Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • jy 98 сӕр, 228 ф.–229 ф., 5 абз.
  • Апостолтӕ та кадджын бынӕттӕм тырнынц

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Апостолтӕ та кадджын бынӕттӕм тырнынц
  • Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Ахуыргӕнинӕгты быцӕу Йесойы мӕлӕты хӕдразмӕ
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Кӕсджыты фарстатӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Йесо апостолты цӕттӕ кӕны йӕ ацыдмӕ
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • «Ӕрцыд Йӕ сахат»!
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2000
Фылдӕр фенын
Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
jy 98 сӕр, 228 ф.–229 ф., 5 абз.
Саломи Йесомӕ ӕрбацыд ӕмӕ дзы куры, цӕмӕй йын йӕ фыртты кадджындӕр бынӕтты ӕрбадын кӕна

98 СӔР

Апостолтӕ та кадджын бынӕттӕм тырнынц

МАТФЕЙЫ 20:17–28 МАРЧЫ 10:32–45 ЛУКАЙЫ 18:31–34

  • ЙЕСО НОГӔЙ ДЗУРЫ ЙӔ МӔЛӔТЫ ТЫХХӔЙ

  • АПОСТОЛТӔН ӔХХУЫС КӔНЫ, ЦӔМӔЙ КАДДЖЫН БЫНӔТТӔМ МА ТЫРНОЙ

Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ сӕ фӕндаг дарддӕр кодтой хуссарырдӕм Иерусалиммӕ. Перей фӕстейӕ баззад. Ӕмӕ ныр Иерихонмӕ хӕстӕг Иорданы цӕугӕдоны иннӕ фарсмӕ ахызтысты. Семӕ фӕндагыл уыди бирӕ адӕм. Се ’ппӕт дӕр цыдысты н. э. 33 азы Куадзӕны бӕрӕгбонмӕ.

Йесо цыди йӕ ахуыргӕнинӕгты разӕй. Цыфӕндыйӕ дӕр хъуамӕ Иерусалиммӕ Куадзӕнмӕ бахӕццӕ уыдаид. Фӕлӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ тарстысты, ӕмӕ цӕмӕн, уый дӕр зын бамбарӕн нӕу. Иуцасдӕры размӕ Лазӕр куы амард ӕмӕ Йесо Перейӕ Иудейӕмӕ цӕуинаг куы уыд, уӕд Фома иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, зӕгъгӕ, «цомут мах дӕр, ӕмӕ йемӕ амӕлӕм» (Иоанны 11:16, 47–53). Куыд ӕй уынӕм, афтӕмӕй сын Иерусалиммӕ цӕуын тӕссаг уыди, ӕмӕ куыннӕ тарстаиккой.

Йесойы фӕндыд, разӕй сӕм цы ’нхъӕлмӕ каст, уымӕ йӕ апостолты бацӕттӕ кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ сӕ иуварс акодта ӕмӕ сын загъта: «Ныр мах цӕуӕм Иерусалиммӕ. Уым Адӕймаджы Фырты ратдзысты сауджынты хистӕрты ӕмӕ чиныджыдӕсныты къухтӕм, ӕмӕ йын уыдон мӕлӕты тӕрхон рахӕсдзысты. Стӕй йӕ ратдзысты ӕндӕр адӕмты къухмӕ, цӕмӕй дзы уыдон фӕхынджылӕг кӕной, ехсӕй йӕ фӕнӕмой ӕмӕ йӕ хъӕдыл байтындзой, фӕлӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн» (Матфейы 20:18, 19).

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ныр ӕртыккаг хатт дзырдта, кӕй амӕлдзӕн ӕмӕ кӕй райгас уыдзӕн, уый тыххӕй (Матфейы 16:21; 17:22, 23). Фӕлӕ йӕ хъӕдыл кӕй байтындздзысты, уый сын ныр фыццаг хатт загъта. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ йӕм хъуыстой, фӕлӕ сын цӕй кой кодта, уый нӕ бамбӕрстой. Ӕвӕццӕгӕн, ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ Хуыцау Израилы паддзахад зӕххыл йӕ къахыл слӕууын кӕндзӕн. Ӕмӕ сӕ фӕндыд, цӕмӕй Чырыстиимӕ уыцы зӕххон паддзахады кадджын бынӕттӕ бацахстаиккой.

Иаков ӕмӕ Иоанн

Семӕ Иерусалиммӕ цыди апостолтӕ Иаков ӕмӕ Иоаннӕн сӕ мад дӕр (ӕвӕццӕгӕн, уый уыди Саломи). Уыцы дыууӕ апостолы тӕвдтуг кӕй уыдысты, уый тыххӕй сӕ Йесо кӕддӕр «арвнӕрды фырттӕ» схуыдта (Марчы 3:17; Лукайы 9:54). Ныр цасдӕр рӕстӕг уыцы дыууӕ ӕфсымӕры бӕллыдысты Чырыстийы Паддзахады кадджындӕр бынӕттӕ бацахсынмӕ. Ӕмӕ уый сӕ мад дӕр зыдта. Гъемӕ ныр Йесомӕ бацыд, йӕ сӕрӕй йын ныллӕг акуывта ӕмӕ йӕм цӕйдӕр тыххӕй бахатыд. Йесо йӕ бафарста: «Цы дӕ хъӕуы?» Сылгоймаг ын загъта: «Дзырд мын ратт, дӕ паддзахады мӕ дыууӕ фыртӕй иу дӕ рахиз фарс кӕй ӕрбаддзӕн, иннӕ та – дӕ галиу фарс» (Матфейы 20:20, 21).

Саломийы Йесомӕ йӕ фырттӕ барвыстой. Йесо гыццыл раздӕр, цы худинаг ӕмӕ йӕм цы ӕгаддзинад ӕнхъӕлмӕ каст, уый тыххӕй кӕй дзырдта, уымӕ гӕсгӕ ныр Иаков ӕмӕ Иоаннӕн загъта: «Цы курут, уый уӕхӕдӕг дӕр не ’мбарут. Ӕз цы къусӕй нуаздзынӕн, уымӕй бануазын уӕ бон у?» Уыдон ын загътой: «Куыннӕ у» (Матфейы 20:22). Фӕлӕ Йесо цӕй кой кодта, уый, ӕвӕццӕгӕн, ӕцӕгдӕр не ’мбӕрстой.

Ӕмӕ кӕд афтӕ уыд, уӕддӕр сын Йесо загъта: «Мӕ къусӕй, бӕгуыдӕр, бануаздзыстут, фӕлӕ мӕ рахиз фарс ӕмӕ мӕ галиу фарс чи ӕрбаддзӕн, уый мӕнӕй кӕнгӕ нӕу. Уыцы бынӕтты ӕрбаддзысты, мӕ Фыд сӕ кӕмӕн ӕрцӕттӕ кодта, уыдон» (Матфейы 20:23).

Иаков ӕмӕ Иоанн Йесойӕ цы куырдтой, уый иннӕ дӕс апостолы куы базыдтой, уӕд сӕм смӕсты сты. Апостолтӕ ма уымӕй размӕ дӕр быцӕу кодтой, уӕлдӕр сӕ чи у, ууыл. Иаков ӕмӕ Иоанн уӕд сӕ фӕнд ӕргом загътой ӕви нӕ, уый нӕ зонӕм (Лукайы 9:46–48). Фӕлӕ ацы хабарӕй рабӕрӕг, ӕрмӕст Иаков ӕмӕ Иоанн нӕ, фӕлӕ иннӕ апостолтӕ дӕр Йесойы уынаффӕ сӕ зӕрдӕмӕ кӕй нӕ айстой ӕмӕ дзы иу дӕр йӕхи иннӕтӕй дӕлдӕрыл кӕй нӕ нымадта. Нырма се ’ппӕт дӕр бӕллыдысты кадджындӕр бынӕттӕм.

Апостолтӕн ӕнӕмӕнг хъуыди баххуыс кӕнын. Гъемӕ сӕм Йесо фӕдзырдта ӕмӕ сын фӕлмӕнӕй уынаффӕ радта: «Сымах зонут, хицӕуттыл кӕй нымайынц, уыдон сӕхи адӕмтӕн ӕлдӕрттӕ кӕй кӕнынц ӕмӕ сын сӕ кадджын лӕгтӕ сӕхи хицау кӕй кӕнынц. Фӕлӕ сымах хъуамӕ афтӕ ма кӕнат. Кӕй уӕ фӕнды, цӕмӕй кадджын уа, уый уын хъуамӕ уа лӕггадгӕнӕг. Ӕмӕ уӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй уа фыццаг, уый се ’ппӕтӕн дӕр хъуамӕ уа цагъар» (Марчы 10:42–44).

Йесо сын бамбарын кодта, уыцы хъуыддаджы сын йӕхӕдӕг кӕй у фӕзминаг. Загъта сын: «Адӕймаджы Фырт дӕр уый тыххӕй не ’рцыд, цӕмӕй йын лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй йӕхӕдӕг балӕггад кӕна ӕмӕ йӕ уд ратта бирӕты балхӕныны тыххӕй» (Матфейы 20:28). Ныр ӕртӕ азы бӕрц Йесо иннӕтӕн лӕггад кодта. Тагъд рӕстӕджы та хъуамӕ ӕппӕт адӕмы тыххӕй дӕр йӕ цард радтаид! Уӕдӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ дӕр хъуамӕ кадджын бынӕттӕм ма тырной, фӕлӕ сӕхи иннӕтӕй дӕлдӕрыл нымайой. Йесойау уыдон дӕр хъуамӕ сӕхицӕн лӕггад ма агурой, фӕлӕ иннӕтӕн лӕггад кӕнын уарзой.

  • Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты куыд бацӕттӕ кодта, разӕй сӕм цы ’нхъӕлмӕ каст, уымӕ?

  • Иаков ӕмӕ Иоанн Йесойӕ цы куырдтой ӕмӕ уымӕ иннӕ апостолтӕ цы цӕстӕй ракастысты?

  • Йесо йӕ апостолтӕн куыд бамбарын кодта, кадджын бынӕттӕм тырнын раст кӕй нӕу?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын