Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwbr19 апрель 1–12 фф.
  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ
  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ 2019
  • Сӕргӕндтӕ
  • 1–7 АПРЕЛЫ
  • 8–14 АПРЕЛЫ
  • 22–28 АПРЕЛЫ
  • 29 АПРЕЛЫ – 5 МАЙЫ
Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ 2019
mwbr19 апрель 1–12 фф.

Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ

1–7 АПРЕЛЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | 1 КОРИНФӔГТӔМ 7–9

«Адӕймагӕн бинонтӕ куы нӕ вӕййы, уӕд ын уый стыр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕссы»

(1 Коринфӕгтӕм 7:32) Мӕн уый фӕнды, цӕмӕй мӕт мацӕуыл кӕнат. Бинонтӕ кӕмӕн нӕй, ахӕм адӕймаг мӕт кӕны Хицауы хъуыддӕгтыл – Хицауы зӕрдӕ куыд барухс кӕна, ууыл.

w11 15/1 18 ф., 3 абз.

Дӕ лӕварӕй, хуыздӕр куыд у, афтӕ пайда кӕн

3 Бинонтӕ кӕмӕн нӕй, ахӕм адӕймагӕн вӕййы фылдӕр рӕстӕг ӕмӕ фылдӕр сӕрибардзинад (1 Кор. 7:32–35). Вӕййы йын диссаджы фадӕттӕ, цӕмӕй фылдӕр хъусын кӕна, йӕ зӕрдӕйы хъармӕй фылдӕр адӕмы рӕвдауа ӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕна. Бирӕ чырыстӕттӕ хорз зонынц, адӕймагӕн бинонтӕ куы нӕ уа, уӕд уый цы пайда ӕрхӕссы. Ӕмӕ сфӕнд кодтой, уыцы хъуыддаг цасдӕр рӕстӕгмӕ аргъӕвын. Чидӕртӕ та кӕд нӕ хъавыдысты иунӕгӕй цӕрын, фӕлӕ сӕ уавӕртӕ куы фӕивтой, уӕд сӕ цардыл дзӕбӕх ахъуыды кодтой ӕмӕ загътой, Йегъовӕйы фӕрцы уыдонӕн дӕр сӕ бон кӕй суыдзӕни ӕнӕ цардӕмбалӕй цӕрын. Ӕмӕ сӕ нал бафӕндыд сӕ царды исты фӕивын (1 Кор. 7:37, 38).

(1 Коринфӕгтӕм 7:33, 34) Бинонтӕ кӕмӕн ис, уый та мӕт кӕны дунейы хъуыддӕгтыл – йӕ усы зӕрдӕ куыд барухс кӕна, ууыл, 34 ӕмӕ йӕ зӕрдӕ у дыууӕ дихы. Афтӕ, бинонтӕ кӕмӕн нӕй, ахӕм сылгоймаг кӕнӕ ӕнӕцыд чызг дӕр мӕт кӕны Хицауы хъуыддӕгтыл, йӕ буар дӕр ӕмӕ йӕ зонд дӕр сыгъдӕг куыд уой, ууыл. Моймӕдзыд сылгоймаг та мӕт кӕны дунейы хъуыддӕгтыл – йӕ лӕджы зӕрдӕ куыд барухс кӕна, ууыл.

w08 15/7 27 ф., 1 абз.

Ахсджиаг хъуыдытӕ Коринфӕгтӕм фыццаг ӕмӕ дыккаг фыстӕджытӕй

7:33, 34 – Бинонтӕ кӕмӕн ис, ахӕм нӕлгоймаг кӕнӕ сылгоймаг кӕуыл мӕт кӕнынц, уыцы «дунейы хъуыддӕгтӕ» цы сты? Павел дзуры, бинонджын чырыстӕттӕ алы бон дӕр кӕуыл хъуыды кӕнынц, уыцы хъуыддӕгты тыххӕй, зӕгъӕм, хӕрд, уӕлӕдарӕс ӕмӕ цӕрӕнбынат. Уыдон сты, чырыстоны йӕхи цы фыдхъуыддӕгтӕй хъӕуы хизын, уыдон нӕ, фӕлӕ ’рвылбоны сагъӕстӕ (1 Иоан. 2:15–17).

(1 Коринфӕгтӕм 7:37, 38) Фӕлӕ кӕд искӕмӕн йӕ бон у, ӕмӕ бинонтӕ ма скӕна, ӕмӕ йӕхиуыл йӕ бар цӕуы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕхицӕн загъта, зӕгъгӕ, ус нӕ ракурдзынӕн кӕнӕ мой не скӕндзынӕн, ӕмӕ кӕд йӕ фӕндыл фидар хӕцы, уӕд хорз кӕны. 38 Гъемӕ уӕдӕ, ус чи ракура кӕнӕ мой чи скӕна, уый дӕр хорз бакӕндзӕн, фӕлӕ ус чи нӕ ракура кӕнӕ мой чи не скӕна, уый та – ноджы хуыздӕр.

w96-U 15/10 12 ф., 14 абз.

Бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыдонӕн Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн ис бирӕ фадӕттӕ

14 Бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыцы чырыстон кӕд йӕ уавӕрӕй нӕ пайда кӕны ӕмӕ Хуыцауӕн фылдӕр нӕ лӕггад кӕны, уӕд бинонтӕ кӕмӕн ис, уымӕй «ноджы хуыздӕр» нӕ кӕны. Уый бинонтӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй нӕ, фӕлӕ йӕ хиуарзон фӕндты тыххӕй нӕ кӕны (Матфейы 19:12). Бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыдон хъуамӕ мӕт кӕной Хицауы хъуыддӕгтыл, йӕ зӕрдӕ йын рухс кӕной ӕмӕ йын ӕдзух ӕнӕкъуылымпыйӕ лӕггад кӕной. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ахӕм адӕймаг хъуамӕ йӕ рӕстӕг ӕмӕ йӕ хъарутӕ сараза Йегъовӕйӕн ӕмӕ Йесойӕн лӕггад кӕнынмӕ. Ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзӕн зӕгъӕн, ӕмӕ бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уый «ноджы хуыздӕр» кӕны, бинонтӕ кӕмӕн ис, уымӕй.

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(1 Коринфӕгтӕм 7:11) Куы дзы ацӕуа, уӕд та мой мауал скӕнӕд, науӕд та фӕстӕмӕ йӕ лӕгимӕ бафидауӕд. Ӕмӕ лӕг дӕр йӕ усы ма ныууадзӕд.

lvs-E 251

Уӕлӕмхасӕн

Хатт чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ аскъуыддзаг кӕнынц, сӕ цардӕмбалӕй кӕй ацӕудзысты, хӕтыны азым ӕрхӕссӕн ӕм куы нӕ вӕййы, уӕд дӕр (1 Коринфӕгтӕм 7:11). Ӕркӕсӕм, чырыстонӕн цавӕр уавӕрты вӕййы йӕ бон аскъуыддзаг кӕнын, йӕ цардӕмбалӕй хицӕнӕй кӕй цӕрдзӕн, уый.

• Лӕджы йӕ бинонты дарын куы нӕ фӕнда: лӕг йӕ бинонтыл куы нӕ фӕтыхсы ӕмӕ сын, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уый дӕр куы нӕ вӕййы, суанг сӕ ӕнӕ ӕхцайӕ кӕнӕ ӕнӕ хӕринагӕй куы ныууадзы (1 Тимофеймӕ 5:8).

• Чырыстоны йӕ цардӕмбал фыднад куы кӕна: чырыстоны йӕ цардӕмбал афтӕ тынг куы фӕнӕмы, ӕмӕ йе ’нӕниздзинадӕн кӕнӕ суанг йӕ цардӕн дӕр тӕссаг куы вӕййы (Галатӕгтӕм 5:19–21).

• Чырыстоны йӕ цардӕмбал Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы нӕ уадза: лӕг кӕнӕ ус ӕппынӕдзух йӕ цардӕмбалӕн цӕлхдуртӕ куы февӕры, цӕмӕй йӕ бон ма уа Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын (Хъуыддӕгтӕ 5:29).

(1 Коринфӕгтӕм 7:36) Фӕлӕ кӕд искӕмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ йӕ бон нӕу йӕ буары монцтыл хӕцын ӕмӕ йын хуыздӕр у бинонтӕ скӕнын, ӕмӕ кӕд ӕгӕр ӕрыгон нал у, уӕд бакӕнӕд, куыд ӕй фӕнды, афтӕ – тӕригъӕд нӕ ракӕндзӕн. Ахӕм адӕймӕгтӕ бинонтӕ скӕнӕнт.

w00-U 15/7 31 ф., 2 абз.

Ацы ӕнӕгъдау дунейы хӕрзӕгъдау уай, уымӕн гӕнӕн ис

Ӕрыгонӕй адӕймагӕн йӕ монцтӕ тыхджын кӕй вӕййынц, ӕрмӕст уый тыххӕй хъуамӕ ма сфӕнд кӕна ус ракурын кӕнӕ чындзы ацӕуын. Чи зоны, нырма уыйбӕрц фӕлтӕрдджын нӕу, цӕмӕй, бинонты цард адӕймагыл цы хӕстӕ ӕвӕры, уыдон йӕхимӕ райса (Райдиан 2:24). Хуыздӕр уаид, адӕймаг ӕгӕр ӕрыгонӕй куы не скӕнид бинонтӕ, уымӕн ӕмӕ уӕд йӕ буары монцтӕ вӕййынц тыхджын ӕмӕ йӕ бон раст уынаффӕтӕ хӕссын нӕ вӕййы (1 Коринфӕгтӕм 7:36). Адӕймаджы бинонтӕ скӕнын куы фӕнда, фӕлӕ йын цардӕмбалӕн чи сбӕздзӕн, ахӕм адӕймаджы куы нӕ ара ӕмӕ йӕ буары монцты фӕдыл куы ацӕуа ӕмӕ ӕнӕгъдау хъуыддаг куы бакӕна, уӕд уый ӕнӕзонд ми уыдзӕн.

Библийӕ бакӕсинаг

(1 Коринфӕгтӕм 8:1–13) Ныр та мӕ зӕгъын фӕнды мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндты тыххӕй: мах ӕй ӕмбарӕм, зонындзинӕдтӕ не ’ппӕтмӕ дӕр кӕй ис. Фӕлӕ зонындзинӕдтӕй адӕймаг йӕ сӕр бӕрзӕндты хӕссын райдайы, уарзондзинад та фидар кӕны. 2 Кӕд исчи афтӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ цыдӕр зоны, уӕд ӕй, куыд ӕмбӕлы, афтӕ нӕма зоны. 3 Фӕлӕ кӕд адӕймаг Хуыцауы уарзы, уӕд уыцы адӕймаджы та Хуыцау зоны. 4 Мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндтӕй хӕрыны кой куы кӕнӕм, уӕд ӕй мах зонӕм, мӕнгхуыцау ӕппындӕр кӕй ницы у ӕмӕ иу Хуыцау йеддӕмӕ ӕндӕр хуыцау кӕй нӕй. 5 Кӕд арвыл ӕмӕ зӕххыл ис, хуыцӕуттӕ кӕй хонынц, ахӕмтӕ,– уымӕн ӕмӕ бирӕ ис «хуыцӕуттӕ» ӕмӕ «хицӕуттӕ»,– 6 уӕддӕр махӕн ис ӕрмӕстдӕр иу Хуыцау – нӕ Фыд. Ӕппӕт дӕр уый сфӕлдыста, ӕмӕ мах дӕр уый тыххӕй цӕрӕм. Стӕй ис ӕрмӕстдӕр иу Хицау – Йесо Чырысти. Ӕппӕт дӕр уый фӕрцы фӕзынд, ӕмӕ мах дӕр уый фӕрцы цӕрӕм. 7 О, фӕлӕ уыдӕттӕ алчи нӕ зоны. Иуӕй-иутӕ мӕнгхуыцӕуттыл афтӕ сахуыр сты, ӕмӕ исты куы фӕхӕрынц, уӕд сӕм ныр дӕр ма афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывонд хӕрынц, ӕмӕ се ’фсарм, ӕвӕлтӕрд кӕй у, уымӕ гӕсгӕ сыгъдӕг нал вӕййы. 8 Фӕлӕ хӕринагӕй Хуыцауы хорзӕх не ссардзыстӕм: куы нӕ хӕрӕм, уӕддӕр дзы ницы сафӕм, ӕмӕ куы хӕрӕм, уӕддӕр хорзӕй ницы ссарӕм. 9 Ӕрмӕст уӕхимӕ кӕсут, цӕмӕй уын афтӕ кӕныны бар кӕй ис, уый, лӕмӕгъ чи у, уыдонӕн цӕлхдур ма суа. 10 Уымӕн ӕмӕ исчи куы фена, ӕмӕ ды, алцыдӕр чи зоны, уый, мӕнгхуыцӕутты кувӕндоны фынгыл бадыс, уӕд, лӕмӕгъ чи у, уымӕ дӕр йе ’фсарм афтӕ не сдзурдзӕн, ӕз дӕр бахӕрон мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндтӕй, зӕгъгӕ? 11 Дӕ зонындзинӕдтӕй сафыс, лӕмӕгъ чи у, уый – Чырысти кӕй сӕрвӕлтау амард, уыцы ӕфсымӕры. 12 Ӕмӕ кӕд уе ’фсымӕрты раз тӕригъӕд аразут ӕмӕ сын сӕ ӕвӕлтӕрд ӕфсарм тӕрхон цӕй тыххӕй кӕны, уый аразыныл сӕ ардаут, уӕд сымах тӕригъӕд аразут Чырыстийы раз. 13 Уӕдӕ кӕд хӕринаг ме ’фсымӕрӕн цӕлхдур у, уӕд дзидза цӕрӕнбонты дӕр нал бахӕрдзынӕн, цӕмӕй ме ’фсымӕрӕн цӕлхдур ма суон.

8–14 АПРЕЛЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | 1 КОРИНФӔГТӔМ 10–13

«Йегъовӕ у иузӕрдион»

(1 Коринфӕгтӕм 10:13) Сымах цы фӕлварӕнты бахаут, уыдоны иннӕ адӕм дӕр бахауынц. Фӕлӕ Хуыцау иузӕрдион у, ӕмӕ нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй бахауат, уӕ бон бафӕразын кӕй нӕ бауа, ахӕм фӕлварӕны, фӕлӕ уын фӕлварӕны, цы бакӕнӕн ис, уый дӕр бацамондзӕн, цӕмӕй йӕ сфӕразат.

w17.02 29, 30

Кӕсджыты фарстатӕ

Апостол Павел ныффыста, зӕгъгӕ, Йегъовӕ «нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй бахауат, уӕ бон бафӕразын кӕй нӕ бауа, ахӕм фӕлварӕны» (1 Кор. 10:13). Цымӕ ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Йегъовӕ, нӕ бон сфӕразын цы бауыдзӕн, уый зонгӕйӕ рагацау аскъуыддзаг кӕны, цавӕр фӕлварӕнтыл сӕмбӕлдзыстӕм, уый?

▪ Афтӕ куы уаид, уӕд цымӕ нӕ цард куыд уаид? Иу ӕфсымӕрӕн йӕ лӕппу йӕхи куы ӕрцауыгъта, уӕд ын ӕнцой нӕ лӕвӕрдтой ахӕм хъуыдытӕ: «Цымӕ ныл ахӕм дудгӕ бон цӕмӕн акодта? Мыййаг уый тыххӕй, ӕмӕ Йегъовӕ рагацау зыдта, мӕ бинойнагимӕ нӕ лӕппуйы зиан кӕй сфӕраздзыстӕм?» Цымӕ Йегъовӕ рагацау аскъуыддзаг кӕны, цавӕр фӕлварӕнтыл сӕмбӕлдзыстӕм, уый?

Павел 1 Коринфӕгты 10:13 цы ныхӕстӕ ныффыста, уыдонмӕ лӕмбынӕгдӕр куы ’ркӕсӕм, уӕд бамбардзыстӕм иу хъуыддаг: Библимӕ гӕсгӕ раст нӕу афтӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ Йегъовӕ, нӕ бон сфӕразын цы бауыдзӕн, уый зонгӕйӕ рагацау аскъуыддзаг кӕны, цавӕр фӕлварӕнтыл сӕмбӕлдзыстӕм, уый. Афтӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн? Ӕркӕсӕм цыппар хъуыддагмӕ.

Фыццаг: Йегъовӕ адӕмӕн радта сӕрибардзинад. Бар нын дӕтты, цӕмӕй царды фӕндаг нӕхӕдӕг равзарӕм (Дык. з. 30:19, 20; Йес. Н. 24:15). Раст уынаффӕтӕ куы хӕссӕм, уӕд нын Йегъовӕ нӕ къахдзӕфтӕ араздзӕн (Ӕмб. 16:9). Фӕлӕ рӕдыд фӕндагыл куы ацӕуӕм, уӕд та, цы байтауӕм, уый ӕркӕрддзыстӕм (Гал. 6:7). Уӕдӕ, цавӕр фӕлварӕнтыл сӕмбӕлдзыстӕм, уый Йегъовӕ рагацау куы скъуыддзаг кӕнид, уӕд ма уый сӕрибардзинад схонӕн уаид?

Дыккаг: «кӕд кӕуыл цы ’рцӕудзӕн, уымӕн ничи ницы зоны», ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ фыдбылызтӕй хызт не стӕм (Еккл. 9:11). Арӕх афтӕ вӕййы, ӕмӕ адӕймагыл ӕвирхъау хабар ӕрцӕуы, кӕцыдӕр рӕстӕг кӕцыдӕр бынаты кӕй разыны, уый тыххӕй. Йесо Чырысти, иу мӕсыг куыд ныккалд ӕмӕ 18 адӕймаджы йӕ быны куыд фӕмард сты, уыцы хабары кой кӕнгӕйӕ бамбарын кодта, уыцы бӕллӕх сыл Хуыцау кӕй не ’руагъта (Лук. 13:1–5). Уӕдӕ раст нӕ уыдзӕн афтӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ Хуыцау рагацау аскъуыддзаг кӕны, цавӕрдӕр бӕллӕхы чи аирвӕздзӕн ӕмӕ чи нӕ аирвӕздзӕн, уый.

Ӕртыккаг: Хӕйрӕг цы дзырддаг фарста сӕвзӕрын кодта, уый алкӕмӕ дӕр хауы. Уый загъта, зӕгъгӕ, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй исчи фӕлварӕнты куы бахауа, уӕд ыл йӕ зӕрдӕ сивдзӕн (Иов 1:9–11; 2:4; Рарг. 12:10). Уӕдӕ нӕ Йегъовӕ кӕцыдӕр фӕлварӕнтӕй куы ирвӕзын кӕнид, уӕд афтӕ нӕ рауаид, ӕмӕ Хӕйрӕг раст у?

Цыппӕрӕм: цы ныл ӕрцӕудзӕн, уыдӕттӕй Йегъовӕйы алцы рагацау зонын нӕ фӕнды. Хуыцау рагацау куы скъуыддзаг кӕнид, цавӕр фӕлварӕнтыл сӕмбӕлдзыстӕм, уый, уӕд уый ууыл дзурӕг уаид, ӕмӕ нын нӕ фидӕны тыххӕй алцыдӕр зоны. Фӕлӕ уыцы хъуыды Библимӕ гӕсгӕ раст нӕу. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауӕн йӕ бон у, фидӕны цы уыдзӕн, уый рагацау базонын (Ис. 46:10). Фӕлӕ Библийӕ бӕрӕг у, афтӕ алкӕд кӕй нӕ фӕкӕны (Райд. 18:20, 21; 22:12). Йегъовӕ нын нӕ сӕрибардзинадӕн аргъ кӕны. Уарзӕгой ӕмӕ рӕстаг Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нын бар дӕтты, цӕмӕй-иу нӕхӕдӕг аскъуыддзаг кӕнӕм, куыд бакӕндзыстӕм, уый (Дык. з. 32:4; 2 Кор. 3:17).

Уӕдӕ куыд ӕмбаргӕ сты Павелы ныхӕстӕ, «Хуыцау... нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй бахауат, уӕ бон бафӕразын кӕй нӕ бауа, ахӕм фӕлварӕны», зӕгъгӕ? Ацы стихы Павел ӕмбарын кӕны, Йегъовӕ фӕлварӕнты размӕ нӕ, фӕлӕ, фӕлварӕнты рӕстӕг куыд фӕархайы, уый. Йегъовӕйыл нӕ ныфс куы дарӕм, уӕд цыфӕнды фӕлварӕнты дӕр нӕ фарсмӕ уыдзӕн (Пс. 55:22). Павел афтӕ цӕмӕн загъта, уый базоныны тыххӕй ӕркӕсӕм дыууӕ хъуыддагмӕ.

Фыццаг: цы фӕлварӕнты бахауӕм, «уыдоны иннӕ адӕм дӕр бахауынц». Цалынмӕ Хӕйрӕджы дунейы цӕрӕм, уӕдмӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлдзыстӕм, суанг ма ныл, гӕнӕн ис, исты ӕнамонд хабар дӕр ӕрцӕуа. Фӕлӕ нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд уыцы зындзинӕдты рӕстӕг фидар фӕлӕудзыстӕм ӕмӕ йыл иузӕрдионӕй баззайдзыстӕм (1 Пет. 5:8, 9). Павел 1 Коринфӕгтӕм 10 сӕры дзуры, израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдыры цавӕр фӕлварӕнтыл сӕмбӕлдысты, уый тыххӕй (1 Кор. 10:6–11). Йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл чи дардта, уыдон фидар фӕлӕууыдысты. Фӕлӕ, Павел куыд ныффыста, афтӕмӕй дзы «чидӕртӕ» Хуыцаумӕ нӕ байхъуыстой. Уыдон ацыдысты се ’взӕр фӕндты фӕдыл, уымӕн ӕмӕ Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ нӕ дардтой.

Дыккаг: Йегъовӕ у «иузӕрдион Хуыцау». Хуыцау йӕ адӕмӕн куыд уыд, уымӕй зыны, йе ’нувыд уарзтӕй кӕй хай кӕны, «чи йӕ уарзы ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ чи ’ххӕст кӕны, уыдонӕн» (Дык. з. 7:9). Уымӕй ма бӕрӕг у, Хуыцау йӕ ныхасӕн алы хатт дӕр хицау кӕй разыны (Йес. Н. 23:14). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм: 1) Йегъовӕ нын фӕлварӕнты рӕстӕг нӕ уавӕр уыйонг не ’руадздзӕн, цӕмӕй йӕ ма сфӕразӕм ӕмӕ 2) «фӕлварӕны, цы бакӕнӕн ис, уый дӕр [нын] бацамондзӕн».

Фӕлварӕнты рӕстӕг Йегъовӕ, йӕ зӕрдӕ йыл чи фӕдары, уыдонӕн куыд бацамоны, цы бакӕнӕн ис, уый? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ бон у, ӕмӕ нӕ фӕлварӕнӕй фервӕзын кӕна. Фӕлӕ-ма ӕркӕсӕм Павелы ныхӕстӕм: «[Йегъовӕ] фӕлварӕны, цы бакӕнӕн ис, уый дӕр бацамондзӕн, цӕмӕй йӕ сфӕразат». Уӕдӕ нын фӕлварӕнты рӕстӕг Хуыцау арӕх ратты, фидар фӕлӕууынӕн нӕ цыдӕриддӕр хъӕуы, уый. Йегъовӕ нын куыд баххуыс кӕны, уый бамбарыны тыххӕй-ма ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ.

▪ Йегъовӕ нын «удӕнцой дӕтты не ’ппӕт зындзинӕдты дӕр» (2 Кор. 1:3, 4). Йегъовӕ нӕ йӕ Ныхасы, йӕ сыгъдӕг тыхы ӕмӕ уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаджы фӕрцы ныфс бауадзы ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кӕны (Матф. 24:45; Иоан. 14:16; Ром. 15:4).

▪ Йегъовӕ нын йӕ сыгъдӕг тыхы уылты разамынд дӕтты (Иоан. 14:26). Фӕлварӕнты рӕстӕг нын сыгъдӕг тых нӕ зӕрдыл Библийӕ цавӕрдӕр хабӕрттӕ кӕнӕ уагӕвӕрдтӕ ӕрлӕууын кӕны, цӕмӕй-иу зондджын уынаффӕ рахӕссӕм.

▪ Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕны зӕдты уылты (Дзут. 1:14).

▪ Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕны нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты уылты. Уыдон нын ныхасӕй ӕмӕ хъуыддагӕй баххуыс кӕнынц ӕмӕ нын афтӕмӕй свӕййынц «ныфсы хос» (Кол. 4:11).

Уӕдӕ Павел 1 Коринфӕгтӕм 10:13 цы дзуры, уый тыххӕй цы ис зӕгъӕн? Цавӕр фӕлварӕнтыл сӕмбӕлдзыстӕм, уый Йегъовӕ рагацау не скъуыддзаг кӕны. Хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, нӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд цыфӕнды фӕлварӕны дӕр фидар кӕй фӕлӕудзыстӕм. Ӕмӕ фӕлварӕны, цы бакӕнӕн ис, уый дӕр нын бацамондзӕн, цӕмӕй йӕ сфӕразӕм. Ацы ныхӕстӕ нын нӕ зӕрдӕтӕ тынг фидар кӕнынц!

(1 Коринфӕгтӕм 10:13) Сымах цы фӕлварӕнты бахаут, уыдоны иннӕ адӕм дӕр бахауынц. Фӕлӕ Хуыцау иузӕрдион у, ӕмӕ нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй бахауат, уӕ бон бафӕразын кӕй нӕ бауа, ахӕм фӕлварӕны, фӕлӕ уын фӕлварӕны, цы бакӕнӕн ис, уый дӕр бацамондзӕн, цӕмӕй йӕ сфӕразат.

(1 Коринфӕгтӕм 10:13) Сымах цы фӕлварӕнты бахаут, уыдоны иннӕ адӕм дӕр бахауынц. Фӕлӕ Хуыцау иузӕрдион у, ӕмӕ нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй бахауат, уӕ бон бафӕразын кӕй нӕ бауа, ахӕм фӕлварӕны, фӕлӕ уын фӕлварӕны, цы бакӕнӕн ис, уый дӕр бацамондзӕн, цӕмӕй йӕ сфӕразат.

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(1 Коринфӕгтӕм 10:8) Ма бафтӕм хӕтындзинадыл, уыдонӕй чидӕртӕ куыд хӕтыдысты, афтӕ – уый тыххӕй дзы иу боны мидӕг фӕмард дыууын ӕртӕ мины.

w04-U 1/4 29

Кӕсджыты фарстатӕ

1 Коринфӕгтӕм 10:8 стихы афтӕ фыст цӕмӕн ис, зӕгъгӕ, израилӕгтӕ кӕй хӕтыдысты, уый тыххӕй дзы иу боны мидӕг 23 000 фӕмард, кӕд Нымӕцтӕ 25:9 стихы афтӕ фыст ис, зӕгъгӕ, 24 000 адӕймаджы фӕцагъды, уӕд?

