Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • sjj 96 зарӕг
  • Хуыцауы чиныг – стыр хӕзна

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцауы чиныг – стыр хӕзна
  • Йегъовӕйӕн зӕрдӕрайгӕйӕ зарут!
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хуыцауы чиныг – стыр хӕзна
    Зарут Йегъовӕйӕн!
  • Хуыцауы чиныг — стыр хӕзна
    Зарут Иегъовӕйы кадӕн
  • Бузныг стӕм Хуыцауы фӕразондзинады тыххӕй
    Зарут Иегъовӕйы кадӕн
  • Хуыцауы агур, ӕмӕ фервӕзай
    Йегъовӕйӕн зӕрдӕрайгӕйӕ зарут!
Фылдӕр фенын
Йегъовӕйӕн зӕрдӕрайгӕйӕ зарут!
sjj 96 зарӕг

96 ЗАРӔГ

Хуыцауы чиныг – стыр хӕзна

(Ӕмбисӕндтӕ 2:1)

  1. 1. Иу чиныг ис – йӕ ныхӕстӕй уый абон

    У цин ӕмӕ ныфсы хос адӕмӕн.

    Ыстыр тых ис йӕ диссаджы хъуыдыты,

    Цард ратты «мардӕн», цӕстырухс – «куырмӕн».

    О, уыцы стыр хӕзна у махӕн Библи –

    Фыстой Хуыцауы ’взӕрст лӕгтӕ уый раст,

    Уыди сӕ алчи сыгъдӕг тыхӕй хайджын,

    Сыгъди сӕ зӕрдӕты Хуыцауы уарзт.

  2. 2. Ныффыстой раст, Хуыцау куыд скодта дуне,

    Куыд фӕзынд йе стыр хъаруйӕ ӕппӕт,

    Куыд скодта ’наипп, ’нӕтӕригъӕд адӕм,

    Фӕлӕ ыстӕй куыд фесӕфти дзӕнӕт.

    Стӕй дарддӕр иу зӕды тыххӕй ныффыстой –

    Уый загъта уӕд, кӕй нӕу Йегъовӕ раст.

    Йӕ фыдвӕнд маст ӕмӕ мӕлӕт ӕрхаста,

    Фӕлӕ Хуыцауы стыр бон у ӕввахс.

  3. 3. Цӕрӕм мах абон амондджын рӕстӕджы –

    Ӕрвтыл Хуыцауы Паддзахад фӕзынд.

    Зӕххыл ыскӕндзӕн диссаджы рӕсугъд цард!

    Фӕнды нӕ уый ныр алкӕмӕн зӕгъын.

    Хуыцауы чиныг цины хабар дзуры,

    Йӕ сыгъдӕг, рухс ныхӕстӕй ’фсӕды уд.

    Уый у ӕцӕг фарн, удӕнцойы суадон.

    Кӕсӕм ӕй алкӕд, стыр хӕзна нын у.

(Ноджыдӕр кӕс 2 Тим. 3:16; 2 Пет. 1:21.)

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын