Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwbr20 январь 1–14 фф.
  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ
  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ 2020
  • Сӕргӕндтӕ
  • 6–12 ЯНВАРЫ
  • 13–19 ЯНВАРЫ
  • 20–26 ЯНВАРЫ
  • 27 ЯНВАРӔЙ 2 ФЕВРАЛМӔ
Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ 2020
mwbr20 январь 1–14 фф.

Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ

6–12 ЯНВАРЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЙДИАН 1, 2

«Йегъовӕ зӕххыл цард сфӕлдыста»

(Райдиан 1:3, 4) Ӕмӕ Хуыцау загъта: «Уадз ӕмӕ фӕзынӕд рухс». Ӕмӕ фӕзынди рухс. 4 Хуыцау федта, рухс хорз кӕй у, ӕмӕ рухс талынгӕй ахицӕн кодта.

(Райдиан 1:6) Уый фӕстӕ Хуыцау загъта: «Уадз ӕмӕ дӕтты ’хсӕн фӕзынӕд уӕлдӕф ӕмӕ дӕттӕ кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн уӕнт».

(Райдиан 1:9) Уый фӕстӕ Хуыцау загъта: «Уадз ӕмӕ, арвы бын цы дӕттӕ ис, уыдон иу ранмӕ ӕрӕмбырд уӕнт ӕмӕ разынӕд сур бынат». Ӕмӕ сси афтӕ.

(Райдиан 1:11) Ӕмӕ Хуыцау загъта: «Уадз ӕмӕ зӕххыл ӕрзайӕд кӕрдӕг ӕмӕ, мыггаг чи кӕны, ахӕм зайӕгойтӕ ӕмӕ, йӕхи мыггагмӕ гӕсгӕ дыргъ чи хӕссы ӕмӕ йӕ дыргъты мидӕг мыггаг кӕмӕн ис, ахӕм бӕлӕстӕ». Ӕмӕ сси афтӕ.

w11 15/2 7 ф., 10 абз.

Дун-дуне фӕзынд Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы

10 Библи нын ӕмбарын кӕны, Хуыцау сфӕлдыстадон бонты цы арӕзта, уый. Уыдон ӕнӕуи бонтӕ, кӕнӕ ӕхсӕз суткӕйы нӕ уыдысты, фӕлӕ дӕргъвӕтин рӕстӕджытӕ, мин-мин азтӕ. Фыццаг сфӕлдыстадон бон Йегъовӕ афтӕ бакодта, цӕмӕй зӕхмӕ рухс хӕццӕ кӕнын райдыдтаид. Ӕмӕ уыцы рухс тынгӕй-тынгдӕр кодта, цалынмӕ хур ӕмӕ мӕй зӕхмӕ дзӕбӕх нӕ разындысты, уӕдмӕ (Райд. 1:3, 14). Дыккаг бон ӕвзӕрын райдыдта атмосферӕ (Райд. 1:6). Уӕд Зӕххыл уыди дон, рухс ӕмӕ уӕлдӕф, фӕлӕ йыл сур зӕхх нӕма уыди. Ӕртыккаг сфӕлдыстадон боны райдиан Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы фӕзынын кодта сур зӕхх. Уыцы рӕстӕг Зӕхх иууылдӕр уыди доны бын, ӕмӕ Хуыцау, ӕвӕццӕгӕн, зӕххы бын ӕрдзы тыхтӕ базмӕлын кодта, ӕмӕ доны бынӕй ссыдысты континенттӕ (Райд. 1:9). Ӕртыккаг ӕмӕ иннӕ сфӕлдыстадон бонты ӕрцыд ӕндӕр диссӕгтӕ.

it-U «Сотворение, творение», дӕлсӕргонд «Дальнейшая творческая деятельность, связанная с землей», 4–6 абз.

Сотворение, творение

Когда в первый день Бог сказал: «Пусть будет свет», рассеянный свет, очевидно, начал проникать сквозь слой облаков, хотя источники этого света всё еще не были видны с земли. По всей вероятности, это происходило постепенно, как показывает перевод Дж. Уоттса: «И постепенно свет появлялся» (Бт 1:3, Watts J. A Distinctive Translation of Genesis). Бог отделил свет от тьмы и назвал свет Днем, а тьму – Ночью. Из этого следует, что Земля, двигаясь по орбите вокруг Солнца, вращалась и вокруг своей оси, благодаря чему в ее полушариях – Восточном и Западном – происходила смена света и тьмы (Бт 1:3, 4).

Во второй день Бог создал пространство, отделив «воды от вод». Часть вод осталась на земле, однако большое количество было поднято высоко над землей, и между этими водами образовалось пространство. Бог назвал пространство Небом; оно было названо так по отношению к земле, поскольку нигде не говорится, что воды над пространством доходили до звезд и других небесных тел (Бт 1:6–8; см. ПРОСТРАНСТВО).

В третий день, благодаря чудодейственной силе Бога, воды на земле были собраны вместе и появилась суша, которую Бог назвал Землей. В этот же день Бог, не оставляя все на волю слепого случая и не прибегая к эволюции, вселил жизнь в атомы материи, и на земле появилась трава, растительность и плодовые деревья. Представители каждой из этих трех основных разновидностей флоры размножались по своему «роду» (Бт 1:9–13).

(Райдиан 1:14) Уый фӕстӕ Хуыцау загъта: «Уадз ӕмӕ арвыл фӕзынӕд рухсгӕнӕнтӕ бон ӕхсӕвӕй хицӕн кӕнынӕн. Уыдон уыдзысты бӕлвырдгӕнӕнтӕ, ӕмӕ уыдзысты афӕдзы афонтӕ, бонтӕ ӕмӕ азтӕ зонынӕн».

(Райдиан 1:20) Уый фӕстӕ Хуыцау загъта: «Уадз ӕмӕ дӕттӕ байдзаг уӕнт цӕрӕг удтӕй ӕмӕ мӕргътӕ атӕхӕнт зӕххы сӕрмӕ, арвыл».

(Райдиан 1:24) Уый фӕстӕ Хуыцау загъта: «Уадз ӕмӕ зӕххыл фӕзынӕд цӕрӕг удты алы мыггӕгтӕ – хӕдзарон фосы алы мыггӕгтӕ, хъӕддаг сырдты алы мыггӕгтӕ ӕмӕ ӕндӕр цӕрӕгойты алы мыггӕгтӕ». Ӕмӕ сси афтӕ.

(Райдиан 1:27) Ӕмӕ Хуыцау сфӕлдыста адӕймаджы йӕхимӕ гӕсгӕ, сфӕлдыста йӕ Хуыцаумӕ гӕсгӕ. Сфӕлдыста сӕ нӕлгоймагӕй ӕмӕ сылгоймагӕй.

w11 15/2 8 ф., 11 абз.

Дун-дуне фӕзынд Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы

11 Хуыцау ма йӕ сыгъдӕг тыхы уылты сфӕлдыста цӕрӕг удты дӕр. Ӕртыккаг сфӕлдыстадон бонӕй ӕхсӕзӕм бонмӕ Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхы уылты сфӕлдыста тынг бирӕ алыхуызон зайӕгойтӕ ӕмӕ цӕрӕгойтӕ (Райд. 1:11, 20–25). Цӕрӕг удтӕ вазыгджын конд кӕй сты, кӕрӕдзийыл баст кӕй сты ӕмӕ сӕм цӕст кӕсынӕй кӕй не ’фсӕды, уымӕн бирӕ цӕвиттонтӕ ис. Ӕмӕ уый та ууыл дзурӕг у, се Скӕнӕджы зондӕн ӕмбал кӕй нӕй.

it-U «Сотворение, творение», дӕлсӕргонд «Дальнейшая творческая деятельность, связанная с землей», 9–12 абз.

Сотворение, творение

Следует также отметить, что в Бытии 1:16 не используется еврейское слово бара́, означающее «творить». Здесь стоит еврейский глагол аса́, имеющий значение «делать». Поскольку солнце, луна и звезды относятся к «небесам», упомянутым в Бытии 1:1, можно заключить, что они были созданы задолго до четвертого дня. В четвертый день Бог «создал», или «сделал», эти небесные тела в том смысле, что они стали выполнять новую роль. Слова: «Бог поместил их в небесном пространстве, чтобы они светили на землю» означают, что теперь они стали видны с земли, как будто находились в пространстве. Кроме того, светила должны были служить знаками и указывать времена года, дни и годы, что позднее служило людям ориентиром в различных областях жизни (Бт 1:14).

Пятый день ознаменовался сотворением первых живых душ на земле. Благодаря силе Бога появилось не одно творение, которое по Божьему замыслу должно было бы эволюционировать в другие формы жизни, а огромное множество живых душ. В Библии говорится: «Бог сотворил огромных морских чудовищ и всякую двигающуюся живую душу, которыми кишат воды, по их родам, и всякое крылатое летающее создание по его роду». Довольный результатом, Бог благословил этих живых существ и, по сути, повелел им плодиться, наделив представителей разных семейств способностью размножаться «по их родам» (Бт 1:20–23).

В шестой день «Бог создал земного зверя по его роду, домашнее животное по его роду и всякое земное двигающееся животное по его роду»; как и все предыдущие творческие дела Бога, то, что он сотворил в этот день, было хорошо (Бт 1:24, 25).

Ближе к концу шестого дня Бог сотворил совершенно новое существо, превосходящее животных, но стоящее ниже ангелов. Это был человек, созданный по образу и подобию Бога. Хотя в Бытии 1:27 о человечестве коротко говорится, что «Он [Бог] сотворил их мужчиной и женщиной», в параллельном отрывке из Бытия 2:7–9 сообщается, что «Иегова Бог образовал из земной пыли человека и вдунул в его ноздри дыхание жизни, и человек стал живой душой». Бог позаботился о том, чтобы у него был райский дом и пища. В этом случае Иегова использовал элементы земли, а после того как образовал человека, сотворил женского представителя человечества, взяв за основу одно из ребер Адама (Бт 2:18–25). После сотворения женщины появился отдельный «род» – Человек (Бт 5:1, 2).

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Райдиан 1:1) Райдианы Хуыцау сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх.

w15 1/6 5

Наукӕ дӕ цардимӕ куыд баст у?

Зӕхх ӕмӕ Дун-дунейыл цас цӕуы

Ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ Зӕххыл цӕуы иу-4 миллиард азы ӕмӕ Дун-дуне та фӕзынди 13 кӕнӕ 14 миллиард азы размӕ. Библийы нӕй фыст, Дун-дуне кӕд фӕзынд, уый. Стӕй дзы афтӕ дӕр никуы ис фыст, ӕмӕ Зӕххыл ӕрмӕст цалдӕр мин азы цӕуы. Библийы фыццаг стихы фыст ис: «Райдианы Хуыцау сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх» (Райдиан 1:1). Ацы хуымӕтӕг ныхӕстӕ ахуыргӕндтӕн фадат дӕттынц, цӕмӕй раст наукон уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ базоной, Дун-дунейыл цас цӕуы, уый.

(Райдиан 1:26) Уый фӕстӕ Хуыцау загъта: «Скӕнӕм адӕймаджы нӕхимӕ гӕсгӕ, нӕхи хуызӕн. Ӕмӕ йӕ бар цӕуӕд денджызы кӕсӕгтыл, уӕларвон мӕргътыл, хӕдзарон фосыл ӕмӕ ӕгас зӕххыл дӕр, стӕй ма зӕххыл ноджыдӕр цы цӕрӕгойтӕ ис, уыдоныл дӕр».

it-U «Иисус Христос», дӕлсӕргонд «Не Сотворец»

Йесо Чырысти

Йегъовӕйау Сфӕлдисӕг нӕ уыд. Фыд алцыдӕр куы фӕлдыста, уӕд Фырт дӕр йемӕ фӕлдыста. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ уый дӕр Йегъовӕйау Сфӕлдисӕг уыд. Фӕлдисыны хъомыс Хуыцаумӕ ис, ӕмӕ алцыдӕр сфӕлдыста йӕ сыгъдӕг тыхы, кӕнӕ архайгӕ тыхы, фӕрцы (Рд 1:2; Пс 33:6). Ӕмӕ Йегъовӕ Царддӕттӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ, удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон (фенӕн цӕмӕн ис ӕмӕ цӕмӕн нӕй, уыдон) ӕрмӕстдӕр йӕ фӕрцы цӕрынц (Пс 36:9). Уӕдӕ Фырт Йегъовӕйау Сфӕлдисӕг нӕу. Уый у, Йегъовӕ алцыдӕр кӕй фӕрцы сфӕлдыста, уыцы ӕххуысгӕнӕг. Йесо йӕхӕдӕг дзырдта, алцыдӕр Хуыцау кӕй сфӕлдыста, ӕмӕ Библи дӕр афтӕ дзуры (Мф 19:4–6; кӕс СОТВОРЕНИЕ, ТВОРЕНИЕ).

Библийӕ бакӕсинаг

(Райдиан 1:1–19) Райдианы Хуыцау сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх. 2 Зӕхх уыд афтид ӕмӕ, цыхуызӕн у, уый бӕрӕг нӕ уыди. Ӕнӕбын арф доны сӕрмӕ уыди талынг. Ӕмӕ Хуыцауы архайгӕ тых зылди доны сӕрмӕ. 3 Ӕмӕ Хуыцау загъта: «Уадз ӕмӕ фӕзынӕд рухс». Ӕмӕ фӕзынди рухс. 4 Хуыцау федта, рухс хорз кӕй у, ӕмӕ рухс талынгӕй ахицӕн кодта. 5 Ӕмӕ Хуыцау рухс схуыдта Бон, талынг та – Ӕхсӕв. Уыди изӕр ӕмӕ уыди райсом – фыццаг бон. 6 Уый фӕстӕ Хуыцау загъта: «Уадз ӕмӕ дӕтты ’хсӕн фӕзынӕд уӕлдӕф ӕмӕ дӕттӕ кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн уӕнт». 7 Ӕмӕ Хуыцау скодта уӕлдӕф, ӕмӕ, уӕлдӕфы бын цы дон уыди, уый ахицӕн кодта, уӕлдӕфы сӕрмӕ цы дон уыди, уымӕй. Ӕмӕ сси афтӕ. 8 Ӕмӕ Хуыцау уыцы уӕлдӕф схуыдта Арв. Уыди изӕр ӕмӕ уыди райсом – дыккаг бон. 9 Уый фӕстӕ Хуыцау загъта: «Уадз ӕмӕ, арвы бын цы дӕттӕ ис, уыдон иу ранмӕ ӕрӕмбырд уӕнт ӕмӕ разынӕд сур бынат». Ӕмӕ сси афтӕ. 10 Ӕмӕ Хуыцау сур бынат схуыдта Зӕхх, иумӕ цы дӕттӕ ӕрӕмбырд сты, уыдон та – Денджызтӕ. Ӕмӕ Хуыцау федта, хорз кӕй сты. 11 Ӕмӕ Хуыцау загъта: «Уадз ӕмӕ зӕххыл ӕрзайӕд кӕрдӕг ӕмӕ, мыггаг чи кӕны, ахӕм зайӕгойтӕ ӕмӕ, йӕхи мыггагмӕ гӕсгӕ дыргъ чи хӕссы ӕмӕ йӕ дыргъты мидӕг мыггаг кӕмӕн ис, ахӕм бӕлӕстӕ». Ӕмӕ сси афтӕ. 12 Зӕххыл ӕрзад кӕрдӕг ӕмӕ, йӕхи мыггагмӕ гӕсгӕ мыггаг чи кӕны, ахӕм зайӕгойтӕ ӕмӕ, йӕхи мыггагмӕ гӕсгӕ дыргъ чи хӕссы ӕмӕ йӕ дыргъты мидӕг мыггаг кӕмӕн ис, ахӕм бӕлӕстӕ. Ӕмӕ Хуыцау федта, хорз кӕй сты. 13 Уыди изӕр ӕмӕ уыди райсом – ӕртыккаг бон. 14 Уый фӕстӕ Хуыцау загъта: «Уадз ӕмӕ арвыл фӕзынӕд рухсгӕнӕнтӕ бон ӕхсӕвӕй хицӕн кӕнынӕн. Уыдон уыдзысты бӕлвырдгӕнӕнтӕ, ӕмӕ уыдзысты афӕдзы афонтӕ, бонтӕ ӕмӕ азтӕ зонынӕн. 15 Уыцы рухсгӕнӕнтӕ судздзысты арвыл, цӕмӕй зӕхмӕ сӕ рухс кӕла». Ӕмӕ сси афтӕ. 16 Хуыцау скодта дыууӕ стыр рухсгӕнӕны: стырдӕр рухсгӕнӕн, цӕмӕй йӕ бар цӕуа боныл, ӕмӕ къаддӕр рухсгӕнӕн, цӕмӕй йӕ бар цӕуа ӕхсӕвыл. Ӕмӕ ма скодта стъалытӕ дӕр. 17 Ӕмӕ сӕ Хуыцау сӕвӕрдта арвыл, цӕмӕй зӕхмӕ сӕ рухс кӕла, 18 цӕмӕй сӕ бар цӕуа боныл ӕмӕ ’хсӕвыл ӕмӕ цӕмӕй рухс талынгӕй хицӕн кӕной. Ӕмӕ Хуыцау федта, хорз кӕй сты. 19 Уыди изӕр ӕмӕ уыди райсом – цыппӕрӕм бон.

13–19 ЯНВАРЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЙДИАН 3–5

«Фыццаг мӕнг ныхас ӕркодта ӕвзӕр хабӕрттӕм»

(Райдиан 3:1–5) Йегъовӕ Хуыцау цы цӕрӕгойты сфӕлдыста, уыдонӕй се ’ппӕтӕй къӕрцхъусдӕр уыди калм. Гъемӕ калм сылгоймагӕн загъта: «Хуыцау уын ӕцӕгдӕр загъта, цӕхӕрадоны алы бӕласӕй ма хӕрут, зӕгъгӕ?» 2 Сылгоймаг калмӕн дзуапп радта: «Цӕхӕрадоны цы бӕлӕстӕ ис, уыдоны дыргътӕй нын ис хӕрӕн. 3 Фӕлӕ цӕхӕрадоны астӕу цы бӕлас ис, уымӕй нын Хуыцау афтӕ загъта: „Ма дзы бахӕрут, ӕвналгӕ дӕр ӕм ма бакӕнут, науӕд амӕлдзыстут“». 4 Ӕмӕ йын уӕд калм загъта: «Нӕ, нӕ амӕлдзыстут. 5 Фӕлӕ йӕ Хуыцау зоны: цы бон дзы бахӕрат, уыцы бон уӕ цӕстытӕ байгом уыдзысты ӕмӕ суыдзыстут Хуыцауы хуызӕн – зондзыстут, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый».

w17.02 5 ф., 9 абз.

Йегъовӕ йӕ фӕнд сӕххӕст кӕндзӕн!

9 Хӕйрӕг калмы уылты Евӕйыл хинӕй рацыд, цӕмӕй Евӕ йӕ Фыд Йегъовӕйы ныхасы сӕрты ахызтаид. (Бакӕс Райдиан 3:1–5; Рарг. 12:9.) Хӕйрӕг ӕй бафарста, зӕгъгӕ уын Хуыцау ӕцӕгдӕр нӕ дӕтты уый бар, цӕмӕй, «цӕхӕрадоны цы бӕлӕстӕ ис, уыдоны дыргътӕй» хӕрат. Ӕндӕр ныхӕстӕй, Хӕйрӕг загъта: «Ӕцӕгдӕр уын алцы аразыны бар нӕй?» Уый фӕстӕ загъта: «Нӕ, нӕ амӕлдзыстут». Уымӕй фыддӕр мӕнг ныхас ма цы хъуамӕ уыдаид! Уый фӕстӕ Евӕйы баууӕндын кӕнынмӕ хъавыд, Хуыцаумӕ хъусын ӕнӕмӕнг кӕй нӕу. Загъта йын: «Хуыцау зоны: цы бон дзы бахӕрат, уыцы бон уӕ цӕстытӕ байгом уыдзысты». Йӕ ныхӕстӕй афтӕ уад, цыма сӕ Йегъовӕ уыцы бӕласы дыргътӕй хӕрын уый тыххӕй нӕ уадзы, ӕмӕ сӕ цыдӕр сусӕг кӕны. Фӕстагмӕ йын Хӕйрӕг мӕнг ныфсытӕ бавӕрдта: «Суыдзыстут Хуыцауы хуызӕн – зондзыстут, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый».

(Райдиан 3:6) Ӕмӕ уӕд сылгоймаг федта, бӕласы дыргътӕ хӕрынӕн хорз кӕй сты ӕмӕ адӕймаджы цӕст сӕхимӕ кӕй ӕлвасынц, адӕймаг сӕм кӕсынӕй кӕй не ’фсӕды. Гъемӕ дзы ӕртыдта ӕмӕ дзы бахордта. Ӕмӕ уый фӕстӕ, йӕ лӕг йӕ разы куы уыди, уӕд дзы уымӕн дӕр радта ӕмӕ дзы уый дӕр бахордта.

bhs 34, 35 фф., 6–9 абз.

Хуыцаумӕ адӕмы тыххӕй цавӕр фӕнд ис?

6 Афтӕ рауад йӕ хабар уыцы зӕдӕн дӕр. Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйы куы сфӕлдыста, уӕд сын загъта, цот уадзут ӕмӕ «зӕхх байдзаг кӕнут», зӕгъгӕ (Райдиан 1:27, 28). Уыцы зӕд, чи зоны, ахъуыды кодта: «Цы хорз уаид, ӕппӕт уыцы адӕм Йегъовӕйӕн нӕ, фӕлӕ мӕнӕн куы кувиккой!» Ӕмӕ ууыл цас фылдӕр хъуыды кодта, уыйас тынгдӕр бӕллыд, Йегъовӕйы цы уыд, уымӕ. Уыцы зӕды фӕндыд, цӕмӕй адӕм уымӕн куывтаиккой. Гъемӕ Евӕйӕн Хуыцауӕй мӕнг ныхӕстӕ фӕкодта, ӕмӕ йыл уый дӕр баууӕндыд. (Бакӕс Райдиан 3:1–5.) Уыцы зӕд афтӕ куы бакодта, уӕд сси Сайтан Хӕйрӕг. Уый сси Хуыцауы знаг.

7 Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйӕн загъта, цӕмӕй иу бӕласы дыргътӕй ма бахордтаиккой. Загъта сын, зӕгъгӕ дзы куы бахӕрат, уӕд амӕлдзыстут. Фӕлӕ уыдон Хуыцаумӕ нӕ байхъуыстой ӕмӕ уыцы бӕласы дыргътӕй бахордтой (Райдиан 2:17; 3:6). Уыдон Йегъовӕйы раз тӕригъӕд сарӕзтой ӕмӕ ӕппынфӕстаг амардысты, Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ (Райдиан 3:17–19). Адам ӕмӕ Евӕйӕн сӕ цот дӕр уыдысты тӕригъӕдджын, ӕмӕ уыдон дӕр амардысты. (Бакӕс Ромӕгтӕм 5:12.) Сӕ цот дӕр тӕригъӕдджын цӕмӕн уыдысты, уый бамбарыны тыххӕй ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Зӕгъӕм, зылын тебӕйы дзултӕ фыцыс. Дӕ дзултӕ цыхуызӕн рауайдзысты? Зылынтӕ. Адам Хуыцауы ныхасы сӕрты куы ахызт, уӕд сси тӕригъӕдджын. Мах Адамы цот кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ иууылдӕр стӕм тӕригъӕдджын, ома нӕм уыйау ис цыдӕр хъӕндзинад. Ӕмӕ адӕм уый тыххӕй зӕронд кӕнынц ӕмӕ мӕлынц (Ромӕгтӕм 3:23; кӕс 9-ӕм уӕлӕмхасӕн).

8 Хӕйрӕг Адам ӕмӕ Евӕйы тӕригъӕды бафтыдта, ӕмӕ афтӕмӕй ӕртӕйӕ дӕр Хуыцауы ныхмӕ рацыдысты. Уый фӕндыд, цӕмӕй Адам ӕмӕ Евӕ хъуыды кӕнын райдыдтаиккой, зӕгъгӕ нӕ Йегъовӕ сайгӕ кӕны, хорз хицау нӕу ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй амондджын уӕм. Хӕйрӕджы ныхӕстӕй афтӕ уад, ӕмӕ адӕм ӕнӕ Хуыцауӕй дӕр зонынц, куыд цӕргӕ сын у, уый, стӕй, хорз цы у ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый Адам ӕмӕ Евӕйӕн сӕхи бон у скъуыддзаг кӕнын. Уыцы уавӕры Йегъовӕ куыд бакодта? Йӕ бон уыд змӕнтджыты фесафын ӕмӕ сӕ ӕгоммӕгӕсдзинадӕн кӕрон скӕнын. Фӕлӕ цымӕ уӕд сбӕлвырд уыдаид, Хӕйрӕг сайгӕ кӕй кӕны, уый? Нӕ.

9 Уымӕ гӕсгӕ сӕ Йегъовӕ уайтагъд нӕ фесӕфта. Уый адӕмӕн рӕстӕг радта, цӕмӕй сӕхӕдӕг хицӕуттӕ уой. Афтӕмӕй хъуамӕ сбӕлвырд уыдаид, Хӕйрӕг сайгӕ кӕй кӕны ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ кӕй зоны, адӕмӕн хуыздӕр цы у, уый. Уый тыххӕй фылдӕр базондзыстӕм 11-ӕм сӕрӕй. Фӕлӕ дӕм куыд кӕсы, Адам ӕмӕ Евӕ, Хӕйрӕджы ныхӕстыл кӕй баууӕндыдысты ӕмӕ Хуыцауы ныхасы сӕрты кӕй ахызтысты, уымӕй раст бакодтой? Адам ӕмӕ Евӕйӕн алцыдӕр Йегъовӕ радта. Радта сын ӕххӕст цард, рӕсугъд цӕрӕнбынат ӕмӕ, сӕ зӕрдӕмӕ чи цыд, ахӕм куыст. Хӕйрӕг та сын хорзӕй никуы ницы сарӕзта. Ды уым куы уыдаис, уӕд куыд бакодтаис?

w00-U 15/11 25, 26

Чему нас учит пример первой человеческой пары

Могла ли Ева избежать греха? Конечно могла! Представьте на ее месте себя. Змей сказал совершенно противоположное тому, что говорили Бог и Адам. Что бы вы подумали, если бы чужой человек стал обвинять в нечестности того, кому вы доверяете и кого любите? Ева должна была отреагировать по-другому: слова змея должны были вызвать у нее возмущение и отвращение, было бы правильно даже отказаться его слушать. В конце концов, кто такой змей, чтобы ставить под сомнение праведность Бога и верность слов ее мужа? Из уважения к принципу главенства Еве следовало попросить совета, прежде чем принимать какое-либо решение. То же самое должны делать и мы, если сталкиваемся с информацией, которая противоречит указаниям Бога. Однако Ева поверила тому, что сказал Искуситель, ей понравилась идея самой судить о том, что хорошо и что плохо. И чем больше она об этом думала, тем больше ей это нравилось. Какую же ошибку допустила она, начав развивать в себе неправильное желание, вместо того чтобы сразу же изгнать его из своего сердца или пойти и посоветоваться со своим главой! (Иакова 1:14, 15; 1 Коринфянам 11:3).

Адам слушается голоса жены

Вскоре под влиянием Евы грех совершил и Адам. Чем можно объяснить его безропотное согласие с действиями жены? (Бытие 3:6, 17). Адам оказался перед дилеммой: кому быть преданным? Послушается ли он Создателя, от которого он получил все, в том числе и свою любимую жену, Еву? Обратится ли Адам к Богу за руководством, как поступить в такой ситуации? Или он решит присоединиться к своей жене? Адам прекрасно понимал, что все то, что она надеялась получить, съев запрещенный плод, было иллюзией. Апостол Павел написал под вдохновением от Бога: «Адам не был обманут, но женщина, полностью поддавшись обману, впала в преступление» (1 Тимофею 2:14, НМ). Адам сознательно решил пойти против Иеговы. Его страх остаться без своей жены был сильнее, чем вера в способность Бога исправить положение.

(Райдиан 3:15–19) Ӕз дӕу ӕмӕ сылгоймаджы, дӕ байзӕддаг ӕмӕ уый байзӕддаджы кӕрӕдзийӕн скӕндзынӕн знӕгтӕ. Уый дын дӕ сӕр ныцъцъӕл кӕндзӕн, ды та йын йӕ зӕвӕтыл фӕхӕцдзынӕ». 16 Сылгоймагӕн та загъта: «Сывӕрджынӕй дын уыдзӕни тынг зын, тухитӕ кӕнгӕйӕ ардзынӕ сывӕллӕттӕ. Ӕдзухдӕр дӕ фӕнддзӕн, цӕмӕй дӕ лӕгимӕ уай, уый та дӕ хӕрдмӕ скӕсын нӕ уадздзӕн». 17 Уый фӕстӕ та Адамӕн загъта: «Дӕ усы ныхасмӕ кӕй байхъуыстай ӕмӕ дын афтӕ цы бӕласӕй загътон, ма дзы бахӕр, зӕгъгӕ, уымӕй кӕй бахордтай, уымӕ гӕсгӕ зӕхх ӕлгъыст ӕрцӕудзӕн дӕу тыххӕй. Цӕмӕй дын зӕхх хӕринаг дӕтта, уый тыххӕй цӕрӕнбонты фыдӕбон кӕндзынӕ. 18 Зӕххыл дын зайдзӕни сындзытӕ ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕг, ӕмӕ хӕрдзынӕ хъӕддаг зайӕгойтӕ. 19 Дӕ хид калгӕйӕ амал кӕндзынӕ дӕ къӕбӕр, цалынмӕ фӕстӕмӕ зӕхмӕ нӕ аздӕхай, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ уымӕй конд дӕ. Сыджыт дӕ, ӕмӕ фӕстӕмӕ сыджытмӕ аздӕхдзынӕ».

w12 1/9 4 ф., 2 абз.

Хуыцау сылгоймӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы?

Хуыцау сылгоймаджы ӕцӕгдӕр ралгъыста?

Хуыцау сылгоймаджы нӕ ралгъыста, фӕлӕ, «Хӕйрӕг... чи хуыйны... уыцы рагон калмы» (Раргомад 12:9; Райдиан 3:14). Афтӕ кӕй загъта, Адам йӕ усы «хӕрдмӕ скӕсын нӕ уадздзӕн», зӕгъгӕ, уымӕй йӕ уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ нӕлгоймагӕн уый бар ис, цӕмӕй сылгоймаджы ӕфхӕра (Райдиан 3:16). Уыцы ныхӕстӕй Хуыцау бамбарын кодта, фыццаг лӕг ӕмӕ ус йӕ коммӕ кӕй нӕ бакастысты, уый сӕ цы ӕвзӕр уавӕрмӕ ӕркӕндзӕн, уый.

w04 1/1 30 ф., 2 абз.

Уӕвынады чиныджы ахсджиаг хъуыдытӕ – 1 хай

3:17 – Куыд ӕмбаргӕ у, зӕгъгӕ, Хуыцау зӕхх ралгъыста, ӕмӕ уыцы ӕлгъысты фыдӕх цас ахаста? Уыцы ӕлгъыст ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ зӕхх сси зын кусӕн. Ӕлгъыст, сындзджын ӕмӕ ичъиджын зӕххыл кусгӕйӕ Адамы байзӕддӕгтӕ афтӕ хъизӕмар кодтой, ӕмӕ Нойы фыд Ламех афтӕ бакодта: «Иегъовӕйӕ ӕлгъыст зӕхх кусынӕй нӕ къухтӕ риссынц» (Уӕвынад 5:29). Доны хъаймӕты фӕстӕ Иегъовӕ Ной ӕмӕ йӕ фырттӕн раарфӕ кодта ӕмӕ сын загъта, цӕмӕй зӕхх адӕмӕй байдзаг кӕной (Уӕвынад 9:1). Уымӕй Хуыцау, ӕвӕццӕгӕн, зӕххӕй йе ’лгъыст систа (Уӕвынад 13:10).

it-U «Родовые муки», 1 абз.

Сылгоймаг аргӕ-арын цы рыстытӕ февзары, уыдон

Сылгоймаг аргӕ-арын цы хъизӕмӕрттӕ февзары, уыдон. Фыццаг сылгоймаг, Евӕ, тӕригъӕд куы сарӕзта, уӕд ын Хуыцау загъта, уый куыд фӕзындзӕн, сывӕллӕттӕ куыд ардзӕн, ууыл. Евӕ коммӕгӕс куы уыдаид, уӕд ын Хуыцау дарддӕр дӕр арфӕ кодтаид ӕмӕ, сывӕллӕттӕ кӕй ардтаид, уый йын ӕрмӕстдӕр циндзинад хастаид, уымӕн ӕмӕ «Йегъовӕйы арфӕдзинад адӕймаджы кӕны хъӕздыг ӕмӕ йемӕ маст [кӕнӕ «рыстытӕ»] нӕ хӕссы» (Ӕм 10:22). Фӕлӕ адӕймаг ӕнӕххӕст кӕй у, уый тыххӕй арӕх рыстытӕ февзары. Ӕмӕ Хуыцау дӕр афтӕ уымӕн загъта (Хуыцау цыдӕр кӕй бауадзы, уый тыххӕй арӕх афтӕ загъд вӕййы, цыма йӕ саразы): «Сывӕрджынӕй дын уыдзӕни тынг зын [комк. «дӕ рыстытыл дын бафтаудзынӕн», фип.], тухитӕ кӕнгӕйӕ ардзынӕ сывӕллӕттӕ» (Рд 3:16).

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Райдиан 4:15) Уӕд ын Йегъовӕ загъта: «Каины чи амара, уый авд хатты баййафдзӕн ӕфхӕрд». Гъемӕ Йегъовӕ Каины тыххӕй скодта нысан, цӕмӕй йыл чи фембӕлдаид, уыдонӕй йӕ мачи амардтаид.

w04 1/1 30 ф., 3 абз.

Уӕвынады чиныджы ахсджиаг хъуыдытӕ – 1 хай

4:15 – Иегъовӕ Каинӕн «нысан» куыд радта? Хуыцау Каиныл нысан кӕнӕ гакк кӕй сӕвӕрдта, уый тыххӕй Библийы ницы ис фыст. Уыцы нысан, ӕвӕццӕгӕн, уыди, иннӕтӕ кӕй зыдтой ӕмӕ кӕй ӕххӕст кодтой, ахӕм бардзырд, цӕмӕй Каины мачи амара Авелы туг райсыны тыххӕй.

(Райдиан 4:23, 24) Ламех йӕ устытӕн, Адӕ ӕмӕ Циллӕйӕн, ӕрхъуыды кодта ахӕм ӕмдзӕвгӕ: «Байхъусут мӕм, Ламехы устытӕ, Байхъусут мын мӕ ныхӕстӕм: Ӕз амардтон иу лӕджы, кӕй мӕ фӕцӕф кодта, уый тыххӕй. О, ӕрыгон лӕппуйы – кӕй мӕ ныццавта, уый тыххӕй. 24 Кӕд, Каины чи амара, уый авд хатты баййафдзӕн ӕфхӕрд, Уӕд, Ламехы чи амара, уый та – ӕвдай авд хатты».

w05 1/9 25 ф., 10 абз.

Ацы фӕлдурӕджджын рӕстӕджы Хуыцауимӕ цӕут

10 Дзырдӕн ма ӕркӕсӕм, Адамы тӕригъӕд раконды фӕстӕ адӕмы туджы фыддзинад куыд тагъд ахъардта, уымӕ. Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, Адамы хистӕр фырт Каин йе ’фсымӕр Авелы куы амардта, уӕд сси фыццаг лӕгмар (Уӕвынад 4:8–10). Авелы мӕлӕты фӕстӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн ноджыдӕр райгуырд фырт ӕмӕ йӕ схуыдтой Сиф. Уый тыххӕй Библи фыссы: «Сифӕн дӕр райгуырд фырт ӕмӕ йӕ схуыдта Енос. Уӕд райдыдтой Иегъовӕмӕ йӕ номӕй сидын» (Уӕвынад 4:25, 26). Хъыгагӕн, «Иегъовӕмӕ йӕ номӕй сидын» ахӕм хуызы райдыдтой, ӕмӕ Хуыцауы ныууагътой. Енохы райгуырдӕй бирӕ фӕстӕдӕр, Каины байзӕддаг Ламех йӕ дыууӕ усӕн скодта зарӕг ӕмӕ дзы йӕхицӕй ӕппӕлыд, зӕгъгӕ мӕ иу лӕппу ныццафта, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй амардтон. Уый ма ӕртхъирӕн кодта: «Кӕд Каины тыххӕй маст ист ӕрцӕудзӕн ӕвдай хатты, уӕд Ламехы тыххӕй та – ӕвдай авд хатты» (Уӕвынад 4:10, 19, 23, 24).

it-U «Ламех», № 1, 2 абз.

Ламех

Стихи, которые Ламех сочинил для своих жен (Бт 4:23, 24), отражают дух насилия, царивший в то время. Вот его стихи: «Слушайте мой голос, жены Ламеха, приклоните ухо к моим словам: я убил человека, за то что он меня ранил, юношу – за то что он ударил меня. Если за Каина будет отомщено семь раз, то за Ламеха – семьдесят семь раз». Очевидно, Ламех хотел сказать, что убил человека не умышленно, как Каин, а в целях самозащиты, поскольку тот человек ударил и ранил его. Поэтому стихи Ламеха представляют собой своего рода просьбу о неприкосновенности. Ламех боялся, что кто-нибудь захочет отомстить ему за убийство того, кто на него напал.

Библийӕ бакӕсинаг

(Райдиан 4:17–5:8) Уый фӕстӕ Каин йӕ усимӕ ӕмуат ӕрцыд. Йӕ ус басывӕрджын, ӕмӕ йын райгуырд Енох. Уӕд Каин сарӕзта горӕт ӕмӕ йӕ схуыдта йӕ фырт Енохы номӕй. 18 Фӕстӕдӕр Енохӕн райгуырд Ирад. Ирадӕн райгуырд Мехиаел, Мехиаелӕн – Мафусал, Мафусалӕн та – Ламех. 19 Ламех ӕрхаста дыууӕ усы. Сӕ иу хуынди Адӕ, иннӕ та – Циллӕ. 20 Цасдӕры фӕстӕ Адӕйӕн райгуырд Иавал. Уымӕй рацыдысты, цатырты чи цӕры ӕмӕ фос чи дары, уыдон. 21 Йе ’фсымӕр та хуынди Иувал. Уымӕй рацыдысты, дыууадӕстӕнон фӕндырӕй ӕмӕ уадындзӕй чи цӕгъды, уыдон се ’ппӕт дӕр. 22 Циллӕйӕн та райгуырд Тувалкаин. Уый ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнагӕй арӕзта алыхуызон кусӕнгӕрзтӕ. Тувалкаинӕн ма уыдис хо дӕр, Наамӕ, зӕгъгӕ. 23 Ламех йӕ устытӕн, Адӕ ӕмӕ Циллӕйӕн, ӕрхъуыды кодта ахӕм ӕмдзӕвгӕ: «Байхъусут мӕм, Ламехы устытӕ, байхъусут мын мӕ ныхӕстӕм: ӕз амардтон иу лӕджы, кӕй мӕ фӕцӕф кодта, уый тыххӕй. О, ӕрыгон лӕппуйы – кӕй мӕ ныццавта, уый тыххӕй. 24 Кӕд, Каины чи амара, уый авд хатты баййафдзӕн ӕфхӕрд, уӕд, Ламехы чи амара, уый та – ӕвдай авд хатты». 25 Адам йӕ усимӕ ногӕй ӕмуат ӕрцыд, ӕмӕ йӕ ус ныййардта лӕппу ӕмӕ йӕ схуыдта Сиф, уымӕн ӕмӕ дзырдта: «Хуыцау мын Авелы бӕсты радта ӕндӕр байзӕддаг, уымӕн ӕмӕ йӕ Каин амардта». 26 Сифӕн дӕр райгуырд лӕппу ӕмӕ йӕ схуыдта Енос. Уыцы рӕстӕг Йегъовӕйы ном хынджылӕггаг скодтой.

5 Ацы чиныджы фыст сты Адамы царды хабӕрттӕ. Хуыцау Адамы цы бон сфӕлдыста, уыцы бон ӕй скодта Хуыцауы хуызӕн. 2 Сфӕлдыста сӕ нӕлгоймагӕй ӕмӕ сылгоймагӕй. Ӕмӕ сӕ цы бон сфӕлдыста, уыцы бон сын раарфӕ кодта ӕмӕ сӕ схуыдта адӕм. 3 Адамыл сӕдӕ ӕртын азы куы цыди, уӕд ын райгуырд йӕхи хуызӕн, йӕхи ӕнгӕс фырт, ӕмӕ йӕ схуыдта Сиф. 4 Сифы райгуырды фӕстӕ ма Адам фӕцард астсӕдӕ азы. Ӕмӕ ма йын ноджыдӕр райгуырди лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ. 5 Адам ӕдӕппӕтӕй фӕцард фарастсӕдӕ ӕртын азы ӕмӕ уый фӕстӕ амард. 6 Сифыл сӕдӕ фондз азы куы цыди, уӕд ын райгуырд Енос. 7 Еносы райгуырды фӕстӕ ма Сиф фӕцард астсӕдӕ авд азы. Ӕмӕ ма йын ноджыдӕр райгуырди лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ. 8 Сиф ӕдӕппӕтӕй фӕцард фарастсӕдӕ дыууадӕс азы ӕмӕ уый фӕстӕ амард.

20–26 ЯНВАРЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЙДИАН 6–8

«Раст афтӕ бакодта»

(Райдиан 6:9) Нойы царды хабӕрттӕ уыдысты афтӕ. Ной уыди рӕстгӕнӕг. Йӕ рӕстӕджы цы адӕм цард, уыдоны хуызӕн нӕ уыд, ницӕмӕй йӕм уыди фау ӕрхӕссӕн. Ной цыди ӕцӕг Хуыцауимӕ.

(Райдиан 6:13) Ӕмӕ уӕд Хуыцау Нойӕн загъта: «Ӕз ӕй уынын, адӕмы се ’ппӕты дӕр кӕй хъӕуы фесафын, уымӕн ӕмӕ зӕхх уыдоны тыххӕй байдзаг фыдмитӕй. Ӕмӕ ӕз адӕмы фесафдзынӕн ӕмӕ зӕххыл дӕр ницыуал ныууадздзынӕн».

w18.02 4 ф., 4 абз.

Нойы, Данелы ӕмӕ Иовы уырнындзинад ӕмӕ коммӕгӕсдзинад фӕзмут

4 Ной цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлд? Нойы фыдӕн йӕ фыдыфыд Енохы рӕстӕг адӕм бынысӕфт фесты. Суанг ма Йегъовӕйӕ дӕр «алы фыдтӕ дзырдтой» (Иуд. 14, 15). Ӕгъатыр фыдгӕнджытӕ кодтой фылдӕрӕй-фылдӕр. Ӕмӕ Нойы заманты зӕхх «фыдмитӕй байдзаг». Фыдгӕнӕг зӕдтӕ сӕхицӕн адӕймаджы буӕрттӕ райстой, устытӕ ракуырдтой, ӕмӕ сын цы фырттӕ райгуырд, уыдон систы уӕйгуыты йас ӕмӕ уыдысты тынг ӕгъатыр (Райд. 6:2–4, 11, 12). Фӕлӕ Ной иннӕтӕй тынг хицӕн кодта. Уый «ссардта Йегъовӕйы хорзӕх. [...] Йӕ рӕстӕджы цы адӕм цард, уыдоны хуызӕн нӕ уыд, ницӕмӕй йӕм уыди фау ӕрхӕссӕн. Ной цыди ӕцӕг Хуыцауимӕ» (Райд. 6:8, 9).

(Райдиан 6:14–16) Ды та дӕхицӕн чъиубӕласӕй скӕн нау. Науы мидӕг скӕн хицӕн бынӕттӕ, ӕмӕ йӕ мидӕгӕй дӕр ӕмӕ ӕддейӕ дӕр писийӕ байсӕрд. 15 Сараз ӕй афтӕ: йӕ дӕргъ – ӕртӕсӕдӕ ӕлмӕрины, йӕ уӕрх – фӕндзай ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд та – ӕртын ӕлмӕрины. 16 Науӕн скӕн рудзынг – сараз ын йӕ фӕрстӕ, уӕлейӕ дзы цармӕ ӕввахс иу ӕлмӕрин гомӕй куыд баззайа, афтӕ. Наумӕ бахизӕн сараз фӕрсырдыгӕй. Скӕн дзы фыццаг уӕладзыг, дыккаг уӕладзыг ӕмӕ ӕртыккаг уӕладзыг.

w13 1/4 14 ф., 1 абз.

Уый «цыди ӕцӕг Хуыцауимӕ»

Ной нау арӕзта бирӕ азты дӕргъы, ӕвӕццӕгӕн, 40–50 азы бӕрц. Хъуыди йӕ бӕлӕстӕ калын, хъӕдтӕ ласын, хырхӕй сӕ фадын, лӕгъз сӕ кӕнын ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийыл хуыйын. Науы хъуамӕ уыдаид ӕртӕ уӕладзыджы, хицӕн бынӕттӕ, фӕрсырдыгӕй та – дуар. Куыд зыны, афтӕмӕй дзы уӕлейӕ цармӕ ӕввахс кӕрӕй-кӕронмӕ уыди рудзгуытӕ дӕр. Науӕн йӕ сӕр та, ӕвӕццӕгӕн, астӕуӕй гыццыл хӕрдмӕ къуыпп уыди, цӕмӕй дзы дон ма ӕмбырд кодтаид (Райдиан 6:14–16).

(Райдиан 6:22) Ӕмӕ Ной алцыдӕр сарӕзта, Хуыцау ын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Раст афтӕ бакодта.

w11 15/9 18 ф., 13 абз.

Нӕ фӕндагыл фӕразонӕй згъорӕм

13 Уыцы рагон лӕггадгӕнджытӕ сӕ фӕндагыл кӕронмӕ цӕй фӕрцы азгъордтой? Дӕ хъус-ма ӕрдар, Павел Нойы тыххӕй цы ныффыста, уымӕ. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 11:7.) Ной ахӕм хабар никуы федта, ӕмӕ адӕм ӕмӕ цӕрӕгойтӕ иууылдӕр доны фӕцагъды уыдаиккой (Райд. 6:17). Уымӕй размӕ Доны хъаймӕт никуы уыд, фӕлӕ уӕддӕр Ной афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ уымӕн гӕнӕн нӕй. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ, Йегъовӕ йӕ ныхас алкӕддӕр кӕй ӕххӕст кӕны, уый йӕ фидарӕй уырныдта. Ӕмӕ йӕм уымӕ гӕсгӕ ахӕм хъуыды никуы фӕзынд, ӕмӕ йӕ бон нӕ бауыдзӕн Йегъовӕмӕ хъусын. Гъемӕ йын Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, «раст афтӕ бакодта» (Райд. 6:22). Ахъуыды-ма кӕн, Нойы цас цыдӕртӕ хъуыди бакӕнын. Хъуамӕ нау сарӕзтаид, алыхуызон цӕрӕгойты ӕрӕмбырд кодтаид ӕмӕ йӕ бинонтӕн дӕр ӕмӕ цӕрӕгойтӕн дӕр фаг хӕринаг ӕрцӕттӕ кодтаид. Стӕй хъуамӕ адӕмы бафӕдзӕхстаид, Доны хъаймӕт кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй ӕмӕ йӕ бинонты уырнындзинад фидар кодтаид. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый ӕнцон нӕ уыди. Фӕлӕ Ной Йегъовӕйыл фидарӕй ӕууӕндыд ӕмӕ уый фӕрцы кӕронмӕ ахӕццӕ кодта, цы хъуыддаг ын бахӕс кодта, уый. Ӕмӕ Йегъовӕ Нойӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ бинонты дӕр фервӕзын кодта ӕмӕ сӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын кодта.

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Райдиан 7:2) Хъуамӕ демӕ бакӕнай сыгъдӕг цӕрӕгойты алы мыггӕгтӕй дӕр фӕйнӕ авды, нӕлтӕ ӕмӕ сылтӕ. Сыгъдӕг чи нӕу, уыцы цӕрӕгойтӕй та ӕрмӕст дыгӕйттӕ, нӕл ӕмӕ сыл.

w04 1/1 30 ф., 7 абз.

Уӕвынады чиныджы ахсджиаг хъуыдытӕ – 1 хай

7:2 – Цӕмӕ гӕсгӕ хицӕн кодтой цӕрӕгойты сыгъдӕг ӕмӕ чъизитыл? Цӕрӕгойтӕ сыгъдӕг ӕмӕ чъизитыл хицӕн кодтой, хӕрӕн сӕ кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ нывондӕн бӕззыдысты ӕви нӕ, уый хынцгӕйӕ. Доны хъаймӕты размӕ адӕм дзидза нӕ хордтой. Цӕрӕгойты «сыгъдӕг» ӕмӕ «чъизитыл» хицӕн кӕнын райдыдтой, Хуыцау Моисейӕн закъон куы радта, уӕд. Фӕлӕ Закъон ист куы ’рцыд, уӕд уыцы фӕтк дӕр фехӕлд (Куыстытӕ 10:9–16; Ефесӕгтӕм 2:15). Ной, ӕвӕццӕгӕн, ӕмбӕрста, Иегъовӕйӕн нывондӕн цы уыд ӕрхӕссӕн, уый. Ковчегӕй куы рахызт, уӕд «Иегъовӕйы номыл нывондхӕссӕн сарӕзта ӕмӕ алкӕцы сыгъдӕг цӕрӕгойӕ ӕмӕ алкӕцы сыгъдӕг тӕхаг маргъӕй дӕр цалдӕр аргӕвста ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл ӕнӕхъӕнӕй басыгъта» (Уӕвынад 8:20).

(Райдиан 7:11) Нойӕн йӕ царды ӕхсӕзсӕдӕйӕм азы, дыккаг мӕйы, мӕйӕн йӕ ӕвддӕсӕм бон фемӕхстысты ӕнӕкӕрон доны гуылфӕнтӕ ӕмӕ арвы дуӕрттӕ фегом сты.

w04 1/1 31 ф., 1 абз.

Уӕвынады чиныджы ахсджиаг хъуыдытӕ – 1 хай

7:11 – Доны хъаймӕты уыйӕппӕт дон кӕцӕй рацыд? Хуыцау «дыккаг бон», кӕнӕ сфӕлдыстадон рӕстӕджы ӕмгъуыд, зӕххы «тыгъдад» куы скодта, уӕд «тыгъдады бын» дӕр ӕмӕ «тыгъдады сӕрмӕ» дӕр уыд дӕттӕ (Уӕвынад 1:6, 7). «Тыгъдады бын» дон уыд, зӕххыл цы дон уыд, уый. «Тыгъдады сӕрмӕ» дон та – Зӕххы сӕрмӕ цы дон-мӕцъӕл уыдис, ома «стыр ӕнӕбын дӕтты гуырӕнтӕ», уый. Нойы бонты гъе уыцы дон ныууарыд.

Библийӕ бакӕсинаг

(Райдиан 6:1–16) Зӕххыл адӕм фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой, гуырди сын чызджытӕ дӕр. 2 Ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы фырттӕ сӕ хъус дарын райдыдтой зӕххон чызджытӕм, рӕсугъд кӕй сты, уымӕ. Ӕмӕ-иу дзы сӕ зӕрдӕмӕ чи фӕцыди, уыдонӕй-иу сӕхицӕн устытӕ скодтой. 3 Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ загъта: «Мӕ уд адӕймагӕн ӕнустӕм нӕ быхсдзӕн, уымӕн ӕмӕ адӕймаг йеддӕмӕ ницы у. Гъемӕ ма цӕрӕд сӕдӕ дыууын азы». 4 Уыцы заман, ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр, зӕххыл царди уӕйыг адӕм, уымӕн ӕмӕ-иу ӕцӕг Хуыцауы фырттӕ ӕмуат ӕрцыдысты зӕххон чызджытимӕ, ӕмӕ-иу сын райгуырд лӕппутӕ – уыдон уыдысты уӕйыг адӕм, ӕмӕ уыдысты тыхджын ӕмӕ уӕды заман зындгонд. 5 Йегъовӕ федта, зӕххыл адӕм бынысӕфт кӕй фесты ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ иууылдӕр кӕй уыдысты ӕрмӕст ӕвзӕрдзинадыл. 6 Ӕмӕ Йегъовӕ маст кодта, зӕххыл кӕй сфӕлдыста, уыцы адӕмы тыххӕй, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ фӕрыст. 7 Гъемӕ Йегъовӕ загъта: «Ӕз зӕххы цъарӕй фесафдзынӕн, кӕй сфӕлдыстон, уыцы адӕмы. О, фесафдзынӕн адӕмы дӕр, хӕдзарон фосы дӕр, иннӕ цӕрӕгойты ӕмӕ уӕларвон мӕргъты дӕр, уымӕн ӕмӕ маст кӕнын, кӕй сфӕлдыстон, уыдоны тыххӕй». 8 Фӕлӕ Ной ссардта Йегъовӕйы хорзӕх. 9 Нойы царды хабӕрттӕ уыдысты афтӕ. Ной уыди рӕстгӕнӕг. Йӕ рӕстӕджы цы адӕм цард, уыдоны хуызӕн нӕ уыд, ницӕмӕй йӕм уыди фау ӕрхӕссӕн. Ной цыди ӕцӕг Хуыцауимӕ. 10 Нойӕн райгуырд ӕртӕ фырты: Сим, Хам ӕмӕ Иафет. 11 Зӕхх та ӕцӕг Хуыцауы цӕсты бынысӕфт фӕци, фыдмитӕй байдзаг. 12 О, Хуыцау федта, зӕхх бынысӕфт кӕй фӕци, уымӕн ӕмӕ адӕм иууылдӕр ныллӕууыдысты сӕфты фӕндагыл. 13 Ӕмӕ уӕд Хуыцау Нойӕн загъта: «Ӕз ӕй уынын, адӕмы се ’ппӕты дӕр кӕй хъӕуы фесафын, уымӕн ӕмӕ зӕхх уыдоны тыххӕй байдзаг фыдмитӕй. Ӕмӕ ӕз адӕмы фесафдзынӕн ӕмӕ зӕххыл дӕр ницыуал ныууадздзынӕн. 14 Ды та дӕхицӕн чъиубӕласӕй скӕн нау. Науы мидӕг скӕн хицӕн бынӕттӕ, ӕмӕ йӕ мидӕгӕй дӕр ӕмӕ ӕддейӕ дӕр писийӕ байсӕрд. 15 Сараз ӕй афтӕ: йӕ дӕргъ – ӕртӕсӕдӕ ӕлмӕрины, йӕ уӕрх – фӕндзай ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд та – ӕртын ӕлмӕрины. 16 Науӕн скӕн рудзынг – сараз ын йӕ фӕрстӕ, уӕлейӕ дзы цармӕ ӕввахс иу ӕлмӕрин гомӕй куыд баззайа, афтӕ. Наумӕ бахизӕн сараз фӕрсырдыгӕй. Скӕн дзы фыццаг уӕладзыг, дыккаг уӕладзыг ӕмӕ ӕртыккаг уӕладзыг.

27 ЯНВАРӔЙ 2 ФЕВРАЛМӔ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЙДИАН 9–11

«Ӕгас зӕххыл дӕр уыди иу ӕвзаг»

(Райдиан 11:1–4) Уыцы рӕстӕг ӕгас зӕххыл дӕр уыди иу ӕвзаг ӕмӕ адӕм сӕ ныхасы пайда кодтой ӕмхуызон дзырдтӕй. 2 Иуафон, скӕсӕнырдӕм цӕугӕйӕ, Сеннаары зӕххыл ссардтой дӕлвӕз ӕмӕ уым ӕрцардысты. 3 Ӕмӕ кӕрӕдзийӕн загътой: «Цӕй ӕмӕ агуыридуртӕ саразӕм ӕмӕ сӕ арты басудзӕм». Гъемӕ сын агуыридур уыди дурты бӕсты, писи та – чъыры змӕсты бӕсты. 4 Ӕмӕ уый фӕстӕ загътой: «Нӕхицӕн саразӕм горӕт ӕмӕ, йӕ цъупп арвыл кӕмӕн ӕндзӕва, ахӕм мӕсыг, ӕмӕ нӕхицӕн ном скӕнӕм, цӕмӕй зӕххы цъарыл алырдӕмты ма ныппырх уӕм».

w14 15/1 9 ф., 10 абз.

Лӕггад кӕнут Йегъовӕйӕн, ӕнусты Паддзахӕн!

10 Фӕлӕ Доны хъаймӕт ӕнӕххӕстдзинадӕн кӕрон не скодта, стӕй Хӕйрӕг ӕмӕ ӕгоммӕгӕс зӕдтӕ дӕр адӕмы дарддӕр дӕр ӕвзӕр зондыл арӕзтой. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ та адӕм сӕ уарзӕгой Хуыцау Йегъовӕйы хицаудзинады ныхмӕ рацыдысты. Уыдонӕй сӕ иу уыд Нойы фыртӕн йӕ фырты фырт Нимрод. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Нимрод уыд «тыхджын цуанон, уый цыди Йегъовӕйы ныхмӕ». Нимрод сарӕзта стыр горӕттӕ, зӕгъӕм, Вавилон, ӕмӕ «Сеннаары зӕххыл» йӕхи паддзахӕй сӕвӕрдта (Райд. 10:8–12). Цымӕ уыцы уавӕры ӕнусты Паддзах Йегъовӕ цы сарӕзта? Уыцы змӕнтӕг паддзах ын йӕ фӕнд фехалынмӕ кӕй хъавыд, уымӕ цы цӕстӕй ракаст? Йегъовӕ адӕмӕн се ’взаг схӕццӕ кодта, ӕмӕ уый тыххӕй, Нимроды зондыл чи ацыд, уыдон «ӕгас зӕххы цъарыл» ныппырх сты. Ӕмӕ-иу кӕм ӕрцардысты, уым-иу дарддӕр дӕр сӕ мӕнг дины хъуыддӕгтӕ кодтой ӕмӕ-иу сӕхицӕн адӕмӕй искӕй хицауӕй сӕвӕрдтой (Райд. 11:1–9).

it-U «Вавилон Великий», дӕлсӕргонд «Особенности древнего Вавилона», 1 абз.

Вавилон Великий

Особенности древнего Вавилона. Основание города Вавилона в земле Сеннаар было заложено с началом строительства Вавилонской башни (Бт 11:2–9). Главной целью строителей башни и города было не прославить имя Бога, а создать имя себе. Башни-зиккураты, обнаруженные не только среди развалин древнего Вавилона, но и во всей Месопотамии, по-видимому, подтверждают религиозный характер Вавилонской башни, хотя неизвестно, какие у нее были форма и стиль. Судя по решительным действиям, которые Иегова Бог предпринял, чтобы остановить строительство этой храмовой башни, можно заключить, что Бог осудил ее строительство, так как она имела ложное религиозное происхождение. Еврейское название города Вавилон означает «смешение», а шумерское название (Кадингирра) и аккадское название (Бабилу) – «врата бога». Это объясняется тем, что оставшиеся в городе жители изменили форму его названия, чтобы оно не ассоциировалось с осуждением, вынесенным Богом. Однако и новая, и измененная форма по-прежнему подчеркивала связь города с религией.

it-U «Язык, I», дӕлсӕргонд «Чем объясняется многообразие языков?», 3 абз.

Язык, I

В Бытии рассказывается о том, как после Потопа часть человеческой семьи, объединившись, стала действовать вопреки повелению, которое Бог дал Ною и его сыновьям (Бт 9:1). Вместо того чтобы рассеяться по всей земле и наполнять землю, они решили поселиться в одном месте – это место находилось в Месопотамии, в долине, которая позднее получила название Сеннаар. Очевидно, это поселение также должно было стать религиозным центром с храмовой башней (Бт 11:2–4).

(Райдиан 11:6–8) Ӕмӕ уый фӕстӕ Йегъовӕ загъта: «Иу адӕм сты, се ’ппӕт дӕр иу ӕвзагыл дзурынц, ӕмӕ-ма кӕс, цы кусынц, уымӕ. Ныр цыфӕнды ма сфӕнд кӕной,– сараздзысты йӕ. 7 Ныццӕуӕм ӕмӕ сын се ’взаг схӕццӕ кӕнӕм, цӕмӕй сӕ кӕрӕдзийы ӕвзаг мауал ӕмбарой». 8 Ӕмӕ сӕ Йегъовӕ ныппырх кодта ӕгас зӕххы цъарыл, ӕмӕ сӕ горӕт аразын ныууагътой.

w13 1/9 10 ф., 4 абз. – 11 ф., 1, 2 абз.

Ӕвзӕгтӕ, ӕцӕгдӕр, «Вавилоны мӕсыг» куы арӕзтой, уӕд фӕзындысты?

Библийы фыст ис, ӕвзӕгтӕ кӕм схӕццӕ сты ӕмӕ кӕцӕй ахӕлиу сты, уый кӕй уыд «Сеннаары зӕхх», фӕстӕдӕр Вавилони кӕй схуыдтой, уый (Райдиан 11:2). Уыцы хабар кӕд ӕрцыд? Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй «зӕххыл адӕм ныддихтӕ сты» Фалекы заман. Фалек та райгуырд Авраамӕй 250 азы раздӕр. Уӕдӕ Вавилоны хабӕрттӕ, ӕвӕццӕгӕн, ӕрцыдысты 4 200 азы размӕ (Райдиан 10:25; 11:18–26).

Ахуыргӕндтӕй иуӕй-иутӕ зӕгъынц, нырыккон ӕвзӕгтӕ кӕй равзӕрдысты иу ӕвзагӕй – сӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, адӕм иу-100 000 азы размӕ цы ӕвзагыл дзырдтой, уымӕй. Иннӕтӕ та зӕгъынц, кӕй равзӕрдысты цалдӕр сӕйраг ӕвзагӕй, адӕм, ӕппынкъаддӕр, 6 000 азы размӕ кӕуыл дзырдтой, уыдонӕй. Фӕлӕ абон кӕуыл нал дзурынц, уыцы ӕвзӕгтӕ рӕстӕджы дӕргъы куыд ивтой, уый куыд базонынц? Иу журналы фыст уыди: «Уый тынг зын у. Биологтӕй уӕлдай, ӕвзӕгтӕ иртасыны куыст чи кӕны, уыдонӕн сӕ бон зӕххы бынӕй скъахын нӕу, раздӕр цы уыд, уый кӕмӕ гӕсгӕ бамбарой, ахӕм бӕлвырдгӕнӕнтӕ» (Economist). Дарддӕр ма дзы фыст ис, зӕгъгӕ, иу эволюционист, ӕвзӕгтӕ иртасӕг, цы хатдзӕгтӕм ӕрцыд, уыдон скодта, математикӕйы цӕстӕй кӕсгӕйӕ йӕм раст куыд фӕкаст, уымӕ гӕсгӕ.

Фӕлӕ ис рагон фыстытӕ. Цымӕ цавӕр фыстытӕ сты ӕмӕ, ӕвзӕгтӕ куыд равзӕрдысты, уый тыххӕй цы ӕвдисынц? Иу энциклопедийы куыд фыст ис, афтӕмӕй, ӕппӕты рагондӕр фыстытӕй кӕй ссардтой – ӕууӕндӕн кӕуыл ис, уыцы фыстытыл, цӕудзӕн ӕппӕты фылдӕр 4 000 кӕнӕ 5 000 азы (The New Encyclopædia Britannica). Ӕмӕ сӕ кӕм ссардтой? Месопотамийы, рагон Сеннаар кӕм уыд, уыцы бынаты. Уӕдӕ ахуыргӕндтӕм цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уыдонӕй бӕрӕг у, Библийы цы фыст ис, уый раст кӕй у.

it-U «Язык, I», дӕлсӕргонд «Чем объясняется многообразие языков?», 4 абз.

Язык, I

Однако Всемогущий Бог помешал осуществлению этого дерзкого плана: он смешал язык мятежников и поэтому они уже не могли действовать сообща. В результате они рассеялись по всей земле. Кроме того, смешав язык людей, Бог сделал так, что и в будущем им было бы труднее идти неправильным путем, противоречащим воле Бога. Им было бы сложнее объединять свои умственные и физические ресурсы ради достижения нечестивых целей или применять знания, накопленные другими народами,– знания, которые исходят не от Бога, а от людей. (Ср. Эк 7:29; Вт 32:5.) Таким образом, несмотря на то, что смешение языка способствовало разделению человеческого общества, в действительности оно пошло людям на благо, став сдерживающим фактором в осуществлении их опасных и губительных замыслов (Бт 11:5–9; ср. Иса 8:9, 10). Достаточно посмотреть, к чему сегодня привело неправильное применение накопленных людьми знаний, чтобы представить, в каком ужасном положении оказалось бы человечество, если бы предвидевший все это Бог не смешал в Вавилоне язык людей.

(Райдиан 11:9) Уый тыххӕй уыцы горӕт схуыдтой Вавилон, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ уым схӕццӕ кодта, адӕм ӕгас зӕххыл дӕр цы ’взагыл дзырдтой, уый, ӕмӕ сӕ Йегъовӕ ӕгас зӕххы цъарыл ныххӕлиу кодта.

it-U «Народ, нация», дӕлсӕргонд «Происхождение», 2 абз.

Адӕм, адӕмыхӕттытӕ

Адӕм кӕрӕдзи куы нал ӕмбӕрстой, уӕд фӕзынд алыхуызон ӕвзӕгтӕ. Уыцы ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмыхӕттытӕй алкӕцыйӕн дӕр фӕзынд йӕхи культурӕ, аивад, ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ дин (Лв 18:3). Хуыцауӕй кӕй адард сты, уымӕ гӕсгӕ сӕхицӕн мӕнгхуыцӕуттӕ ӕрхъуыды кодтой ӕмӕ сын бирӕ гуымирытӕ сарӕзтой (Д.з 12:30; 2Пд 17:29, 33).

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Райдиан 9:20–22) Ной райдыдта зӕххы куыст кӕнын ӕмӕ скодта сӕнӕфсирдон. 21 Ӕмӕ иухатт сӕн банызта ӕмӕ фӕрасыг, ӕмӕ йӕ цатыры хуыссыд, йӕхи сбӕгънӕг кодта, афтӕмӕй. 22 Хам, Ханааны фыд, йӕ фыды бӕгънӕгӕй федта, ӕмӕ рацыд ӕмӕ уый тыххӕй йӕ дыууӕ ӕфсымӕрӕн радзырдта.

(Райдиан 9:24, 25) Ной куы ӕрӕрвонг ӕмӕ куы райхъал, уӕд базыдта, йӕ кӕстӕр фырт ын цы бакодта, уый. 25 Ӕмӕ загъта: «Ӕлгъыст фӕуӕд Ханаан! Йе ’фсымӕртӕн уӕд цагъар – цагъартӕн се ’гаддӕр».

it-U «Хам», № 1, 5 абз.

Хам

Ӕвӕццӕгӕн, Ханаан уыцы хъуыддаджы уыд аххосджын, ӕмӕ йын йӕ фыд Хам та нӕ бауайдзӕф кодта. Йе та Ной Хуыцауы фӕндӕй пехуымпарад загъта, Хаммӕ цы ӕвзӕр миниуджытӕ уыд, уыдон йӕ фырт Ханааны байзӕддӕгтӕ сӕ туджы кӕй рахӕсдзысты (уыцы ӕвзӕр миниуджытӕ Ханаанмӕ кӕй уыдысты, уый, ӕвӕццӕгӕн, уӕдмӕ дӕр бӕрӕг уыд). Уыцы пехуымпарадӕн йӕ иу хай сӕххӕст, израилӕгтӕ, Симы байзӕддӕгтӕ, ханаайнӕгты сӕ дӕлбар куы бакодтой, уӕд. Удӕгасӕй сӕ чи баззад (зӕгъӕм, гаваойнӕгтӕ [ЙсН 9]), уыдонӕй израилӕгтӕ сӕхицӕн цагъартӕ скодтой. Сӕдӕ азты фӕстӕ ацы пехуымпарад дарддӕр ӕххӕст кодта – Хамы фырт Ханааны байзӕддӕгтӕ, Иафеты хӕдзарвӕндагӕй чи рацыд, уыцы дунеон паддзахӕдты (Мидо-Перси, Греци, Ром) дӕлбар баисты.

(Райдиан 10:9, 10) Нимрод сси тыхджын цуанон, уый цыди Йегъовӕйы ныхмӕ. Афтӕ дӕр уымӕн фӕзӕгъынц: «Нимродау тыхджын цуанон, цӕуы Йегъовӕйы ныхмӕ». 10 Йӕ паддзахады фыццаг горӕттӕ уыдысты Вавилон, Ерех, Аккад ӕмӕ Халне – Сеннаары зӕххыл.

it-U «Нимрод», 3 абз.

Нимрод

Нимроды паддзахады фыццаг горӕттӕ уыдысты Вавилон, Ерех, Аккад ӕмӕ Халне, ӕмӕ иууылдӕр уыдысты Сеннаары зӕххыл (Рд 10:10). Уымӕ гӕсгӕ Вавилон ӕмӕ йӕ мӕсыг, ӕвӕццӕгӕн, Нимроды разамындӕй райдыдтой аразын. Афтӕ нымадтой дзуттӕгтӕ дӕр рагӕй фӕстӕмӕ дӕр. Иосиф Флавий ныффыста: «[Нимрод] гыццылгай-гыццылгай афтӕ архайдта, цӕмӕй бартӕ иууылдӕр йӕ къухы уыдаиккой. Афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ адӕм йӕ дӕлбар куы уой, ӕрмӕстдӕр уӕд нал тӕрсдзысты Хуыцауӕй ӕмӕ йӕ ныууадздзысты. Ӕртхъирӕн кодта, Хуыцауӕй йӕ маст кӕй райсдзӕн, ногӕй та йӕ зӕхх доны бын фӕкӕнын куы бафӕнда, уӕд; фӕндыд ӕй, дон кӕйонг схӕццӕ уыдаид, уымӕй бӕрзонддӕр мӕсыг саразын ӕмӕ сӕ фыдӕлты мӕлӕты тыххӕй йӕ маст райсын. Адӕм ын йӕ уынаффӕмӕ байхъуыстой. Хуыцауы коммӕ кӕсын сын цагъарадӕй уӕлдай нӕ уыд, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ мӕсыг амайын райдыдтой... ӕмӕ куыст, ӕнхъӕл куыд ничи уыд, афтӕ тагъд цыди» (Иудейские древности I. 4. 2, 3).

Библийӕ бакӕсинаг

(Райдиан 10:6–32) Хамы фырттӕ уыдысты Куш, Мицраим, Фут ӕмӕ Ханаан. 7 Кушы фырттӕ уыдысты Севӕ, Хавилӕ, Савтӕ, Раамӕ ӕмӕ Савтехӕ. Раамӕйы фырттӕ та уыдысты Савӕ ӕмӕ Дедан. 8 Кушӕн ма райгуырд Нимрод дӕр. Уый уыд зӕххыл фыццаг тыхджын лӕг. 9 Нимрод сси тыхджын цуанон, уый цыди Йегъовӕйы ныхмӕ. Афтӕ дӕр уымӕн фӕзӕгъынц: «Нимродау тыхджын цуанон, цӕуы Йегъовӕйы ныхмӕ». 10 Йӕ паддзахады фыццаг горӕттӕ уыдысты Вавилон, Ерех, Аккад ӕмӕ Халне – Сеннаары зӕххыл. 11 Уырдыгӕй Нимрод ацыд Ассиримӕ ӕмӕ уым сарӕзта Ниневи, Реховофир ӕмӕ Калах, 12 стӕй ма Ресен дӕр – Ниневи ӕмӕ Калахы ’хсӕн. Уыдонӕй рауад стыр горӕт. 13 Мицраимӕн райгуырдысты Лудим, Анамим, Легавим, Нафтухим, 14 Патрусим, Каслухим,– уымӕй рацыдысты филистимӕгтӕ,– ӕмӕ Кафторим. 15 Ханаанӕн райгуырдысты Сидон, йӕ фыццаг лӕппу, ӕмӕ Хет. 16 Ханаанӕй рацыдысты йевусейтӕ, аморейтӕ, гергесейтӕ, 17 евейтӕ, аркейтӕ, синейтӕ, 18 арвадейтӕ, цемарейтӕ ӕмӕ хаматейтӕ. Уый фӕстӕ, Ханаанӕй цы мыггӕгтӕ рацыд, уыдон алы рӕтты ӕрцардысты. 19 Ӕмӕ ханаайнӕгты зӕххытӕ уыдысты Сидонӕй Герары онг, Газӕмӕ хӕстӕг, стӕй Содом ӕмӕ Гоморрӕйы онг, Адмӕ ӕмӕ Севоимы онг, Лашӕмӕ хӕстӕг. 20 Уыдон уыдысты Хамы фырттӕ, чи сӕ кӕцы хӕдзарвӕндагӕй рацыд, чи сӕ цы ӕвзагыл дзырдта, чи сӕ кӕцы зӕххыл цард ӕмӕ кӕцы адӕмыхаттӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ. 21 Цот рацыд хистӕр фырт Иафеты ӕфсымӕр Симӕн дӕр – уымӕй рацыдысты Еверы фырттӕ иууылдӕр. 22 Симы фырттӕ уыдысты Елам, Ассур, Арфаксад, Луд ӕмӕ Арам. 23 Арамы фырттӕ уыдысты Уц, Хул, Гефер ӕмӕ Маш. 24 Арфаксадӕн райгуырд Салӕ, Салӕйӕн та райгуырд Евер. 25 Еверӕн райгуырд дыууӕ фырты. Сӕ иуӕн йӕ ном уыди Фалек, уымӕн ӕмӕ йӕ рӕстӕджы зӕххыл адӕм ныддихтӕ сты. Йе ’фсымӕры ном та хуынди Иоктан. 26 Иоктанӕн райгуырдысты Алмодад, Шалеф, Хацармавеф, Йерах, 27 Гадорам, Узал, Диклӕ, 28 Овал, Авимаил, Савӕ, 29 Офир, Хавилӕ ӕмӕ Иовав. Уыдон иууылдӕр уыдысты Иоктаны фырттӕ. 30 Кӕм цардысты, уыцы зӕххытӕ уыдысты Месӕйӕ Сефармӕ – Сефар у хӕхбӕстӕ Скӕсӕны. 31 Уыдон уыдысты Симы фырттӕ, чи сӕ кӕцы хӕдзарвӕндагӕй рацыд, чи сӕ цы ӕвзагыл дзырдта, чи сӕ кӕцы зӕххыл цард ӕмӕ кӕцы адӕмыхаттӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ. 32 Уыдон уыдысты, Нойы фырттӕй чи рацыд, уыцы мыггӕгтӕ – чи сӕ кӕцы хӕдзарвӕндагӕй рацыд ӕмӕ сӕ чи цы адӕмыхаттӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ. Уыдонӕй рацыдысты, доны хъаймӕты фӕстӕ зӕххыл цы адӕмыхӕттытӕ фӕзынд, уыдон.

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

mwb16.01-U 8

Арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕн. «Хорз хабар Хуыцауӕй» чи хуыйны, уыцы брошюрӕйы фӕрцы куыд ис адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнӕн

1. Цӕмӕй адӕймагӕн йӕ хъус сӕйраг хъуыдымӕ ӕрдарай, уый тыххӕй йын бакӕс абзацы размӕ ставдӕй фыст фарста.

2. Бакӕс абзац.

3. Зулӕй фыст стихтӕ бакӕс ӕмӕ йын фарстаты фӕрцы баххуыс кӕн, цӕмӕй бамбара, стихты фарстайӕн цавӕр дзуапп ис, уый.

4. Кӕд ма дзы абзац кӕсинаг уа, уӕд-иу 2-аг ӕмӕ 3-аг уынаффӕтӕм гӕсгӕ бакӕн. Кӕд сайты jw.org уыцы фарстайы фӕдыл видеоролик ис, уӕд-иу ын ӕй равдис.

5. Адӕймаг сӕйраг хъуыды бамбӕрста ӕви нӕ, уый цӕмӕй бамбарай, уый тыххӕй йын зӕгъ, цӕмӕй ставдӕй фыст фарстайӕн дзуапп ратта.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын