуне уый фӕрцы фӕзынд, фӕлӕ йӕ дуне нӕ базыдта. 11 Уый ӕрцыд йӕхи адӕммӕ, фӕлӕ йыл уыдон нӕ баууӕндыдысты. 12 Чи йыл баууӕндыд, ӕппӕт уыдонӕн та радта уый бар, цӕмӕй суой Хуыцауы хъӕбултӕ, уымӕн ӕмӕ йыл ӕууӕндыдысты, 13 ӕмӕ уыдон туг ӕмӕ стӕгӕй кӕнӕ зӕххон адӕймаджы фӕндӕй нӕ райгуырдысты, фӕлӕ Хуыцауӕй. 14 Гъемӕ Дзырд сси зӕххон адӕймаг ӕмӕ цард не ’хсӕн, ӕмӕ йын мах федтам йӕ кад – фыдӕй иунӕг фыртӕн цы кад вӕййы, уыцы кад. Уый хайджын уыд стыр хорзӕхӕй ӕмӕ рӕстдзинадӕй. 15 Иоанн уый тыххӕй лӕууыд ӕвдисӕн, о, хъӕрӕй дзырдта. Иоанн загъта ацы ныхӕстӕ: «Мӕ фӕстӕ чи цӕуы, уый мӕ разӕй фӕци, уымӕн ӕмӕ уый уыд мӕнӕй раздӕр». 16 Уый не ’ппӕты дӕр бирӕ хорздзинӕдтӕй схайджын кодта, уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр хайджын уыд стыр хорзӕхӕй. 17 Хуыцау Закъон радта Моисейы уылты, стыр хорзӕх ӕмӕ рӕстдзинад та фӕзындысты Йесо Чырыстийы фӕрцы. 18 Адӕмӕй Хуыцауы никуы ничи федта, фӕлӕ, Хуыцауы хуызӕн чи у ӕмӕ Фыдмӕ, цыма йӕ риуыл йӕхи бакъул кодта, афтӕ хӕстӕг чи у, уыцы иунӕг хъӕбул нын бамбарын кодта, чи у, уый.
10–16 СЕНТЯБРЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ИОАННЫ 3, 4
«Чырысти самариаг сылгоймагимӕ ныхас кодта»
(Иоанны 4:6, 7) Уым уыди Иаковы цъай. Йесо фӕндагыл бафӕллад, ӕмӕ ныр уыцы цъайы раз бадти. Уый уыди ӕхсӕзӕм сахатыл. 7 Уыцы рӕстӕг уырдӕм дон хӕссынмӕ ӕрбацыд иу самариаг сылгоймаг. Ӕмӕ йын Йесо афтӕ зӕгъы: «Дон-ма мын авӕр».
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Ин 4:6 стихмӕ
бафӕллад Библийы ӕрмӕстдӕр ам фыст ис, Чырысти кӕй бафӕллад, уый тыххӕй. Уый уыди боны 12 сахатыл. Ӕвӕццӕгӕн, уыцы райсом Чырысти Иудейӕйы Иорданы дӕлвӕзӕй ацыд Самаримӕ, горӕт Сихармӕ. Уым цӕхгӕр хӕрды фӕцыд 900 метрӕй фылдӕр (Ин 4:3–5; кӕс «Ӕрмӕг Библи иртасынӕн», 4 хай).
(Иоанны 4:21–24) Йесо та йын загъта: «Бауырнӕд дӕ, ахӕм рӕстӕг ӕрцӕуы, ӕмӕ нӕ уӕларвон Фыдӕн нӕдӕр ацы хохыл кувдзыстут, нӕдӕр Иерусалимы. 22 Сымах, цӕмӕн кувут, уый нӕ зонут, мах та зонӕм, цӕмӕн кувӕм, уый, уымӕн ӕмӕ ирвӕзындзинад дзуттӕгтӕй цӕуы. 23 Фӕлӕ ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ цӕугӕ дӕр ӕркодта, ӕмӕ ӕцӕг кувӕг адӕм нӕ уӕларвон Фыдӕн кувдзысты Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ, уымӕн ӕмӕ нӕ уӕларвон Фыд ахӕм кувӕг адӕмы агуры йӕхицӕн. 24 Хуыцау у ӕнӕуынгӕ, ӕмӕ йын чи кувы, уыдон ын хъуамӕ кувой йӕ сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ».
(Иоанны 4:39–41) Уыцы горӕты цӕрӕг самариӕгтӕн сылгоймаг куы загъта, цы хъуыддӕгтӕ кодтон, уыдон мын уыцы адӕймаг иууылдӕр радзырдта, зӕгъгӕ, уӕд сӕ бирӕтӕ Йесойыл баууӕндыдысты. 40 Гъемӕ йӕм самариӕгтӕ куы ’рбацыдысты, уӕд ын ныллӕгъстӕ кодтой, немӕ баззай, зӕгъгӕ, ӕмӕ уый дӕр дыууӕ боны уым фӕци. 41 Ӕмӕ, цы дзырдта, уый фӕрцы ма йыл ноджыдӕр бирӕтӕ баууӕндыдысты.
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(Иоанны 3:29) Усаг кӕмӕн ис, уый у усгур. Усгурӕн йе ’мбал та фӕлӕууы, ӕмӕ йын йӕ хъӕлӕс куы фехъусы, уӕд йӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг вӕййы. Афтӕ мӕ цинӕн дӕр кӕрон нӕй.
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Ин 3:29 стихмӕ
Усгурӕн йе ’мбал Раджы заманты-иу усгурӕн йе ’мбал йӕ минӕвар уыд, ӕмӕ-иу ыл фидауыны рӕстӕг стыр хӕстӕ уыд. Чындзӕхсӕвы бон-иу чындзы усгуры кӕнӕ йӕ фыды хӕдзармӕ куы ӕрхастой, уӕд-иу бадт скодтой. Бадты рӕстӕг-иу усгуры ӕмбал цин кодта, усгур йӕ усагимӕ куыд ныхас кодта, уымӕ хъусгӕйӕ. Уымӕй бӕрӕг уыд, ӕмбал йӕ хӕстӕ хорз кӕй сӕххӕст кодта. Аргъауӕг Иоанн йӕхи абарста «усгурӕн йе ’мбалимӕ». Ам усгур уыд Чырысти, йӕ усаг та – йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ. Аргъауӕг Иоанн Чырыстийӕн фӕндаг куы цӕттӕ кодта, уӕд, «усаг» чи хъуамӕ уыдаид, уыдонӕй фыццӕгты базонгӕ кодта Йесо Чырыстиимӕ (Ин 1:29, 35; 2Кр 11:2; Еф 5:22–27; Рар 21:2, 9). Аргъауӕг Иоанн, «усгурӕн йе ’мбал», йӕ хӕс сӕххӕст кодта. Чырысти ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ цы куыст кодтой, уый ахсджиагдӕр уыд, уый цы куыст кодта, уымӕй. Уымӕ гӕсгӕ Иоанн загъта: «Чырысти хъуамӕ уӕлдӕр кӕна, ӕз та – дӕлдӕр» (Ин 3:30).
(Иоанны 4:10) Уӕд ын Йесо загъта: «Куы йӕ зонис, цы у Хуыцауы лӕвар ӕмӕ дын чи дзуры, дон-ма мын авӕр, зӕгъгӕ, уӕд дзы дӕхӕдӕг ракурис, ӕмӕ дын уый раттид царддӕттӕг дон».
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Ин 4:10 стихмӕ
царддӕттӕг дон Ам цы грекъаг дзырдбастӕй спайда кодтой, уый комкоммӕ нысан кӕны цӕугӕдон, суадоны дон кӕнӕ, зӕххы бын нуазыны дон кӕм фембырд кӕны, ахӕм цъай. Ахӕм дон тынг хицӕн кӕны, мигӕнӕны чи вӕййы, ахӕм бадт донӕй. Лв 14:5 «суадоны дон»-ӕй кӕй ратӕлмац кодтой, уыцы дзуттаг дзырдбаст нысан кӕны «удӕгас дон». Йер 2:13 ӕмӕ 17:13 Йегъовӕйы тыххӕй фыст ис, «царддӕттӕг доны суадон» кӕй у. Самариаг сылгоймагимӕ ныхас кӕнгӕйӕ Чырысти дзырдбастӕй «царддӕттӕг дон» ахӕсгӕ хуызы спайда кодта. Фӕлӕ йӕ сылгоймаг, ӕвӕццӕгӕн, фыццаг ӕнӕуи донмӕ бамбӕрста (Ин 4:11).
Библийӕ бакӕсинаг
(Иоанны 4:1–15) Йесо куы базыдта, ӕмӕ фарисейтӕ фехъуыстой, уый Иоаннӕй фылдӕр ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй цӕттӕ кӕны ӕмӕ сын донаргъуыд кӕй дӕтты,– 2 уӕвгӕ Йесо йӕхӕдӕг нӕ лӕвӕрдта донаргъуыд, фӕлӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ,– 3 уӕд Иудейӕ ныууагъта ӕмӕ та ногӕй Галилейӕмӕ ацыди. 4 Цӕуын та йӕ хъуыд Самарийыл. 5 Гъемӕ бацыд самариаг горӕт Сихармӕ. Уыцы горӕт уыди, Иаков йӕ фырт Иосифӕн цы зӕхх радта, уырдӕм хӕстӕг. 6 Уым уыди Иаковы цъай. Йесо фӕндагыл бафӕллад, ӕмӕ ныр уыцы цъайы раз бадти. Уый уыди ӕхсӕзӕм сахатыл. 7 Уыцы рӕстӕг уырдӕм дон хӕссынмӕ ӕрбацыд иу самариаг сылгоймаг. Ӕмӕ йын Йесо афтӕ зӕгъы: «Дон-ма мын авӕр». 8 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ та уыцы рӕстӕг горӕтмӕ хӕринаг ӕлхӕнынмӕ ацыдысты. 9 Ӕмӕ самариаг сылгоймаг Йесойӕн загъта: «Ды дзуттаг куы дӕ, уӕд мӕнӕй, самариаг сылгоймагӕй, дон куыд курыс?» Афтӕ уымӕн загъта, ӕмӕ дзуттӕгтӕ самариӕгтимӕ дзургӕ дӕр нӕ кӕнынц. 10 Уӕд ын Йесо загъта: «Куы йӕ зонис, цы у Хуыцауы лӕвар ӕмӕ дын чи дзуры, дон-ма мын авӕр, зӕгъгӕ, уӕд дзы дӕхӕдӕг ракурис, ӕмӕ дын уый раттид царддӕттӕг дон». 11 Фӕлӕ йӕ сылгоймаг бафарста: «Мӕ буц хицау, цъай арф куы у, ӕмӕ дӕумӕ та, дон цӕмӕй сисай, уый дӕр куы нӕй, уӕд дӕм уыцы царддӕттӕг дон кӕцӕй ис? 12 Ау, ды нӕ фыдӕл Иаковӕй уӕлдӕр дӕ, ацы цъай нын уый куы радта ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр йӕ фырттимӕ, стӕй йӕ фос дӕр дон ардыгӕй куы нызтой?» 13 Йесо та йын загъта: «Ацы донӕй чи нуазы, уый ногӕй сдойны уыдзӕн. 14 Ӕз цы дон раттон, уымӕй чи бануаза, уый та никуыуал сдойны уыдзӕн, фӕлӕ йын цы дон раттон, уый йӕ мидӕг фестдзӕн, гуылфӕй чи кӕлы ӕмӕ ӕнусон цард чи дӕтты, ахӕм суадон». 15 Ӕмӕ йын уӕд сылгоймаг загъта: «Хицау, ратт мын уыцы донӕй, цӕмӕй макуыуал сдойны уон ӕмӕ мӕ ардӕм донмӕ цӕуын мауал хъӕуа».