Ацы дыууӕ стихы нымӕцтӕ иухуызон кӕй не сты, уымӕн ис цалдӕр аххосаджы. Иу аххосаг уый у, ӕмӕ, гӕнӕн ис, чи фӕцагъды, уыдоны нымӕц уыд 23 000 фылдӕр кӕнӕ 24 000 къаддӕр.

Уымӕн ма ис ӕндӕр аххосаг. Апостол Павел, Ситтимы израилӕгтыл цы ’рцыд, уыцы хабары тыххӕй ныффыста Коринфы чырыстӕттӕм, цӕмӕй сӕ бафӕдзӕхстаид, уымӕн ӕмӕ Коринфы цӕрджытӕ зындгонд уыдысты се ’нӕгъдаудзинадӕй. Павел фыста: «Ма бафтӕм хӕтындзинадыл, уыдонӕй чидӕртӕ куыд хӕтыдысты, афтӕ – уый тыххӕй дзы иу боны мидӕг фӕмард дыууын ӕртӕ мины». Йегъовӕ хӕтындзинады тыххӕй йӕхӕдӕг кӕй ныццагъта, уыдонӕн сӕ нымӕц цас уыд, уый тыххӕй Павел ныффыста, 23 000 адӕймаджы кӕй уыдысты (1 Коринфӕгтӕм 10:8).

Нымӕцтӕ 25 сӕры та фыст ис: «Израил табу кӕнын райдыдта Фегоры Ваалӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы маст ссыгъд Израилмӕ». Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта, цӕмӕй «адӕмы хистӕрты» ныццагътаид. Моисей та уыцы хъуыддаг тӕрхонгӕнджытӕн бабар кодта. Ӕмӕ Израилы фырттӕй иу йе ’фсымӕрты ’хсӕнмӕ мадиамаг сылгоймаджы куы ’рбакодта, уӕд ӕй Финеес амардта ӕмӕ «Израилы фырттӕ нал цагъды кодтой». Хъуыддаг куыд ахицӕн, уый тыххӕй Библийы фыст ис: «Чи фӕцагъды, уыдон уыдысты дыууын цыппар мин адӕймаджы» (Нымӕцтӕ 25:1–9).

Нымӕцты чиныджы цы 24 000 адӕймаджы кой цӕуы, уыдонмӕ, ӕвӕццӕгӕн, хауынц, Йегъовӕ йӕхӕдӕг кӕй амардта, уыдон ӕмӕ, тӕрхонгӕнджытӕ цы «адӕмы хистӕрты» амардтой, уыдон дӕр. Цы 24 000 адӕймаджы фӕмард, уыдонӕй, чи зоны, тӕрхонгӕнджыты къухӕй фӕмард 1 000 «адӕмы хистӕры». Уыцы хистӕртӕ сӕхӕдӕг хӕтыдысты, мӕнг хуыцауӕн кувынимӕ баст бӕрӕгбоны архайдтой ӕви уыцы хъуыддӕгты архайынӕн иннӕтӕн бар лӕвӕрдтой, уӕддӕр аххосджын уыдысты, Фегоры Ваалмӕ кӕй «баиу» сты, уый тыххӕй.

Иу чиныджы фыст ис, дзырд «баиу» кӕй нысан кӕны «хи кӕуылдӕр сбӕттын». Израилӕгтӕ уыдысты Йегъовӕйы адӕм, фӕлӕ Фегоры Ваалмӕ куы баиу сты, уӕд Йегъовӕйы адӕмыл нымад нал уыдысты. 700 азы фӕстӕ Йегъовӕ пехуымпар Осийы уылты израилӕгты тыххӕй загъта: «Фӕлӕ уыдон Фегоры Ваалмӕ ацыдысты ӕмӕ сӕхи уыцы фидиссаг хуыцауӕн снывонд кодтой. Ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр, цы бауарзтой, уый хуызӕн ӕлгъаг систы» (Оси 9:10). Афтӕ чидӕриддӕр бакодта, уыдон уыдысты Хуыцауы карз тӕрхоны аккаг. Моисей израилӕгтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта: «Сымах уӕхи цӕстӕй федтат, Йегъовӕ Фегоры раз куыд бакодта, уый: Фегоры Ваалы фӕдыл чидӕриддӕр ацыд, уыдоны уӕ Хуыцау Йегъовӕ уе ’хсӕнӕй фесӕфта» (Дыккаг закъон 4:3).

(1 Коринфӕгтӕм 11:5, 6) Сылгоймаг та гомсӕрӕй куы кува кӕнӕ пехуымпариуӕг куы кӕна, уӕд уый дӕр йӕ сӕр худинаг кӕны, уымӕн ӕмӕ ницы уӕлдай у, фӕнды гом сӕрӕй уӕд, фӕнды йӕ сӕр даст уӕд. 6 Ӕмӕ кӕд сылгоймаг йӕ сӕр не ’мбӕрзы, уӕд йӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр цыбыр алвынӕд. Фӕлӕ кӕд сылгоймагӕн худинаг у, ӕмӕ йӕ сӕр цыбырӕлвыд кӕнӕ даст уа, уӕд та йӕ сӕр бамбӕрзӕд.

(1 Коринфӕгтӕм 11:10) Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сылгоймагӕн йӕ сӕрыл хъуамӕ исты уа, хицау ын кӕй ис, уый равдисынӕн – зӕдты тыххӕй.

w15 15/2 30

Кӕсджыты фарстатӕ

Хо искӕимӕ Библи куы ахуыр кӕна ӕмӕ сӕ разы ӕфсымӕр куы уа, уӕд хо йӕ сӕрыл хъуамӕ исты ныккӕна ӕви нӕ?

▪ 2002 азы 15 июлы журналы «Сторожевая башня», рубрикӕйы «Вопросы читателей», фыст уыди, зӕгъгӕ, хо искӕимӕ Библи куы ахуыр кӕна ӕмӕ сӕ разы ӕфсымӕр куы уа, уӕд хъуамӕ йӕ сӕрыл исты ныккӕна, ӕфсымӕр донаргъуыд куы нӕ уа, уӕддӕр. Фӕлӕ ацы хъуыддагмӕ ноджы лӕмбынӕгдӕр ӕркастыстӕм, ӕмӕ бамбӕрстам, фӕбӕлвырддӕр кӕнын ӕй кӕй хъӕуы.

Хо искӕимӕ Библи куы ахуыр кӕна ӕмӕ йемӕ донаргъуыд ӕфсымӕр куы уа, уӕд хо, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ сӕрыл исты ныккӕндзӕн. Афтӕмӕй хо равдисдзӕн, Йегъовӕ чырыстон ӕмбырды цы ӕгъдау сӕвӕрдта, уымӕн кӕй аргъ кӕны, ӕмӕ кӕй ӕмбары, иннӕты ахуыр кӕнын ӕфсымӕрты хӕс кӕй у (1 Кор. 11:5, 6, 10). Кӕнӕ та хойӕн йӕ бон у ӕфсымӕрӕн зӕгъын, цӕмӕй Библийы ахуыр уый ауадза, кӕд ӕфсымӕрӕн йӕ бон у ӕмӕ хорз арӕхсы, уӕд.

Фӕлӕ хо искӕимӕ Библи куы ахуыр кӕна ӕмӕ йемӕ, йӕ сӕрыхицау чи нӕу, ахӕм ӕнӕаргъуыд ӕфсымӕр куы уа, уӕд ӕй Фыстадмӕ гӕсгӕ йӕ сӕрыл ницы хъӕуы кӕнын. Фӕлӕ уӕддӕр, чи зоны, иуӕй-иу хоты ахӕм уавӕры дӕр бафӕнда сӕ сӕрыл исты ныккӕнын.

Библийӕ бакӕсинаг

(1 Коринфӕгтӕм 10:1–17) Уый мӕ фӕнды, ме ’фсымӕртӕ, цӕмӕй йӕ зонат, нӕ фыдӕлтӕн се ’ппӕты сӕрмӕ дӕр кӕй уыди мигъ ӕмӕ се ’ппӕт дӕр кӕй ахызтысты денджызыл. 2 Ӕмӕ сӕ сӕрмӕ мигъ куы уыд ӕмӕ денджызыл куы фӕцӕйхызтысты, уӕд се ’ппӕт дӕр райстой аргъуыд ӕмӕ баиу сты Моисеимӕ, 3 ӕмӕ се ’ппӕт дӕр хордтой уыцы иу хӕринаг – лӕвӕрдта сын ӕй Хуыцау, 4 ӕмӕ се ’ппӕт дӕр нызтой уыцы иу нуазинаг – лӕвӕрдта сын ӕй Хуыцау. Уыдон нызтой, сӕ фӕстӕ чи цыд, уыцы къӕдзӕхӕй – уый дӕр сын радта Хуыцау, ӕмӕ уыцы къӕдзӕх ӕвдыста Чырыстийы. 5 Фӕлӕ уӕддӕр Хуыцау сӕ фылдӕрӕй райгонд нӕ уыд, ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры фӕцагъды сты. 6 Уыцы хабӕрттӕ махӕн сты цӕвиттон, цӕмӕй уыдонау нӕ зӕрдӕтӕ ӕвзӕрдзинад ма агурой. 7 Ма суӕм мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕ дӕр, уыдонӕй иуӕй-иутӕ куыд систы, афтӕ. Фыст дӕр афтӕ у: «Адӕм ӕрбадтысты хӕрыныл ӕмӕ нуазыныл, стӕй сыстадысты ӕмӕ хъазт сарӕзтой». 8 Ма бафтӕм хӕтындзинадыл, уыдонӕй чидӕртӕ куыд хӕтыдысты, афтӕ – уый тыххӕй дзы иу боны мидӕг фӕмард дыууын ӕртӕ мины. 9 Ӕмӕ Йегъовӕйы ма фӕлварӕм, уыдонӕй йӕ чидӕртӕ куыд фӕлвӕрдтой, афтӕ – уый тыххӕй сыл кӕлмытӕ хӕцыдысты, ӕмӕ фӕцагъды сты. 10 Уӕдӕ хъуыр-хъуыр дӕр ма кӕнӕм, уыдонӕй чидӕртӕ куыд хъуыр-хъуыр кодтой, афтӕ – уый тыххӕй зӕды къухӕй фӕцагъды сты. 11 Цы хабӕрттӕ сыл ӕрцыд, уыдон та сты цӕвиттонтӕ, ӕмӕ фыст ӕрцыдысты, цӕмӕй дзы мах, ацы дуджы кӕрон чи цӕры, уыдон, нӕхицӕн зонд райсӕм. 12 Уӕдӕ афтӕ чи хъуыды кӕны, ӕмӕ фидар лӕууы, уый йӕхимӕ кӕсӕд, цӕмӕй ма ахауа. 13 Сымах цы фӕлварӕнты бахаут, уыдоны иннӕ адӕм дӕр бахауынц. Фӕлӕ Хуыцау иузӕрдион у, ӕмӕ нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй бахауат, уӕ бон бафӕразын кӕй нӕ бауа, ахӕм фӕлварӕны, фӕлӕ уын фӕлварӕны, цы бакӕнӕн ис, уый дӕр бацамондзӕн, цӕмӕй йӕ сфӕразат. 14 Уымӕ гӕсгӕ, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, мӕнгхуыцӕуттӕн кувынӕй дард лидзут. 15 Ӕз уемӕ ныхас кӕнын, ӕмбаргӕ адӕмимӕ куыд ныхас кӕнай, афтӕ. Гъеныр, цы зӕгъын, ууыл уӕхӕдӕг ахъуыды кӕнут. 16 Цы арфӕйы нуазӕнӕн арфӕ кӕнӕм, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нын Чырыстийы туг хорздзинӕдтӕ кӕй хӕссы? Ӕмӕ цы дзул ӕрсӕттӕм, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нын Чырыстийы буар хорздзинӕдтӕ кӕй хӕссы? 17 Ӕмӕ дзул иу кӕй у, уымӕ гӕсгӕ мах дӕр стӕм иу буар, кӕд бирӕ стӕм, уӕддӕр, уымӕн ӕмӕ не ’ппӕт дӕр уыцы иу дзулӕй хӕрӕм.

22–28 АПРЕЛЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | 1 КОРИНФӔГТӔМ 14–16

«Хуыцау алкӕмӕн дӕр суыдзӕн „йӕ иунӕг Хицау”»

(1 Коринфӕгтӕм 15:24, 25) Стӕй кӕроны, ӕппӕт хицаудзинӕдтӕ, хицауӕдтӕ ӕмӕ барджынты дӕр куы фесафа, уӕд, паддзахад ратдзӕн йӕ Хуыцауы ӕмӕ йӕ Фыды къухтӕм. 25 Чырысти паддзах уыдзӕн, цалынмӕ йын Хуыцау йе знӕгты се ’ппӕты дӕр йӕ къӕхты бын не ’рӕвӕра, уӕдмӕ.

w98 1/10 28 ф., 10 абз.

«Сӕфт ӕрцӕудзӕн мӕлӕт»

10 «Кӕрон» у Чырыстийы Миназон хицауиуӕгады кӕрон, Йесо Паддзахад сӕрнылӕггӕй йӕ Хуыцау ӕмӕ йӕ Фыдмӕ куы ратта (Раргомад 20:4). Хуыцауы фӕндон, ‘ӕппӕт уӕларвонтӕ ӕмӕ зӕххонты Чырыстийы сӕргълӕудӕй баиу кӕнын’ сӕххӕст уыдзӕн (Ефесӕгтӕм 1:9, 10). Уый размӕ уал Чырысти скуынӕг кӕндзӕн Иегъовӕйы хӕдбарады ныхмӕ цӕуӕг «алы сӕргълӕуджыты ӕмӕ алы хицауады, ӕмӕ тых». Уый Армагеддоны цы куынӕгдзинад уыдзӕн, уымӕй фылдӕр нысан кӕны (Раргомад 16:16; 19:11–21). Павел дзуры: «Уымӕн [Чырыстийӕн] ӕмбӕлы паддзахиуӕг кӕнын, цалынмӕ ӕрӕвӕра ӕппӕт знӕгты Йӕ къӕхты бын. Сӕфт ӕрцӕудзӕн фӕстаг знаг – мӕлӕт» (1 Коринфӕгтӕм 15:25, 26). О, иуварсгонд ӕрцӕудзысты Адамӕй туджы рахӕсгӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты фӕстиуджытӕ. Уымӕ гӕсгӕ, мӕрдты цардмӕ ӕрыздахгӕйӕ, Хуыцау «ингӕнтӕ» ссӕрибар кӕндзӕн (Иоанны 5:28).

(1 Коринфӕгтӕм 15:26) Сӕфт ӕрцӕудзӕн фӕстаг знаг дӕр – мӕлӕт.

kr 271 ф., 21 абз.

Хуыцауы Паддзахад зӕххыл сӕххӕст кӕндзӕн Хуыцауы фӕндон

21 Фӕлӕ низ арӕх ӕркӕны мӕлӕтмӕ, ӕмӕ, адӕм тӕригъӕдджын кӕй сты, уый тыххӕй та сӕ кӕрон алкӕддӕр вӕййы мӕлӕт. Ӕмӕ уӕд мӕлӕтӕй та цы зӕгъӕн ис? Мӕлӕт у нӕ «фӕстаг знаг», ӕмӕ, абон уа ӕви райсом, уӕддӕр уыцы знаг басӕтты алы ӕнӕххӕст адӕймаджы дӕр (1 Кор. 15:26). Фӕлӕ цымӕ мӕлӕтыл Йегъовӕйӕн дӕр нӕ цӕуы йӕ бар? Ӕркӕс-ма, пехуымпар Исай цы загъта, уымӕ: «Уый фесафдзӕн мӕлӕт ӕнустӕм, Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ се ’ппӕтӕн дӕр сӕ цӕссыгтӕ сӕ рустӕй ныссӕрфдзӕн» (Ис. 25:8). Дӕ бон у уыцы рӕстӕг дӕ цӕстытыл ауайын кӕнын? Нал ис зиан, нал ис уӕлмӕрдтӕ ӕмӕ йӕ цӕстытӕй масты цӕссыгтӕ дӕр никӕмӕнуал кӕлы! Йегъовӕ йӕ ныхас куы сӕххӕст кӕна ӕмӕ, чи амард, уыдоны куы райгас кӕна, уӕд адӕмӕн сӕ цӕстытӕй кӕлдзӕн ӕрмӕстдӕр цины цӕссыгтӕ! (Бакӕс Исайы 26:19.) Адӕмы зӕрдӕты мӕлӕт цы арф хъӕдгӕмттӕ скодта, уыдон байгас уыдзысты.

(1 Коринфӕгтӕм 15:27, 28) Уымӕн ӕмӕ йын Хуыцау «ӕппӕт дӕр ӕрӕвӕрдта йӕ къӕхты бын». Фӕлӕ кӕд афтӕ зӕгъы, ӕппӕт дӕр ын ӕрӕвӕрдта, зӕгъгӕ, уӕддӕр бӕлвырд у – ам дзырд нӕ цӕуы Хуыцауыл, ӕппӕт дӕр ын йӕ дӕлбар чи бакодта, ууыл. 28 Ӕмӕ йын Хуыцау ӕппӕт дӕр йӕ дӕлбар куы бакӕна, уӕд Фырт йӕхӕдӕг дӕр йӕхи бакӕндзӕн, ӕппӕт дӕр ын йӕ дӕлбар чи бакодта, уый дӕлбар, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр Хуыцау уа йӕ иунӕг Хицау.

w12 15/9 12 ф., 17 абз.

Сабыр ӕмӕ фӕрнджын цард мин азы дӕргъы – стӕй ӕнустӕм!

17 Мин азы кӕрон цард куыд уыдзӕн, уый бамбарын кӕнынӕн, ӕвӕццӕгӕн, мӕнӕ ацы ныхӕстӕй хуыздӕр ссарӕн нӕй, зӕгъгӕ, «цӕмӕй алкӕмӕн дӕр Хуыцау уа йӕ иунӕг Хицау». Уыцы ныхӕстӕ куыд ӕмбаргӕ сты? Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, ӕххӕст адӕймӕгтӕ Адам ӕмӕ Евӕ Едемы куы цардысты, уыцы рӕстӕг. Уыдон уыдысты Йегъовӕйы ӕнгом ӕмӕ фӕрнджын бинонтӕй. Дунедарӕг Стыр Хуыцау Йегъовӕ йӕхӕдӕг уыд хицау, кӕй сфӕлдыста, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр – зӕдтӕн дӕр ӕмӕ адӕмӕн дӕр. Сӕ бон уыд йемӕ ныхас кӕнын, лӕггад ын кӕнын, ӕмӕ уыдысты йӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын. Уӕд «алкӕмӕн дӕр Хуыцау уыд йӕ иунӕг Хицау».

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(1 Коринфӕгтӕм 14:34, 35) сылгоймӕгтӕ ӕмбырды мацы дзурӕнт, уымӕн ӕмӕ сын уый бар нӕй, фӕлӕ нӕлгоймӕгтӕн коммӕгӕс уӕнт, Закъон куыд дзуры, афтӕ. 35 Кӕд сӕ исты базонын фӕнды, уӕд та-иу хӕдзары сӕ лӕгты бафӕрсӕнт, уымӕн ӕмӕ сылгоймагӕн ӕмбырды дзурын худинаг у.

w12 1/9 9 ф., рамкӕ

Апостол Павелы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ сылгоймагӕн дзурыны бар нӕй?

«Сылгоймӕгтӕ ӕмбырды мацы дзурӕнт»,– ныффыста апостол Павел (1 Коринфӕгтӕм 14:34). Цымӕ уымӕй цы зӕгъын фӕндыд? Мыййаг сӕ нӕлгоймӕгтӕй ӕнӕмбаргӕдӕр хуыдта? Нӕ. Павел иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ раппӕлыд сылгоймӕгтӕй, иннӕты ахуыр кӕнынмӕ хорз кӕй арӕхстысты, уый тыххӕй (2 Тимофеймӕ 1:5; Титмӕ 2:3–5). Коринфӕгтӕм цы фыстӕг ныффыста, уым ӕрмӕст сылгоймӕгты нӕ фӕдзӕхста, цӕмӕй мацы дзырдтаиккой. Ӕндӕр ӕвзагыл дзурыны ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕныны курдиат кӕмӕ уыд, уыдон дӕр хъуамӕ «мацы дзырдтаиккой», ӕмбырды-иу иннӕтӕй исчи куы дзырдта, уӕд (1 Коринфӕгтӕм 14:26–30, 33). Ӕвӕццӕгӕн-иу сылгоймӕгтӕй иуӕй-иутӕ, рӕстдзинад кӕй бызыдтой, ууыл тынг цин кодтой ӕмӕ-иу ныхасы чи рацыд, уымӕ-иу йӕ раныхасы рӕстӕг дӕр фарстатӕ дӕттын райдыдтой. Афтӕ та уымӕн кодтой, ӕмӕ грекъӕгтӕм ахӕм ӕгъдау уыд. Ӕмӕ цӕмӕй ӕмбырды алцыдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдауыл уыдаид, уый тыххӕй Павел загъта, цӕмӕй-иу сылгоймӕгтӕ «хӕдзары сӕ лӕгты бафарстаиккой» (1 Коринфӕгтӕм 14:35).

(1 Коринфӕгтӕм 15:53) Уымӕн ӕмӕ, ӕмбийгӕ цы кӕны, уый хъуамӕ суа ӕнӕмбийгӕ, ӕмӕ, мӕлӕты бар цӕуыл цӕуы, уый хъуамӕ суа ӕнӕмӕлгӕ.

it-U «Нетление», дӕлсӕргонд «Воскресение к бессмертию и нетлению», 2 абз.

Ӕнӕмбийгӕ

Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон дӕр Чырыстийау уӕлӕрвты цӕрынмӕ куы райгас вӕййынц, уӕд ӕнӕуи ӕнустӕм цӕрынӕн нӕ райгас вӕййынц, фӕлӕ ӕнӕмӕлгӕ ӕмӕ ӕнӕмбийгӕ цардмӕ. Уыдон Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайынц ӕмӕ ӕмбийгӕ буары амӕлынц, ӕмӕ апостол Павел 1 Коринфӕгтӕм 15:42–54 куыд фыста, афтӕмӕй райгас вӕййынц ӕнӕмбийгӕ буары. Ӕнӕмӕлгӕ кӕй сты, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ никуы амӕлдзысты. Хуыцау сын цы ног буар ратты, уый та никуы бамбийдзӕн. Хуыцау сӕ куы райгас кӕны, уӕд сӕ, ӕвӕццӕгӕн, ахӕм тыхӕй схайджын кӕны, цӕмӕй сӕ бон уа ахӕм буары цӕрын ӕмӕ уымӕй хицӕн кӕнынц иннӕ зӕдтӕй ӕмӕ, зӕххон буар кӕмӕн ис, уыдонӕй. Уымӕй бӕрӕг у, Хуыцау кӕй нӕ дызӕрдыг кӕны, алкӕддӕр ыл иузӕрдион кӕй уыдзысты, ууыл. Фӕлӕ кӕд сӕ цард никӕмӕй кӕнгӕ у ӕмӕ никуы амӕлдзысты, уӕддӕр Чырыстийау сты Хуыцауы дӕлбар ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсынц (1Кр 15:23–28; кӕс бессмертие; душа).

Библийӕ бакӕсинаг

(1 Коринфӕгтӕм 14:20–40) Ме ’фсымӕртӕ, зондӕй сывӕллӕтты хуызӕн ма ут. Ӕвзӕрдзинадмӕ ут сабиты хуызӕн, зондӕй та – стыр адӕймӕгты хуызӕн. 21 Афтӕ фыст ис Закъоны: «„Ацы адӕмимӕ дзурдзынӕн ӕндӕрбӕстӕгты ӕвзагӕй ӕмӕ ӕцӕгӕлӕтты дзыхӕй, фӕлӕ мӕм уӕддӕр нӕ байхъусдзысты“,– зӕгъы Йегъовӕ». 22 Уӕдӕ ӕндӕр ӕвзӕгтӕ бӕлвырдгӕнӕн уырнджытӕн не сты, фӕлӕ ӕнӕуырнджытӕн, пехуымпар-ныхас та ӕнӕуырнджытӕн нӕу, фӕлӕ уырнджытӕн. 23 Ӕмбырд ӕгасӕй дӕр иу ранмӕ куы ӕрӕмбырд уа ӕмӕ се ’ппӕт дӕр ӕндӕр ӕвзӕгтыл куы дзурой, ӕмӕ хуымӕтӕг адӕймаг кӕнӕ ӕнӕуырнджытӕ куы ’рбацӕуой, уӕд афтӕ нӕ зӕгъдзысты, адонӕн сӕ сӕрызонд фӕцыди, зӕгъгӕ? 24 Фӕлӕ уе ’ппӕт дӕр пехуымпариуӕг куы кӕнат, ӕмӕ ӕнӕуырнӕг кӕнӕ хуымӕтӕг адӕймаг куы ’рбацӕуа, уӕд ын се ’ппӕты ныхӕстӕ уыдзысты уайдзӕфы хуызӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсдзӕн. 25 Афтӕмӕй йӕ зӕрдӕйы сусӕг хъуыдытӕ раргом уыдзысты, ӕмӕ дӕлгоммӕ ӕрхаудзӕн, Хуыцауӕн бакувдзӕн ӕмӕ зӕгъдзӕн: «Ӕцӕгдӕр, Хуыцау уемӕ ис». 26 Ӕмӕ уӕд куыд кӕнгӕ у, ме ’фсымӕртӕ? Иумӕ куы ӕрӕмбырд вӕййут, уӕд уӕ иу псаломтӕ фӕзары, иннӕ амонгӕ фӕкӕны, ӕртыккаг, Хуыцауӕй йын цы раргом, уый фӕдзуры, чи ӕндӕр ӕвзагыл фӕдзуры, ӕмӕ йӕ ӕндӕр исчи та тӕлмац фӕкӕны. Алцыдӕр аразут кӕрӕдзийы фидар кӕнынӕн. 27 Кӕд исчи ӕндӕр ӕвзагыл дзуры, уӕд дыууӕ кӕнӕ ӕртӕйӕ фылдӕр ма уӕнт, стӕй дзурӕнт радыгай. Ӕндӕр исчи та сын сӕ ныхӕстӕ тӕлмац кӕнӕд. 28 Фӕлӕ дзы кӕд, чи тӕлмац кӕна, ахӕм нӕй, уӕд ӕмбырды мацы дзурӕнт, кӕд сӕ фӕнды, уӕд сӕхинымӕр Хуыцауимӕ дзурӕнт. 29 Стӕй пехуымпариуӕг дӕр кӕнӕнт дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ адӕймаджы, иннӕтӕ та сын сӕ ныхӕстӕ бамбарыныл архайӕнт. 30 Фӕлӕ ӕмбырды чи бады, уыдонӕй ӕндӕр искӕмӕн цыдӕр куы раргом уа, уӕд иннӕ мацыуал дзурӕд. 31 Пехуымпариуӕг кӕнут иу иннӕйы фӕстӕ, цӕмӕй иууылдӕр ахуыр кӕной ӕмӕ се ’ппӕты ныфсыл дӕр ныфс ӕфта. 32 Пехуымпартӕн хъуамӕ сӕ бар цӕуа, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй сын цы курдиӕттӕ лӕвӕрд цӕуы, уыдонӕй куыд пайда кӕнынц, ууыл. 33 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау ахӕм нӕу, ӕмӕ йӕм уаг ӕмӕ ӕгъдау ма уа, уый у фарны Хуыцау. Сыгъдӕджыты ӕппӕт ӕмбырдты дӕр куыд у, афтӕ 34 сылгоймӕгтӕ ӕмбырды мацы дзурӕнт, уымӕн ӕмӕ сын уый бар нӕй, фӕлӕ нӕлгоймӕгтӕн коммӕгӕс уӕнт, Закъон куыд дзуры, афтӕ. 35 Кӕд сӕ исты базонын фӕнды, уӕд та-иу хӕдзары сӕ лӕгты бафӕрсӕнт, уымӕн ӕмӕ сылгоймагӕн ӕмбырды дзурын худинаг у. 36 Ау, Хуыцауы ныхас сымахӕй рацыд, науӕд ӕрмӕстдӕр сымахмӕ фӕхӕццӕ? 37 Кӕд исчи афтӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ пехуымпар у кӕнӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй хайджын у, уӕд уӕм цытӕ фыссын, уыдоныл сразы уӕд, уымӕн ӕмӕ уыдон нӕ Хицауы фӕдзӕхстытӕ сты. 38 Кӕд сӕ исчи ницӕмӕ дары, уӕд та сӕ мацӕмӕ дарӕд. 39 Уӕдӕ, ме ’фсымӕртӕ, зӕрдиагӕй тырнут пехуымпариуӕг кӕнынмӕ, фӕлӕ, ӕндӕр ӕвзӕгтыл чи дзуры, уыдоны дӕр ма хъыгдарут. 40 Ӕрмӕст уӕм алцыдӕр уӕд уаг ӕмӕ ӕгъдауыл.

29 АПРЕЛЫ – 5 МАЙЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | 2 КОРИНФӔГТӔМ 1–3

«Йегъовӕ у „удӕнцойдӕттӕг Хуыцау“»

(2 Коринфӕгтӕм 1:3) Табу нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Хуыцау ӕмӕ Фыдӕн, тӕригъӕдгӕнаг Фыдӕн ӕмӕ удӕнцойдӕттӕг Хуыцауӕн.

w17.07 13 ф., 4 абз.

«Кӕугӕ чи кӕны, уыдонимӕ... кӕут»

4 Нӕ тӕригъӕдгӕнаг, фӕлмӕнзӕрдӕ Фыд йӕхӕдӕг дӕр зоны, куыд зын у, зынаргъ дын чи у, уый куы амӕла, уӕд. Зӕгъӕм, нал сты йӕ лӕггадгӕнджытӕ Авраам, Исахъ, Иаков, Моисей ӕмӕ паддзах Давид (Ным. 12:6–8; Матф. 22:31, 32; Хъуыд. 13:22). Библийы фыст ис, Йегъовӕ кӕй бӕллы, уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты кӕд райгас кӕндзӕн, уыцы бонмӕ (Иов 14:14, 15). Уыдон зӕххыл дзӕнӕты уыдзысты амондджын ӕмӕ саг-сӕгуытау ӕнӕниз. Уымӕй уӕлдай, Йегъовӕйӕн йӕ зынаргъ Фырт – «йе стыр цин» чи уыд, уый – амард хъизӕмайраг мардӕй (Ӕмб. 8:22, 30). Уый Йегъовӕйӕн куыд зын уыдаид, уый, ӕвӕццӕгӕн, кӕронмӕ ничи бамбардзӕн (Иоан. 5:20; 10:17).

(2 Коринфӕгтӕм 1:4) Уый нын удӕнцой дӕтты не ’ппӕт зындзинӕдты дӕр, цӕмӕй нын цы удӕнцой дӕтты, уымӕй махӕн дӕр нӕ бон уа иннӕтӕн цыфӕнды зындзинады дӕр удӕнцой дӕттын.

w17.07 15 ф., 14 абз.

«Кӕугӕ чи кӕны, уыдонимӕ... кӕут»

14 Хатгай ма адӕймаг нӕ фӕзоны, зӕрдӕрыст адӕймагӕн, йӕ зӕрдӕ цӕуыл фӕлӕууа, ахӕмӕй цы зӕгъа, уый дӕр. Фӕлӕ Библи зӕгъы, «зондджыны ӕвзаг... у ӕвдадзы хос», зӕгъгӕ (Ӕмб. 12:18). Бирӕтӕн стыр ӕххуыс фесты, брошюрӕйы «Адӕймагыл зиан куы ’рцӕуы...» цы хорз хъуыдытӕ ис, уыдон. Фӕлӕ арӕх ӕрмӕстдӕр фӕхъӕуы, «кӕугӕ чи кӕны, уыдонимӕ... кӕуын» (Ром. 12:15). Габи, йӕ лӕг кӕмӕн амард, иу ахӕм хо, зӕгъы: «Мӕ цӕссыгтӕ фӕзӕгъынц, мӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Ӕмӕ ме ’мбӕлттӕ дӕр мемӕ куы фӕкӕуынц, уӕд мын фенцондӕр вӕййы. Уӕд мӕм афтӕ нал фӕкӕсы, ӕмӕ иунӕг дӕн».

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(2 Коринфӕгтӕм 1:22) Уый ныл сӕвӕрдта мыхуыр дӕр, ӕмӕ нӕм цы хорздзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдон кӕй райсдзыстӕм, уый равдисынӕн уал нын нӕ зӕрдӕты ӕрцӕрын кодта йӕ сыгъдӕг тых.

w16.04 32

Кӕсджыты фарстатӕ

Библийы фыст ис, Хуыцау алы чырыстонӕн дӕр кӕй «равдисы», хорздзинӕдтӕ кӕй райсдзӕн, уый ӕмӕ йыл «мыхуыр» кӕй сӕвӕры. Ацы ныхӕстӕ цӕмӕ амонынц? (2 Кор. 1:21, 22)

▪ «Уый равдисынӕн». 2 Коринфӕгтӕм 1:22 стихы цы дзырдбаст ис, «уый равдисынӕн», зӕгъгӕ, уымӕй ратӕлмац кодтой грекъаг номдар, ӕмӕ иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй уыцы номдарӕй пайда кодтой «юридикон ӕмӕ базарадон хъуыддӕгты» ӕмӕ амоны, «адӕймаг исты балхӕныны тыххӕй фыццаг цы хай бафиды кӕнӕ цы ныууадзы, уымӕ, цӕмӕй бӕрӕг уа, цы ’лхӕны, ууыл закъонмӕ гӕсгӕ йӕ бар кӕй цӕуы кӕнӕ та сӕ бадзырдӕн тых кӕй ис». Сӕрст чырыстӕтты кой куы кӕнӕм, уӕд сын сӕ хӕрзиуӕг ӕххӕстӕй бафиддзысты, ӕмбийгӕ чи нӕ кӕны, ахӕм уӕларвон буар куы райсой, уӕд, ӕмӕ уый тыххӕй фыст ис 2 Коринфӕгтӕм 5:1–5 стихты. Уыцы хӕрзиуӕгмӕ ма хауы, Хуыцау сын ӕнӕмӕлгӕ цард кӕй ратдзӕн, уый дӕр (1 Кор. 15:48–54).

Нырыккон грекъаг ӕвзаджы ис, кӕй кой кӕнӕм, уыцы рагон грекъаг номдары хуызӕн дзырд, ӕмӕ амоны, лӕг ӕмӕ ус кӕй фӕдарынц, ахӕм къухдарӕнмӕ. Уӕдӕ уыцы грекъаг дзырдтӕ хорз ӕвдисынц, Чырыстийы усаг чи суыдзӕн, уыдоны уавӕр (2 Кор. 11:2; Рарг. 21:2, 9).

▪ Мыхуыр. Раджы заман-иу мыхуыр ӕвӕрдтой, адӕймаг цӕмӕндӕр хицау кӕй у, уый равдисынӕн, цавӕрдӕр хабар ӕцӕг кӕй у, уый сбӕлвырд кӕнынӕн йе та бадзырд сфидар кӕнынӕн. Сӕрст чырыстӕтты кой куы кӕнӕм, уӕд уыдоныл дӕр Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы мыхуыр ӕвӕрд ӕрцыд, цыма сыл тӕвд ӕфсӕйнагӕй нысан ӕвӕрд ӕрцыд, уыйау. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцауы сты (Еф. 1:13, 14). Фӕлӕ уыцы мыхуыр фӕстаг мыхуыр нӕу. Сӕрст чырыстӕттыл фӕстаг мыхуыр ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн кӕнӕ сӕ мӕлӕты размӕ – Хуыцауыл иузӕрдионӕй куы баззайой, уӕд, кӕнӕ та стыр бӕллӕхы хӕдразмӕ (Еф. 4:30; Рарг. 7:2–4).

(2 Коринфӕгтӕм 2:14–16) Фӕлӕ Хуыцауӕн бузныг, уый мах алкӕддӕр кӕны Чырыстиимӕ уӕлахизы цыды ӕмӕ мах уылты алы ран дӕр адджын тӕфау парахат кӕны зонындзинӕдтӕ йӕхи тыххӕй! 15 Мах Хуыцауӕн стӕм Чырыстийы тыххӕй хорз хабары адджын тӕф, ӕмӕ уыцы тӕф хӕццӕ кӕны, ирвӕзындзинады фӕндагыл чи ис, уыдонмӕ дӕр ӕмӕ, сӕфты фӕндагыл чи ис, уыдонмӕ дӕр. 16 Фӕстӕгтӕн уый у мӕлӕты тӕф, ӕмӕ сӕ кӕны мӕлӕтмӕ. Фыццӕгтӕн та – царды адджын тӕф, ӕмӕ сӕ кӕны цардмӕ. Ӕмӕ ахӕм хъуыддагӕн чи бӕззы?

w10 1/10 23

Зыдтай йӕ?

Апостол Павел «уӕлахизы цыды» кой куы кодта, уӕд ӕй цы зӕгъын фӕндыд?

▪ Павел ныффыста: «Хуыцау... мах алкӕддӕр кӕны Чырыстиимӕ уӕлахизы цыды ӕмӕ мах уылты алы ран дӕр адджын тӕфау парахат кӕны зонындзинӕдтӕ йӕхи тыххӕй! Мах Хуыцауӕн стӕм Чырыстийы тыххӕй хорз хабары адджын тӕф, ӕмӕ уыцы тӕф хӕццӕ кӕны, ирвӕзындзинады фӕндагыл чи ис, уыдонмӕ дӕр ӕмӕ, сӕфты фӕндагыл чи ис, уыдонмӕ дӕр. Фӕстӕгтӕн уый у мӕлӕты тӕф, ӕмӕ сӕ кӕны мӕлӕтмӕ. Фыццӕгтӕн та – царды адджын тӕф, ӕмӕ сӕ кӕны цардмӕ» (2 Коринфӕгтӕм 2:14–16).

Павел дзырдта, ромӕгтӕм цы ӕгъдау уыд, уый тыххӕй: знагыл-иу чи фӕуӕлахиз, уыцы ӕфсады хицауы номыл-иу скодтой бӕрӕгбон. Адӕмы раз-иу уацайрӕгты уынджы фӕцӕйкодтой, знаджы мулкӕй сӕ къухы цы бафтыд, уыдӕттӕ та-иу хастой, цӕмӕй сӕ иууылдӕр уыдтаиккой. Уымӕй уӕлдай ма-иу сӕ разӕй тардтой, нывондӕн кӕй хъуамӕ ӕрхастаиккой, уыцы галты. Адӕм та-иу хъӕрӕй кадджын кодтой ӕфсады хицауы ӕмӕ йе ’фсӕддонты. Уыцы уӕлахизы цыд-иу кӕронмӕ куы ахӕццӕ, уӕд-иу галты нывондӕн ӕрхастой, уацайрӕгты та-иу амардтой.

Иу энциклопедийы куыд фыст ис, афтӕмӕй ацы ныхас, «Чырыстийы тыххӕй хорз хабары адджын тӕф», зӕгъгӕ, ӕвӕццӕгӕн, «ист у ромаг ӕгъдауӕй; уыцы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ-иу уӕлахизы цыды рӕстӕг буд сыгътой. Уӕлахиздзаутӕн буды адджын тӕф нысан кодта стыр кад, уацайрӕгтӕн та дзурӕг уыди, мӕлӕт сӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл» («The International Standard Bible Encyclopedia»).

Библийӕ бакӕсинаг

(2 Коринфӕгтӕм 3:1–18) Ау, ногӕй та уын нӕхи амонӕм? Кӕйдӕртау мах дӕр нӕхи тыххӕй сымахмӕ ӕппӕлӕн фыстӕджытӕ ӕрхӕссын хъӕуы кӕнӕ сӕ сымахӕй немӕ ахӕссын хъӕуы? 2 Сымах уӕхӕдӕг стут нӕ фыстӕг, нӕ зӕрдӕтыл фыст чи у ӕмӕ ӕппӕт адӕм дӕр кӕй зонынц ӕмӕ кӕй кӕсынц, уый. 3 Сымах стут Чырыстийы фыстӕг, фысгӕ та уӕ ныккодтам мах нӕ лӕггады фӕрцы – чернилӕйӕ нӕ, фӕлӕ удӕгас Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй, стӕй къӕйдуртыл дӕр нӕ, фӕлӕ зӕрдӕтыл. 4 Ӕмӕ Хуыцауы раз уый фидарӕй дзурӕм Чырыстийы фӕрцы. 5 Мах афтӕ нӕ зӕгъӕм, ӕмӕ нӕхи хъаруты фӕрцы бӕззӕм уыцы хъуыддагӕн, фӕлӕ уыцы хъуыддагӕн Хуыцауы фӕрцы бӕззӕм. 6 Уый фӕрцы бӕззӕм ног бадзырды лӕггадгӕнджытӕн. Ӕмӕ баст стӕм фыст закъонимӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхимӕ. Фыст закъон адӕймагӕн мӕлӕты тӕрхон хӕссы, Хуыцауы сыгъдӕг тых та йын цард дӕтты. 7 Стӕй, мӕлӕтмӕ чи кӕны ӕмӕ дуртыл фыст чи ’рцыд, уыцы закъон кӕд афтӕ кадджын уыди, ӕмӕ Израилы адӕмӕн сӕ бон нӕ уыд Моисейы тӕмӕнтӕкалгӕ цӕсгоммӕ кӕсын,– кӕд ӕмӕ уыцы кад хъуамӕ сӕфгӕ фӕкодтаид, уӕддӕр,– 8 уӕд, адӕмы Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй чи хайджын кӕны, уыцы лӕггад та ноджы кадджындӕр хъуамӕ ма уа? 9 Кӕд, адӕймаг тӕрхонгонд кӕмӕй цӕуы, уыцы закъон кадджын уыди, уӕд, рӕстгӕнӕгыл нымад кӕй фӕрцы цӕуы, уыцы лӕггад та ноджы кадджындӕр у. 10 О, кӕддӕр цы закъон скадджын, уымӕн йӕ кад ницыуал уыд стырдӕр кады раз. 11 Уӕдӕ кӕд, сӕфт чи хъуамӕ ӕрцыдаид, уый афтӕ кадджын уыди, уӕд, ӕнустӕм чи уыдзӕн, уый та цас кадджындӕр уыдзӕн! 12 Уӕдӕ нын ахӕм ныфс кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у сӕрибарӕй дзурын. 13 Ӕмӕ мах, Моисей куыд кодта, афтӕ нӕ кӕнӕм. Уый-иу йӕ цӕсгом бамбӕрзта, цӕмӕй Израилы адӕм, сӕфт чи хъуамӕ ӕрцыдаид, уыцы закъонӕн йӕ кӕрон цы уыд, уымӕ ма кастаиккой. 14 Уыдонӕн сӕ зонд ныкъкъуырма, уымӕн ӕмӕ суанг абоны онг дӕр зӕронд бадзырд куы фӕкӕсынц, уӕд уыцы ӕмбӕрзӕн вӕййы сӕ зондыл, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕрмӕстдӕр Чырыстийы фӕрцы ис сисӕн. 15 О, абоны онг дӕр, Моисейы чингуытӕ куы фӕкӕсынц, уӕд ӕмбӕрзӕн вӕййы сӕ зӕрдӕтыл. 16 Фӕлӕ се ’ргом Йегъовӕмӕ куы раздахынц, уӕд уыцы ӕмбӕрзӕн ист ӕрцӕуы. 17 Йегъовӕ у ӕнӕуынгӕ, ӕмӕ Йегъовӕйы сыгъдӕг тых кӕм ис, уым ис сӕрибардзинад. 18 Ӕмӕ мах не ’ппӕт дӕр кӕсӕнтау гом цӕсгӕмттӕй ӕвдисӕм Йегъовӕйы кад ӕмӕ уый хуызӕн кӕнӕм, йӕ кад тынгӕй-тынгдӕр зыны нӕ мидӕг – раст ахӕмтӕ нӕ аразы ӕнӕуынгӕ Хуыцау Йегъовӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын