3 СӔР
Хуыцаумӕ адӕмы тыххӕй цавӕр фӕнд ис?
1. Хуыцаумӕ адӕмы тыххӕй цавӕр фӕнд ис?
ХУЫЦАУМӔ адӕмы тыххӕй ис диссаджы фӕнд. Уый фӕнды, цӕмӕй адӕм уой ӕххӕст ӕмӕ амондджын, цӕмӕй ма рынчын кӕной, ма зӕронд кӕной ӕмӕ ма мӕлой. Хуыцау фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы, Адам ӕмӕ Евӕйы, куы сфӕлдыста, уӕд сӕ ӕрцӕрын кодта рӕсугъд цӕхӕрадоны. Йӕ фӕнд уыд, цӕмӕй цот уагътаиккой ӕмӕ ӕнӕхъӕн зӕххӕй дзӕнӕт сарӕзтаиккой. Стӕй ма сын цӕрӕгойты дӕр сӕ бар бакодта (Райдиан 1:28; 2:8, 9, 15; кӕс 6-ӕм уӕлӕмхасӕн).
2. а) Кӕцӕй йӕ зонӕм, Хуыцау, цы сфӕнд кодта, уый кӕй сараздзӕн? б) Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ зӕххыл цавӕр адӕм хъуамӕ цӕра ӕмӕ цас рӕстӕг?
2 Куыд хъуыды кӕныс, искуы дзӕнӕты цӕрдзыстӕм? Йегъовӕ загъта: «Сфӕнд кодтон, ӕмӕ йӕ сараздзынӕн» (Исай 46:9–11; 55:11). О, цы сфӕнд кодта, уый сараздзӕн, ӕмӕ йӕ ницы бахъыгдардзӕн. Йегъовӕ зӕгъы, зӕхх бӕлвырд цӕйдӕр тыххӕй кӕй сфӕлдыста. «Дзӕгъӕлы йӕ не сфӕлдыста» (Исай 45:18). Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй адӕм цӕрой ӕгас зӕххыл дӕр. Фӕлӕ йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ зӕххыл цавӕр адӕм хъуамӕ цӕра ӕмӕ цас рӕстӕг? Библийы фыст ис: «Рӕстгӕнджытӕ [кӕнӕ коммӕгӕс адӕм] зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Псалом 37:29; Раргомад 21:3, 4).
3. Адӕм кӕй рынчын кӕнынц ӕмӕ кӕй мӕлынц, уымӕ гӕсгӕ бирӕтӕм цавӕр фарста фӕзыны?
3 Фӕлӕ абон адӕм рынчын кӕнынц ӕмӕ мӕлынц. Бирӕ рӕтты адӕм кӕрӕдзиимӕ хӕцынц ӕмӕ кӕрӕдзи марынц. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауы уый нӕ фӕндыд. Уӕдӕ афтӕ цӕмӕн рауад? Уымӕн дзуапп ис ӕрмӕстдӕр Библийы.
ХУЫЦАУЫ ЗНАГ
4, 5. а) Едемы цӕхӕрадоны Евӕимӕ калмы уылты чи ныхас кодта? б) Адӕймаг давӕг куыд свӕййы?
4 Библи зӕгъы, Хуыцауӕн кӕй ис знаг. Уый хуыйны «Хӕйрӕг ӕмӕ Сайтан». Едемы цӕхӕрадоны Хӕйрӕг Евӕимӕ куы ныхас кодта, уӕд спайда кодта калмӕй (Раргомад 12:9; Райдиан 3:1). Евӕмӕ афтӕ каст, цыма йемӕ калм дзырдта. (Кӕс 7-ӕм уӕлӕмхасӕн.)
5 Фӕлӕ цымӕ Хӕйрӕг кӕцӕй фӕзынд? Ахӕмӕй йӕ Хуыцау сфӕлдыста? Нӕ! Уый уыд зӕд ӕмӕ, Хуыцау зӕхх цӕрынӕн куы цӕттӕ кодта, уӕд уыцы зӕд дӕр уыди уӕлӕрвты (Иов 38:4, 7). Фӕлӕ стӕй фӕивта ӕмӕ сси Хӕйрӕг. Уымӕн гӕнӕн куыд уыд? Зӕгъӕм, давгӕ чи нӕ фӕкӕны, ахӕм адӕймаг куыд фӕивы ӕмӕ давӕг куыд свӕййы? Давӕгӕй ничи райгуыры. Фӕлӕ адӕймаг бабӕллы, йӕхи цы нӕ вӕййы, уымӕ. Ӕмӕ ууыл ӕдзух кӕй фӕхъуыды кӕны, уымӕ гӕсгӕ йӕм ноджы тынгдӕр фӕбӕллы. Стӕй йын фадат куы фӕвӕййы, уӕд ӕй радавы ӕмӕ афтӕмӕй давӕг свӕййы. (Бакӕс Иаковы 1:13–15; кӕс 8-ӕм уӕлӕмхасӕн.)
6. Иу зӕд Хуыцауы знаг куыд сси?
6 Афтӕ рауад йӕ хабар уыцы зӕдӕн дӕр. Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйы куы сфӕлдыста, уӕд сын загъта, цот уадзут ӕмӕ «зӕхх байдзаг кӕнут», зӕгъгӕ (Райдиан 1:27, 28). Уыцы зӕд, чи зоны, ахъуыды кодта: «Цы хорз уаид, ӕппӕт уыцы адӕм Йегъовӕйӕн нӕ, фӕлӕ мӕнӕн куы кувиккой!» Ӕмӕ ууыл цас фылдӕр хъуыды кодта, уыйас тынгдӕр бӕллыд, Йегъовӕйы цы уыд, уымӕ. Уыцы зӕды фӕндыд, цӕмӕй адӕм уымӕн куывтаиккой. Гъемӕ Евӕйӕн Хуыцауӕй мӕнг ныхӕстӕ фӕкодта, ӕмӕ йыл уый дӕр баууӕндыд. (Бакӕс Райдиан 3:1–5.) Уыцы зӕд афтӕ куы бакодта, уӕд сси Сайтан Хӕйрӕг. Уый сси Хуыцауы знаг.
7. а) Адам ӕмӕ Евӕ цӕмӕн амардысты? б) Адӕм цӕмӕн зӕронд кӕнынц ӕмӕ цӕмӕн мӕлынц?
7 Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйӕн загъта, цӕмӕй иу бӕласы дыргътӕй ма бахордтаиккой. Загъта сын, зӕгъгӕ дзы куы бахӕрат, уӕд амӕлдзыстут. Фӕлӕ уыдон Хуыцаумӕ нӕ байхъуыстой ӕмӕ уыцы бӕласы дыргътӕй бахордтой (Райдиан 2:17; 3:6). Уыдон Йегъовӕйы раз тӕригъӕд сарӕзтой ӕмӕ ӕппынфӕстаг амардысты, Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ (Райдиан 3:17–19). Адам ӕмӕ Евӕйӕн сӕ цот дӕр уыдысты тӕригъӕдджын, ӕмӕ уыдон дӕр амардысты. (Бакӕс Ромӕгтӕм 5:12.) Сӕ цот дӕр тӕригъӕдджын цӕмӕн уыдысты, уый бамбарыны тыххӕй ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Зӕгъӕм, зылын тебӕйы дзултӕ фыцыс. Дӕ дзултӕ цыхуызӕн рауайдзысты? Зылынтӕ. Адам Хуыцауы ныхасы сӕрты куы ахызт, уӕд сси тӕригъӕдджын. Мах Адамы цот кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ иууылдӕр стӕм тӕригъӕдджын, ома нӕм уыйау ис цыдӕр хъӕндзинад. Ӕмӕ адӕм уый тыххӕй зӕронд кӕнынц ӕмӕ мӕлынц (Ромӕгтӕм 3:23; кӕс 9-ӕм уӕлӕмхасӕн).
8, 9. а) Хӕйрӕг Адам ӕмӕ Евӕйы цӕуыл баууӕндын кодта? б) Йегъовӕ змӕнтджыты уайтагъд цӕуылнӕ фесӕфта?
8 Хӕйрӕг Адам ӕмӕ Евӕйы тӕригъӕды бафтыдта, ӕмӕ афтӕмӕй ӕртӕйӕ дӕр Хуыцауы ныхмӕ рацыдысты. Уый фӕндыд, цӕмӕй Адам ӕмӕ Евӕ хъуыды кӕнын райдыдтаиккой, зӕгъгӕ нӕ Йегъовӕ сайгӕ кӕны, хорз хицау нӕу ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй амондджын уӕм. Хӕйрӕджы ныхӕстӕй афтӕ уад, ӕмӕ адӕм ӕнӕ Хуыцауӕй дӕр зонынц, куыд цӕргӕ сын у, уый, стӕй, хорз цы у ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый Адам ӕмӕ Евӕйӕн сӕхи бон у скъуыддзаг кӕнын. Уыцы уавӕры Йегъовӕ куыд бакодта? Йӕ бон уыд змӕнтджыты фесафын ӕмӕ сӕ ӕгоммӕгӕсдзинадӕн кӕрон скӕнын. Фӕлӕ цымӕ уӕд сбӕлвырд уыдаид, Хӕйрӕг сайгӕ кӕй кӕны, уый? Нӕ.
9 Уымӕ гӕсгӕ сӕ Йегъовӕ уайтагъд нӕ фесӕфта. Уый адӕмӕн рӕстӕг радта, цӕмӕй сӕхӕдӕг хицӕуттӕ уой. Афтӕмӕй хъуамӕ сбӕлвырд уыдаид, Хӕйрӕг сайгӕ кӕй кӕны ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ кӕй зоны, адӕмӕн хуыздӕр цы у, уый. Уый тыххӕй фылдӕр базондзыстӕм 11-ӕм сӕрӕй. Фӕлӕ дӕм куыд кӕсы, Адам ӕмӕ Евӕ, Хӕйрӕджы ныхӕстыл кӕй баууӕндыдысты ӕмӕ Хуыцауы ныхасы сӕрты кӕй ахызтысты, уымӕй раст бакодтой? Адам ӕмӕ Евӕйӕн алцыдӕр Йегъовӕ радта. Радта сын ӕххӕст цард, рӕсугъд цӕрӕнбынат ӕмӕ, сӕ зӕрдӕмӕ чи цыд, ахӕм куыст. Хӕйрӕг та сын хорзӕй никуы ницы сарӕзта. Ды уым куы уыдаис, уӕд куыд бакодтаис?
10. Махӕй алкӕйдӕр цавӕр ахсджиаг уынаффӕ хъӕуы рахӕссын?
10 Абон махӕй алкӕйдӕр хъӕуы уынаффӕ рахӕссын, ӕмӕ цы равзардзыстӕм, уымӕй кӕнгӕ у нӕ фидӕн. Нӕ бон у нӕхицӕн хицауӕй Йегъовӕйы равзарын ӕмӕ уымӕй равдисын, Хӕйрӕг сайгӕ кӕй кӕны. Йе та нӕ бон у нӕхицӕн хицауӕй Хӕйрӕджы равзарын (Псалом 73:28; бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Абон Хуыцауы коммӕ чи кӕсы, уыцы адӕм бирӕ не сты. Ацы дунейы хицау Хуыцау нӕу. Фӕлӕ уӕд йӕ хицау чи у?
АЦЫ ДУНЕЙЫ ХИЦАУ ЧИ У?
Дунейы паддзахӕдтӕ Хӕйрӕджы къухы куы нӕ уыдаиккой, уӕд сӕ Йесойӕн лӕвӕрдтаид?
11, 12. а) Хӕйрӕг Йесойӕн цы загъта, уымӕй нӕ бон цы у базонын? б) Ацы дунейы хицау Хӕйрӕг кӕй у, уый кӕцы стихтӕ ӕвдисынц?
11 Йесо зыдта, ацы дунейы хицау чи у, уый. Иухатт ын Хӕйрӕг «равдыста дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ ӕмӕ сӕ кад». Стӕй йын загъта: «Ӕппӕт адӕттӕ дын ратдзынӕн, дӕ зонгуытыл куы ӕрхауай ӕмӕ мын куы бакувай, уӕд» (Матфейы 4:8, 9; Лукайы 4:5, 6). Ахъуыды-ма йыл кӕн: уыцы паддзахӕдтӕ Хӕйрӕджы къухы куы нӕ уыдаиккой, уӕд сӕ Йесойӕн куыд лӕвӕрдтаид? Уӕдӕ Хӕйрӕджы ныхӕстӕй бӕрӕг у, хицауӕдтӕ иууылдӕр йӕ къухы кӕй сты.
12 Чи зоны, ахъуыды кӕнай: «Куыд у Хӕйрӕг ацы дунейы хицау, кӕд ӕмӕ Йегъовӕ у Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау? Дун-дуне Йегъовӕ не сфӕлдыста?» (Раргомад 4:11). О, уый афтӕ у. Фӕлӕ Йесо дӕр дзырдта, «ацы дунейы хицау» Хӕйрӕг кӕй у (Иоанны 12:31; 14:30; 16:11). Апостол Павел Сайтан Хӕйрӕджы схуыдта «ацы цардӕвӕрды хуыцау» (2 Коринфӕгтӕм 4:3, 4). Апостол Иоанн та ныффыста: «Ӕгас дуне... ис Фыдбылызы къухы» (1 Иоанны 5:19).
ХӔЙРӔДЖЫ ДУНЕЙӔН КӔРОН КУЫД ӔРЦӔУДЗӔН?
13. Ног дуне нӕ цӕмӕн хъӕуы?
13 Ацы дуне бонӕй-бонмӕ фыддӕрӕй-фыддӕр кӕны. Алы рӕтты цӕуы хӕстытӕ, фыдракӕндтӕ, бирӕтӕ сты гӕртамхор ӕмӕ мӕнгард. Адӕмӕн сӕ бон нӕу уыдӕттӕн кӕрон скӕнын, ууыл тынг куы архайой, уӕддӕр. Фӕлӕ Йегъовӕйӕн уый йӕ бон у. Тагъд Хуыцау йӕ хӕсты, Армагеддоны, ацы фыддуне фесафдзӕн ӕмӕ йӕ бӕсты скӕндзӕн, рӕстдзинад кӕм уыдзӕн, уыцы ног дуне (Раргомад 16:14–16; кӕс 10-ӕм уӕлӕмхасӕн).
14. Хуыцау йӕ Паддзахады Паддзахӕй кӕй сӕвӕрдта? Библийы Йесойы тыххӕй бирӕ раздӕр цы ’рцыд фыст?
14 Хуыцау ног дуне куыд скӕндзӕн? Йӕ уӕларвон хицауады фӕрцы. Уыцы хицауад хуыйны Хуыцауы Паддзахад. Йегъовӕ уыцы Паддзахады Паддзахӕй сӕвӕрдта Йесо Чырыстийы. Цалдӕр мин азы размӕ Библийы фыст ӕрцыд, Йесо кӕй уыдзӕн «Фарны кънйаз» ӕмӕ йӕ хицаудзинадӕн кӕрон кӕй никуы уыдзӕн (Исай 9:6, 7). Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дзырдта, уыцы хицауады тыххӕй афтӕ кӕй хъуамӕ кувой: «Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр» (Матфейы 6:10). 8-ӕм сӕрӕй базондзыстӕм, зӕххон хицауӕдты бӕсты Хуыцауы Паддзахад ӕвӕрд куыд ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй. (Бакӕс Данелы 2:44.) Уыцы Паддзахад зӕххӕй скӕндзӕн ӕмбисонды рӕсугъд дзӕнӕт. (Кӕс 11-ӕм уӕлӕмхасӕн.)
НОГ ДУНЕ ХӔСТӔГ У!
15. «Ног зӕхх» цы у?
15 Хуыцау нын Библийы зӕрдӕ ӕвӕры: «Мах... ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, рӕстдзинад кӕм уыдзӕн, уыцы ног арв ӕмӕ ног зӕхмӕ» (2 Петры 3:13; Исай 65:17). Библийы дзырд «зӕхх» кӕм ӕмбӕлы, уым кӕцыдӕр рӕтты амоны, зӕххыл чи цӕры, уыцы адӕммӕ (1 Азфыстыты 16:31). Уӕдӕ, рӕстдзинад кӕм уыдзӕн, уыцы «ног зӕхх» амоны, Хуыцауы коммӕ чи кӕсдзӕн ӕмӕ Хуыцау кӕмӕн арфӕ кӕндзӕн, ӕппӕт уыцы адӕммӕ.
16. Хуыцау цавӕр диссаджы лӕвар скӕндзӕн, ног дунейы чи цӕрдзӕн, уыдонӕн ӕмӕ цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй уыцы лӕварӕй схайджын уӕм?
16 Йесо загъта, Хуыцауы ног дунейы чи цӕрдзӕн, уыдон кӕй схайджын уыдзысты «ӕнусон цардӕй» (Марчы 10:30). Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй уыцы лӕварӕй схайджын уӕм? Ацы фарстайӕн дзуапп базоныны тыххӕй бакӕс Иоанны 3:16 стих ӕмӕ 17:3 стих. Ныр та ӕркӕсӕм, зӕххыл дзӕнӕты цард цыхуызӕн уыдзӕн, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис, уымӕ.
17, 18. Кӕцӕй йӕ зонӕм, зӕххыл алы ран дӕр сабырдзинад кӕй уыдзӕн ӕмӕ нын тӕссаг кӕй ницӕмӕй уыдзӕн?
17 Нал уыдзӕн фыддзинад, хӕстытӕ, фыдракӕндтӕ ӕмӕ тыхми. Зӕххыл иу фыдгӕнӕг дӕр нал баззайдзӕн (Псалом 37:10, 11). Хуыцау «зӕххы кӕрӕтты онг... хӕстытӕ» бауромдзӕн (Псалом 46:9; Исай 2:4). Ӕгас зӕххыл дӕр цӕрдзӕн, Хуыцауы чи уарздзӕн ӕмӕ йӕ коммӕ чи кӕсдзӕн, ахӕм адӕм. Ӕмӕ зӕххыл ӕнустӕм уыдзӕн сабырдзинад (Псалом 72:7).
18 Йегъовӕйы адӕмӕн тӕссаг ницӕмӕй уыдзӕн. Раджы заманты-иу израилӕгтӕ Хуыцауы коммӕ куы кастысты, уӕд-иу ӕдасӕй цардысты, уымӕн ӕмӕ-иу сӕ Хуыцау хъахъхъӕдта (Левит 25:18, 19). Дзӕнӕты ницӕмӕй ӕмӕ никӕмӕй тӕрсдзыстӕм. Тас цы у, уый нал зондзыстӕм! (Бакӕс Исайы 32:18; Михейы 4:4.)
19. Хуыцауы ног дунейы хӕринаг бирӕ кӕй уыдзӕн, уый кӕцӕй зонӕм?
19 Ног дунейы уыдзӕн бирӕ хӕринаг. «Зӕххыл хор уыдзӕн парахат, хӕхты цъуппытыл зӕу-зӕу кӕндзӕн» (Псалом 72:16). «Нӕ Хуыцау нын раарфӕ кӕндзӕн», ӕмӕ «зӕхх ратдзӕн тыллӕг» (Псалом 67:6).
20. Зӕхх дзӕнӕт кӕй суыдзӕн, уый кӕцӕй зонӕм?
20 Зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр суыдзӕн дзӕнӕт. Адӕмӕн уыдзӕн рӕсугъд хӕдзӕрттӕ, цӕхӕрадӕттӕ ӕмӕ дыргъдӕттӕ. (Бакӕс Исайы 65:21–24; Раргомад 11:18.) Ӕгас зӕхх дӕр уыдзӕн, Едемы цӕхӕрадон куыд рӕсугъд уыд, афтӕ рӕсугъд. Йегъовӕ нын алкӕддӕр дӕтдзӕн, цыдӕриддӕр нӕ хъӕуа, уый. Библийы Йегъовӕйы тыххӕй фыст ис: «Дӕ къух байгом кӕныс ӕмӕ алкӕмӕн дӕр раттыс, йӕ зӕрдӕ цы зӕгъы, уый» (Псалом 145:16).
21. Кӕцӕй йӕ зонӕм, адӕм ӕмӕ цӕрӕгойтӕ кӕрӕдзийӕ кӕй нал тӕрсдзысты?
21 Адӕм ӕмӕ цӕрӕгойтӕ кӕрӕдзийӕ нал тӕрсдзысты. Цӕрӕгойтӕ адӕмӕн зиан нал хӕсдзысты. Абон нын тӕссаг кӕмӕй у, уыцы цӕрӕгойтӕй гыццыл сывӕллӕттӕ дӕр нӕ тӕрсдзысты. (Бакӕс Исайы 11:6–9; 65:25.)
22. Йесо рынчынтӕн куыд баххуыс кӕндзӕн?
22 Рынчын ничиуал кӕндзӕн. Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд бирӕ адӕмы сдзӕбӕх кодта (Матфейы 9:35; Марчы 1:40–42; Иоанны 5:5–9). Фӕлӕ дзӕнӕты та, Хуыцауы Паддзахады Паддзах уӕвгӕйӕ, се ’ппӕты дӕр сдзӕбӕх кӕндзӕн. Иу адӕймаг дӕр никуыуал зӕгъдзӕн: «Ӕз рынчын дӕн» (Исай 33:24; 35:5, 6).
23. Чи амард, уыдоны тыххӕй Хуыцаумӕ цавӕр фӕнд ис?
23 Чи амард, уыдон та ногӕй цӕрдзысты. Хуыцау зӕрдӕ ӕвӕры, миллиардтӕ кӕй райгас уыдзысты. «Райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр» (Хъуыддӕгтӕ 24:15; бакӕс Иоанны 5:28, 29).
24. Фӕндид дӕ зӕххыл дзӕнӕты цӕрын?
24 Не ’ппӕтӕн дӕр нӕ бон у равзарын: Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр базондзыстӕм ӕмӕ йын лӕггад кӕндзыстӕм, ӕви, нӕхи цы фӕнды, уый араздзыстӕм. Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нӕ куы бафӕнда, уӕд нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсдзӕн диссаджы фидӕн. Йесо, йӕ фарсмӕ хъӕдыл ауыгъд чи уыд, уыцы нӕлгоймагӕн зӕрдӕ бавӕрдта: «Уыдзынӕ мемӕ Дзӕнӕты» (Лукайы 23:43). Цӕй ӕмӕ фылдӕр базонӕм, Йесо Чырысти чи у ӕмӕ Хуыцауы диссаджы зӕрдӕвӕрдтӕ куыд сӕххӕст кӕндзӕн, уый тыххӕй.