17–23 СЕНТЯБРЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ИОАННЫ 5, 6
«Йесойы фӕдыл цӕуын уӕ цӕмӕн фӕнды?»
(Иоанны 6:9–11) «Мӕнӕ ам иу гыццыл лӕппумӕ ис фондз дзулы хъӕбӕрхорӕй ӕмӕ дыууӕ гыццыл кӕсаджы. Фӕлӕ уыйбӕрц адӕмӕн уыдон цы фаг сты?» 10 Ӕмӕ сын уӕд Йесо загъта: «Адӕмы ӕрбадын кӕнут, фынгыл куыд ӕрбадынц, афтӕ». Уыцы ран та уыди бирӕ кӕрдӕг, ӕмӕ адӕм дӕр кӕрдӕгыл ӕрбадтысты. Уыди дзы фондз мин лӕджы бӕрц. 11 Уӕд Йесо дзултӕ райста, Хуыцауӕн бузныг загъта, ӕмӕ, кӕрдӕгыл чи бадт, уыдоныл сӕ байуӕрста. Байуӕрста сыл гыццыл кӕсӕгтӕ дӕр, ӕмӕ дзы алкӕмӕ дӕр ӕрхауд, кӕй цас хъуыди, уыйбӕрц.
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Ин 6:10 стихмӕ
адӕм дӕр кӕрдӕгыл ӕрбадтысты. Уыди дзы фондз мин лӕджы бӕрц Ацы хабары кой кӕнгӕйӕ ӕрмӕстдӕр Матфей ныффыста, «сылгоймӕгты ӕмӕ сывӕллӕтты нӕ банымадтой», зӕгъгӕ (Матф. 14:21). Чырысти диссаджы хуызы кӕй бафсӕста, уыдон, гӕнӕн ис, уыдысты 15 000 адӕймагӕй фылдӕр.
(Иоанны 6:14) Цы диссӕгтӕ сарӕзта, уый адӕм куы федтой, уӕд дзурын райдыдтой: «Ай ӕнӕмӕнг, дунемӕ ӕрцӕуинаг чи уыд, уыцы пехуымпар у».
(Иоанны 6:24) Адӕм уый куы федтой, ӕмӕ Йесо дӕр ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр уым не сты, уӕд сӕ гыццыл бӕлӕгъты абадтысты ӕмӕ Капернауммӕ Йесойы агурӕг ӕрцыдысты.
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Ин 6:14 стихмӕ
пехуымпар Нӕ эрӕйы 1 ӕнусы дзуттӕгтӕй бирӕтӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ Д.з 18:15, 18 кӕй кой ис, уыцы пехуымпар кӕй хъуамӕ суа Мессийӕ, ӕмӕ Моисейы хуызӕн пехуымпар кӕй хъуамӕ уа. Адӕм Мессийӕмӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты, уый бӕрӕг у ныхӕстӕй, «дунемӕ ӕрцӕуинаг чи уыд, уыцы пехуымпар», зӕгъгӕ. Ацы стихы цы хабӕртты кой цӕуы, уыдоны тыххӕй ӕрмӕст Иоанн ныффыста.
(Иоанны 6:25–27) Гъемӕ йӕ денджызы иннӕ фарс ссардтой ӕмӕ йын афтӕ зӕгъынц: «Ахуыргӕнӕг, ардӕм кӕд ӕрбацыдтӕ?» 26 Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: сымах мӕ уый тыххӕй нӕ агурут, ӕмӕ диссӕгтӕ федтат, фӕлӕ дзул кӕй бахордтат ӕмӕ кӕй бафсӕстыстут, уый тыххӕй. 27 Сӕфгӕ чи кӕны, уыцы хӕринагыл ма уӕд уӕ фыдӕбон, фӕлӕ, сӕфӕн кӕмӕн нӕй ӕмӕ ӕнусон цард чи дӕтты, уыцы хӕринагыл. Уыцы хӕринаг уын ратдзӕн Адӕймаджы Фырт, уымӕн ӕмӕ нӕ Фыд, Хуыцау, ууыл сӕвӕрдта йӕ мыхуыр – равдыста, райгонд дзы кӕй у, уый».
(Иоанны 6:54) Мӕ буар мын чи хӕра ӕмӕ мын мӕ туг чи нуаза, уый хайджын уыдзӕн ӕнусон цардӕй, ӕмӕ йӕ ӕз фӕстаг бон райгас кӕндзынӕн,
(Иоанны 6:60) Уый фехъусгӕйӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕ загътой: «Ай цӕй ӕнахуыр ныхӕстӕ кӕны! Кӕй бон у уыдӕттӕм хъусын?».
(Иоанны 6:66–69) Ӕмӕ уый тыххӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕ сӕ раздӕры хъуыддӕгтӕм аздӕхтысты ӕмӕ йемӕ нал цыдысты. 67 Уӕд Йесо йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагӕн загъта: «Кӕд, мыййаг, сымах дӕр фӕнды ацӕуын». 68 Симон Петр ын дзуапп радта: «Хицау, кӕмӕ хъуамӕ ацӕуӕм? Дӕумӕ куы сты, ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы ныхӕстӕ. 69 Ӕмӕ дыл мах баууӕндыдыстӕм ӕмӕ йӕ базыдтам, ды Хуыцауӕй ӕрвыст кӕй дӕ».
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Ин 6:27, 54 стихтӕм
Сӕфгӕ чи кӕны, уыцы хӕринагыл... сӕфӕн кӕмӕн нӕй ӕмӕ ӕнусон цард чи дӕтты, уыцы хӕринагыл Чырысти зыдта, йӕ фӕдыл чи цыд, уыцы ахуыргӕнинӕгтӕй чидӕртӕ цыдӕр пайдайы тыххӕй кӕй цыдысты йемӕ. Адӕм алы бон дӕр хӕринаг хӕрынц, цӕмӕй сӕм хъарутӕ уа, фӕлӕ сын Хуыцау уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы «хӕринаг» дӕтты, уый фӕрцы сӕ бон уыдзӕн ӕнустӕм цӕрын. Чырысти адӕмӕн дзырдта: «Уӕ фыдӕбон [уӕд]... сӕфӕн кӕмӕн нӕй ӕмӕ ӕнусон цард чи дӕтты, уыцы хӕринагыл», ома хъуамӕ ӕппӕт хъарутӕй архайдтаиккой фылдӕр базоныныл ӕмӕ сӕ уырнындзинад фидар кӕныныл (Мф 4:4; 5:3; Ин 6:28–39).
Мӕ буар мын чи хӕра ӕмӕ мын мӕ туг чи нуаза Ацы ныхӕстӕ комкоммӕ ӕмбаргӕ не сты. Контекстӕй куыд зыны, афтӕмӕй Чырысти дзырдта, адӕм ыл кӕй хъуамӕ ӕууӕндой, ууыл (Ин 6:35, 40). Чырысти ацы ныхӕстӕ загъта нӕ эрӕйы 32 азы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Хицауы ӕхсӕвӕры кой нӕ кодта. Уыцы бӕрӕгбонӕн бындур ӕрӕвӕрдта иу азы фӕстӕ. Ацы ныхӕстӕ загъта, «Куадзӕнмӕ, дзуттӕгты бӕрӕгбонмӕ», бирӕ куы нал хъуыд, уӕд (Ин 6:4). Уӕдӕ йӕм чи хъуыста, уыдонӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдаид, тагъд уыцы бӕрӕгбон кӕй бӕрӕг кӕндзысты ӕмӕ, израилӕгтӕ Египетӕй цы ’хсӕв рацыдысты, уыцы ӕхсӕв уӕрыччы туджы фӕрцы кӕй аирвӕзтысты, уый (Рц 12:24–27). Афтӕмӕй Йесо бамбарын кодта, йӕ туджы фӕрцы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн кӕй фӕзындзӕн ӕнустӕм цӕрыны фадат.
Мах цӕудзыстӕм нӕ Хуыцау Йегъовӕйы номӕй
13 Фӕлӕ уӕддӕр адӕм Йесойы фӕдыл ацыдысты ӕмӕ, Иоанн куыд фыссы, афтӕмӕй йӕ ссардтой «денджызы иннӕ фарс». Йӕхи сын паддзахӕй сӕвӕрын куы нӕ бауагъта, уӕд ма йӕ фӕдыл цӕмӕн ацыдысты? Уымӕн ӕмӕ сӕ бирӕтӕ цардмӕ адӕймаджы цӕстӕй кастысты: дзырдтой, зӕгъгӕ, Моисейы бонты Йегъовӕ йӕ адӕмӕн ӕдзӕрӕг быдыры хӕринаг лӕвӕрдта. Уыдоны фӕндыд, цӕмӕй сын Йесо дарддӕр дӕр хӕринаг лӕвӕрдтаид. Йесо сын зыдта се ’нӕраст хъуыдытӕ ӕмӕ сӕ райдыдта ахуыр кӕнын, сӕ зондахаст сраст кӕнынӕн сын чи баххуыс кодтаид, ахӕм ӕцӕгдзинӕдтыл (Иоанны 6:17, 24, 25, 30, 31, 35–40). Йӕ ныхӕстыл ын чидӕртӕ бахъуыр-хъуыр кодта, уӕлдайдӕр та сын мӕнӕ ахӕм цӕстуынгӕ цӕвиттон куы ’рхаста, уӕд: «Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн, куы нӕ хӕрат Адӕймаджы Фырты Буар ӕмӕ нуазат Йӕ Тугӕй, уӕд нӕ уыдзӕн уӕ мидӕг цард; Мӕ Буар чи хӕры ӕмӕ Мӕ Туг чи нуазы, уымӕн ис мыггагмӕйы цард; ӕмӕ йӕ Ӕз райгас кӕндзынӕн фӕстаг бон» (Иоанны 6:53, 54).
14 Йесойы цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ-иу адӕмы зӕрдӕтӕм афтӕ бахъардтой, ӕмӕ-иу арӕх рабӕрӕг, ӕцӕг сӕ фӕндыд Хуыцауимӕ цӕуын ӕви нӕ. Ахӕм уыди ацы цӕвиттон дӕр – сӕ зӕрдӕты уаг сын раргом кодта. Мах кӕсӕм: «Бирӕтӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй, уыдон хъусгӕйӕ, дзырдтой: цы ӕнахуыр ныхӕстӕ сты! кӕй бон у уыдонмӕ хъусын?» Йесо сын бамбарын кодта, йӕ ныхӕсты цы арф хъуыды ис, уый. Уый сын загъта: «Уд ӕгас кӕны, фӕлӕ буар чысыл ахъаз дӕр нӕ кӕны. Ӕз уын цы дзырдтӕ зӕгъын, уыдон сты уд ӕмӕ цард» (НФ). Фӕлӕ йӕм бирӕтӕ нал хъуыстой. Дарддӕр кӕсӕм: «Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕ ацыдысты Уымӕй ӕмӕ Йемӕ нал цыдысты» (Иоанны 6:60, 63, 66)
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(Иоанны 6:44) Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу мӕнмӕ ӕрцӕуын, мӕ рарвитӕг Фыд ӕй куы не ’рбакӕна, уӕд, ӕмӕ йӕ ӕз фӕстаг бон райгас кӕндзынӕн.
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Ин 6:44 стихмӕ
Фыд ӕй куы не ’рбакӕна «Ӕрбакӕна»-йӕ цы грекъаг мивдисӕг ратӕлмац кодтой, уый комкоммӕ нысан кӕны, кӕсаг хызӕй куыд фӕласынц, уый (Ин 21:6, 11). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Хуыцау адӕмы йӕхимӕ тыххӕй ӕрбакӕны. Чырыстийы ныхӕстӕ нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц Йер 31:3 стих. Уыцы ныхӕстӕ раджы заманты Хуыцау йӕ адӕмӕн загъта: «Ӕнусон уарзтӕй дӕ бауарзтон». (Септуагинтӕйы дӕр ацы стихы уыцы грекъаг мивдисӕг ис.) Ин 12:32 куыд зыны, афтӕмӕй Чырысти йӕхимӕ кӕны «алыхуызон адӕмы». Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй Хуыцау адӕмӕн уый бар дӕтты, цӕмӕй сӕхӕдӕг ӕвзарой, лӕггад ын кӕндзысты ӕви нӕ, уый (Д.з 30:19, 20). Хуыцау Библийы ӕмӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕхимӕ ӕрбакӕны, «ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын кӕй фӕнды, уыдоны» (Пс 11:5; Ӕм 21:2; Хъд 13:48). Ис 54:13 цы пехуымпарад ис, уый ӕмбӕлы Ин 6:45 ӕмӕ сӕххӕст уыдзӕн, Фыд йӕхимӕ кӕй ӕрбакӕна, уыдоныл. (Абар Ин 6:65.)
(Иоанны 6:64) «Фӕлӕ уӕддӕр сымахӕй чидӕртӕ не ’ууӕндынц». Йесо райдианӕй зыдта, чи йыл не ’ууӕнды, уыдоны, стӕй йӕ чи ауӕй кӕндзӕн, уый дӕр.
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Ин 6:64 стихмӕ
Йесо... зыдта... чи [йӕ] ауӕй кӕндзӕн, уый Чырысти дзырдта Иудӕ Искариоты тыххӕй. Чырысти йӕ 12 апостолы равзарыны размӕ йӕ Фыдмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв куывта (Лк 6:12–16). Райдианы Иудӕ Хуыцауыл иузӕрдион уыд. Фӕлӕ Чырысти Дзуттаг Фыстытӕй зыдта, йе ’ввахс ӕмбӕлттӕй йӕ чидӕр кӕй ауӕй кӕндзӕн (Пс 41:9; 109:8; Ин 13:18, 19). Иудӕ ӕвзӕрырдӕм ивын куы райдыдта, уӕд ын Чырысти йӕ зӕрдӕ ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ уыдта (Мф 9:4). Хуыцауӕн йӕ бон у фидӕн зонын, ӕмӕ зыдта, Чырыстийыл йе ’мбӕлттӕй чидӕр гадзрахатӕй кӕй рацӕудзӕн. Фӕлӕ Хуыцаумӕ цы миниуджытӕ ис ӕмӕ, куыд фӕархайы, уый зонгӕйӕ афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Иудӕйӕн йӕ бон нӕ уыд ӕндӕрхуызон бакӕнын, Чырыстийы кӕй хъуамӕ ауӕй кодтаид, уый йӕ ныхыл фыст кӕй уыд.
райдианӕй Ацы ныхас нӕ амоны Иудӕйы райгуырдмӕ кӕнӕ, Чырысти ӕнӕхъӕн ӕхсӕв куы куывта, уый фӕстӕ йӕ апостолӕй куы равзӕрста, уымӕ (Лк 6:12–16). Ам дзырд цӕуы, Иудӕмӕ ӕвзӕр хъуыдытӕ куыддӕр фӕзындысты, ууыл; ӕмӕ уый Чырысти уайтагъд бамбӕрста (Ин 2:24, 25; Рар 1:1; 2:23; кӕс уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Ин 6:70; 13:11). Иудӕйы хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уыд, ӕвиппайды кӕй нӕ фӕивта, фӕлӕ алцыдӕр рагацау кӕй спълан кодта. «Райдиан»-ӕй цы грекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, архе́, зӕгъгӕ, уымӕн Чырыстон Грекъаг Фыстыты йӕ хъуыды контекстмӕ гӕсгӕ фӕивы. Уымӕн цӕвиттонтӕ фенӕн ис Лк 1:2; Ин 15:27 ӕмӕ 1Ин 2:7 стихты.
Библийӕ бакӕсинаг
(Иоанны 6:41–59) Йесо афтӕ кӕй загъта, ӕз, уӕларвӕй чи ’рцыд, уыцы дзул дӕн, зӕгъгӕ, уый тыххӕй йыл дзуттӕгтӕ хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой 42 ӕмӕ афтӕтӕ дзырдтой: «Ай мӕнӕ Иосифы фырт нӕу, йӕ фыд ӕмӕ йын йӕ мады нӕ зонӕм? Уӕд афтӕ куыд зӕгъы, ӕз уӕларвӕй ӕрцыдтӕн, зӕгъгӕ?» 43 Йесо та сын дзуапп радта: «Мауал хъуыр-хъуыр кӕнут. 44 Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу мӕнмӕ ӕрцӕуын, мӕ рарвитӕг Фыд ӕй куы не ’рбакӕна, уӕд, ӕмӕ йӕ ӕз фӕстаг бон райгас кӕндзынӕн. 45 Пехуымпарты чингуыты фыст ис: „Се ’ппӕты дӕр ахуыр кӕндзӕн Йегъовӕ“. Мӕ Фыдмӕ чидӕриддӕр хъусы ӕмӕ уымӕй ахуыр кӕны, уый мӕм ӕрцӕуы. 46 Иу адӕймаг дӕр нӕ федта Фыды, Хуыцауӕй чи у, уый йеддӕмӕ – ӕрмӕстдӕр ӕй уый федта. 47 Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: мӕныл чи ’ууӕнды, уый хайджын уыдзӕн ӕнусон цардӕй. 48 Ӕз дӕн царддӕттӕг дзул. 49 Уӕ фыдӕлтӕ ӕдзӕрӕг быдыры хордтой маннӕ, фӕлӕ уӕддӕр амардысты. 50 Ацы дзул та у ӕцӕг дзул, уӕларвӕй чи ’рцыд, ахӕм, ӕмӕ дзы чи хӕра, уый нӕ амӕлдзӕн. 51 Ӕз дӕн, уӕларвӕй чи ’рцыд, уыцы удӕгас дзул. Ацы дзулӕй чи хӕра, уый цӕрдзӕн ӕнустӕм. Ӕз адӕмы царды тыххӕй цы дзул ратдзынӕн, уый у мӕ буар». 52 Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ дзуттӕгтӕ сӕ кӕрӕдзийы фӕрсын райдыдтой: «Ацы адӕймаг нын йӕ буар хӕрынӕн куыд хъуамӕ ратта?» 53 Ӕмӕ сын Йесо дӕр загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Адӕймаджы Фырты буар куы нӕ хӕрат ӕмӕ йын йӕ туг куы нӕ нуазат, уӕд цард нӕ фендзыстут. 54 Мӕ буар мын чи хӕра ӕмӕ мын мӕ туг чи нуаза, уый хайджын уыдзӕн ӕнусон цардӕй, ӕмӕ йӕ ӕз фӕстаг бон райгас кӕндзынӕн, 55 уымӕн ӕмӕ мӕ буар у ӕцӕг хӕринаг, мӕ туг та – ӕцӕг нуазинаг. 56 Мӕ буар мын чи хӕры ӕмӕ мын мӕ туг чи нуазы, уый ис мемӕ иудзинады, ӕмӕ ӕз дӕр дӕн йемӕ иудзинады. 57 Мӕн мӕ удӕгас Фыд куыд рарвыста, ӕмӕ ӕз мӕ Фыды фӕрцы куыд цӕрын, афтӕ, мӕ буар чи хӕра, уый дӕр цӕрдзӕн мӕ фӕрцы. 58 Уый у, уӕларвӕй чи ’рцыд, уыцы дзул. Уӕ фыдӕлтӕ хордтой маннӕ, ӕмӕ уӕддӕр амардысты, фӕлӕ ацы дзул ахӕм нӕу. Ацы дзулӕй чи хӕра, уый цӕрдзӕн ӕнустӕм». 59 Йесо ацы ныхӕстӕ загъта, Капернаумы адӕм куы ӕрӕмбырд сты ӕмӕ сӕ куы ахуыр кодта, уӕд.
24–30 СЕНТЯБРЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ИОАННЫ 7, 8
«Чырысти йӕ Фыды кадджын кодта»
(Иоанны 7:15–18) Дзуттӕгты разамонджытӕ та дис кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Ацы адӕймаг дины скъолаты куы нӕ ахуыр кодта, уӕд уыдӕттӕ кӕцӕй зоны?» 16 Йесо сын дзуапп радта: «Ӕз цӕуыл ахуыр кӕнын, уый мӕхицӕй нӕу, фӕлӕ мӕ чи рарвыста, уымӕй. 17 Уый фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй фӕнды, уый йӕ базондзӕн, цӕуыл ахуыр кӕнын, уый Хуыцауӕй у, ӕви мӕхи зондӕй дзурын. 18 Йӕхи зондӕй чи дзуры, уый йӕхи кадмӕ бӕллы. Фӕлӕ йӕ рарвитӕджы скадджын кӕныныл чи архайы, уый у ӕцӕг ӕмӕ йӕм мӕнгдзинадӕй ницы ис».
bw555 6, 7 фф., 7 абз.
Йесойау сӕрныллӕг ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг ут
7 Йесо зӕххыл куы цард, уӕд дӕр йӕ ныхӕстӕй ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уыди, сӕрныллӕг кӕй у, уый. Йӕ ныхӕстӕ. Йесо уымӕ никуы бӕллыди, цӕмӕй йын адӕм кад кодтаиккой. Йӕ иунӕг фӕнд уыди, цӕмӕй йын йӕ Фыды кадджын кодтаиккой (Мар. 10:17, 18; Иоан. 7:16). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ афтӕ никуы ныхас кодта, цӕмӕй сӕхимӕ ӕнӕзонд кӕнӕ ницӕйаг фӕкастаиккой. Уый сын аргъ кодта, ӕмӕ сыл кӕй ӕууӕндыд, уый бӕрӕг уыд, сӕ хорз миниуджыты тыххӕй-иу сӕ кӕй раппӕлыд, уымӕй (Лук. 22:31, 32; Иоан. 1:47). Йӕ хъуыддӕгтӕ. Йесо кодта хуымӕтӕг цард ӕмӕ хъӕздыгдзинадмӕ никуы бӕллыд (Матф. 8:20). Иннӕтӕ сӕ сӕрмӕ кӕй нӕ хастой, ахӕм куыст дӕр-иу бакодта (Иоан. 13:3–15). Йесо сӕрныллӕг кӕй уыд, уый ма ирдӕй зыны, алкӕддӕр коммӕгӕс кӕй уыд, уымӕй дӕр. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 2:5–8.) Искӕй ныхасмӕ байхъусын йӕ сӕрмӕ чи нӕ хӕссы, уыцы сӕрбӕрзонд адӕмӕй уӕлдай-иу Йесо сӕрныллӕгӕй бакодта, Йегъовӕ-иу ын цы бахӕс кодта, уый. Ӕмӕ суанг «мӕлӕты онг дӕр» уыд коммӕгӕс. Дзырд дӕр ыл нӕй, Йесо зӕххыл цӕргӕйӕ дӕр уыди сӕрныллӕг (Матф. 11:29).
(Иоанны 7:28, 29) Уӕд Йесо, кувӕндоны адӕмы ахуыргӕнгӕйӕ, хъӕрӕй загъта: «Чи дӕн, уый дӕр зонут, ӕмӕ, кӕцӕй ӕрцыдтӕн, уый дӕр. Ӕз мӕхи фӕндӕй не ’рцыдтӕн, фӕлӕ мӕ чи рарвыста, уый ӕцӕгдӕр ис, ӕмӕ йӕ сымах нӕ зонут. 29 Ӕз та йӕ зонын, уымӕн ӕмӕ уый номӕй дзурын. Уый мӕ рарвыста».
(Иоанны 8:29) Чи мӕ рарвыста, уый мемӕ ис – иунӕгӕй мӕ нӕ ныууагъта, уымӕн ӕмӕ ӕз алкӕддӕр аразын, уымӕн ӕхсызгон цы у, уый.
bw508 11 ф., 19 абз.
Хайджын уӕм ацы дунейы зондӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй
19 Алы хъуыддаджы дӕр Йегъовӕйы коммӕ кӕсӕм. Йесо алы хатт дӕр арӕзта, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы цыд, уый. Ӕрмӕстдӕр ӕй иу хатт фӕндыд бакӕнын, Йегъовӕйы куыд нӕ фӕндыд, афтӕ. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ Фыдӕн загъта: «Мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд» (Лук. 22:42). Дӕхимӕ-ма ахӕм фарста ратт: «Хуыцауы коммӕ фӕкӕсын, ӕнцон мын куы нӕ вӕййы, уӕд дӕр»? Хуыцауы коммӕ кӕсын ӕнӕмӕнг хъуыддаг у. Йегъовӕ не Скӕнӕг ӕмӕ нӕ Царддӕттӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ йӕ коммӕ кӕсӕм (Пс. 95:6, 7). Хуыцауы коммӕ ма кӕсӕм, ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ хорзӕх ссарӕм, уымӕн гӕнӕн нӕй.
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(Иоанны 7:8–10) «Сымах ацӕут бӕрӕгбонмӕ. Ӕз уыцы бӕрӕгбонмӕ нӕма цӕуын, уымӕн ӕмӕ мӕ рӕстӕг нӕма ’рцыди». 9 Йесо сын уыцы ныхӕстӕ загъта, ӕмӕ Галилейӕйы баззад. 10 Фӕлӕ йе ’фсымӕртӕ бӕрӕгбонмӕ куы ацыдысты, уӕд йӕхӕдӕг дӕр ацыд, ӕрмӕст ӕргомӕй нӕ, фӕлӕ сусӕгӕй.
w07-U 1/2 6 ф., 4 абз.
Ӕнӕзӕрдӕхудт цӕмӕн хъуамӕ уӕм?
Ацы хъуыддаджы нын Йесо Чырысти фӕзминаг цӕмӕн у? Иухатт Чырысти ныхас кодта, чи йыл не ’ууӕндыд, фӕлӕ кӕдӕм цӕуы, уый базонын кӕй фӕндыд, ахӕм адӕмимӕ. Уыдон ын загътой: «Ардыгӕй Иудейӕмӕ ацу». Цымӕ сын Чырысти цы дзуапп радта? «Сымах ацӕут бӕрӕгбонмӕ [Иерусалиммӕ]. Ӕз уыцы бӕрӕгбонмӕ нӕма цӕуын, уымӕн ӕмӕ мӕ рӕстӕг нӕма ’рцыди». Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Иерусалиммӕ бӕрӕгбонмӕ ацыд. Цымӕ сын уӕд афтӕ цӕмӕн загъта? Уымӕн ӕмӕ кӕм уыдзӕн, уый зонын сӕ нӕ хъуыд. Ӕмӕ сӕ кӕд Чырысти сайгӕ нӕ акодта, уӕддӕр сын алцы нӕ загъта, цӕмӕй йын йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр мацы зиан ракодтаиккой. Фӕлӕ сайгӕ нӕ акодта, уымӕн ӕмӕ Петр Чырыстийы тыххӕй ныффыста: «Уый иу тӕригъӕд дӕр нӕ ракодта, йӕ дзыхӕй иу мӕнг ныхас дӕр никуы схауд» (Иоанны 7:1–13; 1 Петры 2:22).
(Иоанны 8:58) Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ӕз уыдтӕн, Авраам куы нӕма райгуырд, уӕд дӕр».
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Ин 8:58 стихмӕ
ӕз уыдтӕн Чырысти афтӕ кӕй загъта, ӕз уыдтӕн, Авраам куы нӕма райгуырд, уӕд дӕр, зӕгъгӕ, уый тыххӕй йӕм дзуттӕгтӕ тынг рамӕсты сты ӕмӕ йӕ дуртӕй амарынмӕ хъавыдысты, кӕд, сӕхӕдӕг куыд загътой, афтӕмӕй Чырыстийыл «фӕндзай азы дӕр... нӕма цыд», уӕддӕр (Ин 8:57). Хъуамӕ йӕ ныхӕстӕй бамбӕрстаиккой, Авраам куы нӕма райгуырд, Чырысти уӕдмӕ дӕр уӕлӕрвты хъомысджын зӕд кӕй уыд. Иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ ацы стих бӕлвырд кӕны, Чырысти Хуыцау кӕй у, уый. Уыдон зӕгъынц, зӕгъгӕ, ацы стихы цы грекъаг дзырдбастӕй спайда кодтой эго́ эйми́, зӕгъгӕ (иуӕй-иу Библиты йӕ ратӕлмац кодтой «Ӕз дӕн»), уый ӕмбӕлы Септуагинтӕйы Рц 3:14 стихы дӕр ӕмӕ, дам ӕй дыууӕ стихы дӕр ӕмхуызон тӕлмац кӕнын хъӕуы. Фӕлӕ Ин 8:58 стихы контексты грекъаг мивдисӕг эйми́ ӕвдисы, Чырысти кӕй уыд, «Авраам куы нӕма райгуырд» уымӕй бирӕ раздӕр, ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр. Уымӕ гӕсгӕ йӕ тӕлмац кӕнын хъӕуы «ӕз дӕн» нӕ, фӕлӕ «ӕз уыдтӕн», ӕмӕ афтӕ тӕлмац у иуӕй-иу рагон ӕмӕ нырыккон тӕлмацты. Уымӕй уӕлдай ма Ин 8:54, 55 стихты Чырыстийы ныхӕстӕй бӕрӕг у, йӕ Фыды ӕмӕ йӕхи иу удгоймагыл кӕй нӕ нымадта.
Библийӕ бакӕсинаг
(Иоанны 8:31–47) Ӕмӕ йыл чи баууӕндыд, уыцы дзуттӕгтӕн загъта: «Кӕд мӕ ныхасмӕ гӕсгӕ цӕрат, уӕд ӕцӕгдӕр мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыдзыстут, 32 ӕмӕ базондзыстут рӕстдзинад, ӕмӕ уӕ рӕстдзинад ссӕрибар кӕндзӕн». 33 Уыдон та йын загътой: «Мах Авраамы байзӕддӕгтӕ стӕм, ӕмӕ никуы никӕй цагъартӕ уыдыстӕм. Уӕд нын ды афтӕ куыд зӕгъыс, ссӕрибар уыдзыстут, зӕгъгӕ?» 34 Ӕмӕ сын уӕд Йесо загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: тӕригъӕд чи аразы, уый у тӕригъӕды цагъар. 35 Ӕмӕ цагъар та хицауы хӕдзары цӕрӕнбонтӕм нӕ баззайы – фырт дзы баззайы цӕрӕнбонтӕм. 36 Уӕдӕ уӕ кӕд Фырт ссӕрибар кӕна, уӕд уыдзыстут ӕцӕг сӕрибар. 37 Авраамы байзӕддӕгтӕ кӕй стут, уый зонын. Фӕлӕ сымах мӕн марынмӕ хъавут, уымӕн ӕмӕ уӕм мӕ ныхӕстӕ нӕ хъарынц. 38 Ӕз дзурын, мӕ Фыдимӕ куы уыдтӕн, уӕд цы федтон, уый, ӕмӕ сымах дӕр аразут, уӕ фыдӕй цы фехъуыстат, уый». 39 Уӕд ын уыдон дзуапп радтой: «Нӕ фыд Авраам у». Йесо та сын загъта: «Кӕд Авраамы сывӕллӕттӕ стут, уӕд Авраамы хъуыддӕгтӕ кӕнут. 40 Фӕлӕ сымах та мӕн, Хуыцауӕй цы рӕстдзинад фехъуыста, уый уын чи дзуры, уыцы адӕймаджы, марынмӕ хъавут. Авраам афтӕ нӕ кодта. 41 Сымах кӕнут уӕ фыды хъуыддӕгтӕ». Уыдон та йын загътой: «Мах дзӕгъӕлзад сывӕллӕттӕ не стӕм. Махӕн иу Фыд ис – Хуыцау». 42 Ӕмӕ сын уӕд Йесо загъта: «Уӕ Фыд Хуыцау куы уаид, уӕд мӕ уарзиккат, уымӕн ӕмӕ ӕз Хуыцауӕй ӕрцыдтӕн ӕмӕ ныр ам дӕн. Ӕз мӕхи фӕндӕй не ’рцыдтӕн, фӕлӕ мӕ Уый рарвыста. 43 Цы уын дзурын, уый цӕуылнӕ ӕмбарут? Уымӕн ӕмӕ мӕ ныхӕстӕм хъусын уӕ бон нӕу. 44 Сымахӕн уӕ фыд Хӕйрӕг у, ӕмӕ уӕ фӕнды, уӕ фыды зӕрдӕ цы зӕгъы, уый аразын. Уый йӕхи фӕндагыл куы слӕууыд, уӕд дӕр уыди лӕгмар, ӕмӕ рӕстдзинады фӕндагӕй фӕиппӕрд, уымӕн ӕмӕ йӕ мидӕг рӕстдзинад нӕй. Уый мӕнг куы фӕдзуры, уӕд фӕдзуры, цы у, уымӕ гӕсгӕ, уымӕн ӕмӕ уый у мӕнгдзурӕг ӕмӕ мӕнгдзинады фыд. 45 Мӕныл та не ’ууӕндут, ӕцӕг цы у, уый уын кӕй дзурын, уый тыххӕй. 46 Чи уӕ зӕгъдзӕн, ӕмӕ ӕз тӕригъӕд сарӕзтон? Ӕмӕ кӕд, ӕцӕг цы у, уый дзурын, уӕд мыл цӕуылнӕ ӕууӕндут? 47 Хуыцауӕй чи у, уый Хуыцауы ныхӕстӕм хъусы. Уӕдӕ сымах уымӕн нӕ хъусут, ӕмӕ Хуыцауӕй не стут».